Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Тӕрхонгӕнджыты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Тӕрхонгӕнджыты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ИЕГЪОВӔ цы арӕзта, йӕ адӕм-иу ӕм сӕ чъылдым куы сыздӕхтой ӕмӕ-иу мӕнг хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтой, уӕд? Цы ми-иу кодта, арӕх-иу йӕ коммӕ куы нал кастысты ӕмӕ-иу ӕрмӕст зын уавӕрты сӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууыд, уӕд? Иегъовӕ сӕ ахӕм рӕстӕджы дӕр ирвӕзын кодта? Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕн дзуапп дӕтты Тӕрхонгӕнджыты чиныг. Н. э. агъоммӕ 1100 азы йӕ фыст фӕци пехуымпар Самуил. Дзырд дзы цӕуы, 330 азы дӕргъы – Йесо Навины мӕлӕтӕй, Израилы фыццаг паддзах йӕ бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕдмӕ – цы цаутӕ цыд, уыдоны тыххӕй.

Тӕрхонгӕнджыты чиныг Хуыцауы удӕгас ныхасы, кӕнӕ хабары хай кӕй у, ахсджиаг дӕр нын уымӕн у (Дзуттытӕм 4:12). Цы цымыдисаг хабӕрттӕ дзы ис, уыдоны фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у. Уыдонӕй цы базонӕм, уый нын нӕ уырнындзинад фӕцудын нӕ уадзы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны фидарӕй ныххӕцын «ӕцӕг цардыл» (НД) – ӕнусон цардыл Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дунейы (1 Тимофеймӕ 6:12, 19; 2 Петры 3:13). Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд ирвӕзын кӕны, уымӕй бӕрӕг у, фидӕны йӕ Фырт, Йесо Чырысти, стырдӕр ирвӕзындзинад кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый.

ТӔРХОНГӔНДЖЫТӔ ЦӔМӔН ХЪУЫДЫСТЫ?

(Тӕрхонгӕнджыты 1:1–3:6)

Йесо Навины разамындӕй израилӕгтӕ ханаайнаг паддзӕхты куы басастой, уӕд Израилы иуӕй-иу мыггӕгтӕ ацыдысты, бынӕн сӕм цы зӕххы хӕйттӕ ӕрхауд, уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцардысты. Фӕлӕ израилӕгтӕ уыцы зӕххы цӕрджыты се ’ппӕты нӕ атардтой. Ӕмӕ сын фӕстӕдӕр уыдон систы ӕцӕг хызы хуызӕн.

Йесо Навины фӕстӕ цы ног фӕлтӕр рахъомыл, уый «нӕдӕр Иегъовӕйы зоны, нӕдӕр, Израилӕн цы сарӕзта, уый» (Тӕрхонгӕнджыты 2:10). Уымӕй уӕлдай ма, адӕм ханаайнӕгты курынц, сӕ чызджыты сын дӕттынц, ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн дӕр кувынц. Уый тыххӕй сӕ Иегъовӕ се знӕгты къухтӕм дӕтты. Фӕлӕ се ’фхӕрдӕн куы нал фӕразынц, уӕд Израилы фырттӕ ӕцӕг Хуыцаумӕ ӕххуысмӕ дзыназынц. Уӕдӕ дин, ӕхсӕнад ӕмӕ политикӕ ахӕм уавӕрмӕ куы ӕрцыдысты, растдӕр уӕд цӕрынц тӕрхонгӕнджытӕ – Иегъовӕ йӕ адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн кӕй сӕвӕрдта, уыдон.

Фарстытӕн дзуапп:

1:2, 4 – Бынӕн цы зӕххытӕ рахицӕн кодтой, уымӕй Иудӕйы мыггаг йӕ хай фыццаг цӕмӕн хъуамӕ райстаид? Раст зӕгъгӕйӕ, уыцы бар хауд Иаковы фыццаг фырт Рувимы мыггагмӕ. Иаков куы мард, уӕд загъта, Рувим хистӕрыл нымад кӕй нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ фыццаггуырды бартӕ фесӕфта. Симеон ӕмӕ Левий ӕгъатыр ми кӕй бакодтой, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Израилы ’хсӕн апырх уыдаиккой (Уӕвынад 49:3–5, 7). Уыдоны фӕстӕ та уыди Иудӕ, Иаковы цыппӕрӕм фырт. Симеон ацыд Иудӕимӕ. Ӕмӕ Иудӕйы мыггагмӕ цы стыр зӕххытӕ ӕрхауд, уым Симеоны мыггагӕн гыццыл гӕппӕлтӕ радтой ӕмӕ алы рӕтты ӕрцардысты * (Йесо Навин 19:9).

