Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстон кӕй дӕ, уый макуы рох кӕн

Чырыстон кӕй дӕ, уый макуы рох кӕн

Чырыстон кӕй дӕ, уый макуы рох кӕн

«Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– дзуры Иегъовӕ» (ИСАЙ 43:10).

1. Цавӕр адӕмы ӕввахс кӕны йӕхимӕ Иегъовӕ?

ПАДДЗАХАДЫ ЗАЛЫ куы уай, уӕд ма дӕ алыварс дӕ цӕст ахӕсс. Цавӕр адӕмы дзы уыныс? Мӕнӕ ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ – зӕрдиагӕй ахуыр кӕнынц Фыстад, агурынц Хуыцауы зонд (Псалом 148:12, 13). Фендзынӕ ма бинонты хистӕрты дӕр – ныры дуджы бинонты цард сӕфтмӕ цӕуы, фӕлӕ уыдон сӕ цардыуагӕй архайынц Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Дӕ цӕст ма схӕцдзӕн нӕ буц хистӕртыл: азтӕ ӕмӕ сыл низтӕ ӕруӕз кодтой, фӕлӕ уӕддӕр, Иегъовӕйӕн цы дзырд радтой, ууыл фидарӕй хӕцынц (Ӕмбисӕндтӕ 16:31). Се ’ппӕт дӕр Иегъовӕйы тынг уарзынц. Ӕмӕ сӕ уый дӕр ӕхсызгонӕй ӕрбаввахс кодта йӕхимӕ. «Никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ,– загъта Хуыцауы Фырт,– Мӕн рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕрбакӕна, уӕд» (Иоанны 6:37, 44, 65).

2, 3. Фидар чырыстон уай, уый зын цӕмӕн вӕййы?

2 Иегъовӕйӕн адджын ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй арфӕгонд адӕмы ’хсӕн уӕм – уый цины хос куыннӕ у?! Фӕлӕ ацы «уӕззау рӕстӕджыты» фидар чырыстон уай, куыд ницы дӕ фӕтасын кӕна, уый алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы (2 Тимофеймӕ 3:1). Уӕлдайдӕр та, чырыстон бинонты ’хсӕн чи схъомыл, уыцы ӕрыгӕттӕн. «Ӕмбырдтӕм цыдтӕн, фӕлӕ Хуыцауы хъуыддаджы бӕлвырдӕй ницӕмӕ тырныдтон,– ӕргом загъта иу ахӕм ӕрыгон лӕппу.– Стӕй мӕ, раст зӕгъгӕйӕ, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр тынг нӕ фӕндыд».

3 Кӕйдӕрты та сыгъдӕгзӕрдӕйӕ фӕфӕнды Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ се ’мгӕртты зондыл ацӕуынц, дуне сыл бандавы, йе та сӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл адзӕгъӕл вӕййынц. Уыдӕттӕ ныл тых кӕнын куы райдайой, уӕд ӕппынфӕстаг нӕ чырыстон ном фесафдзыстӕм. Зӕгъӕм, дунейы бирӕтӕ Библийы ӕгъдӕуттӕ нымайынц, ныры царды чи нал ахады, ахӕмтыл, кӕнӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ абон уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕн нӕй (1 Петры 4:4). Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та ӕнӕмӕнг нӕу, Хуыцау куыд амоны, афтӕ йын кувын (Иоанны 4:24). Ефесы ӕмбырдмӕ фыстӕджы апостол Павел кӕны ацы дунейы «уды» кой – дунейы сӕ фылдӕрӕн цы зондахаст ис, уый кой (Ефесӕгтӕм 2:2). Уыцы зондахаст адӕмыл ӕндавы, Иегъовӕйӕ иппӕрд дунейы зондыл сӕ кӕны.

4. Нӕ чырыстон ӕгъдау кӕй ма хъуамӕ сафӕм, уый Йесо куыд равдыста?

