Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти – уымӕ амонынц пехуымпарӕдтӕ

Чырысти – уымӕ амонынц пехуымпарӕдтӕ

Чырысти – уымӕ амонынц пехуымпарӕдтӕ

«Пехуымпарӕдтӕ сты Йесойы тыххӕй ӕвдисӕнӕн» (РАРГОМАД 19:10, НД).

1, 2. а) Н. э. 29 азӕй Израилы адӕмы цы саразын хъуыд? ӕ) Ацы статьяйы цӕуыл ӕрдзурдзыстӕм?

ИЗРАИЛ. Н. э. 29 аз. Адӕм зӕрдӕвӕрд Мессиайы йеддӕмӕ, ӕндӕр ницӕй кой кӕнынц. Аргъауӕг Иоанны лӕггад адӕмы цымыдис цырен кӕны (Лукайы 3:15). Иоанн дзуры, Чырысти кӕй нӕу. Фӕлӕ Назаретаг Йесойы тыххӕй зӕгъы: «Ӕз ӕвдисӕн ныллӕууыдтӕн, Уый Хуыцауы Фырт кӕй у» (Иоанны 1:20, 34). Бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ Йесо Чырыстийы фӕдыл цӕуы дуне адӕм, цӕмӕй байхъусой, цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕ, ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кӕна.

2 Мӕйтӕ куыд цӕуынц, афтӕ Иегъовӕ бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕтты, Йесо йӕ Фырт кӕй у, уымӕн. Фыстад чи ахуыр кӕны ӕмӕ Йесойы хъуыддӕгтӕ чи уыны, уыдонӕн ис фидар бындур, цӕмӕй йыл ӕууӕндой. Фӕлӕ израилӕгтӕм – Хуыцау бадзырд цы адӕмимӕ скодта, уыдонмӕ – ӕмткӕй райсгӕйӕ, фаг уырнындзинад нӕй. Стӕмтӕ ӕууӕндынц, Йесо кӕй у Чырысти, Хуыцауы Фырт (Иоанны 6:60–69). Уыцы заман куы цардаис, уӕд ды та цы бакодтаис? Йесойы Мессиайыл банымадтаис ӕмӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуӕг суыдаис? Ӕркӕсӕм, Йесо йӕхӕдӕг цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссы, сабатбоны фӕтк халы, зӕгъгӕ йӕ куы азымджын кӕнынц, уӕд, ӕмӕ дарддӕр йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад куыд фидар кӕны, уымӕ.)

Йесо йӕхӕдӕг хӕссы бӕлвырдгӕнӕнтӕ

3. Йесойы йӕхи тыххӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын цӕмӕн хъӕуы?

3 Ныртӕккӕ у н. э. 31 аз, Куадзӕны рӕстӕг. Йесо ис Иерусалимы. Гыццыл раздӕр сдзӕбӕх кодта, 38 азы дӕргъы рынчын чи уыд, ахӕм лӕджы. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг сабаты кӕй сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ иудейтӕ йӕ фӕстӕ бафтыдысты. Стӕй ма йӕ зылын кӕнынц, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавынц, Хуыцауы йӕ Фыд кӕй хоны, уый тыххӕй (Иоанны 5:1–9, 16–18). Йесо йӕхи тыххӕй дзургӕйӕ хӕссы, фӕдызӕрдыг кӕнӕн кӕуыл нӕй, ӕртӕ ахӕм бӕлвырдгӕнӕны. Уыдон сыгъдӕгзӕрдӕ иудейтӕй кӕйфӕнды дӕр баууӕндын кӕндзысты, Йесо Мессиа кӕй у, ууыл.

4, 5. Иоанны лӕггады нысан цы уыдис ӕмӕ йын цы бантыст?

4 Фыццаджыдӕр, Йесо амоны, йе ’рцыдмӕ адӕмы чи бацӕттӕ кодта, уыцы Аргъауӕг Иоанны ӕвдисӕнадмӕ: «Сымах ӕрвыстат Иоаннмӕ, ӕмӕ уый ӕвдисӕн ныллӕууыд ӕцӕгдзинады тыххӕй. Уый уыд судзгӕ ӕмӕ рухсдӕттӕг рухсгӕнӕн; сымах та фӕндыд чысыл рӕстӕг йӕ рухсмӕ цин кӕнын» (Иоанны 5:33, 35).

