Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕ сӕххӕст сты

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕ сӕххӕст сты

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕ сӕххӕст сты

«Сымах хорз кӕнут, уӕхи кӕй здахут [пехуымпарадон дзырдмӕ], талынг раны чи ӕрттивы, ахӕм рухсгӕнӕнмӕ» (2 ПЕТРЫ 1:19, НФ).

1. Абон дунейы цытӕ уынӕм?

АБОНЫ дунейы фыдбылыз фыдбылызы фӕстӕ цӕуы. Ӕрдз сафынӕй райдай ӕмӕ ӕппӕтдунеон терроризмӕй фӕу – ахӕм бӕллӕхтӕ фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй сыл адӕймаджы бар нӕ цӕуы. Суанг ма дунейы динтӕн дӕр сӕ бон ницы саразын у. Уый нӕ, фӕлӕ ма арӕх уавӕр ноджы фӕфыддӕр кӕнынц, адӕмы чи дихтӕ кӕны, ахӕм хъуыддӕгтыл сӕ кӕй бафтауынц, уымӕй: дины бындурыл сын сӕ зонд баталынг кӕнынц; кӕрӕдзиуыл сӕ сардауынц; иу адӕмыхатт иннӕмӕй хуыздӕр у, зӕгъгӕ сӕ ахӕм хъуыдыйыл саразынц. О, рагзагъд куыд уыди, афтӕ «тар ӕрбамбӕрзта» адӕмты (Исай 60:2). Фӕлӕ, уыциу рӕстӕг милуантӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ се ’ргом здахынц Хуыцауы пехуымпарадон дзырдмӕ, куыд «талынг раны чи ӕрттивы, ахӕм рухсгӕнӕнмӕ». Уыдон, Библийы фыст Хуыцауы «дзырдӕн» кӕнӕ хабарӕн, дӕттынц бар, цӕмӕй сыл разамынд кӕна (2 Петры 1:19, НФ).

2. «Кӕроны рӕстӕджы» тыххӕй Данел цы пехуымпарад загъта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕрмӕстдӕр чи ӕмбары?

2 «Кӕроны рӕстӕджы» тыххӕй пехуымпар Данел фыста: «Бирӕтӕ агурдзысты ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ суыдзысты парахат. Бирӕтӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕндзысты, срухс кӕндзысты ӕмӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕндзысты; фӕлӕ Хуыцау кӕмӕн нӕй, уыдон та ӕнӕуагӕй цӕрдзысты, ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕ, Хуыцау кӕмӕн нӕй, уыдон нӕ бамбардзысты, фӕлӕ сӕ зӕнджынтӕ бамбардзысты» (Данелы 12:4, НД, 10). Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕмбарын йӕ бон у, йӕ Ныхас ын зӕрдиагӕй чи ахуыр кӕны, ома зонындзинӕдтӕ чи «агуры», йӕ уагӕвӕрдтӕ йын чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, ӕрмӕстдӕр уымӕн (Матфейы 13:11–15; 1 Иоанны 5:20).

3. 1870 азты Библийы иртасджытӕ цавӕр ахсджиаг хабар бамбӕрстой?

3 1870 азы размӕ, цалынмӕ «фӕстаг бонтӕ» нӕ ралӕууыдысты, уӕдмӕ Иегъовӕ фылдӕр рухс ӕрвитын райдыдта, ома ӕргом кодта «Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1–5; Матфейы 13:11). Уыцы рӕстӕг Библи иртасджыты къорд бамбӕрста, Чырыстийы ӕрцыд ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй уыдзӕн – кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ нӕ хъуыды кодтой, уӕддӕр. Уыдон сбӕлвырд кодтой, Йесо уӕлӕрвты паддзах куы суа, уӕд уыцы хуызы ӕрыздӕхдзӕн, ӕмӕ йӕ хъус ӕрдардзӕн зӕххы хъуыддӕгтӕм. Йесо адӕмы ’хсӕн кӕй ис, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстой, фенӕн кӕмӕн уыд, уыцы хицӕн хӕйттӕй конд нысанмӕ гӕсгӕ (Матфейы 24:3–14).

Пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц

4. Абон Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уырнындзинад куыд фидар кӕны?

4 Чырысти йӕ хуыз кӕй аивта, уый уыди йӕ Паддзахады кады диссаджы цӕстылуайӕн (Матфейы 17:1–9). Ацы цӕстылуайӕн Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны уырнындзинад бафидар кодта, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй бирӕтӕ куы фӕфыдӕнхъӕл сты ӕмӕ йӕ куы ныууагътой, уӕд. Афтӕ у абон, кӕроны рӕстӕджы дӕр. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уырнындзинад фидар кӕны, уыцы диссаджы цӕстылуайӕн ӕмӕ уыимӕ баст пехуымпарӕдтӕм фылдӕр рухс кӕй ӕрвиты, уый руаджы. Цӕй уӕдӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

5. Бонвӕрнон кӕй ӕвдисы ӕмӕ кӕд ӕмӕ куыд «скаст»?

5 Хуызаивыны цӕстылуайӕны тыххӕй апостол Петр ныффыста: «Ис нӕм иуыл ӕцӕг пехуымпарады дзырд; ӕмӕ сымах хорз кӕнут, уӕхи уымӕ кӕй здахут, талынг раны чи ӕрттивы, ахӕм рухсгӕнӕнмӕ, цалынмӕ не срухс уа бон, ӕмӕ бонвӕрнон не скӕса уӕ мидзӕрдӕты, уӕдмӕ» (2 Петры 1:19, НФ). Бонвӕрнон кӕнӕ «сӕууон стъалы» у, чи скадджын, уыцы Йесо Чырысти (Раргомад 22:16). Уый «скаст», 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд. Афтӕмӕй ралӕууыд ног дуг (Раргомад 11:15). Хуызаивыны цӕстылуайӕны Моисей ӕмӕ Илиа лӕууынц Йесойы цур ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнынц. Уыдон кӕй ӕвдисынц?

6, 7. Хуызаивыны цӕстылуайӕны Моисей ӕмӕ Илиа кӕй ӕвдисынц ӕмӕ уый фӕдыл Фыстады цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ ис?

6 Моисей ӕмӕ Илиа, иузӕрдион ӕвдисӕнтӕ, Чырыстийы кадӕй кадджын кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕвдисынц, Йесоимӕ йӕ паддзахады чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыдоны. Йесо иунӕгӕй кӕй нӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн, уый тыххӕй ма дзырдӕуы Данелы чиныджы дӕр – Мессиа паддзахы бартӕ кӕй райста, уый фӕдыл дзы цы пехуымпарадон цӕстылуайӕн ис, уым. Данел федта «адӕймаджы Фырты хуызӕн», «Ӕвидигӕнусоны», Иегъовӕ Хуыцауӕй кӕй иста, «ӕнусмӕ чи нӕ аивгъуыйдзӕн, ахӕм стыр хицауад». Фӕлӕ ма банысангӕнинаг у, Данел фӕстӕдӕр цы федта, уый дӕр. Уый фыссы: «Паддзахад ӕмӕ тых, ӕмӕ паддзахӕдты стырад ӕгас арвы бын лӕвӕрд фӕуыдзысты Уӕларвоны сыгъдӕг адӕммӕ» (Данелы 7:13, 14, 27). Уӕдӕ, хуызаивыны хабарӕй фондз ӕнус раздӕр, Хуыцау раргом кодта, «сыгъдӕг адӕм» Чырыстийы паддзахады кадӕй кадджын кӕй уыдзысты.