4 Фӕлӕ мах нӕхи Иегъовӕйӕн снывонд кодтам ӕмӕ ӕмбарӕм: ӕрыгон стӕм ӕви ацӕргӕ – стыр бӕллӕх уыдзӕн, нӕ чырыстон ном куы фесафӕм. Ӕцӕг чырыстӕттӕ схонӕн нӕ ӕрмӕстдӕр уӕд ис, кӕд ӕмӕ нӕ цард аразӕм, Иегъовӕ цы ӕгъдӕуттӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа, уый хуызмӕ гӕсгӕ конд куы стӕм, уӕд! (Уӕвынад 1:26; Михей 6:8). Чырыстӕттӕ цы ӕгъдау, цы миниуджытӕй бӕрӕг сты, уыдон Библи бары уӕлӕдарӕсимӕ – алчидӕр ӕй уыны. Нӕ рӕстӕджы тыххӕй дзургӕйӕ, Йесо фӕдзӕхста: «Мӕнӕ, фӕцӕуын куыд хуыснӕг: тӕхудиаг хъӕлдзӕг уӕвӕг ӕмӕ йӕ дарӕс хъахъхъӕнӕг, цӕмӕй уый ма цӕуа бӕгънӕгӕй, ӕмӕ йын цӕмӕй ма феной йӕ худинаг» * (Раргомад 16:15). Мах нӕ фӕнды нӕ чырыстон миниуджытӕ ӕмӕ ӕгъдау сафын, нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Сайтаны дуне йӕхи хуызӕн скӕна. Афтӕ куы ’рцӕуа, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, уыцы «дарӕс» кӕй фесӕфтам. Уый уаид тынг хъыгаг ӕмӕ худинаг.

5, 6. Чырыстон фидар цӕмӕн хъуамӕ уа?

5 Чырыстон кӕй дӕ, уыцы хъуыддаг зӕрдӕйӕ ӕмбарыс ӕви нӕ, уый бӕрӕг уыдзӕн, дӕ цард куыд аразыс, уымӕй. Цы хуызы? Чырыстоны, Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый рох кӕнын куы райдайа, уӕд Хуыцауы хъуыддаджы размӕ нал тырндзӕн, цы йӕ хъӕуы, уый нал зондзӕн. Библи иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕдзӕхсы, адӕймаг саджилзӕрдӕ куы уа, уӕд ын тӕссаг кӕй у. «Дызӕрдыг чи кӕны,– фыста ахуыргӕнинаг Иаков,– уый, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ ахӕлиу кӕны, уыцы денджызы уылӕны хуызӕн у: уадз ахӕм адӕймаг Хицауӕй исты райсын ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд, дыууӕрдӕм хъуыдыгӕнӕг адӕймаг фидар нӕу йӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл» (Иаковы 1:6–8; Ефесӕгтӕм 4:14; Дзуттытӕм 13:9).

6 Куыд бахъахъхъӕнӕм нӕ чырыстон ном? Стыр Хуыцауӕн кувын цӕй стыр кад у, уый хуыздӕр ӕмбарынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Уымӕн дарддӕр лӕвӕрд ис цалдӕр уынаффӕйы.

Бӕлвырд кӕн, чырыстон фӕндагыл куыд фидар лӕууыс

7. Иегъовӕмӕ нӕ зӕрдӕ басгарыны тыххӕй кувын раст цӕмӕн у?

7 Бонӕй-бонмӕ ӕввахсдӕр кӕн Иегъовӕмӕ. Чырыстоны ӕппӕты зынаргъдӕр хӕзна – Иегъовӕимӕ хӕлардзинад (Псалом 24:14; Ӕмбисӕндтӕ 3:32). Нӕ уырнынады истӕуыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайӕм, уӕд нӕ хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, нӕ Хуыцаумӕ цас ӕввахс стӕм, ууыл. Псаломзарӕггӕнӕг куывта: «Басгар мӕн, Хицау, ӕмӕ мӕ бафӕлвар; стайын кӕн мӕ хуылфыдзауматӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕ» (Псалом 25:2). Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы арфдӕр фӕндтӕ ӕмӕ ӕмбӕхст монцтӕ нӕхицӕн нӕ бон нӕу раиртасын. Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы бон у нӕ мидвӕндтӕ, хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ базонын (Иереми 17:9, 10).

8. а) Иегъовӕ нӕ кӕй фӕлвары, уый нын куыд ахъаз кӕны? ӕ) Дӕуӕн цы ӕххуыс кӕны уырнындзинады рӕзынӕн?

8 Иегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, басгар мӕ, зӕгъгӕ, уӕд дзы фӕкурӕм, цӕмӕй нӕ бафӕлвара. Ахӕм уавӕртӕ бауадзы, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ӕцӕг фӕндтӕ рабӕрӕг вӕййынц (Дзуттытӕм 4:12, 13; Иаковы 1:22–25). Афтӕ нӕ кӕй фӕлвары, уый нын хъуамӕ ӕхсызгон уа, уымӕн ӕмӕ уӕд рабӕрӕг вӕййы, Иегъовӕйыл цас ӕнувыд стӕм, стӕй «алцӕмӕй дӕр ӕххӕст, ӕнӕ исты хъуагӕй» стӕм ӕви нӕ (Иаковы 1:2–4). Уӕдӕ ахӕм фӕлварӕнты руаджы рӕзӕм уырнындзинады (Ефесӕгтӕм 4:22–24).