5 Аргъауӕг Иоанн уыд «судзгӕ ӕмӕ рухсдӕттӕг рухсгӕнӕн», уымӕн ӕмӕ йӕ цалынмӕ Ирод ӕнаххосӕй ахӕстоны нӕ бакодта, уӕдмӕ Хуыцауы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодта – Мессиайӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кодта. Иоанн загъта: «Уый тыххӕй ӕрцыдтӕн доны аргъауынмӕ, цӕмӕй [Мессиа] раргом уа Израилӕн. ...Ӕз федтон Уды, арвӕй ӕрцӕугӕ, куыд бӕлон, ӕмӕ Ууыл уӕвгӕйӕ; Ӕз нӕ зыдтон Уый; фӕлӕ мӕ доны аргъауынмӕ Рарвитӕг загъта мӕнӕн: „кӕуыл фенай Уды Ӕрцӕугӕ ӕмӕ уӕвгӕйӕ Ууыл, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг“; Ӕмӕ ӕз федтон ӕмӕ ӕвдисӕн ныллӕууыдтӕн, Уый Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл» * (Иоанны 1:26–37). Иоанн комкоммӕ дзуры, Йесо кӕй у Хуыцауы Фырт – зӕрдӕвӕрд Мессиа. Иоанны ӕвдисӕнад афтӕ бӕлвырд уыд, ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй аст мӕйы фӕстӕ, бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ иудейтӕ басастысты: «Ӕппӕт цы загъта Иоанн Уый тыххӕй, уыдон сты ӕцӕг» (Иоанны 10:41, 42).

6. Йесойы хъуыддӕгтӕ адӕмы цӕмӕн хъуамӕ баууӕндын кодтаиккой, Хуыцау ын кӕй ӕххуыс кӕны, ууыл?

6 Дыккаджы та, Йесо хӕссы, Мессиа кӕй у, уымӕн ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕн. Цы хорз хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ йын Хуыцау ӕххуыс кӕны. «Мӕнмӕ... ис Иоаннӕй стылдӕр ӕвдисӕнад,– зӕгъы Йесо,– уымӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕ, кӕцыты Фыд ратта Мӕнӕн ӕххӕст кӕнынмӕ, ацы хъуыддӕгтӕ сты, Ӕз кӕй кӕнын, ӕвдисӕн лӕууынц Мӕн тыххӕй, Фыд Мӕн кӕй рарвыста» (Иоанны 5:36). Ацы бӕлвырдгӕнӕны ныхмӕ суанг Йесойы знӕгты бон дӕр ницы уыд зӕгъын, уымӕн ӕмӕ зыдтой, цы бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта. «Цы бакӕнӕм мах? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ кӕны?»– фарстой фӕстӕдӕр йе знӕгтӕ (Иоанны 11:47). Фӕлӕ уӕддӕр уыди ахӕмтӕ, Йесойыл чи баууӕндыд: «Цымӕ Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд Уый цы нысӕнттӕ скодта, уыдонӕй фылдӕр скӕндзӕн?» (Иоанны 7:31). Йесомӕ чи хъуыста, уыдонӕн уыди диссаджы фадат – Фыды миниуджытӕ Фырты мидӕг фенын (Иоанны 14:9).

7. Дзуттаг Фыстытӕ Йесойы тыххӕй куыд ӕвдисӕн кӕнынц?

7 Ӕппынфӕстаг, Йесо хӕссы, гуырысхо кӕнӕн кӕуыл нӕй, ахӕм бӕлвырдгӕнӕн. «Фыстытӕ... ӕвдисӕнад кӕнынц Мӕн тыххӕй»,– дзуры уый.– Сымах Моисейыл куы ӕууӕндиккат, уӕд Мӕныл дӕр баууӕндыдаиккат, уымӕн ӕмӕ уый фыста Мӕн тыххӕй» (Иоанны 5:39, 46). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ эрӕйы агъоммӕ цӕрӕг ӕвдисӕнтӕй, Чырыстийы тыххӕй чи фыста, уыдонӕй Моисей уыд ӕрмӕстдӕр сӕ иу. Сӕ фыстыты уыд, иууылдӕр Мессиамӕ чи амыдта, ахӕм сӕдӕгай пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ хӕдзарвӕндаджы бӕстон номхыгъдтӕ (Лукайы 3:23–38; 24:44–46; Куыстытӕ 10:43). Цы зӕгъӕн ис Моисейы Закъонӕй та? «Закъон уыдис махӕн сывӕллон кӕнӕгӕй Чырыстимӕ»,– ныффыста апостол Павел (Галатӕгтӕм 3:24). О, «пехуымпарӕдтӕ сты Йесойы тыххӕй ӕвдисӕнӕн [йе та сты сӕ апп, сӕ мидис, ӕмӕ сӕ нысан]» (Раргомад 19:10, НД).