7 Данелы цӕстылуайӕны «сыгъдӕг адӕм» чи сты? Дзуапп ссарынӕн нын ӕххуыс кӕны, апостол Павел цы ныффыста, уый: «Ацы Уд ӕвдисӕн лӕууы мах удӕн, мах Хуыцауы сывӕллӕттӕ кӕй стӕм. Ӕмӕ кӕд сывӕллӕттӕ, уӕд бындартӕ дӕр, Хуыцауы бындартӕ, ӕмбындартӕ Чырыстийӕн, кӕд ӕрмӕст Йемӕ хъизӕмар кӕнӕм, цӕмӕй Йемӕ дӕр скадджын уӕм» (Ромӕгтӕм 8:16, 17). Уӕдӕ «сыгъдӕг адӕм» сты сыгъдӕг удӕй сӕрст Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ. Раргомады чиныджы Йесо дзуры: «Фӕуӕлахизуӕвӕгӕн ратдзынӕн бар сбадын Мемӕ Мӕ Паддзахы бадӕны, Ӕз дӕр куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ сбадтӕн Мӕ Фыдимӕ Йӕ Паддзахы бадӕны». Чи райгас уа, уыцы 144 мин «фӕуӕлахизуӕвӕджы» Йесоимӕ хицауиуӕг кӕндзысты ӕгас зӕххыл (Раргомад 3:21; 5:9, 10; 14:1, 3, 4; 1 Коринфӕгтӕм 15:53).

8. Йесойы сӕрст ахуыргӕнинӕгты куыст, Моисей ӕмӕ Илиайы куысты хуызӕн цӕмӕй у ӕмӕ сын цы бантыст?

8 Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ Моисей ӕмӕ Илиайӕ ӕвдыст цӕмӕн сты? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ цалынмӕ зӕххыл вӕййынц, уӕдмӕ Моисей ӕмӕ Илиа цы куыст кодтой, ахӕм куыст фӕкӕнынц. Зӕгъӕм, уыдон Иегъовӕйӕн ӕвдисӕн фӕлӕууынц фӕдылзылды рӕстӕджы дӕр (Исай 43:10; Куыстытӕ 8:1–8; Раргомад 11:2–12). Моисей ӕмӕ Илиайау уыдон мӕнг дины хъуыддӕгтӕ ныфсджынӕй хурмӕ калынц ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕнынц, ӕрмӕстдӕр Хуыцауыл кӕй хъуамӕ уой иузӕрдион (Рацыд 32:19, 20; Дыккаг закъон 4:22–24; 3 Паддзахӕдты 18:18–40). Исты сын бантыст? Ӕнӕмӕнг! Уыдон баххуыс кодтой сӕрст чырыстӕтты ӕрӕмбырд кӕнынӕн, стӕй ма «ӕндӕр фыстӕй» милуантӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц Йесо Чырыстийы коммӕ кӕсынӕн (Иоанны 10:16; Раргомад 7:4).

Чырыстийы уӕлахизхӕссӕг балц райдыдта

9. Раргомады 6:2 абон Йесо куыд ӕвдыст цӕуы?

9 Абон Йесо нӕу, къӕлӕуыл чи бады, ахӕм адӕймаг, фӕлӕ хъомысджын уӕларвон Паддзах. Уый ӕвдыст цӕуы бӕхыл бадгӕйӕ – бӕх та Библийы у хӕсты фӕлгонц (Ӕмбисӕндтӕ 21:31). Раргомады 6:2 дзырдӕуы: «Мӕнӕ, урс бӕх, ӕмӕ ууыл барӕг, ӕмӕ йӕм ӕрдын, ӕмӕ йын лӕвӕрд уыд кады худ; ӕмӕ рацыд уый куыд уӕлахизхӕссӕг, ӕмӕ цӕмӕй фӕуӕлахиз уа». Уымӕй уӕлдай, Йесойы тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг Давид фыста: «Дӕ тыхы лӕдзӕг рарвитдзӕн Хицау Сионӕй: хицауиуӕг кӕн Дӕ знӕгты ’хсӕн» (Псалом 109:2).

10. а) Йесо йӕ уӕлахизхӕссӕг балц куыд райдыдта? ӕ) Йесойы фыццаг уӕлахиз дунейыл куыд фӕзынд?