1:6, 7 – Цы паддзӕхты басастой, уыдонӕн сӕ къухты ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ цӕмӕн ахауын кодтой? Йӕ къухты ӕмӕ йӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ лыг кӕмӕн уыдысты, уыцы адӕймаг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕстӕн нӕ бӕззыд. Ӕнӕ стыр ӕнгуылдзтӕй ӕфсӕддон хъама кӕнӕ арцыл куыд хӕцыдаид? Ӕмӕ адӕймагӕн йӕ къӕхтыл стыр ӕнгуылдзтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд йӕ бон раст лӕууын дӕр не суыдаид.

Зондзонӕн махӕн:

2:10–12. Цӕмӕй Иегъовӕйы хорз хъуыддӕгтӕ ма ферох кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иудадзыг ахуыр кӕнӕм Библи (Псалом 102:2). Ныййарджыты хъӕуы сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгад тауын (Дыккаг закъон 6:6–9).

2:14, 21, 22. Иегъовӕ йӕ ӕгоммӕгӕс адӕмӕн бӕллӕхтӕ бавзарын уымӕн уадзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ бафхӕра, ссыгъдӕг сӕ кӕна ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ йӕхимӕ раздаха.

ИЕГЪОВӔ СӔВӔРДТА ТӔРХОНГӔНДЖЫТЫ

(Тӕрхонгӕнджыты 3:7–16:31)

Тӕрхонгӕнджыты хъӕбатырдзинады диссаджы хабӕрттӕ райдыдтой тӕрхонгӕнӕг Гофониилӕй. Израил аст азы дӕргъы уыд месопотамиаг паддзахы ӕфсондзы бын ӕмӕ сӕ уый ссӕрибар кодта. Тӕрхонгӕнӕг Аод ныфсджынӕй архайы ӕмӕ мары Еглоны, нард моавитаг паддзахы. Хъӕбатыр Самегар иунӕгӕй амардта 600 филистимаджы галтӕ скъӕрӕн цыргъагӕй. Ус-пехуымпар Деворӕйы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ ӕмӕ Иегъовӕйы ӕххуыс фӕахъаз сты, цӕмӕй Варак йӕ дӕс мин ӕфсӕддонимӕ (хорз гӕрзифтонг нӕ уыдысты, афтӕмӕй) фӕуӕлахиз уа Сисарӕйы хъомысджын ӕфсадыл. Иегъовӕ сӕвӕрдта Гедеоны ӕмӕ йын йӕ 300 ӕфсӕддонимӕ ахъаз кӕны мадианитӕгтыл фӕуӕлахиз кӕнынӕн.

Иеффайы уылты Иегъовӕ Израилы ирвӕзын кӕны аммонитӕгтӕй. Фолӕ, Иаир, Есевон, Елон ӕмӕ Авдон дӕр уыдысты, Израилы цы 12 тӕрхонгӕнӕджы уыди, уыдонӕй. Тӕрхонгӕнджыты заман фӕуд кӕны, филистимӕгтимӕ чи тох кӕны, уыцы Самсонӕй.

Фарстытӕн дзуапп:

4:8 – Варак йӕ ныхасыл цӕмӕн ныллӕууыд, цӕмӕй ус-пехуымпар Деворӕ йемӕ тохы быдырмӕ ацыдаид? Ӕвӕццӕгӕн, Варак йӕ ныфс нӕ хаста иунӕгӕй Сисарӕйы ӕфсады ныхмӕ рацӕуын. Ус-пехуымпар йемӕ кӕй рацыдаид, уый Варакӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн ууыл дзурӕг уыдаид, Хуыцау семӕ кӕй ис, ӕмӕ сын уый ныфсы хос уыдаид. Варак кӕй ныллӕууыд, цӕмӕй Деворӕ семӕ ацӕуа, уый лӕмӕгъдзинады нысан нӕ уыди, фӕлӕ фидар уырнындзинады.

