Хорз уынаффӕтӕ бинонтӕн
Хорз уынаффӕтӕ бинонтӕн
«Устытӕ, уӕ лӕгтӕн коммӕ кӕсут, куыд Хицауӕн, лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты» (ЕФЕСӔГТӔМ 5:22, 25).
1. Цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы ӕмкъайадмӕ?
ЙЕСО ЧЫРЫСТИ загъта, зӕгъгӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмкъайады цӕдисы куы бацӕуынц, уӕд сӕ Хуыцау баиу кӕны, ӕмӕ свӕййынц «иу буар» (Матфейы 19:5, 6). Фӕлӕ уый тыххӕй уыцы дыууӕ адӕймаджы – дыууӕ алыхуызон удыхъӕды хицауы – бахъӕуы ахуыр кӕнын иумӕ цӕрын ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайын. Ӕмкъайады цӕдис цыбыр рӕстӕгмӕ нӕу, фӕлӕ цӕрӕнбонтӕм, ӕмӕ йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Бирӕ бӕстӕты закъӕттӕм гӕсгӕ бинонтӕн зын нӕу, ӕмӕ ахицӕн уой, фӕлӕ чырыстоны цӕсты ӕмкъайады цӕдис табуйаг у. Йӕ фехалынӕн хъуамӕ ӕцӕг бындур уа (Матфейы 19:9).
2. а) Цавӕр ӕххуыс ис бинонтӕн? ӕ) Бинонты уымӕ тырнын цӕмӕн хъӕуы, ӕмӕ ӕмудӕй цӕрой?
2 Иу сылгоймаг, бинонты фарстаты фӕдыл уынаффӕтӕ дӕттӕг, афтӕ загъта: «Амондджын бинонты цард быд у ӕнӕрлӕугӕ ивындзинӕдтӕй, уымӕн ӕмӕ цард куыд цӕуы, афтӕ уавӕртӕ дӕр ивынц, фӕзыны ног зындзинӕдтӕ. Ӕмӕ бинонтӕ, сӕ царды алы афон дӕр сӕм цы фӕрӕзтӕ вӕййы, уыдоны руаджы иуварс кӕнынц уыцы зындзинӕдтӕ». Чырыстон бинонтӕн уыцы «фӕрӕзтӕм» хауынц Библийы хорз уынаффӕтӕ, се ’мчырыстӕтты ӕххуыс, стӕй ма – Иегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йӕм ӕнгом лӕууын. Ӕмуд бинонтӕ цыфӕнды зынвадӕттӕ дӕр сфӕразынц, ӕмӕ алкӕддӕр вӕййынц амондджын, сӕ цардӕй райгонд. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ. Уымӕй ма стыр кад хӕссынц Иегъовӕ Хуыцауӕн – бинонты царды Бындурӕвӕрӕгӕн (Уӕвынад 2:18, 21–24; 1 Коринфӕгтӕм 10:31; Ефесӕгтӕм 3:15; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17).
Йесойы ӕмӕ йын йе ’мбырд фӕзмут
3. а) Павел бинонтӕн цы уынаффӕ радта, уымӕн йӕ сӕйраг хъуыды цы у? ӕ) Йесо хорз дӕнцӕг цӕмӕй у?
3 Дыууӕ мин азы размӕ апостол Павел радта хорз уынаффӕ чырыстон бинонтӕн: «Фӕлӕ Аргъуан Чырыстийӕн куыд коммӕ кӕсы, афтӕ устытӕ дӕр сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт алцӕмӕй дӕр. Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта ӕмӕ Йӕхи уый тыххӕй [куыд] ратта, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:24, 25). Цӕй хорз абарстытӕ сты, ӕвӕдза! Сӕрныллӕгӕй сӕ лӕгты коммӕ чи кӕсы, уыцы чырыстон сылгоймӕгтӕ фӕзмынц ӕмбырд – ӕмбырд дӕр нымайы йӕ Хицауы ӕмӕ йын коммӕгӕс у. Сӕ устытыл сӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы, цины бонтӕ сыл кӕна, ӕви зын рӕстӕджытӕ, уыцы уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ цӕрынц растдӕр Чырыстийы дӕнцӕгмӕ гӕсгӕ – Йесо дӕр ӕмбырд уарзта ӕмӕ йыл узӕлыд.