10 Фыццаг уал Йесо фӕуӕлахиз йӕ иууыл тыхджындӕр знӕгтыл – Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытыл. Уӕлӕрвтӕй сӕ расырдта ӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрста. Ацы сау тыхтӕ зонынц, бирӕ сын кӕй нал баззад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ знӕтӕй судзгӕйӕ, сӕ маст адӕмыл калынц ӕмӕ сын стыр зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕнынц. Ацы зындзинад Раргомады ӕвдыст цӕуы ӕндӕр ӕртӕ барӕгӕй (Раргомад 6:3–8; 12:7–12). Йесо развӕлгъау загъта, «адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы» куы уа, ӕмӕ «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цавӕр нысанӕй уыдзӕн базонӕн», уый. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы барджытӕ кӕй рацыдысты, уый ӕркодта хӕстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ мӕлӕтхӕссӕг низтӕм (Матфейы 24:3, НД, 7; Лукайы 21:7–11). Арӕг сылгоймаджы рыстытау, ацы «уынгӕгдзинӕдтӕ» дӕр ӕнӕмӕнг тынгдӕр кӕндзысты, цалынмӕ Чырысти нӕ фӕуӕлахиз уа ӕмӕ Сайтаны зӕххон организаци бынтондӕр нӕ фесафа, уӕдмӕ * (Матфейы 24:8, НФ).

11. Йесо паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уымӕн чырыстон ӕмбырды истори ӕвдисӕн куыд у?

11 Чырысти паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый ма уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ чырыстон ӕмбырд бахъахъхъӕдта, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхст ӕххӕст кӕна – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт зӕххыл дӕр хъусын кӕна. Кӕд Стыр Вавилон – мӕнг дины дунеон импери ӕмӕ фыдӕхзӕрдӕ хицауадтӕ сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ бамынӕг. Уый нӕ, фӕлӕ ма историйы куыд никуы ма уыд, афтӕ апарахат (Раргомад 17:5, 6). Чырысти паддзах кӕй у, уымӕн диссаджы ӕвдисӕн! (Псалом 109:3).

12. Бирӕтӕ цӕуылнӕ ӕмбарынц, Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уый?

12 Фӕлӕ, хъыгагӕн, бирӕтӕ, уыимӕ йӕхи чырыстон чи хоны, ахӕм адӕмӕй милуантӕ, не ’мбарынц, зӕххыл цы ахсджиаг цаутӕ цӕуы, уыдон ууыл дзурӕг кӕй сты, ӕмӕ Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы ис. Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытыл худгӕ дӕр кӕнынц (2 Петры 3:3, 4). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сын Сайтан сӕ зӕндтӕ бакуырм кодта (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4). Ӕцӕгӕй та, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдоны уый бирӕ ӕнустӕ раздӕр райдыдта ӕмбӕрзын монон талынгдзинадӕй. Афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахады зынаргъ ныфс рохуаты баззад.

Хуыцауы Паддзахады ныфс рохуаты баззад

13. Цы ӕрцыд, монон талынгдзинад адӕмы ӕмбӕрзын куы райдыдта, уӕд?

13 Йесо развӕлгъау дзырдта, чырыстон ӕмбырдмӕ динафӕливджытӕ кӕй бахъуыздзӕн (абарӕн сӕ ис, мӕнӕуы ’хсӕн тыд чи ӕрцыд, ахӕм мӕгъӕлдатимӕ), ӕмӕ бирӕты ӕцӕгадӕй фӕиппӕрд кӕндзысты (Матфейы 13:24–30, 36–43; Куыстытӕ 20:29–31; Иудӕйы 4). Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ, ацы «чырыстӕттӕ» мӕнг динӕй бӕрӕгбӕттӕ, ӕгъдӕуттӕ

ӕмӕ ахуырӕдтӕ исын райдыдтой ӕмӕ сӕ суанг чырыстон дӕр рахуыдтой. Зӕгъӕм, Цыппурсӕн йӕ бындуры ис, муртаттаг дины дауджытӕ Митрӕ ӕмӕ Сатурнӕн табу кӕныны ӕгъдӕуттӕ. Уӕдӕ, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдон ацы мӕнг бӕрӕгбӕттӕ цӕмӕн райстой? Уый фӕдыл «Ног Бритайнаг энциклопеди» дзуры: «Цыппурс, Йесо Чырыстийы гуырӕн бон, уымӕн ныффидар, ӕмӕ Чырысти тагъд кӕй ӕрыздӕхдзӕн, уымӕ нал ӕнхъӕлмӕ кастысты».