5:20 – Стъалытӕ уӕларвӕй Варакы фарс куыд тох кодтой? Уый тыххӕй Библийы бӕлвырдӕй ницы дзырдӕуы. Чи зоны, зӕдты ӕххуыс уыди, кӕнӕ Сисарӕйы зонды лӕгтӕ фыдбылызы нысаныл кӕй банымадтой, ахӕм метеорон къӕвда, йе та Сисарӕйӕн астрологтӕ цы загътой, уыдон мӕнг разындысты. Ӕнӕдызӕрдыгӕй, ацы хъуыддаджы Хуыцау цыдӕр хуызы архайӕг уыди.

7:1–3; 8:10 – Иегъовӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, Гедеоны 32 000 адӕймаджы ӕгӕр бирӕ сты 135 000 знаджы ныхмӕ? Уымӕн ӕмӕ Гедеон ӕмӕ йӕ адӕмӕн уӕлахиз Иегъовӕ ратта. Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыдон хъуыды кодтаиккой, мадианитӕгтыл сӕхи хъаруйӕ кӕй фӕтых сты.

11:30, 31 – Иеффай дзырд куы лӕвӕрдта, уӕд йӕ зӕрды нывондӕн адӕймаджы ӕрхӕссын уыди? Иеффайы сӕрмӕ ахӕм хъуыды цӕугӕ дӕр не ’ркодта, уымӕн ӕмӕ Закъоны бӕлвырдӕй дзырдӕуыд: «Хъуамӕ дӕм ма уа, йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы артыл чи хизын кӕны» (Дыккаг закъон 18:10). Фӕлӕ уӕддӕр Иеффайы хъуыдыйы адӕймаг уыд, фос нӕ фӕлӕ. Израилӕгтӕ нывондӕн цы фос хастой, уый хӕдзары нӕ дардтой. Ӕмӕ фос нывондӕн ӕрхӕссын ницы уадиссаг уыд. Иеффай ӕмбӕрста, йӕ хӕдзарӕй йӕ размӕ чи рацыдаид, уый, гӕнӕн ис, йӕ чызг дӕр уыдаид. Уыцы адӕймаджы «басудзинаг» нывондӕн уыцы хуызы ӕрхастаид, ӕмӕ Иегъовӕйӕн йӕ хӕсгӕ кувӕндоны цӕрӕнбонтӕм иузӕрдионӕй лӕггад кодтаид.

Зондзонӕн махӕн:

3:10. Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрӕм, уыдон нӕ къухы нӕхи зонды фӕрцы нӕ бафтдзысты, фӕлӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы (Псалом 126:1).

3:21. Аод йӕ хъамайӕ арӕхстджынӕй ӕмӕ ныфсджынӕй архайдта. Мах дӕр хъӕуы ахуыр кӕнын архайын «удон кардӕй, кӕцы у Хуыцауы дзырд». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ Фыстадӕй уацамынды ныфсджынӕй пайда кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 6:17; 2 Тимофеймӕ 2:15).

6:11–15; 8:1–3, 22, 23. Гедеон бонзонгӕ кӕй уыд, уымӕй ахуыр кӕнӕм ӕртӕ ахсджиаг хъуыддагыл. 1) Хуыцауы хъуыддаджы нын исты куы бахӕс кӕнынц, уӕд хъуамӕ фылдӕр хъуыды кӕнӕм нӕхи кадыл нӕ, фӕлӕ уый йемӕ цы бӕрндзинад хӕссы, ууыл. 2) Быцӕу кӕнын чи уарзы, ахӕмтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, зондджын ми уыдзӕн, ӕмбаргӕдзинад ӕвдисын. 3) Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд ӕгӕр бирӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, цы бынат ахсӕм, ууыл.

6:17–22, 36–40. Мах дӕр хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй «алкӕцы удыл ма ӕууӕндӕм». Уыйхыгъд хъӕуы «фӕлварын, Хуыцауӕй сты ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнг пехуымпартӕ фӕзынд дунейы мидӕг» (1 Иоанны 4:1). Ӕрӕджы хистӕр нӕлгоймагӕй кӕй снысан кодтой, ахӕм ӕфсымӕр кӕд уынаффӕ раттын фӕнд кӕны, уӕд зондджын ми бакӕндзӕн, фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаджы куы бафӕрса.