4. Лӕг Йӕсойы дӕнцӕгмӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ араза?
4 Чырыстон нӕлгоймӕгтӕ сты бинонты хистӕртӕ, фӕлӕ уыдонӕн дӕр ис хистӕр – Йесо Чырысти (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Уӕдӕ, Йесо куыд узӕлыд йӕ ӕмбырдыл, афтӕ уыдон дӕр зӕрдӕбынӕй аудынц сӕ бинонтыл – сӕ уырнындзинад сын фидар кӕнынц, хӕрдӕй, дарӕсӕй сӕ цух нӕ уадзынц, кӕд сын уый алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр. Сӕ бинонты хӕрзӕбоныл тыхсынц сӕхи удӕй фылдӕр. Йесо загъта: «Ӕмӕ афтӕ, алцыдӕр уӕ уӕхицӕн куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм кӕной, афтӕ сымах дӕр кӕнут уыдонӕн» (Матфейы 7:12). Ацы уагӕвӕрд уӕлдай тынгдӕр хауы бинонтӕм. Уый бӕрӕг у Павелы ныхӕстӕй дӕр: «Афтӕ хъуамӕ уарзой лӕгтӕ сӕ устыты, куыд сӕхи буӕртты... Йӕ буар никӕд никӕмӕн уыдис ӕнӕуынон, фӕлӕ йӕ тавы ӕмӕ ӕфсады» (Ефесӕгтӕм 5:28, 29). Лӕг хъуамӕ йӕ усы «тава ӕмӕ ӕфсада» – рӕвдауа йӕ ӕмӕ йыл тыхса, куыд йӕхиуыл, афтӕ.
5. Устытӕн чырыстон ӕмбырд дӕнцӕг цӕмӕй у?
5 Хуыцауӕн кувӕг устытӕн дӕнцӕг у чырыстон ӕмбырд. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕ, иу гыццыл дӕр нӕ фӕфӕсмон кодтой, афтӕмӕй сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. Йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр йӕ ныхасӕн коммӕгӕс уыдысты, ӕмӕ ныр, 2 000 азы бӕрц, ӕцӕг чырыстӕтты ӕмбырд алы хъуыддаджы дӕр у коммӕгӕс Йесойӕн, йӕ разамындыл цӕуы. Уыйау чырыстон устытӕ дӕр сӕ лӕгтыл ӕнӕрвӕссон не сты, Фыстадмӕ гӕсгӕ бинонты ’хсӕн цы фӕтк ис, уымӕн аргъ кӕнынц. Уыдон сӕ лӕгты коммӕ кӕсынц, семӕ ӕмвӕндӕй архайынц, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныфс уадзынц. Афтӕ, лӕг ӕмӕ ус дӕр сӕ хӕстӕ зӕрдӕбынӕй куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕ хӕдзары уыдзӕнис фарн ӕмӕ сӕ иумӕйаг цардӕй сӕ дыууӕ дӕр райгонд уыдзысты.
Цытджын сӕ дарут
6. Петр усджын нӕлгоймӕгтӕн цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ уыцы уынаффӕ ахсджиаг цӕмӕн у?
6 Апостол Петр дӕр радта уынаффӕ бинонджын чырыстӕттӕн. Нӕлгоймӕгтӕн Петр бӕлвырдӕй загъта: «Афтӕ сымах дӕр, лӕгтӕ, уӕ устытӕм здӕхут ӕмбарындзинады, куыд ӕдыхдӕр мигӕнӕнмӕ, цытджын 1 Петры 3:7). Петры уынаффӕ куыд ахсджиаг у, уый зыны ацы стихы фӕстаг ныхӕстӕй. Нӕлгоймаг йӕ усӕн куы нӕ кад кӕна, уӕд уый фӕзындзӕн, Иегъовӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсдзӕн, ууыл. Йӕ куывдтыты йын «къуылымпытӕ» уыдзӕн – Хуыцау ын сӕ нал хъусдзӕн.