8. Бирӕ иудейтӕ Йесойыл цӕуылнӕ баууӕндыдысты?

8 Цымӕ ӕппӕт ацы бӕлвырдгӕнӕнтӕ – Иоанн комкоммӕ дзырдта, зӕгъгӕ, Йесо Хуыцауы Фырт у; Йесо хъомысджын хъуыддӕгтӕ арӕзта ӕмӕ Хуыцауы миниуджытӕ ӕвдыста; фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ нӕй, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй – фаг нӕ уыдысты, Йесо Мессиа кӕй у, ууыл баууӕндынӕн? Хуыцау ӕмӕ йын йӕ Ныхас чидӕриддӕр ӕцӕгӕй уарзта, уый ӕнцонтӕй бамбӕрстаид ӕмӕ баууӕндыдаид, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕй уыд, ууыл. Фӕлӕ Израилы ахӕм уарзондзинад нӕ фаг кодта. Йесо йӕ ныхмӕлӕуджытӕн загъта: «Зонын сымах: уӕ мидӕг нӕй сымахӕн уарзондзинад Хуыцаумӕ» (Иоанны 5:42). «Иунӕг Хуыцауӕй цы кад ис, уый» агурыны бӕсты уыдон «сӕ кӕрӕдзийӕ кад истой». Уӕдӕ диссаг нӕу, йӕ Фыдау ахӕм зондахаст ӕнӕуынон кӕмӕн уыд, уыцы Йесоимӕ разы кӕй нӕ уыдысты! (Иоанны 5:43, 44; Куыстытӕ 12:21–23).

Бафидар сты пехуымпарадон цӕстылуайӕнӕй

9, 10. а) Ахуыргӕнинӕгтӕн уӕларвӕй нысан афойнадыл цӕмӕн уыди? ӕ) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр диссаджы хъуыддагӕй бавӕрдта зӕрдӕ?

9 Афӕдзӕй фылдӕр рацыд, Йесо, Мессиа кӕй у, уый тыххӕй уӕлдӕр цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон куы ӕрхаста. Н. э. 32 азы Куадзӕн аивгъуыдта. Чи йыл ӕууӕндыд, уыдонӕй бирӕтӕ йӕ фӕдыл нал цӕуынц. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уымӕй фӕтарстысты, йе та мулчы мӕт кӕнӕ царды сагъӕстыл фесты. Иннӕтӕн та сӕ ныфс асаст, фӕфыдӕнхъӕл сты, уымӕн ӕмӕ адӕм Йесойы паддзах скӕнынмӕ куы хъавыдысты, уӕд сын нӕ бакуымдта. Иудейты дины разамонджытӕ йӕ куы къахтой, уӕд не сразы, цӕмӕй сын уӕларвӕй нысан равдыстаид ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи скадджын кодтаид (Матфейы 12:38, 39). Уый кӕйдӕрты, гӕнӕн ис, дызӕрдыг хъуыдытыл бафтыдта. Уымӕй уӕлдай ма, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта, зын бамбарӕн сын цы уыд, уыцы хъуыддаг – «Уый кӕй хъӕуы цӕуын Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ фӕхъизӕмар кӕндзӕн хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр сауджынтӕй, ӕмӕ чиныджы дӕснытӕй, ӕмӕ Йӕ амардзысты» (Матфейы 16:21–23).

10 Фараст-дӕс мӕйы ма, ӕмӕ Йесойӕн ӕрцӕудзӕн рӕстӕг «ацы дунейӕ Фыдмӕ ацӕуынмӕ» (Иоанны 13:1). Уый йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтыл мӕт кӕнгӕйӕ, иуӕй-иутӕн зӕрдӕ ӕвӕры, ӕнӕуырнӕг иудейтӕй кӕй бамбӕхста, растдӕр уыцы хъуыддагӕй – уӕларвӕй нысан равдисынӕй. Йесо зӕгъы: «Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: ис иутӕ ам чи лӕууы, уыдонӕй, кӕцытӕ нӕма бавзардзысты мӕлӕт, афтӕмӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты, Йӕ Паддзахады ӕрцӕугӕ» (Матфейы 16:28). Бӕрӕг у, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ кӕй цӕрдзысты, 1914 азы Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уӕдмӕ. Уый фӕнды йе ’ввахс ахуыргӕнинӕгтӕй ӕртӕйӕн развӕлгъау диссаджы хуызы равдисын, фидӕны Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райсдзӕн. Ацы кады пехуымпарадон цӕстылуайӕн схонӕн ис хуызаивӕн.

