Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Руфы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Руфы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

КӔРӔДЗИУЫЛ иузӕрдион сылгоймӕгты зӕрдӕмӕхъаргӕ царды хабар. Фыст дзы ис, Иегъовӕ Хуыцауӕн куыд аргъ кодтой ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл куыд ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй. Уый у, Мессиа цы хӕдзарвӕндаджы хъуамӕ райгуыра, уымӕ Иегъовӕ Хуыцау йӕ хъус тынг лӕмбынӕг кӕй дары, ахӕм хабар. Дзырд дзы цӕуы бинонты циндзинӕдтӕ ӕмӕ хъыгдзинӕдтыл. Уыдӕттӕ ӕмӕ ма ӕндӕр хабӕртты тыххӕй базонӕн ис Руфы чиныгӕй.

Руфы чиныджы дзырдӕуы «тӕрхонгӕнджыты хицауиуӕгады заманӕй» 11 азыл (Руф 1:1). Уыцы хабӕрттӕ ӕрцыдысты тӕрхонгӕнджыты дуджы райдиан. Уымӕн ӕмӕ Вооз, стыр зӕххыты хицау ӕмӕ ацы цауты архайджытӕй иу, уыди Йесо Навины бонты чи цард, уыцы Раавы фырт (Йесо Навин 2:1, 2; Руф 2:1; Матфейы 1:5). Ацы цаутӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста пехуымпар Самуил н. э. агъоммӕ 1090 азы. Библийы ӕрмӕстдӕр ацы чиныг хӕссы, израилаг чи нӕ уыд, ахӕм сылгоймаджы ном. Дзырд дзы цы хабӕрттыл цӕуы, уыдон сты «ӕгас ӕмӕ архайӕг» (Дзуттытӕм 4:12).

«ДЫ КӔДӔМ АЦӔУАЙ, ӔЗ ДӔР УЫРДӔМ ФӔЦӔУДЗЫНӔН»

(Руф 1:1–2:23)

Ноемин ӕмӕ Руф Вифлееммӕ куы ӕрцыдысты, уӕд адӕм иууылдӕр сӕ кой кодтой. Сылгоймӕгтӕй хистӕрмӕ амонгӕйӕ, сахары устытӕ фарстой: «Уый Ноемин уа?» Уӕд сын Ноемин дзуапп лӕвӕрдта: «Ноемин мӕ ма хонут, фӕлӕ мӕ хонут Марӕ; уымӕн ӕмӕ мыл Ӕппӕтаразӕг стыр бӕллӕх сӕвӕрдта. Ардыгӕй дзагармӕй ацыдтӕн, фӕстӕмӕ та мӕ афтидармӕй ӕрбаздӕхта Дунедарӕг» (Руф 1:19–21).

Израилы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Ноемин йӕ бинонтимӕ Вифлеемӕй алыгъд Моавы зӕххытӕм. Ноемин «дзагарм» уыцы хуызы у, ӕмӕ йын ис лӕг ӕмӕ дыууӕ фырты. Фӕлӕ Моавы куы ӕрцардысты, уый фӕстӕ йӕ лӕг Елимелех амард. Фӕстӕдӕр йӕ дыууӕ фырты ракуырдтой моавитаг чызджытӕ Орфӕ ӕмӕ Руфы. Дӕс азы фӕстӕ йӕ дыууӕ фырты дӕр амардысты, зӕнӕг сын нӕ баззад, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕртӕ сылгоймаджы идӕдзӕй баззадысты. Ноемин Иудӕмӕ аздӕхын фӕнд куы скодта, уӕд йӕ дыууӕ чындзы дӕр цӕуынц йемӕ. Фӕндагыл Ноемин йӕ чындзытӕн дзуры, цӕмӕй фӕстӕмӕ Моавмӕ аздӕхой ӕмӕ сӕхи адӕмӕй смой кӕной. Орфӕ ӕвӕндонӕй сразы. Фӕлӕ Руф Ноеминыл ныттыхст, ӕмӕ дзуры: «Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм фӕцӕудзынӕн; дӕ адӕм мӕ адӕм дӕр уыдзысты, дӕ Хуыцау та – мӕ Хуыцау» (Руф 1:16).