14. Ориген ӕмӕ Августины ахуырӕдтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад куыд сзыгъуыммӕ кодтой?

14 Нӕ хъус ма ӕрдарӕм, дзырд «Паддзахадӕн» йӕ нысаниуӕг куыд ивта. Иу чиныджы дзырдӕуы: «Чырыстӕттӕ дзырд „паддзахад“ куыд ӕмбӕрстой, уый Ориген [III ӕнусы динамонӕг] фӕивта. Сбаста йӕ адӕймаджы миддунеимӕ, ома Хуыцау хицауиуӕг кӕны адӕймаджы зӕрдӕйы» («The Kingdom of God in 20th-Century Interpretation»). Цӕуыл бындуриуӕг кодта Оригены ахуырад? Фыстадыл нӕ, фӕлӕ «философийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ цӕстӕнгӕстыл, стӕй тынг хицӕн кодта, Йесо ӕмӕ фыццаг аргъуан куыд хъуыды кодтой, уымӕй». Сыгъдӕг Августин та (н. э. 354–430 азтӕ) йӕ куысты «Хуыцауы сахары тыххӕй», зӕгъгӕ, загъта, аргъуан йӕхӕдӕг у Хуыцауы Паддзахад («De Civitate Dei»). Библийыл чи нӕ ӕнцад, уыцы хъуыдытӕ чырыстон аргъуантӕн уый ӕфсон фесты, цӕмӕй хицаудзинады бартӕ сӕ къухтӕм райстаиккой. Афтӕмӕй уыдон ӕнусты дӕргъы хицауиуӕг кодтой, ӕмӕ арӕх адӕмы карзӕй ӕфхӕрдтой (Раргомад 17:5, 18).

15. Галатӕгтӕм 6:7 бирӕ чырыстон аргъуантыл куыд ӕххӕст кӕны?

15 Фӕлӕ абон аргъуантӕ, цы байтыдтой, уый кӕрдынц (Галатӕгтӕм 6:7). Куыд зыны, афтӕмӕй сӕ бирӕтӕ сӕ бартӕ сафынц ӕмӕ аргъуантӕм цӕуджытӕ къаддӕр кӕнынц. Уый бӕрӕг у Европӕйӕ. Иу журналы дзырдӕуы: «Абон Европӕйы цытджын аргъуантӕ, кувӕн хӕдзӕрттӕ не сты, фӕлӕ музейтӕ, ӕмӕ сӕм туристты йеддӕмӕ ничи цӕуы» («Christianity Today»). Дунейы ӕндӕр рӕтты дӕр сӕ хабар афтӕ у. Мӕнг дины уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? Фӕхӕцӕг ыл кӕй нӕй, уый тыххӕй фесӕфдзӕн? Ӕмӕ ӕцӕг динмӕ та цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Цӕттӕ ут Хуыцауы стыр бонмӕ

16. Стыр Вавилонмӕ ӕнӕуынондзинад кӕй рӕзы, уый хъуыдыйаг цӕмӕн у?

16 Раздӕр фынӕй чи кодта, ахӕм вулканӕй фӕздӕг ӕмӕ ӕртхутӕг кӕлын куы райдайы, уӕд бӕрӕг вӕййы, рӕхджы кӕй стондзӕн. Раст афтӕ, бирӕ бӕстӕты динмӕ ӕнӕуынондзинад кӕй рӕзы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мӕнг дин бирӕ нал ахӕсдзӕн. Тагъд Иегъовӕ дунейы хицӕуттӕн сӕ зӕрдӕйы бавӕрдзӕн, цӕмӕй иумӕ ӕрӕмбырд уой ӕмӕ монон хъахбайы, Стыр Вавилоны, хъуыддӕгтӕ раргом кӕной ӕмӕ йӕ ныггӕныстон кӕной (Раргомад 17:15–17; 18:21). Цымӕ ӕцӕг чырыстӕтты ацы цауӕй ӕмӕ «стыр бӕллӕхы» ӕндӕр хабӕрттӕй тӕрсын хъӕуы? (Матфейы 24:21, НД). Ӕппындӕр нӕ! Хуыцау фыдӕхзӕрдӕ адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд уыдон ууыл куыннӕ хъуамӕ цин кӕной (Раргомад 18:20; 19:1, 2). Ӕркӕсӕм, I ӕнусы цы ӕрцыд, Иерусалим ӕмӕ дзы цы чырыстӕттӕ цард, уыдоныл.

