Ныры дуджы дӕр ис бинонтӕн амондджынӕй цӕрӕн!
Ныры дуджы дӕр ис бинонтӕн амондджынӕй цӕрӕн!
«Ӕппӕтӕй фылдӕр та сфӕлындут уарзондзинады, кӕцы у ӕххӕстдзинады ӕмдзыгуыр [«иудзинады ӕххӕст тӕгтӕ», НД]» (КОЛОССӔГТӔМ 3:14).
1, 2. а) Чырыстон ӕмбырды нын кӕй уынд у ӕхсызгон? ӕ) Амондджын бинонтӕ кӕй ис схонӕн?
ЗӔРДӔЙӔН ӕхсызгон куыннӕ у, чырыстон ӕмбырды ахӕм бинонтӕ кӕй ис, ӕмӕ 10, 20, 30 кӕнӕ фылдӕр азтӕ дӕр ӕмудӕй цӕрынц! Уыдон царды гуыргъахъ фӕндӕгтыл иу ӕмӕ дыууӕ зын нӕ бавзӕрстой, фӕлӕ кӕрӕдзийыл сӕ зӕрдӕ не сивтой (Уӕвынад 2:24).
2 Чи зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ бинонты царды маст никуы федта? Иу фыссӕг фыста: «Дыууӕ уды амондджын сты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ зындзинад нӕ зонынц. Сӕ царды вӕййы цины бонтӕ дӕр ӕмӕ фыдбонтӕ дӕр. [...] Фӕлӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ... ахӕм бинонтӕ нӕ ахицӕн вӕййынц, абоны [хӕццӕ] дуджы дӕр ӕмудӕй цӕрынц». Амондджын бинонтӕ зонынц ныры царды зынтӕ ӕмӕ мӕстытӕ фӕразын. Уӕлдайдӕр та, сывӕллӕттӕ чи схъомыл кодта, уыдонӕй ис уый зӕгъӕн. Ахӕм бинонтӕ сӕхи цардӕй базыдтой, ӕцӕг уарзондзинад кӕй «никуы фӕуыдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:8).
3. Цы ӕвдисынц бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмкъайады бацӕуын ӕмӕ хицӕн кӕныны тыххӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарстытӕ сӕвзӕры?
3 Уыдонӕй уӕлдай, милуангай бинонтӕн сӕ цард фехӕлы. Куыд сбӕрӕгчындӕуыд, афтӕмӕй «Иугонд Штатты цы бинонтӕ ис, уыдонӕн се ’рдӕг, абон уа, райсом уа, ахицӕн уыдзысты. Ӕмӕ уыдоны ’рдӕг – сӕ иумӕйаг царды фыццаг 7, 8 азы дӕргъы. [...] Ногӕй дзы цы 75% скӕной бинонтӕ, уыдонӕй дӕр та 60% ахицӕн уыдзысты». Раздӕр бинонтӕ афтӕ арӕх кӕм нӕ хицӕн кодтой, уыцы бӕстӕты дӕр абон уавӕр фӕивта. Зӕгъӕм, Японы ахӕм бинонты нымӕц а фӕстаг азты дыууӕ хатты бӕрц фӕфылдӕр. Бинонты амондӕн, суанг чырыстон бинонтӕн дӕр, къуылымпыйы хос цы свӕййы? Куыд бахъахъхъӕнӕн ис бинонты фарн, кӕд Сайтан йӕ фехалыныл архайы, уӕддӕр?
Хи хизын цӕмӕй хъӕуы
4. Бинонты фарн цы халы?
4 Хуыцауы Ныхас нын ӕмбарын кӕны, бинонты фарн цы халы. Зӕгъӕм, апостол Павел ацы фӕстаг бонты тыххӕй ныффыста: «Уӕдӕ зон, фӕстаг бонты ӕрцӕудзӕн уӕззау рӕстӕджытӕ. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕвзист уарзаг, хъал, сӕрыстыр, маргӕвзаг, ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс, ӕбузн, ӕнӕраст, фыдзӕрдӕ, нӕфидауӕг, фыдкой кӕнджытӕ, ӕнӕхиуылхӕцгӕ, хъӕбӕрзӕрдӕ, хорздзинад нӕуарзджытӕ, уӕйгӕнджытӕ, къӕйных, тынг арӕзт, фылдӕр адджын цард уарзджытӕ, цӕйнӕфӕлтау Хуыцауы уарзджытӕ, бакастӕй намысджын, йӕ тых та иппӕрд у. Ахӕмтӕй дард лӕуу» (2 Тимофеймӕ 3:1–5).