даргӕйӕ уыдоны, куыд амондджын царды бынтӕй ӕмхайджынтӕ, цӕмӕй уын уӕ куывды къуылымпытӕ ма уа» (7. Чырыстон лӕг йӕ усӕн куыд хъуамӕ кад кӕна?
7 Уӕдӕ куыд хъуамӕ кад кӕной лӕгтӕ сӕ устытӕн? Нӕлгоймаг йӕ усӕн кад кӕндзӕн, зӕрдӕбынӕй йыл куы ауда, куы йын аргъ кӕна. Бирӕтӕ зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, афтӕ ӕрмӕстдӕр чингуыты вӕййы. Иу грекъаг ахуыргонд фыста: «Ромы закъонмӕ гӕсгӕ сылгоймагӕн ницы бартӕ уыд. Цӕрӕнбонты цыма сывӕллон уыд. [...] Йӕ лӕгмӕ йын фӕстӕмӕ фӕкӕсыны бар дӕр нӕ уыд, йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыдис уый къухы». Куыд тынг хицӕн кодта уымӕй чырыстон фӕткӕвӕрд! Чырыстон йӕ усӕн кодта кад. Йӕ бинойнагӕн куыд уыдис, уый уымӕй кӕнгӕ нӕ уыд, цы зӕрдӕйы уагыл уыдаид, фӕлӕ дзы чырыстон уагӕвӕрдтӕ цы домдтой, уымӕй. Уыд йемӕ уӕздан – ӕмбӕрста, «ӕдыхдӕр мигӕнӕн» кӕй у.
«Ӕдыхдӕр мигӕнӕн» – куыд ӕмбаргӕ у уый?
8, 9. Ус ӕмӕ лӕг ӕмсӕр цӕмӕй сты?
8 Петр сылгоймаджы «ӕдыхдӕр мигӕнӕн» куы схуыдта, уӕд уый зӕгъынмӕ нӕ хъавыд, ӕмӕ зондӕй кӕнӕ уырнындзинадӕй нӕлгоймагӕй лӕмӕгъдӕр у. Ӕцӕг, бирӕ нӕлгоймӕгтӕн ӕмбырды сӕ бӕрны ахӕм хӕстӕ ис, сылгоймӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ дӕр кӕмӕ нӕ кӕсынц. Стӕй хӕдзары дӕр нӕлгоймаг хистӕр у (1 Коринфӕгтӕм 14:35; 1 Тимофеймӕ 2:12). Фӕлӕ уырнындзинад, фидардзинад ӕмӕ ӕгъдау нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕй дӕр ӕмхуызон домдӕуы. Стӕй, Петр куыд загъта, афтӕмӕй лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр сты «амондджын царды бынтӕй ӕмхайджынтӕ». Ирвӕзындзинадыл куы цӕуа дзырд, уӕд Иегъовӕ Хуыцауы раз сты ӕмсӕр (Галатӕгтӕм ). Петр фыста фыццаг ӕнусы сӕрст чырыстӕттӕм. Уӕдӕ йӕ ныхӕстӕ усджын чырыстӕтты зӕрдыл лӕууын кодтой, куыд «ӕмбындартӕ Чырыстийӕн», афтӕ сӕ бинойнӕгтимӕ иу ныфсӕй – уӕлӕрвты цӕрыны ныфсӕй хайджын кӕй уыдысты ( 3:28Ромӕгтӕм 8:17). Ӕппынфӕстаг иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр суыдаиккой сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады! (Раргомад 5:10).