Дыууӕ идӕдзы, Ноемин ӕмӕ Руф, ӕрцыдысты Вифлееммӕ хъӕбӕрхор ӕфснайыны райдиан. Хуыцауы Закъон бар кӕй лӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ Руф быдыры ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕнын райдыдта. Уый куыста Елимелехы хӕстӕг ацӕргӕ иудей Воозы быдыры. Вооз Руфмӕ хорз цӕстӕй ракаст ӕмӕ уый дарддӕр ӕфсиртӕ ӕмбырд кодта йӕ быдыры, «цалынмӕ хъӕбӕрхор дӕр ӕмӕ мӕнӕу дӕр карст фесты, уӕдмӕ» (Руф 2:23).

Фарстытӕн дзуапп:

1:8, НД – Ноемин йӕ чындзытӕн цӕмӕн загъта, цӕмӕй сӕ алчидӕр йӕ фыды хӕдзармӕ нӕ, фӕлӕ «йӕ мады хӕдзармӕ» аздӕха? Орфӕйы фыд ма уӕд удӕгас уыд, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ Руфӕн йӕ фыд ӕгас уыди (Руф 2:11). Уӕдӕ сын Ноемин «мады хӕдзары» тыххӕй куы дзырдта, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаид ныййарӕджы рӕвдыд ӕмӕ узӕлд. Ацы ныхӕстӕ сын, гӕнӕн ис, сӕ уарзон ӕфсинӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уыцы рыст фӕрогдӕр кодтаиккой. Уыдон ма, чи зоны, ууыл дзурӕг дӕр сты, ӕмӕ Ноеминӕй уӕлдай, Руф ӕмӕ Орфӕйы мадӕлтӕн хорз хӕдзӕрттӕ уыд.

1:13, 21 – Цымӕ Ноемины Иегъовӕйы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ йӕ уый фенамонд кодта? Нӕ, ӕмӕ Ноемин Хуыцауы азымджын дӕр ницӕмӕй кодта. Фӕлӕ йыл цыдӕриддӕр ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодта, Иегъовӕ йӕ кӕй ныууагъта. Йӕхи хатыд ӕнамонд ӕмӕ ныфссаст. Уымӕй уӕлдай ма, уыцы рӕстӕг зӕнӕг Хуыцауы арфӕдзинадыл нымад уыд, ӕнӕзӕнӕг та - ӕлгъыстыл. Цотыцот ын кӕй нӕ уыд ӕмӕ йӕ фырттӕ дӕр кӕй амардысты, уый аххосӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕлдта, Хуыцау ӕй кӕй бафхӕрдта.

2:12 – Цавӕр «ӕххӕст хӕрзиуӕг» райста Руф Иегъовӕйӕ? Руфӕн райгуырд лӕппу, ӕмӕ йӕм Хуыцауӕй ӕрхауд стыр кад: зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр хӕдзарвӕндаджы - Йесо Чырыстийы хӕдзарвӕндаджы номхыгъды ис йӕ ном (Руф 4:13–17; Матфейы 1:5, 16).

Зондзонӕн махӕн:

1:8; 2:20. Кӕд Ноеминыл бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уӕддӕр Иегъовӕйы ӕнувыд уарзтыл йӕ ныфс дардта. Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм, уӕлдайдӕр та уӕззау фыдӕвзарӕнты куы бахауӕм, уӕд.

1:9. Хӕдзар ахӕм бынат хъуамӕ ма уа, бинонтӕ ӕрмӕст хӕргӕ ӕмӕ фынӕй кӕм кӕнынц. Фӕлӕ хъуамӕ уа, фарн ӕмӕ удӕнцой кӕм ис, ахӕм бынат.

1:14–16. Орфӕ «йӕ адӕммӕ, йӕ хуыцӕуттӕм аздӕхти», Руф та нӕ. Йӕ райгуырӕн бӕстӕйы йын цы хорз ӕмӕ сабыр цард уыд, уый ныууагъта, цӕмӕй Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайа. Хуыцаумӕ куы ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йын нӕ уд куы нӕ хӕлӕг кӕнӕм, уӕд ӕрмӕст нӕхи мӕт нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕфтмӕ нӕ цӕудзыстӕм (Дзуттытӕм 10:39).