5. Адӕймаг хиуарзон куы уа, уӕд уый йе ’мкъайадӕн тӕссаг цӕмӕн у ӕмӕ уый фӕдыл Библи цы зонд амоны?
5 Павелы ныхӕстӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, кӕй ранымадта, уыцы миниуджытӕй бирӕтӕ бинонты фарнӕн тӕссаг кӕй сты. Зӕгъӕм, «хиуарзон» чи у, уыдоны сӕхи йеддӕмӕ никӕй мӕт ис. Ӕрмӕст йӕхи чи уарзы, ахӕм лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ вӕййынц хивӕнд, ӕнӕбасӕттон. Ахӕм миниуджытӕ бинонты амондджын цардӕн исты ахъаз сты? Ӕппындӕр нӕ. Апостол Павел чырыстӕттӕн – бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыдонӕн дӕр – амыдта ахӕм зонд: «Мацы кӕнут быцӕу ныхасмӕ гӕсгӕ, кӕнӕ уӕхи стауыны тыххӕй, фӕлӕ сабыр зондӕй иу иннӕйы йӕхицӕй бӕрзонддӕр кӕнӕд. Ӕрмӕст йӕхи мӕт ма кӕнӕд алчидӕр, фӕлӕ алчидӕр иннӕты мӕт дӕр кӕнӕд» (Филиппӕгтӕм 2:3, 4).
6. Адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд йӕ бинонты цард куыд халы?
6 Лӕг ӕмӕ усӕй исчи ӕхцауарзаг куы вӕййы, уӕд йе ’мкъайӕ адард вӕййы. Павел фӕдзӕхста: «Фӕлӕ схъӕздыг уӕвын кӕй фӕнды, бахауынц фӕлварӕнты ӕмӕ хызы, ӕмӕ бирӕ ӕнӕрхъуыды ӕмӕ зианхӕссӕг фӕндӕтты, кӕцытӕ ныгъуылын кӕнынц адӕмы фыдбылызы, ӕмӕ сӕфты; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыддзинӕдты уидаг у ӕвзист уарзын, кӕцымӕ сӕхи ратгӕйӕ, иуӕй-иутӕ аздӕхтысты уырнындзинадӕй ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи баппӕрстой бирӕ уынгӕгдзинӕдты» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Хъыгагӕн, Павел цӕмӕй фӕдзӕхста, уыдӕттӕ абон бирӕ бинонтыл ӕрцӕуынц. Адӕймаг мулчы фӕдыл куы адзӕгъӕл вӕййы, уӕд йӕ цардӕмбалыл нал фӕхъуыды кӕны, суанг ӕм ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, ууыл дӕр – йӕ циныл ын цин кӕнын, йӕ масты йын ныфс дӕттын, йемӕ алы бон дӕр фӕлмӕн, зӕрдӕбын ныхас кӕнын.
7. Иуӕй-иутӕ сӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй кӕй рацӕуынц, уымӕ сӕ цавӕр уагахаст ӕркӕны?