9 Сӕрст чырыстон устытӕ сӕ лӕгтӕй (уыдон дӕр сӕрст чырыстӕттӕ) дӕлдӕр ницӕмӕй уыдысты. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, зӕххон ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕй дӕр. Нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, «тынг бирӕ адӕмӕй», сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй. Нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр «ӕхсӕвӕй-бонӕй» ӕгас зӕххыл хъусын кӕнынц Иегъовӕйы кад (Раргомад 7:9, 10, 14, 15). Нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ», «ӕцӕг цардӕй» (НТ) куы бафсӕддзысты, уыцы рӕстӕгмӕ (Ромӕгтӕм 8:21; 1 Тимофеймӕ 6:19). Сӕрстытӕй уой ӕви «ӕндӕр фыстӕй», чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр «иу дзугау», «иу Фыййауы» разамындӕй иумӕ лӕггад кӕнынц Иегъовӕйӕн (Иоанны 10:16). Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ кад кӕной чырыстон лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн!
10. Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, сылгоймӕгтӕ «ӕдыхдӕр мигӕнӕнтӕ» сты?
10 Куыд ӕмбаргӕ у уӕдӕ уый, ӕмӕ сылгоймӕгтӕ «ӕдыхдӕр мигӕнӕнтӕ» сты? Ӕвӕццӕгӕн, Петр афтӕ уымӕн дзырдта, ӕмӕ сылгоймаг нӕлгоймагӕй уӕздандӕр арӕзт ӕмӕ лӕмӕгъдӕр вӕййы. Уыимӕ ма, зӕрдӕйы бын сывӕллон хӕссын у диссаджы кад, фӕлӕ уый не ’нӕххӕст уавӕры сылгоймагӕй гыццыл хъарутӕ нӕ байсы. Сылгоймаг сывӕллон арыны кары куы вӕййы, уӕд йӕхи хаттӕй-хатт ӕвзӕр фӕхаты. Ахӕм рӕстӕг ӕй фылдӕр рӕвдыд ӕмӕ узӕлд фӕхъӕуы, уӕлдайдӕр та, йӕхи бар куы нӕ уа ӕмӕ йын сывӕллон куы райгуыра, уыцы рӕстӕг. Йӕ усӕн чи кад кӕны, ӕххуыс ӕй кӕм хъӕуы, уый чи ӕмбары, ахӕм нӕлгоймагӕн йӕ бинонты цард амондджындӕр у.
Бинонтӕй иу Ӕвдисӕн куы нӕ уа
11. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, лӕг ӕмӕ усы сӕ уырнындзинад куы нӕ иу кӕна, уӕддӕр сӕ бон кӕй у, ӕмӕ амондджын уой?
11 Афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг ӕцӕгад базоны, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн свӕййы, ус куы ракуры кӕнӕ куы смой кӕны, уый фӕстӕ. Ӕмӕ кӕд йӕ цардӕмбал Ӕвдисӕн не сси, уӕд ын куыд кӕнгӕ у? Ахӕм бинонтӕ амондджын уой, уый гӕнӕн ис? Йӕхицӕй йӕ чи зоны, уыдонӕй бирӕтӕ зӕгъдзысты «о». Лӕг ӕмӕ усы сӕ уырнындзинад куы нӕ иу кӕна, уӕддӕр сӕ бон у, ӕмудӕй цӕрой ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр амондджын уой. Уымӕй уӕлдай, Иегъовӕ сӕ афтӕмӕй дӕр нымайы иу бинонтыл, 1 Коринфӕгтӕм 7:12–14).
уӕддӕр сты «иу буар». Уымӕ гӕсгӕ, хуыздӕр у, чырыстон йӕ ӕнӕуырнӕг къаимӕ куы цӕрид, кӕд уый разы у, уӕд. Кӕд сын сывӕллӕттӕ ис, уӕд уыдонӕн ахъаз уыдзӕн сӕ чырыстон ныййарӕджы уырнындзинад (12, 13. Петры уынаффӕмӕ гӕсгӕ, чырыстон устытӕн куыд у сӕ бон се ’нӕуырнӕг лӕгтӕн баххуыс кӕнын?