11. Радзур, Йесо цӕстылуайӕны йӕ хуыз куыд аивта.

11 Ӕхсӕз боны фӕстӕ, Йесо кӕны Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны бӕрзонд хохмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Ермоны хохы фахсмӕ. Уым Йесо «йӕ хуыз аивта сӕ разы: ӕмӕ Йӕ цӕсгом сӕрттывта хуры хуызӕн, Йӕ дарӕстӕ та уыдысты рухсы хуызӕн урс». Фӕзындысты пехуырмпартӕ Моисей ӕмӕ Илиа, ӕмӕ ныхас кӕнынц Йесоимӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы диссаджы хабар ӕрцыд ӕхсӕвыгон ӕмӕ уый тыххӕй уыд уӕлдай цӕстахадгӕ. Цӕстылуайӕн ӕцӕг хабары хуызӕн афтӕ тынг уыди, ӕмӕ Петры бафӕндыд ӕртӕ халагъуды скӕнын: Йесойӕн, Моисейӕн ӕмӕ Илиайӕн. Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ рухс ӕврагъ ӕраууон кодта ӕмӕ дзы райхъуыст хъӕлӕс: «Уый у Мӕ Уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон; Уымӕ хъусут» (Матфейы 17:1–6).

12, 13. Хуызаивыны цӕстылуайӕн Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл куыд бандӕвта ӕмӕ цӕмӕн?

12 Петр раздӕр дӕр бамбӕрста, Йесо кӕй у «Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт» (Матфейы 16:16). Фӕлӕ апостолтӕ куыд фӕуыдаиккой, Хуыцауӕн йӕхи бӕлвырдгӕнӕн, Йесо йӕ сӕрст Фырт кӕй у, уый фехъусгӕйӕ! Цӕй тынг фидар кӕны, Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уыцы цӕстылуайӕн Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны уырнындзинад! Ныр ноджы хуыздӕр цӕттӕ сты, фидӕны сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ чырыстон ӕмбырды цы ахсджиаг куыст кӕндзысты, уымӕ.

13 Хуызаивыны цӕстылуайӕн арф фӕд уадзы ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕты. 30 азӕй фылдӕры фӕстӕ Петр фыссы: «[Йесо] райста Фыд Хуыцауӕй намыс ӕмӕ кад, бӕрзонд кадӕй куы ӕрцыд Уымӕ ахӕм хъӕлӕс: „Уый у Мӕ Уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон“. Ӕмӕ уыцы хъӕлӕс, кӕцы ӕрцыд уӕлӕрвтӕй, мах фехъуыстам, сыгъдӕг хохыл Уыимӕ уӕвгӕйӕ» (2 Петры 1:17, 18). Ацы цау Иоанныл дӕр тынг бандӕвта. Уымӕй 60 азӕй фылдӕр рацыд, ӕмӕ Иоанн бӕлвырдӕй дзуры уый тыххӕй: «Мах федтам Йӕ кад, куыд Фыдӕй иунӕггуырды кад» (Иоанны 1:14). Фӕлӕ хуызаивыны цӕстылуайӕн Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн фӕстаг цӕстылуайӕн нӕ уыди.

Ӕцӕгады рухс дарддӕр дӕр рухс кӕны Хуыцауы иузӕрдион адӕмыл

14, 15. Иоанн Йесойы ӕрцыдмӕ цы хуызы баззайдзӕн?

14 Йесо куы райгас, уӕд Галилейы денджызы цур йӕхи ӕвдисы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн. Уым Петрӕн дзуры: «Кӕд Мӕн фӕнды цӕмӕй [Иоанн] баззайа, цалынмӕ ӕрцӕуон, уӕд цы хъуыддаг ис дӕу?» (Иоанны 21:1, 20–22, 24). Цымӕ ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Иоанн иннӕ апостолтӕй фылдӕр фӕцӕрдзӕн? Ӕвӕццӕгӕн, о, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны ноджыдӕр ма 70 азы бӕрц. Фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕн ис стырдӕр нысаниуӕг.