7 Павел ма загъта, ацы фӕстаг бонты бирӕтӕ «фыдзӕрдӕ [«мӕнгард, хион-хӕстӕг чи нал зоны», НД], нӕфидауӕг» кӕй уыдзысты. Лӕг ӕмӕ ус сӕ къухтӕ ӕрфысгӕйӕ кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уый сӕ цӕрӕнбонтӕм бӕтты ӕнӕатонгӕ тӕгтӕй, кӕрӕдзийыл мӕнгардӕй хъуамӕ макуы рацӕуой (Малахи 2:14–16). Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕ зӕрдӕйы ӕндӕр кӕмӕндӕр бынат скӕнынц. 30 азӕй гыццыл фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм сылгоймаг дзуры, зӕгъгӕ мӕ мӕ лӕг куы ныууагъта, уымӕй размӕ дӕр иннӕ сылгоймӕгтимӕ йӕхи ӕгӕр уӕгъдибар дардта, уӕлдай цинтӕ сыл кодта. Уыцы лӕг не ’мбӕрста, усджын нӕлгоймагӕн ахӕм митӕ кӕй не ’мбӕлы. Йӕ усӕн тынг зын уыдис уымӕ кӕсын ӕмӕ йын архайдта фӕлмӕнӕй бамбарын кӕнын, тӕссаг фӕндагыл кӕй лӕууы. Фӕлӕ лӕгӕн уӕддӕр йӕ кӕрон уымӕ ӕрцыд, ӕмӕ йӕ усыл гадзрахатӕй рацыди. Фӕлмӕнӕй йӕ бӕргӕ фӕдзӕхстӕуыд рӕдыд къахдзӕфӕй, фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта, ӕмӕ йӕхи къӕппӕджы баппӕрста (Ӕмбисӕндтӕ 6:27–29).
8. Цы ’ркӕны хӕтындзинадмӕ?
8 Ӕвӕдза, куыд ӕргом фӕдзӕхсы Библи къайыл сайдӕй цӕуынӕй! «Сылгоймагимӕ чи хӕты, уый ӕнӕзонд у. Ахӕм ми чи кӕны, уый йӕ уд сафы» (Ӕмбисӕндтӕ 6:32). Адӕймаг искӕимӕ куы фӕхӕты, уӕд уый сонтӕй, ӕнӕрхъуыдыйӕ стӕм хатт вӕййы. Библи фысджытӕй иу, Иаков, куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй адӕймаг тӕригъӕд, зӕгъӕм хӕтындзинад, фылдӕр хатт ракӕны, бирӕ йыл куы фӕхъуыды ӕмӕ уыцы хъуыдытӕ йӕхицӕн куы садджын кӕны, уый фӕстӕ (Иаковы 1:14, 15). Афтӕмӕй йӕ къайыл,– дзырд кӕмӕн радта, цӕрӕнбонтӕм дӕ уарздзынӕн, зӕгъгӕ, ууыл сабыргай-сабыргай сивы йӕ зӕрдӕ. Йесо Чырысти загъта: «Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд рагонтӕн: „ма хӕт“. Ӕз та зӕгъын сымахӕн, алкӕцы, чи кӕсы сылгоймагмӕ мондагӕй, уый фӕхатт йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:27, 28).
9. Цавӕр хорз уынаффӕ ссарӕн ис Ӕмбисӕндты 5:18–20?
9 Дӕ цардӕмбалыл иузӕрдион куыд уай, уымӕн хорз уынаффӕ ссарӕн ис Ӕмбисӕндты чиныджы: «Арфӕгонд уӕд дӕ суадон, ӕмӕ цин кӕн, де ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстай, уыцы усыл, алӕмӕты саг ӕмӕ диссаджы рӕсугъд дзӕбидырыл. Алкӕддӕр дӕ йӕ риутӕ расыг кӕнӕнт, йӕ уарзтӕй уадз дӕ мондӕгтӕ ӕдзух. Цӕмӕн хъуамӕ исай, мӕ фырт, дӕ мондӕгтӕ ӕндӕр сылгоймагӕй кӕнӕ цӕмӕн хъуамӕ хъӕбыстӕ кӕнай ӕцӕгӕлон сылгоймагӕн?» (Ӕмбисӕндтӕ 5:18–20).
Тагъд ма кӕн
10. Цӕмӕн хъӕуы багӕдзӕ кӕнын ӕмӕ дӕ дӕ цард баиу кӕнын кӕимӕ фӕнды, уый дзӕбӕх базонын?