12 Петр фӕлмӕнӕй амыдта зонд, сӕ сӕрыхицӕуттӕ уырнӕг кӕмӕн нӕ уыдысты, уыцы чырыстон сылгоймӕгтӕн. Фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ ахӕссӕн ис, сӕ устытӕ уырнӕг кӕмӕн не сты, уыцы ӕфсымӕртӕм дӕр. Петр фыста: «Афтӕ сымах дӕр, устытӕ, кӕсут уӕ лӕгты коммӕ, Хуыцауы ныхасӕн дзы чи нӕ сӕтты, цӕмӕй уыдонӕн зӕгъын дӕр ма бахъӕуа, фӕлӕ сӕ Хуыцаумӕ ӕрхона сӕ устыты цард, уымӕн ӕмӕ фендзысты, сымах кӕй цӕрут сыгъдӕгӕй ӕмӕ уӕм кӕй ис Хуыцауы тас» (1 Петры 3:1, 2).
13 Хорз у, ус лӕгӕн йӕ дины тыххӕй уӕзданӕй дзурын куы зона. Фӕлӕ йӕм, зӕгъгӕ, нӕ хъусы, уӕд та? Уый йӕхи бар у. Уӕддӕр хъуыддаг къухауигъинаг нӕу, уымӕн ӕмӕ чырыстоны хорз уагахастӕн ис стыр тых. Бирӕ лӕгтӕ, фыццаг сӕ уырнӕг устытӕм чи нӕ хъуыста, кӕнӕ та ма суанг сӕ ныхмӕ дӕр чи цыд, уыдон «ӕнусон цардмӕ раст ахаст» дарын райдыдтой, сӕ устыты хӕрзуаг цард уынгӕйӕ (Куыстытӕ 13:48, НД). Лӕг ӕцӕгад куы нӕ иса, уӕддӕр ын йӕ усы уагахаст йӕ зӕрдӕ ӕлхӕндзӕн, ӕмӕ уый дӕр сӕ цардыл хуыздӕрырдӕм зындзӕн. Иу нӕлгоймаг, йӕ ус Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн у, уый газетмӕ фыстӕг ныффыста ӕмӕ уым ӕргом загъта, зӕгъгӕ, мӕнӕн Ӕвдисӕнтау хӕрзӕгъдау цард кӕнын мӕ бон никуы бауыдзӕн. Фӕлӕ йӕхи схуыдта «фӕрдыджы хуызӕн усы амондджын сӕрыхицау», ӕмӕ йӕ бинойнаг ӕмӕ йын йе ’муырнджытӕй зӕрдиагӕй феппӕлыд.
14. Лӕгтӕн сӕ бон куыд у се ’нӕуырнӕг устытӕн баххуыс кӕнын?
14 Петры ныхӕстӕй йӕхицӕн зонд чи райста, уыцы усджын чырыстӕттӕ дӕр сӕ уагахастӕй сӕ устыты зӕрдӕ балхӕдтой. Се ’нӕуырнӕг устытӕ уыдтой, сӕ лӕгтӕ бинонты хистӕры хӕстӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕнын кӕй райдыдтой: се ’хца тамако ӕмӕ нозтыл нал хардз кодтой, ӕхцайыл нал хъазыдысты ӕмӕ ӕнӕуаг, схуыст ныхас нал кодтой. Уыцы сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ ӕмбырдӕй кӕимӕдӕрты дӕр базонгӕ сты. Сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, чырыстӕттӕ кӕрӕдзи ӕфсымӕртау кӕй уарзынц, ӕмӕ сӕ Иегъовӕйы базонын бафӕндыд (Иоанны 13:34, 35).
«Адӕймаджы зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уыцы... удыхъӕд»
15, 16. Куыд хъуамӕ дара чырыстон ус йӕхи, цӕмӕй йе ’нӕуырнӕг лӕджы зӕрдӕ балхӕна?