15 Ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «цалынмӕ ӕрцӕуон», зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йесо куы дзырдта, «Адӕймаджы Фырт, Йӕ Паддзахады [кӕй] ӕрцӕудзӕн» (Матфейы 16:28). Иоанн Йесойы ӕрцыдмӕ уыцы хуызы баззайдзӕн, ӕмӕ йын фӕстӕдӕр лӕвӕрд ӕрцыд пехуымпарадон цӕстылуайӕн, Йесо Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райсдзӕн ӕмӕ кадимӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Иоанн йӕ царды кӕрон, Патмосы сакъадахы хасты куы уыд, уӕд райста Раргомад. Уым фӕсномыгӕй ӕвдыст ӕрцыдысты «Хицауы боны» цы цаутӕ цӕудзӕн, уыдоны диссаджы нысӕнттӕ. Иоанн развӕлгъау цы цӕстылуайӕнтӕ федта, уыдон ын йӕ зӕрдӕ афтӕ бацагайдтой, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕн «Мӕнӕ тагъд фӕцӕуын!», зӕгъгӕ, дзуры: «Аминь. Гъей, ӕрцу, Хицау Йесо!» (Раргомад 1:1, 10; 22:20).

16. Дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ фидар кӕнӕм нӕ уырнындзинад?

16 Фыццаг ӕнусы цы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм цӕры, уыдон Йесойы нымайынц Мессиайыл ӕмӕ йыл ӕууӕндынц. Фӕлӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕммӕ уырнындзинад нӕй. Йесойыл чи баууӕндыд, уыдонмӕ разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр куыст ӕмӕ фӕлварӕнтӕ. Уый тыххӕй сӕ хъӕуы бафидар кӕнын. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафидар кӕнынӕн дуне бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, Мессиа кӕй у, уымӕн. Ӕмӕ сын радта, Хуыцауы фӕндты йын цы бынат ис, уый хуыздӕр чи ’мбарын кодта, ахӕм пехуымпарадон цӕстылуайӕнтӕ. Абон мах цӕрӕм «Хицауы боны» тӕккӕ кӕрон. Тагъд Чырысти Сайтаны фыддуне фесафдзӕн ӕмӕ Хуыцауы адӕмы фервӕзын кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъӕуы нӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Уый та аразӕн ис, Иегъовӕ нӕ хӕрзӕбонӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй нӕхи цух куы нӕ уадзӕм, уӕд.

Фервӕзтысты талынг ӕмӕ бӕллӕхӕй

17, 18. Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ, Хуыцауы ныхмӕ чи цыд, уыдонӕй цӕмӕй хицӕн кодтой ӕмӕ сӕ иутыл дӕр ӕмӕ се ’ннӕтыл дӕр цы ’рцыд?

17 Йесойы мӕлӕты фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныфсджынӕй ӕххӕст кӕнынц йӕ фӕдзӕхст – ӕвдисӕн ын лӕууын «Иерусалимы ӕмӕ ӕппӕт Иудейы ӕмӕ Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ» (Куыстытӕ 1:8). Кӕд сӕ тынг ӕфхӕрынц, уӕддӕр Иегъовӕ ног чырыстон ӕмбырдӕн арфӕ кӕны ӕмӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбарынц Хуыцауы фӕндтӕ, ӕмӕ сыл ног ахуыргӕнинӕгтӕ ӕфты (Куыстытӕ 2:47; 4:1–31; 8:1–8).

18 Хорз хабары ныхмӕ чи уыд, уыдон та талынджы арфӕй-арфдӕр ныгъуылынц. Ӕмбисӕндты 4:19 дзырдӕуы: «Фыдадӕмы фӕндаг талынгӕй хъауджыдӕр нӕу, кӕд цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц». «Талынг» фӕтынгдӕр, н. э. 66 азы Ромы ӕфсад Иерусалимыл куы ӕрхъула кодта, уӕд. Уый фӕстӕ, ничи йын ницы бамбӕрста, афтӕмӕй ӕфсад сахар уадзы. Фӕлӕ н. э. 70 азы ромӕгтӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ йӕ зӕххы ӕмвӕз скодтой. Иудейаг историк Иосиф Флавийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иудейтӕй фӕмард милуанӕй фылдӕр. Уыйхыгъд, иузӕрдион чырыстӕттӕ та фервӕзтысты. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Ромы ӕфсад фыццаг хатт куы ацыд, уӕд Йесойы фӕдзӕхстмӕ байхъуыстой ӕмӕ алыгъдысты (Лукайы 21:20–22).