9. Алчидӕр нӕ йӕхӕдӕг цӕмӕн хъуамӕ бӕлвырд кӕна, Библи цӕуыл ахуыр кӕны, уый ӕцӕгад кӕй у?

9 Библи ахуыр кӕн, ӕцӕгадыл куыд нӕ дызӕрдыг кӕнай. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый зӕрдӕйӕ уӕд ӕмбардзыстӕм, кӕд ӕмӕ Библийы ӕцӕгад хорз зонӕм (Филиппӕгтӕм 1:9, 10). Алы чырыстон дӕр, ӕрыгон уа ӕви ацӕргӕ, хъуамӕ йӕхӕдӕг бӕлвырд кӕна, цӕууыл ӕууӕнды, уый ӕцӕгад кӕй у. Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕм фыста: «Ӕппӕтдӕр фӕлварут, хорзыл хӕцут» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21). Уырнон бинонтӕй чи у, уыцы ӕрыгӕттӕ хъуамӕ ӕмбарой, ӕрмӕст сӕ ныййарджыты уырнындзинадӕй кӕй не суыдзысты фидар чырыстӕттӕ. Соломонӕн йӕ фыд Давид амыдта, зӕгъгӕ, «зон дӕ фыды Хуыцауы, лӕггад ын кӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (1 Паралипоменон 28:9). Ӕвзонг Соломон уыдта, йӕ фыд куыд ӕууӕндыд Иегъовӕйыл. Фӕлӕ уый фаг нӕ уыд. Йӕхӕдӕг хъуамӕ базыдтаид Хуыцауы, ӕмӕ йӕ зонгӕ дӕр бакодта. Соломон Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Ратт ма мын зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй ацы адӕмы размӕ рацӕуынӕн дӕр уон ӕмӕ бацӕуынӕн дӕр» (2 Паралипоменон 1:10).

10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ цы фарстытӕ фӕзыны, уыдоны ӕвзӕрӕй ницы ис?

10 Фидар уырнындзинад ӕнцайы зонындзинӕдтыл. «Уырнындзинад у фехъусынӕй»,– ныффыста Павел (Ромӕгтӕм 10:17). Цы йӕ фӕндыд уымӕй зӕгъын? Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ фидар кӕнӕм нӕ уырнындзинад ӕмӕ тынгдӕр ӕууӕндӕм Иегъовӕйыл, йӕ зӕрдӕвӕрдтыл ӕмӕ йӕ организацийыл. Библийӕ нӕм истӕй фӕдыл фарст куы сӕвзӕра, ӕмӕ йын дзуапп дӕр куы ссарӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ноджы фӕфидардӕр уыдзӕн. Ромӕгтӕм 12:2 кӕсӕм Павелы фӕдзӕхст: «Ӕмбарут [«бӕлвырд кӕнут», НД] Хуыцауы фӕндон кӕй у хорз, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕххӕст». Цы хъӕуы уымӕн? Бӕлвырд зонындзинӕдтӕ Библийӕ (Титмӕ 1:1). Иегъовӕйы сыгъдӕг уд нын ӕххуыс кӕндзӕн зын фарстытӕ бамбарынӕн дӕр (1 Коринфӕгтӕм 2:11, 12). Уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауӕй агурӕм ӕххуыс, кувӕм ӕм (Псалом 118:10, 11, 27). Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ӕмбарӕм, ӕууӕндӕм ыл ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм. Уымӕн ӕхсызгон сты, нӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ нӕм цы фарстытӕ фӕзыны, уыдон.

Сӕйрагдӕр дын уӕд Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын

11. а) Адӕймагӕн йе сконд куыд у ӕмӕ йын уый къӕппӕг куыд свӕййы? ӕ) Чи нын ратдзӕн хъару, цӕмӕй иннӕты ӕвзӕр зондыл ма цӕуӕм?