15 Куыд хъуамӕ дара ус йӕхи, цӕмӕй йӕ лӕджы зӕрдӕ балхӕна? Чырыстон сылгоймаг ӕнӕуи дӕр куыд хъуамӕ дара йӕхи, афтӕ. Петр дзуры: «Уӕ фидауц ма уӕд ӕддагон, ома дзыккуты бийынӕй, зӕрин хӕрдгӕты ӕмӕ дарӕсы рӕсугъды мидӕг, фӕлӕ адӕймаджы зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уыцы ӕнӕруайгӕ рӕсугъддзинад ӕмӕ сабыр удыхъӕд: уый у иттӕг зынаргъ Хуыцауы раз. Афтӕ кӕддӕр сӕхи рӕсугъд-иу сарӕзтой сыгъдӕг устытӕ дӕр,– Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ даргӕйӕ, уыдон сӕ мӕйтты коммӕ кастысты. Афтӕ Саррӕ дӕр Авраамы коммӕ каст ӕмӕ йӕ хуыдта „Мӕ сӕрыхицау“. Сымах йӕ цот стут, хорз куы кӕнат ӕмӕ цыфӕнды ӕртхъирӕнӕй куы нӕ тӕрсат, уӕд» (1 Петры 3:3–6, НФ).
16 Петр чырыстон сылгоймагӕн дзуры, цӕмӕй йӕ рӕсугъддзинадыл ма дара йӕ ныфс. Фылдӕр хъуамӕ ууыл хъуыды кӕна, ӕмӕ йӕ лӕг фена, Библи йын йӕ удыхъӕд кӕй фӕивта, «ног адӕймаг» кӕй сси. Чи зоны, бамбара, куыд тынг аивта йӕ ус, раздӕр цавӕр адӕймаг уыд, уыимӕ абаргӕйӕ (Ефесӕгтӕм 4:22–24). Йӕ фӕлмас ӕмӕ «сабыр удыхъӕд», бӕгуыдӕр, йӕ зӕрдӕмӕ цӕудзӕн, йемӕ цӕрын ын уыдзӕн удӕнцой. Ахӕм удыхъӕд канд йӕ лӕджы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, фӕлӕ ма «иттӕг зынаргъ» у Хуыцауы цӕсты дӕр (Колоссӕгтӕм 3:12).
17. Саррӕ моймӕдзыд хотӕн фӕзминаг цӕмӕй у?
17 Петр дӕнцӕгӕн ӕрхаста Саррӕйы. Уый Уӕвынад 18:12). Фӕлӕ Саррӕйы уый ӕппындӕр дӕлджиныг нӕ кодта. Саррӕ йӕхӕдӕг дӕр фидар уырнӕг сылгоймаг уыд, тынг ӕууӕндыд Иегъовӕйыл. Уый ис ӕвдисӕнты стыр «ӕврӕгъы» (НФ), сӕ уырнындзинады цӕвиттонӕй мах дӕр чи разӕнгард кӕны «фӕразондзинады цӕуын нӕ размӕ бӕрӕггонд фӕндагыл» (Дзуттытӕм 11:11; 12:1). Уӕдӕ чырыстон сылгоймагӕн дӕр ӕгад нӕ уыдзӕн, Саррӕйы хуызӕн куы уа.
моймӕдзыд хотӕн фӕзминаг у, сӕ лӕгтӕ уырнджытӕ уой, ӕви ма уой, уӕддӕр. Саррӕ Авраамы йӕ сӕрыхицауыл кӕй нымадта, ууыл дзырд дӕр нӕй. Йӕ мидзӕрдӕйы дӕр ӕй афтӕ хуыдта (18. Бинонтӕй иу Иегъовӕйы Ӕвдисӕн куы нӕ уа, уӕд зӕрдыл дарын цы хъӕуы?
18 Бинонтӕй иу Иегъовӕйы Ӕвдисӕн куы нӕ уа, уӕд дӕр лӕг у хистӕр. Кӕд лӕг у Ӕвдисӕн, уӕд йӕ усы динӕн аргъ кӕндзӕн, фӕлӕ уыимӕ йӕхи динахуырӕдты сӕрты нӕ хиздзӕн. Кӕд ус у Иегъовӕйы Ӕвдисӕн, уӕд уый дӕр нӕ хиздзӕн йӕ уырнынады сӕрты (Куыстытӕ 5:29). Уыимӕ, йӕ лӕг йӕ сӕрыхицау кӕй у, уый йӕ зӕрдыл дардзӕн. Аргъ ын кӕндзӕн, куыд бинонты хистӕрӕн, ӕмӕ «мойады закъонӕн» коммӕгӕс уыдзӕн (Ромӕгтӕм 7:2).