2:2. Ӕрцӕуӕггӕгтӕн ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн уый бар кӕй уыди, цӕмӕй сӕхицӕн ӕфсиртӕ ӕмбырд кодтаиккой, уымӕй Руф „нӕ“ нӕ загъта. Уый уыд сӕрныллӕг. Ӕххуысхъуаг чырыстон хъуамӕ афтӕ сӕрыстыр ма уа, ӕмӕ йе ’муырнджыты зӕрдиаг ӕххуыс йӕ сӕрмӕ ма хӕсса кӕнӕ йын хицауад цы дӕтты, ууыл йӕхи атигъ кӕна.

2:7. Кӕд Руфӕн ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕныны бар уыд, уӕддӕр уал фыццаг фӕрсгӕ бакодта (Левит 19:9, 10). Уый йӕ сӕрныллӕгдзинадыл, йӕ сабыр зондыл дзурӕг уыди. Мах ӕмбаргӕ уӕд уыдзыстӕм, сӕрныллӕгдзинадмӕ куы тырнӕм, уымӕн ӕмӕ «сабыртӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11; Софони 2:3).

2:11. Руф Ноеминӕн ӕрмӕст йӕ хӕстӕг нӕ уыди, фӕлӕ йе ’цӕг ӕмбал (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Уыцы хӕлардзинад уыд фидар, уымӕн ӕмӕ йӕ бындуры уыди уарзондзинад, иузӕрдиондзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, хорздзинад, удуӕлдай зӕрдӕйы уаг. Ноджы сӕйрагдӕр та уый, ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр тынг фӕндыд Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йын чи куывта, уыдонимӕ цӕрын. Махӕн дӕр нӕ бон у Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ нӕ хӕлардзинад ӕнгомдӕр кӕнын.

2:15–17. Кӕд Вооз Руфы куыст фӕрогдӕр кодта, уӕддӕр уый «суанг изӕрмӕ ӕфсиртӕ фӕуыгъта хуымы». Руф уыди куыстуарзаг. Чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ уой куыстуарзаг.

2:19–22. Ноемин ӕмӕ Руф изӕрыгӕтты зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кодтой, хистӕр кӕстӕры йӕ хъуыддӕгтӕй фарста, сӕ дыууӕ дӕр сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ се ’нкъарӕнты тыххӕй сӕрибарӕй дзырдтой. Чырыстон бинонты ӕхсӕн дӕр афтӕ хъуамӕ ма уа?

2:22, 23. Иаковы чызг Динӕйӕ хъауджыдӕр, Руф Иегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, ӕрмӕстдӕр уыдоны ӕхсӕн агуырдта йӕхицӕн хӕлӕрттӕ. Уый нын у замманай цӕвиттон! (Уӕвынад 34:1, 2; 1 Коринфӕгтӕм 15:33).

НОЕМИН НОГӔЙ «ДЗАГАРМ» У

(Руф 3:1–4:22)

Ноемин зӕнӕг рауадзыны кары нал ис. Уый Руфӕн радзырдта, йӕ бон куыд у Ноемины лӕджы ’ввахс хӕстӕгӕй смой кӕнын ӕмӕ йын афтӕмӕй бындар ныййарын. Руф дӕр Ноеминмӕ байхъуыста ӕмӕ сӕ хӕстӕг Воозӕн уый тыххӕй загъта. Вооз цӕттӕ у Руфы ракурынмӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг саразын фыццаг цы хӕстӕгӕн ӕмбӕлди, уый уал хъуыди бафӕрсын.

Вооз уыцы хъуыддаджы фӕстиат нӕ кодта. Растдӕр иннӕ райсом, ӕрӕмбырд кодта Вифлеемы дӕс хистӕр нӕлгоймаджы йӕ хӕстӕджы размӕ ӕмӕ йӕ бафарста, фӕнды йӕ ӕлхӕнӕджы барӕй спайда кӕнын ӕви нӕ. Уыцы нӕлгоймаг не сразы. Уӕд ӕлхӕнӕджы бар ӕрхаудта Воозмӕ ӕмӕ Руфы ракуырдта. Райгуырди сын лӕппу, Овид, паддзах Давиды фыдыфыд. Ныр Вифлеемы сылгоймӕгтӕ Ноеминӕн дзырдтой: «Табу Дунедарӕгӕн [...] Зӕрдӕрухсы хос ӕмӕ дын дарӕг уыдзӕни дӕ зӕронды бонты, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕ чындз, чи дӕ уарзы, уыцы чындз ныййардта - авд фыртӕй дӕр дын хуыздӕр у» (Руф 4:14, 15). «Афтидармӕй» чи ӕрыздӕхт Вифлееммӕ, уыцы сылгоймаг ногӕй «дзагарм» у (Руф 1:21).