10 Дыууӕ адӕймагӕн сӕ иумӕйаг цард саразын фӕзын вӕййы, сӕ цард баиу кӕныныл куы фӕтагъд кӕнынц. Уыдон кӕнӕ ӕгӕр ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд вӕййынц, кӕнӕ та кӕрӕдзийы дзӕбӕх нӕ базонынц. Уӕдӕ, хорз уаид багӕдзӕ кӕнын ӕмӕ дӕ дӕ цард баиу кӕнын кӕимӕ фӕнды, уый дзӕбӕх базонын – цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, царды цӕмӕ тырны, стӕй цавӕр бинонты ’хсӕн схъомыл, уыдӕттӕ. Ӕрхъуыды ма кӕн Исахъы фырт Иаковы. Цӕмӕй йын Рахилы радтаиккой, уый тыххӕй йӕ йӕ каисагӕн хъуыди авд азы бакусын. Ӕмӕ Иаков разы уыд ууыл, уымӕн ӕмӕ Рахилы уарзта ӕцӕг уарзтӕй, ӕрмӕст йӕ аив ӕддаг бакасты тыххӕй нӕ, фӕлӕ (Уӕвынад 29:20–30).
11. а) Цавӕр адӕймӕгты баиу кӕны ӕмкъайад? ӕ) Бинонтӕн сӕ ныхасы хъӕдыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
11 Ӕмкъайад ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дыууӕ уды кӕрӕдзи уарзой. Ӕмкъайады цӕдис иу кӕны дыууӕ алыхуызон адӕймаджы – алыхуызон бинонтӕй, алыхуызон удыхъӕд ӕмӕ зӕрдӕйы кондимӕ, арӕх ма алыхуызон ахуырадимӕ дӕр. Хатт ус ӕмӕ лӕг вӕййынц алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, сӕ мадӕлон ӕвзаг дӕр иу нӕ вӕййы. Кӕд ӕппын ницы, уӕддӕр дзы иуӕн иу зонд вӕййы, иннӕмӕн та ӕндӕр. Уӕвгӕ, лӕг ӕмӕ ус алкӕддӕр иухуызон хъуыды кӕной, афтӕ нӕдӕр вӕййы. Ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ алыхуызон ӕмбарын кӕной: ӕппынӕдзух уайдзӕф ӕмӕ хъуыр-хъуыргӕнгӕ, кӕнӕ та фӕлмӕнӕй, рӕвдаугӕйӕ. О, нӕ ныхасӕй нӕ бон у нӕ цардӕмбалӕн кӕнӕ йӕ зӕрдӕ скъахын, кӕнӕ та йыл базыртӕ басадзын. Ӕнӕрхъуыды ныхас бинонты цард тӕссонд кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 12:18; 15:1, 2;16:24; 21:9; 31:26).
12, 13. Ӕмкъайады ӕгӕр бирӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын цӕуылнӕ хъӕуы?
12 Куыд уынӕм, афтӕмӕй ахсджиаг у усаджы кӕнӕ мойаджы ӕцӕгдӕр хорз базонын. Чындзыцыд рагӕй чи у, иу ахӕм чырыстон хо иу хатт загъта: «Дӕ цард искӕимӕ баиу кӕнынмӕ Лукайы 6:41).