6:25–27. Гедеон ӕмбаргӕ разынд, йе знӕгты ӕнӕхъуаджы кӕй нӕ мӕсты кодта, уымӕй. Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ, хъуамӕ уӕм лӕмбынӕг, цӕмӕй адӕмы нӕ ныхасы уагӕй ма хъыг кӕнӕм.

7:6. Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ мах дӕр Гедеоны 300 ӕфсӕддонау хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ лӕмбынӕг.

9:8–15. Куыд ӕнӕзонд ми у, кадмӕ бӕлгӕйӕ стыр бынат ӕмӕ бартӕ агурын!

11:35–37. Иеффайы хорз цӕвиттон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ чызгӕн фӕахъаз, цӕмӕй йын фидар уырнындзинад уыдаид ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кодтаид. Абон ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ ахӕм цӕвиттон уой.

11:40НД. Иегъовӕйӕн удуӕлдайӕ чи лӕггад кӕны, уыдонӕн ӕппӕлӕн ныхас ныфсы хос у.

13:8. Сывӕллӕтты ахуыр кӕнгӕйӕ, ныййарджыты хъӕуы Иегъовӕмӕ разамынды тыххӕй кувын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын (2 Тимофеймӕ 3:16).

14:16, 17; 16:16. Бинонтӕй исчи йӕ фӕнд куы тӕра ӕмӕ уый тыххӕй иннӕты йӕ кӕуын ӕмӕ хъаст кӕнынӕй куы уынгӕджы кӕна, уӕд уый, гӕнӕн ис, бинонты цардыл ӕвзӕрырдӕм фӕзына (Ӕмбисӕндтӕ 19:13; 21:19).

ИЗРАИЛЫ ӔНДӔР ФЫДРАКӔНДТӔ

(Тӕрхонгӕнджыты 17:1–21:25)

Тӕрхонгӕнджыты чиныджы фӕстаг хайы ис дыууӕ уӕлӕмхасӕн цауы. Фыццаджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, иу лӕг Михӕ, йӕ хӕдзары сӕвӕрдта гуымиры ӕмӕ йӕхицӕн сауджынӕй баххуырста левиты. Данӕгтӕ сахар Лаис, кӕнӕ Ласем, куы ныггӕныстон кодтой, уый фӕстӕ сӕхицӕн сарӕзтой сахар ӕмӕ йӕ схуыдтой Дан. Михӕйы гуымиры ӕмӕ сауджыны руаджы Даны сфидар кодтой ӕндӕр дин. Лаис, ӕвӕццӕгӕн, бацахстой Йесо Навины мӕлӕты размӕ (Йесо Навин 19:47).

Дыккаг цау та ӕрцыд Йесо Навины мӕлӕты хӕдфӕстӕ. Вениамины Гивӕйы цӕрджыты къорд сылгоймагӕй кӕй фӕхынджылӕг кодтой, уый аххосӕй, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ ӕнӕхъӕн Вениамины мыггаг скуынӕг кӕной – аирвӕзти дзы ӕрмӕст 600 нӕлгоймаджы. Фӕлӕ ссардӕуыд фадат, цӕмӕй устытӕ ракуырдтаиккой ӕмӕ, Давид паддзахиуӕг кӕнын куы райдыдта, уӕдмӕ систы 60 000 бӕрц ӕфсӕддоны (1 Паралипоменон 7:6–11).

Фарстытӕн дзуапп:

17:6; 21:25 – Алчидӕр, йӕхимӕ раст куыд каст, афтӕ куы кодта, уӕд цымӕ бӕстӕ нӕ сӕмтъеры? Нӕ. Иегъовӕ йӕ адӕмӕн лӕвӕрдта, чи сӕ хъуыд, ахӕм разамынд. Радта сын Закъон ӕмӕ сын сӕвӕрдта сауджынтӕ, цӕмӕй адӕм цыдаиккой Хуыцауы фӕндагыл. Урим ӕмӕ туммимы фӕрцы хистӕр сауджынӕн йӕ бон уыд Хуыцауы ахсджиаг хъуыддӕгтӕй фӕрсын (Рацыд 8:30). Уымӕй уӕлдай, алы сахары дӕр уыд, ӕмбаргӕ уынаффӕ чи радтаид, ахӕм хистӕртӕ. Ӕппӕт уыцы мадзӕлтты фӕрцы израилагӕн уыди хорз разамынд ӕмӕ йын йӕ намыс амыдтаид, кӕд цы кӕнын хъӕуы, уый. Афтӕмӕй-иу, йӕхимӕ раст куыд каст, афтӕ куы арӕзта, уӕд-иу алцыдӕр уыд хорз. Фӕлӕ-иу адӕймаг Закъон куы ницӕмӕ дардта ӕмӕ йӕхӕдӕг куы скъуыддзаг кодта, йӕхи куыд дара ӕмӕ куыд кува, уӕд-иу ӕй уый ӕркодта кӕуинаг фӕстиуджытӕм.