Фарстытӕн дзуапп:

3:11 – Руф «хӕрзӕгъдау сылгоймагыл» нымад цӕмӕн уыди? Руфӕн канд «дзыкку бийыны» ӕмӕ «сызгъӕрин дзауматы, кӕнӕ рӕсугъд фӕлысты» тыххӕй нӕ аргъ кодтой, фӕлӕ «сыгъдӕг зӕрдӕ» адӕймаг кӕй уыд: иузӕрдион ӕмӕ уарзӕгой, сӕрныллӕг, куыстуарзаг ӕмӕ ӕнувыд. Хуыцауы тас цы сылгоймагмӕ ис, уый кӕд фӕнды, цӕмӕй Руфау хӕрзӕгъдауыл нымад уа, уӕд хъуамӕ зӕрдиагӕй куса ацы миниуджытыл (1 Петры 3:3, 4; Ӕмбисӕндтӕ 31:28–31).

3:14 – Руф ӕмӕ Вооз боныцъӕхӕй цӕмӕн сыстадысты? Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ ӕхсӕвы цыдӕр ӕнӕгъдау ми ракодтой ӕмӕ йӕ басусӕг кӕной. Уыцы ӕхсӕв Руф архайдта ӕгъдаумӕ гӕсгӕ: афтӕ-иу кодтой, йӕ мард лӕджы ӕввахс хӕстӕгӕй смой кӕныны барӕй спайда кӕнын цы сылгоймӕгты фӕндыд, уыдон. Уый байхъуыста Ноемины амындмӕ. Уымӕй уӕлдай ма Вооз йӕхи куыд дардта, уымӕй бӕрӕг у, Руф ӕвзӕрӕй кӕй ницы арӕзта (Руф 3:2–13). Уӕдӕ Руф ӕмӕ Вооз афтӕ раджы, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн сыстадысты, ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй дам-думтӕ кӕнынӕн бындур уыдаид.

3:15 – Бафиппаинагӕй цы уыди, Воооз Руфӕн ӕхсӕз мӕрты хъӕбӕрхор кӕй радта, уым? Ӕвӕццӕгӕн, ӕхсӕз кусгӕ боны фӕстӕ улӕфты бон кӕй вӕййы, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ Руфы улӕфты бон кӕй ӕрхӕстӕг. Вооз бацархайдта, цӕмӕй уый «къона бацагура» йӕ мойы хӕдзары (Руф 1:9; 3:1). Чи зоны, хъӕбӕрхоры ӕхсӕз мӕрты уыдысты, Руфӕн йӕ бон йӕ сӕрыл цас ахӕссын уыд, уый бӕрц. Иуӕй-иу иртасӕн куыстытӕм гӕсгӕ ӕхсӕз мӕрты сты 44 литры.

3:16 – Ноемин Руфы цӕмӕн бафарста: «Цы бадӕ [«чи дӕ», НД] мӕ чызг?» Цымӕ йӕ чындзы нал базыдта? Гӕнӕн ис, афтӕ дӕр уыдаид, уымӕн ӕмӕ Руф Ноеминмӕ куы ӕрбацыд, уӕд нырма талынг уыди. Ацы фарстӕй ма, чи зоны, Ноемины базонын фӕндыд, сӕ хӕстӕг Руфы ракурыныл сразы ӕви нӕ ӕмӕ ныр, уымӕ гӕсгӕ, идӕдзыл нымад кӕй нал уыдзӕн.