11 Агур Хуыцауы зӕрдӕ, адӕмы зӕрдӕ нӕ, фӕлӕ. Адӕймагӕн йӕ сконд афтӕ у, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын аргъ кӕной. Алкӕйдӕр хъӕуы хӕлӕрттӕ, алкӕмӕндӕр ӕхсызгон у, куы йӕ нымайой. Ӕрыгонӕй, стӕй цыфӕнды кары дӕр, адӕймагыл тынг фендавынц йе ’мгӕрттӕ – арӕх, уыдоны хуызӕн уа кӕнӕ сын сӕ зӕрдӕ ссара, уый свӕййы йӕ мӕт. Фӕлӕ хӕлӕртты ӕмӕ ӕмгӕртты алкӕд дӕ хорз нӕ фӕфӕнды. Вӕййы, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст се ’взӕр хъуыддӕгтӕ кӕнынӕн фӕхъӕуыс ӕмбалӕн (Ӕмбисӕндтӕ 1:11–19). Чырыстон искӕй зӕрдӕхудтӕй тӕрсын куы райдайы, уӕд арӕх, чи у, уый фембӕхсы (Псалом 25:4). «Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут»,– фӕдзӕхста апостол Павел (Ромӕгтӕм 12:2, НТ). Иегъовӕ нын дӕтдзӕн уыцы уды хъару, иннӕты ӕвзӕр зондыл куыд ма цӕуӕм (Дзуттытӕм 13:6).

12. Цӕмӕй Иегъовӕйыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй цавӕр уагӕвӕрдыл ӕмӕ кӕй цӕвиттоныл хорз у хъуыды кӕнын?

12 Ацы дуне нӕ йе ’взӕр зондыл куы кӕна ӕмӕ нын нӕ чырыстон ном фесафынӕй тӕссаг куы уа, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм: Хуыцауыл иузӕрдион уӕм, уый бирӕ ахсджиагдӕр у, иннӕтӕ цы зӕгъдзысты кӕнӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр цы аразынц, уымӕй. Рацыды 23:2 цы уагӕвӕрд ис, уый нӕ фыдбылызӕй хъахъхъӕны: «Адӕм иууылдӕр ӕвзӕрдзинад куы кӕной, уӕд дӕр ӕй ды ма кӕн». Иу афон израилӕгтӕн сӕ фылдӕр, Иегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнын йӕ бон кӕй у, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ Халев уыдонмӕ нӕ каст – уый зыдта, Хуыцау куыд загъта, афтӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ йӕ фидардзинады тыххӕй стыр хорзӕхтӕй арфӕгонд ӕрцыд (Нымӕцтӕ 13:30; Йесо Навин 14:6–11). Хуыцауимӕ дӕ хӕлардзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй ды дӕр афтӕ фидарӕй фӕлӕууыс ӕмӕ адӕм сӕ фылдӕр цы зондыл хӕст сты, ууыл нӕ ацӕуыс?

13. Чырыстон кӕй дӕ, уый иннӕтӕн ӕргом зӕгъын зондджын ми цӕмӕн уыдзӕн?

13 Чырыстон кӕй дӕ, уый ма ’мбӕхс. Хъавӕгӕй, дам, лӕбурӕг фӕраздӕр ис. Ацы ӕмбисондӕй махӕн дӕр ис зонд райсӕн. Ездрӕйы рӕстӕджы, иузӕрдион израилӕгты се знӕгтӕ Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын куы нӕ уагътой, уӕд загътой: «Мах стӕм арв ӕмӕ зӕххы бардарӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ» (Ездрӕ 5:11). Нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы исӕм, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ тӕрсын райдайӕм ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ нӕ ныфс мауал хӕссӕм. Алкӕй зӕрдӕ ӕлхӕнын нӕ куы фӕнда, уӕд нын уый къуылымпыйы хосӕй дарддӕр ницы уыдзӕн. Уӕдӕ тӕрсгӕ ма кӕн. Куыдфӕндыйӕ дӕр, ӕппӕты хуыздӕр вӕййы ӕргом зӕгъын, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ. Сабырӕй, фӕлӕ фидарӕй бамбарын кӕн, цы ӕгъдауыл хӕцыс, цӕуыл ӕууӕндыс ӕмӕ, бӕрӕг фарстыты фӕдыл цы хъуыды кӕныс, уый. Уадз ӕмӕ зонӕнт, Иегъовӕ ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдоны сӕрты кӕй никуы ахиздзынӕ, ӕмӕ дын дӕ хъуыды кӕй ничи аивын кӕндзӕн. Де ’фсарм, де ’гъдауӕй сӕрыстыр у (Псалом 63:11). Фидар уырнӕгӕй дӕ куы зоной, уӕд дын уый дӕтдзӕн ныфс, хиздзӕн дӕ ӕвзӕрдзинадӕй, стӕй ма уый фӕрцы искӕй Иегъовӕ ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй фылдӕр базонын дӕр бафӕнддзӕн.