17. Фидӕны цаутӕй Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

17 Н. э. 66 азы Ромы ӕфсад Иерусалимыл куы ӕрхъула кодта, уӕд цырддзаст чырыстӕттӕ ӕппындӕр нӕ фӕтарстысты ӕмӕ тыхсгӕ дӕр не скодтой. Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг кӕй ахуыр кодтой, уымӕ гӕсгӕ зыдтой «йӕ гӕныстон кӕнын афон кӕй ӕрбахӕстӕг» (Лукайы 21:20). Стӕй ма зыдтой, Хуыцау сын фервӕзынӕн фадат кӕй ратдзӕн, уый дӕр. Ӕмӕ сын ахӕм фадат куы фӕзынд, уӕд чырыстӕттӕ алыгъдысты (Данелы 9:26; Матфейы 24:15–19; Лукайы 21:21). Афтӕ абон дӕр, Хуыцауы чи зоны ӕмӕ Йӕ Фырты коммӕ чи кӕсы, уыдоны фидӕны цаутӕй тӕрсын нӕ хъӕуы (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–9). Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд цингӕнгӕйӕ «сӕхиуыл схӕцдзысты ӕмӕ сӕ сӕртӕ сисдзысты, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг кӕны сӕ ирвӕзындзинад» (Лукайы 21:28).

18. Гог фӕстаг хатт йӕхи Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл куы ныццӕва, уӕд цы ӕрцӕудзӕн?

18 Стыр Вавилон куы ныппырх кӕной, уӕд Сайтан, Гог Магогы зӕххӕй, фӕстаг хатт йӕхи ныццӕвдзӕн Иегъовӕйы сабыр Ӕвдисӕнтыл. Гогы ӕрдонгтӕ, «зӕхх кӕмӕй нал зына, ахӕм мигъты хуызӕн» куы ӕрцӕуой, уӕд сӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕнцонтӕй кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты. Фӕлӕ куыд тынг фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты! (Иезекил 38:14–16, 18–23). Апостол Иоанн фыссы: «Федтон ӕз арв гомӕй, ӕмӕ мӕнӕ урс бӕх, ӕмӕ ууыл бадӕг хуыйны Раст ӕмӕ Ӕцӕг. [...] Йӕ дзыхӕй та рацыд цыргъ кард, цӕмӕй уымӕй цӕва адӕмты». Тыхгӕнӕг тых кӕуыл нӕ кӕны, уыцы «Паддзӕхты паддзах» Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ сын се знӕгты иууылдӕр фесафдзӕн (Раргомад 19:11–21). Цӕй диссаг уыдзӕн, хуызаивыны цӕстылуайӕн куыд ӕххӕст кӕны, уымӕн йӕ тӕмӕн фенын!

19. Чырыстийы уӕлахиз йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтыл куыд бандавдзӕн, ӕмӕ сӕ ныр цы аразын хъӕуы?

19 Уыцы бон уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон Йесойы скадджын кӕндзысты (2 Фессалоникӕгтӕм 1:10). Хуыцауы уӕлахиздзау Фыртмӕ аргъуыцӕнкъаргӕйӕ чи кӕсдзӕн, уыдоны ’хсӕн лӕууын дӕ фӕнды? Уӕдӕ дарддӕр дӕр дӕ уырнындзинад фидар кӕн ӕмӕ «цӕттӕ у, уымӕн ӕмӕ кӕцы сахат ӕнхъӕл нӕ дӕ, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 24:43, 44).