4:6 – Ӕлхӕнӕгӕн йӕ зӕххы хай куыд «ныххӕлӕттаг» уыдаид, ӕлхӕнӕджы барӕй куы спайда кодтаид, уӕд? Чи смӕгуыр, ӕмӕ йӕ зӕххы бынтӕ чи ауӕй кодта, уӕмӕн сӕ йӕ хӕстӕг цӕмӕй фӕстӕмӕ балхӕдтаид, уый тыххӕй хъуамӕ бафыстаид ӕхца. Аргъ та кӕнгӕ уыд, бӕрӕгбонафӕдзмӕ ма цал азы баззад, уымӕй (Левит 25:25–27). Уымӕ гӕсгӕ хӕрдзты бацыдаид ӕмӕ йӕ исбонӕй цыдӕр фӕхъуыдаид. Уымӕй уӕлдай, Руфӕн фырт куы райгуырдаид, уӕд фӕстӕмӕ цы быдыр балхӕдтой, уый бынӕн баззадаид, ӕлхӕнӕджы ӕввахс хиуӕттӕй искӕмӕн нӕ, фӕлӕ уыцы фыртӕн.

Зондзонӕн махӕн:

3:12; 4:1–6. Вооз тынг лӕмбынӕг ӕххӕст кодта Иегъовӕйы амындтӕ. Мах дӕр Хуыцауы амындтӕ афтӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнӕм? (1 Коринфӕгтӕм 14:40).

3:18. Ноемин Воозыл ӕууӕндыд. Мах дӕр нӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл афтӕ ӕууӕндын нӕ хъӕуы? Руф цӕттӕ уыди смой кӕнынмӕ йӕ лӕджы хӕстӕгӕй, рӕстмӕ кӕй нӕ зыдта, уымӕй. Библийы йӕ ном фыст дӕр не ’рцыд (Руф 4:1). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕууӕндыд Хуыцауы амындтыл. Мах дӕр сыл афтӕ ӕууӕндӕм? Зӕгъӕм, цардӕмбал куы агурӕм, уӕд ӕй «ӕрмӕст Хицауы мидӕг» агурдзыстӕм? (1 Коринфӕгтӕм 7:39).

4:13–16. Кӕд Руф моавитаг уыд ӕмӕ раздӕр хуыцау Хамосӕн куывта, уӕд дӕр ӕм цӕй стыр кад ӕрхауд! Амӕй бӕлвырд кӕны уагӕвӕрд, зӕгъгӕ, уый «кӕй фӕнды ӕмӕ чи тындзы, уымӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ хатыргӕнӕг Хуыцауӕй» (Ромӕгтӕм 9:16).

«Цӕмӕй уӕ [Хуыцау] сбӕрзонд кӕна йӕ рӕстӕджы»

Руфы чиныг нын Иегъовӕйы ӕргом кӕны, ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты сӕраппонд чи архайы, ахӕм Хуыцауӕй (2 Паралипоменон 16:9). Руф куыд арфӕгонд ӕрцыд, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд бамбарӕм, куыд ахсджиаг у Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндын ӕмӕ бынтондӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, уый кӕй ис ӕмӕ йӕ «зӕрдиагӕй чи агуры, уыдоны кӕй хорзӕхджын кӕны, ууыл» (Дзуттытӕм 11:6, НД).

Руф, Ноемин ӕмӕ Вооз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой Иегъовӕйы хъуыддӕгтыл, ӕмӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты. Уӕдӕ «Хуыцауы уарзджытӕн, Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕрхуындтытӕн, алцыдӕр ахъаз кӕны хорзмӕ» (Ромӕгтӕм 8:28). Цӕй уӕдӕ апостол Петры уынаффӕмӕ хъусӕм: «Айадыл ӕрсабыр кӕнут уӕхи Хуыцауы фидар къухы бын, цӕмӕй уӕ сбӕрзонд кӕна Йӕ рӕстӕджы. Уӕ сагъӕстӕ иууылдӕр Уый бар бакӕнут; уымӕн ӕмӕ Уый мӕт кӕны сымахыл» (1 Петры 5:6, 7, НФ).

[Ныв 29 фарсыл]

Руф «хӕрзӕгъдау сылгоймагыл» нымад цӕмӕн уыди?

[Ныв 30 фарсыл]

Руфӕн Иегъовӕйӕ «ӕххӕст хӕрзиуӕг» цы уыд?

[Ныв 32 фарсыл]

Зоныс, Руф Ноемины цӕуылнӕ ныууагъта?