Хорз уынаффӕтӕ Библийӕ
19. Бинонты фарн цӕмӕй фӕцуды, фӕлӕ йӕ куыд ис бахъахъхъӕнӕн?
19 Абон бинонты фарн бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцуды. Нӕлгоймӕгтӕ сӕ хистӕры хӕстӕ нӕ феххӕст кӕнынц. Сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгтӕн аргъ нӕ фӕкӕнынц. Бинонты иу иннӕйы фефхӕры. Зынвадат цард, адӕймаджы ӕнӕххӕстдзинад, стӕй ма, ацы дуне сӕфт ӕмӕ ӕнӕгъдау кӕй у, хорз ӕмӕ дзы ӕвзӕр кӕй сзыгъуыммӕ сты, уый дӕр чырыстон бинонтӕн сӕ иузӕрдиондзинад фӕлвары. Фӕлӕ уӕддӕр, Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, цыфӕнды уавӕрты ма уой – Иегъовӕйы хорзӕхтӕй хайджын сты. Бинонтӕй кӕд ӕрмӕстдӕр иу цӕры Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, уӕд дӕр сӕ цард хуыздӕр вӕййы. Уымӕй уӕлдай, Иегъовӕ уарзы ӕмӕ ӕххуыс кӕны йӕ лӕггадгӕнджытӕн,– цыфӕнды зын уавӕрты дӕр йӕ цардӕмбалыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы, уыдонӕн. Сӕ иузӕрдиондзинад сын нӕ рох кӕны (Псалом 17:26; Дзуттытӕм 6:10; 1 Петры 3:12).
20. Цавӕр уынаффӕ радта Петр чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр?
20 Апостол Петр бинонджын нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн уынаффӕ куы радта, уый фӕстӕ сӕ зӕрдӕхӕларӕй баразӕнгард кодта: «Ӕппын фӕстаг ут иуылдӕр ӕмвӕнд, тӕригъӕдгӕнаг, ӕфсымӕруарзӕг, хӕларзӕрдӕ, хӕларуарзӕг, сабырзонды; фыддзинад фыддзинадӕй ма фидут, кӕнӕ ӕлгъыст ӕлгъыстӕй; фӕлӕ, арфӕ кӕнут, зонгӕйӕ сымах уымӕ хуынд кӕй стут, цӕмӕй арфӕдзинады бынтӕ райсат» (1 Петры 3:8, 9). Диссаджы хорз уынаффӕ алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та – бинонтӕн!
Хъуыды ма кӕныс?
• Усджын чырыстӕттӕ Йесойы куыд фӕзмынц?
• Моймӕдзыд хотӕ ӕмбырд куыд фӕзмынц?
• Куыд кад кӕнынц лӕгтӕ сӕ устытӕн?
• Йӕ лӕг чырыстон кӕмӕн нӕу, ахӕм хойӕн цы уыдзӕнис хуыздӕр?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 24 фарсыл]
Чырыстон лӕг йӕ усы уарзы ӕмӕ йыл ауды.
Чырыстон ус йӕ лӕгӕн аргъ кӕны ӕмӕ йын кад кӕны.
[Ныв 25 фарсыл]
Ромы закъонӕй хъауджыдӕр, чырыстон фӕткӕвӕрд лӕгӕй домдта йӕ усӕн кад кӕнын.
[Ныв 26 фарсыл]
«Тынг бирӕ адӕм», нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕнусон цардмӕ Дзӕнӕты.
[Ныв 28 фарсыл]
Саррӕ Авраамы нымадта йӕ сӕрыхицауыл.