Цырддзаст ут

20. а) Хуыцау «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты цы дӕтты, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? ӕ) Цӕуыл нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?

20 «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕдзух дӕр Хуыцауы адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй ма бафынӕй уой ӕмӕ цырддзаст уой (Матфейы 24:45, 46; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:6). Афойнадыл цы амындтӕ райсӕм, уыдонӕн аргъ кӕныс? Царды дын сӕйрагдӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ сӕ дӕ зӕрдыл дарыс? Хорз уаид ахъуыды кӕнын: «Дунейы цытӕ цӕуы, уыдонмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын? Хуыцауы Фырт уӕлӕрвты кӕй хицауиуӕг кӕны, уый уынын? Ӕмбарын ӕй, Йесо цӕттӕ кӕй у Стыр Вавилоныл Хуыцауы тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ Сайтаны фыддуне фесафынмӕ?»

21. Иуӕй-иутӕ цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй цӕуылнӕ уал кастысты ӕмӕ сӕ ӕвӕстиатӕй цы аразын хъӕуы?

21 Иегъовӕйы адӕмӕй абон иуӕй-иутӕ цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй нал кӕсынц. Чи зоны уыдон дӕр, Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутау ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй бафӕлладысты, ӕрлӕмӕгъ сты, кӕнӕ та мулчы мӕт, царды сагъӕстыл фесты, йе та фӕдылзылдӕй фӕтарстысты (Матфейы 13:3–8, 18–23; Лукайы 21:34–36). Гӕнӕн ис, кӕмӕндӕрты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйӕ цыдӕр хъуыдытӕ зын бамбарӕн уыдысты. Кӕд дӕуыл дӕр ахӕм исты ’рцыд, уӕд ногӕй зӕрдиагӕй бавнал Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ Иегъовӕмӕ кув, цӕмӕй та йӕм баввахс уай (2 Петры 3:11–15).

22. Хуызаивыны цӕстылуайӕн ӕмӕ уыимӕ баст бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтыл кӕй ӕрныхас кодтам, уый дыл куыд бандӕвта?

22 Йесойы ахуыргӕнинӕгты ӕххуыс куы хъуыди, уӕд сын фенын кодта хуызаивыны цӕстылуайӕн. Мах та федтам ноджы стырдӕр диссаг – ацы цӕстылуайӕны ӕмӕ уыимӕ баст чи у, бирӕ ӕндӕр ахӕм пехуымпарӕдты сӕххӕст. Абон цы ахсджиаг хабӕрттӕ цӕуы ӕмӕ нӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр апостол Иоаннау ӕппӕт зӕрдӕйӕ дзурдзыстӕм: «Аминь. Гъей, ӕрцу, Хицау Йесо!» (Раргомад 22:20).

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Рагон грекъаг ӕвзаджы дзырд «уынгӕгдзинӕдтӕ» нысан кӕны «арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ», рыстытӕ (Матфейы 24:8, НТ). Афтӕ ацы дунейы зындзинӕдтӕ дӕр, арӕг сылгоймаджы рыстытау, тынгӕй-тынгдӕр, арӕхӕй-арӕхдӕр кӕндзысты ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг хӕсдзысты, ӕмӕ стыр бӕллӕхы сӕ тӕмӕны бацӕудзысты.

Хъуыды ма кӕныс?

• 1870 азты Библи иртасджыты гыццыл къорд цы бамбӕрста Йесойы ӕрцыды тыххӕй?

• Хуызаивыны цӕстылуайӕн куыд ӕххӕст кодта?

• Йесо йӕ уӕлахизхӕссӕг балц куы райдыдта, уӕд уый дунейыл ӕмӕ чырыстон ӕмбырдыл куыд фӕзынд?

• Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йесо куы фӕуӕлахиз уа, уӕд чи фервӕза, уыдоны ’хсӕн уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц.

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Зоныс ӕй, Чырысти йӕ уӕлахизхӕссӕг балц куы райдыдта, уӕд цы ’рцыд?