куы хъавай, уӕд ахъуыды кӕн, зӕгъӕм, иу дӕс ахӕм миниуӕгыл, дӕ цардӕмбалмӕ чи хъуамӕ уа. Кӕд ӕм дзы ӕрмӕст авд ссарай, уӕд ахъуыды кӕн: „Иннӕ ӕртӕ йӕм кӕй нӕй, ууыл мӕ цӕстытӕ сӕхгӕндзынӕн? Бонӕй-бонмӕ уымӕн фӕраздзынӕн?“ Кӕд дызӕрдыг кӕныс, уӕд иу гыццыл фӕлӕуу ӕмӕ та ногӕй ахъуыды кӕн». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕгӕр бирӕмӕ хъуамӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсай. Алцӕмӕй ӕххӕст ус кӕнӕ лӕг не ’ссардзынӕ. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг кӕй ракурай кӕнӕ кӕмӕй смой кӕнай, уымӕн дӕр йӕ цардӕмбал ӕххӕст адӕймаг, мыййаг, нӕ уыдзӕн! (13 Бинонты царды хи цӕмӕйдӕрты цух кӕнын бахъӕуы. Уый кой кодта Павел, афтӕ куы загъта: «Мӕн та фӕнды, цӕмӕй сымах уат ӕнӕсагъӕс. Ус кӕмӕн нӕй, уый тыхсы Хицауы хъуыддӕгтыл, Хицауы зӕрдӕ куыд балхӕна, ууыл; ус кӕмӕн ис, уый та дунейаг хъуыддӕгтыл тыхсы, йӕ усы зӕрдӕ балхӕныныл архайы. Ис уӕлдайдзинад, лӕг кӕмӕн ис, уый ӕмӕ чызджы ӕхсӕн: лӕг кӕмӕн нӕй, уый сагъӕс кӕны Хицауы хъуыддӕгтыл, Хицауы зӕрдӕ куыд балхӕна, ууыл, цӕмӕй уа сыгъдӕг буарӕй дӕр ӕмӕ удӕй дӕр; лӕг кӕмӕн ис, уый та сагъӕс кӕны дунейаг хъуыддӕгтыл, йӕ лӕджы зӕрдӕ балхӕныныл архайы» (1 Коринфӕгтӕм 7:32–34).
Иуӕй-иу бинонты цард цӕмӕн фехӕлы
14, 15. Ӕмкъайады бындур цӕй аххосӕй фенкъуысы?
14 Иу хо йӕ лӕгимӕ фӕцард 12 азы, фӕлӕ ӕрӕджы стыр зӕрдӕрис бавзӕрста – лӕг ӕй ныууагъта, ӕмӕ ӕндӕр сылгоймагимӕ бацард. Цалынмӕ уыцы хабар не ’рцыд, уӕдмӕ цымӕ йӕ зӕрдӕ истӕмӕ ӕхсайдта? Хо дзуры: «Уыйонг ӕрцыд, ӕмӕ кувгӕ дӕр нал кодта. Гыццыл ницӕй тыххӕй-иу ӕмбырды фембӕлдмӕ кӕнӕ хъусын кӕнынмӕ нал ацыд. Мӕнӕн ын рӕстӕг ӕппын дӕр нал уыд – йӕхи-иу куы тынг ӕнӕвдӕлон хуыдта, куы та тынг фӕллад. Ныхас дӕр нал кодта мемӕ. Уырнындзинадӕн нӕм йӕ кой дӕр нал уыди. Цы тӕригъӕддаг уыд! Кӕддӕр кӕмӕй смой кодтон, уыцы адӕймаг нал уыд».
15 Уыцы хойы уавӕры ма чи уыд, уыдон дӕр афтӕ зӕгъынц: адӕймаг-иу Библи раздӕрау нал ахуыр кодта, зӕрдӕйӕ-иу нал куывта, фембӕлдтӕ цух кӕнын-иу райдыдта. Ӕндӕр ныхасӕй, йӕ цардӕмбалы чи ныууагъта, уыдонӕй бирӕтӕ фыццаг Иегъовӕйӕ адард сты, ӕмӕ сӕ развӕндаг нал уыдтой. Иегъовӕ сын удӕгас Хуыцау нал уыд. Зӕрдӕ цы рӕстаг ног дунейӕ бавӕрдта, уый сӕ нал уырныдта. Иуӕй-иутӕн сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, кӕимӕдӕр цӕуын куы нӕма райдыдтой, уӕд (Дзуттытӕм 10:38, 39; 11:6; 2 Петры 3:13, 14).
16. Цы иу кӕны бинонты?
16 Бинонты фидар уырнындзинады тӕгтӕ куы бӕттой, уӕд та уыдзысты фӕрнӕйдзаг. Уый фенӕн ис иу амондджын бинонты цардӕй. Уыдон иумӕ кувынц, иумӕ ахуыр кӕнынц Библи. Лӕг зӕгъы: «Библи иумӕ фӕкӕсӕм, хъусын кӕнынмӕ дӕр иумӕ фӕцӕуӕм. Мах уарзӕм иумӕ истытӕ аразын». Бӕрӕг у: Иегъовӕмӕ ӕввахс куы уай, уӕд дӕ бинонты цард уыдзӕн бирӕ хуыздӕр.