19, 20. а) Хуыцауы адӕмы тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы, кӕд ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон ӕрхӕццӕ кӕны, уӕддӕр? ӕ) 1914 азы размӕ Иегъовӕ сӕрст чырыстӕттӕн цавӕр ахсджиаг хабар бамбарынӕн баххуыс кодта?

19 Мах дӕр ахӕм уавӕры стӕм. Цы стыр бӕллӕх ӕрхӕстӕг кӕны, уый Сайтаны фыддунейӕн кӕрон скӕндзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы адӕмы тӕрсын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сын Йесо зӕрдӕ бавӕрдта: «Мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ [«ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ», НД]» (Матфейы 28:20). Цӕмӕй йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад бафидар кодтаид ӕмӕ сӕ фидӕны цаутӕм бацӕттӕ кодтаид, уый тыххӕй сын Йесо развӕлгъау равдыста уӕларвон кады цӕстылуайӕн – Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у. Мах рӕстӕг та цы ’рцыд? Ацы пехуымпарадон цӕстылуайӕн сӕххӕст 1914 азы. Цӕй тынг фидар кӕны уый Хуыцауы адӕмы! Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбӕрстой хуызаивыны цӕстылуайӕн, ӕмӕ сӕ фидӕны ныфсимӕ куыд баст у, уый. Ацы дунейы, талынгӕй-талынгдӕр чи кӕны, уым «рӕстгӕнджыты фӕндаг у, сихормӕ йӕ рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕмӕн кӕны, ахӕм тӕмӕнтӕкалгӕ рухсгӕнӕны хуызӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 4:18).

20 1914 азы размӕ дӕр ма сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд райдыдта ӕмбарын Хицауы ӕрцыды тыххӕй ахсджиаг хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, уыдон бамбӕрстой йе ’рцыд кӕй уыдзӕн ӕнӕуынгӕ хуызы. Уый тыххӕй, дыууӕ зӕды ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой, н. э. 33 азы, Йесо уӕлӕрвтӕм куы цыд, уӕд. Чырысти ӕврагъӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы нал зынд, уӕд зӕдтӕ загътой: «Ацы Йесо, сымахӕй арвмӕ Чи ацыд, сымах куыд федтат Уый арвмӕ ацӕугӕ, афтӕ фӕстӕмӕ ӕрцӕудзӕн» (Куыстытӕ 1:9–11).

21. Иннӕ статьяйы цӕуыл ныхас кӕндзыстӕм?

21 Чырыстийы ацыд федтой ӕрмӕстдӕр йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ. Йесо йӕ хуыз куы аивта, уӕд ӕй бирӕтӕ нӕ базыдтой. Цы ӕрцыд, уый дуне хатгӕ дӕр нӕ фӕкодта. Раст афтӕ уыди, Чырысти Паддзахы бартӕ райсгӕйӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд дӕр (Иоанны 14:19). Ӕрмӕстдӕр ӕй йӕ иузӕрдион сӕрст ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстой, Йесо уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, ацы хабар сыл куыд бандӕвта ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбырд кӕнын куыд райдыдтой, йӕхи Йесойы бӕрны бакӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй милуантӕ (Раргомад 7:9, 14).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Ӕвӕццӕгӕн, Йесо аргъуыд куы иста, уӕд Хуыцауы хъӕлӕс ӕрмӕст Иоанн фехъуыста. Йесо кӕмӕ дзырдта, уыцы иудейтӕ «нӕдӕр [Хуыцауы] хъӕлӕс никуы фехъуыстой, нӕдӕр Йӕ цӕсгом федтой» (Иоанны 5:37).

Хъуыды ма кӕныс?

• Йесо сабатбоны фӕтк халы ӕмӕ Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ йӕ куы азымджын кодтой, уӕд цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, Мессиа кӕй у, уымӕн?

• Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтыл куыд фӕзынд?

• Йесойы хъуыдыйы цы уыд, афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, Иоанн баззайдзӕн цалынмӕ не ’рцӕуа?

• 1914 азы цавӕр пехуымпарадон цӕстылуайӕн сӕххӕст?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 3 фарсыл]

Йесо бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, Мессиа кӕй у, уымӕн.

[Ныв 4 фарсыл]

Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад бафидар кодта.

[Ныв 5 фарсыл]

Иоанн баззади, цалынмӕ Йесо не ’рцыд.