20:17–48 – Цӕмӕн бауагъта Иегъовӕ, цӕмӕй вениаминӕгтӕ иннӕ мыггӕгтыл дыууӕ хатты фӕуӕлахиз уыдаиккой, кӕд ӕмӕ ӕфхӕринаг сӕхӕдӕг уыдысты? Иузӕрдион мыггӕгтыл райдианы стыр зиӕнттӕ кӕй ӕрцыд, уый Иегъовӕ уымӕн бауагъта, ӕмӕ фӕлвӕрдта, Израилӕй сӕ фыддзинад скуынӕг кӕнын цас тынг фӕнды, уый.

Зондзонӕн махӕн:

19:14, 15. Гивӕйы цӕрджытӕ уазӕгуарзаг кӕй нӕ разындысты, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хӕлд уыдысты. Чырыстӕттӕ хъуамӕ уой уазӕгуарзаг (Ромӕгтӕм 12:13).

Ирвӕзындзинад разӕй

Тынг тагъд Хуыцауы Паддзахад Йесо Чырыстийы разамындӕй ацы фыддуне фесафдзӕн ӕмӕ рӕстаг, ӕнаипп адӕмӕн ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22; Данелы 2:44). Уӕд Иегъовӕйы знӕгтӕ иууылдӕр куынӕнггонд ӕрцӕудзысты ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдон та уыдзысты, хур йӕ тыхы куы бацӕуы, уый хуызӕн (Тӕрхонгӕнджыты 5:31). Уӕдӕ Тӕрхонгӕнджыты чиныгӕй цы базыдтам, уымӕй царды пайда кӕнӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы чи уарзы, уыдоны ӕхсӕн уӕм.

Тӕрхонгӕнджыты чиныджы бирӕ хӕттыты рабӕрӕг ахӕм ахсджиаг хъуыддаг: адӕймаг Иегъовӕйы коммӕ куы кӕса, уӕд хайджын уыдзӕн стыр арфӕдзинӕдтӕй, ӕгоммӕгӕс куы уа, уӕд та додойаг фӕуыдзӕн (Дыккаг закъон 11:26–28). Куыд тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауы фӕндонӕн «зӕрдӕйӕ коммӕгӕс» уӕм (Ромӕгтӕм 6:17; 1 Иоанны 2:17).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Левиттӕм Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй бынтӕ не ’рхауд, ӕрмӕст сын радтой 48 сахары – Израилы алы рӕтты.

[Картӕ 15 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

«Иегъовӕ сын ӕвӕрдта тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ сӕ уыдон ирвӕзын кодтой стигъджыты къухӕй» (Тӕрхонгӕнджыты 2:16).

ТӔРХОНГӔНДЖЫТӔ

1. Гофониил (Манассийы мыггагӕй)

2. Аод (Иудӕйы мыггагӕй)

3. Самегар (Иудӕйы мыггагӕй)

4. Варак (Неффалимы мыггагӕй)

5. Гедеон (Иссахары мыггагӕй)

6. Фолӕ (Манассийы мыггагӕй)

7. Иаир (Манассийы мыггагӕй)

8. Иеффай (Гады мыггагӕй)

9. Есевон (Асиры мыггагӕй)

10. Елон (Завулоны мыггагӕй)

11. Авдон (Ефремы мыггагӕй)

12. Самсон (Иудӕйы мыггагӕй)

ДАН

МАНАССИ

НЕФФАЛИМ

АСИР

ЗАВУЛОН

ИССАХАР

МАНАССИ

ГАД

ЕФРЕМ

ДАН

ВЕНИАМИН

РУВИМ

ИУДӔ

[Ныв 16 фарсыл]

Варак йӕ ныхасыл кӕй ныллӕууыд, цӕмӕй Деворӕ йемӕ тохы быдырмӕ ацыдаид, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?