Ӕгӕр бирӕ ма дом ӕмӕ ӕргомзӕрдӕ ныхас кӕн
17. а) Цавӕр дыууӕ хъуыддаджы сты ахъаз бинонты амондӕн? ӕ) Цы фыста Павел чырыстон уарзондзинады тыххӕй?
17 Бинонты амондӕн ма ахъаз сты ноджы дыууӕ хъуыддаджы: чырыстон уарзондзинад ӕмӕ ӕргомзӕрдӕ ныхас. Арӕх вӕййы афтӕ, ӕмӕ уарзӕттӕ кӕрӕдзийы хъӕндзинӕдтӕ нӕ фӕуынынц. Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕ цард баиу кӕнынц, кӕрӕдзийӕ ӕгӕр бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ: чи зоны, уарзондзинады тыххӕй чингуыты цы кастысты кӕнӕ киноты цы федтой, уыдӕттӕм. Фӕлӕ рӕстӕг куыд фӕцӕуы, афтӕ цард ӕцӕгӕй цы у, уый уынын райдайынц. Ӕмӕ сын уӕд сӕ цардӕмбалы гыццыл рӕдыдтытӕ кӕнӕ, сӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, йӕ уыцы митӕ, гӕнӕн ис, суой стыр масты хос. Афтӕ куы уа, уӕд чырыстӕтты хъӕуы кусын сыгъдӕг уды дыргъыл. Уымӕн та йӕ иу хай у уарзондзинад (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уарзондзинадӕн ис стыр тых,– кӕд ӕрмӕст сонт уарзт нӕу, фӕлӕ чырыстон уарзондзинад, уӕд. Ахӕм уарзондзинады тыххӕй Павел фыста: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы, хатыргӕнаг у... йӕхион нӕ агуры, мӕсты нӕ кӕны, фыддзинад нӕ хъуыды кӕны... ӕппӕт дӕр ӕмбӕрзы, ӕппӕтыл ӕууӕнды, ӕппӕтыл ӕнхъӕлцау у, алцӕмӕн дӕр фӕразы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4–7). Бӕрӕг у, ӕцӕг уарзондзинад ӕмбары, адӕймаг ӕнӕрӕдигӕ кӕй нӕу. Ӕгӕр бирӕ нӕ домы – ӕнӕххӕст адӕймагӕй ӕххӕстдзинад нӕ агуры (Ӕмбисӕндтӕ 10:12).
18. Ӕргомзӕрдӕ ныхас дыууӕ адӕймаджы куыд ӕнгомдӕр кӕны?
18 Афтӕ ма тынг ахсджиаг у ӕргомзӕрдӕ ныхас кӕнын дӕр. Цасфӕнды ма цӕрой иумӕ лӕг ӕмӕ ус, хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕной ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хъусын зоной. «Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ ӕргомӕй, фӕлӕ хӕларӕй не ’фсинимӕ кӕрӕдзийӕн фӕдзурӕм»,– зӕгъы иу лӕг. Лӕг ӕмӕ ус иумӕ куы ацӕрынц, уӕд сахуыр вӕййынц ӕмбарын, ӕмкъай цы фӕзӕгъы, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма зӕгъгӕ цы нӕ фӕкӕны, уый дӕр. Ӕндӕр ныхасӕй, азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ ӕмуд-ӕнгом бинонтӕ кӕрӕдзийы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕнӕ ныхасӕй дӕр ӕмбарын райдайынц. Иуӕй-иу устытӕ зӕгъынц, сӕ лӕгтӕ сӕм лӕмбынӕг кӕй нӕ фӕхъусынц. Иуӕй-иу лӕгтӕ та хъаст кӕнынц, иууыл ӕнӕвдӕлондӕр куы вӕййынц, сӕ устытӕм дзурын уӕд кӕй ӕрцӕуы. Фӕлӕ ӕргомзӕрдӕ ныхас домы адӕймаджы ӕмбарын, йӕ уавӕры цӕуын. Лӕг ӕмӕ ус зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ куы ныхас кӕной, уӕд уый сӕ дыууӕйӕн дӕр стыр ахъаз уыдзӕн (Иаковы 1:19).
19. а) Хатыр курын зын цӕмӕн вӕййы? ӕ) Цӕмӕн хъуамӕ курӕм хатыр?
19 Ӕргомзӕрдӕ ныхас ма домы хатыр курын дӕр. Уый алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Дӕ рӕдыдыл басӕттай, уымӕн хъӕуы сӕрныллӕгдзинад. Фӕлӕ бинонты царды уый куыд ахсджиаг у, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ хатыр куы ракурай, уӕд дӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр уӕлдай мастӕй бахиздзынӕ, кӕрӕдзи бамбарын ӕмӕ уын бафидауын ӕнцондӕр уыдзӕн. Павел загъта: «Кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ иу иннӕмӕн хатыр кӕнут, кӕд искӕмӕ искӕуыл хъаст ис уӕд: Чырысти сымахӕн куыд бахатыр кодта, афтӕ сымах дӕр. Ӕппӕтӕй фылдӕр та сфӕлындут уарзондзинады, кӕцы у ӕххӕстдзинады ӕмдзыгуыр [«иудзинады ӕххӕст тӕгтӕ», НД]» (Колоссӕгтӕм 3:13, 14).
20. Цавӕр ахаст хъуамӕ уа чырыстонӕн йе ’мкъаймӕ, хицӕнӕй куы уой, уӕд дӕр ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр?
Ӕмбисӕндтӕ 31:28ӕ). Уый йе ’мкъайы цӕсты не ’фтауы – нӕ йыл худы, хынджылӕг дзы нӕ кӕны (Колоссӕгтӕм 4:6). Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ кӕрӕдзийы ныфс стырдӕр уыдзӕн, сӕ фӕлмӕн ӕнкъарӕнтӕ куы нӕ ӕмбӕхсой. Иу фӕлмӕн къуханыдзӕвдӕн кӕнӕ сабыр, лӕгъз ныхасӕн дӕр йӕ бон у зӕгъын: «Уарзын дӕ. Куыд амондджын дӕн, мемӕ кӕй дӕ». Адон сты цалдӕр уынаффӕйы, бинонтӕ ӕнгомдӕр куыд кӕной ӕмӕ ныры дуджы амондджынӕй куыд цӕрой, уымӕн. Уый фӕдыл ма Библийы ис ӕндӕр хорз уынаффӕттӕ дӕр, ӕмӕ уыдоныл та ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы *.
20 Цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй ма сӕ хъӕуы кӕрӕдзийы ныфс дӕр. Чырыстон лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндой, кӕрӕдзийыл сӕ зӕрдӕ дарой. Сӕ иу иннӕйы хъуамӕ ма дӕлджиныг кӕна кӕнӕ йӕ ӕндӕр искуыд ма фауа. Чырыстон йӕ цардӕмбалы уарзы ӕмӕ дзы ӕппӕлы. Фаутӕ йыл не ’вӕры ([Фиппаинаг]
^ 20 абз. Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс «Бинонты амонды сусӕгдзинад» (уыр.). Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
Куыд бамбарын кӕнис?
• Бинонты фарн цӕмӕй хӕлы?
• Ус курын кӕнӕ мой кӕныныл тагъд кӕнын хорз цӕуылнӕ у?
• Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уый йӕ бинонты цардыл куыд фӕзыны?
• Цавӕр уынаффӕтӕ сты ахъаз бинонты амондӕн?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 20 фарсыл]
Ӕмкъайад ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дыууӕ уды кӕрӕдзи уарзой.
[Нывтӕ 22 фарсыл]
Лӕг ӕмӕ ус Иегъовӕмӕ ӕввахс куы уой, уӕд уыдзысты амондджындӕр.