14. Куы ныл худой ӕмӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕ тӕрсын хъӕуы? Бамбарын ӕй кӕн.

14 О, чидӕртӕ дыл худдзысты кӕнӕ дӕ ныхмӕ цӕудзысты (Иудӕйы 18). Ӕмӕ сын дӕ уырнынӕдты тыххӕй цы дзурыс, уымӕ куы нӕ хъусой, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд (Иезекил 3:7, 8). Цыфӕнды ма кӕнай, адӕймаджы цӕуылдӕр ӕууӕндын куы нӕ фӕнда, уӕд ӕй нӕ баууӕндын кӕндзынӕ. Ӕрымыс ма фараоны. Нӕдӕр ӕфхӕрд, нӕдӕр диссаг, суанг йӕ хистӕр хъӕбулы мӕлӕт дӕр,– ницы йӕ баууӕндын кодта, Моисей Иегъовӕйы номӕй кӕй дзырдта. Уӕдӕ адӕмӕй ма тӕрс. Хуыцауыл куы ӕууӕндӕм, нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд тӕрсгӕ нал кӕндзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; 29:25).

Ивгъуыд дӕ зӕрдыл дар, фидӕнӕн бындур ӕвӕр

15, 16. а) Нӕ удварны бынтӕ цы сты? ӕ) Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ нӕ удварны бынтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы ахъаз уыдзӕн?

15 Аргъ кӕн дӕ удварны бынтӕн. Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ, чырыстӕттӕн стыр ахъаз уыдзӕн сӕ хъӕздыг удварны бынтыл хъуыды кӕнын. Уыцы бынтӕм хауы Иегъовӕйы Ныхасы ӕцӕгад, ӕнусон царды ныфс ӕмӕ Хуыцауы номӕй хорз хабар хъусын кӕныны кад. Иегъовӕ йӕ адӕмӕн, йӕ Ӕвдисӕнтӕн, бахӕс кодта кадджын куыст – йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы ирвӕзын кӕнын. Уыцы куыстгӕнджыты ’хсӕн ды дӕр дӕ? Макуы дӕ уӕд рох, Иегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ» (Исай 43:10).

16 Ахъуыды ма кӕн ахӕм фарстытыл: «Уыцы хорзӕхтӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕнын? Афтӕ зынаргъ мын сты, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын мӕ царды сӕйрагдӕр хъуыддаг скӕнон? Уыйас бузныг дӕн Хуыцауӕй, ӕмӕ уыцы бынтӕ а дунейы ӕппындӕр ницӕуыл баивдзынӕн?» Ахӕм удварны бынтӕ нын кӕй ис, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ дзаг сты фарнӕй – уыцы фарнӕй бафсӕдӕн та ис ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы адӕмы ’хсӕн (Псалом 90:1, 2). Ныры дуджы Хуыцауы адӕмыл цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд фидарӕй нӕ бон зӕгъын уыдзӕн: дунейыл ахӕм тых нӕй, Иегъовӕйы адӕмы зӕххы цъарӕй чи фесафа (Исай 54:17; Иереми 1:19).

17. Нӕ удварны бынтӕн аргъ кӕнынӕй дарддӕр ма нӕ цы хъӕуы?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуыддаг ӕрмӕст нӕ удварны бынтӕй кӕнгӕ нӕу. Алчи дӕр нӕ хъуамӕ суа Хуыцауы ӕввахс хӕлар. Павел бирӕ бафыдӕбон кодта, цӕмӕй Филиппты чырыстӕтты уырнындзинад бафидар кӕна. Фӕстӕдӕр сӕм фыста: «Уӕдӕ мӕ уарзонтӕ, сымах куыд коммӕгӕс уыдыстут ӕдзухдӕр, ӕрмӕст мӕн разы нӕ, фӕлӕ уӕлдай тынгдӕр та ныр мӕ фӕсаууон, тасимӕ ӕмӕ ризгӕйӕ ӕххӕст кӕнут уӕ ирвӕзындзинад» (Филиппӕгтӕм 2:12). Алкӕй дӕр нӕ йӕхи хъӕуы йӕ ирвӕзындзинадыл хъуыды кӕнын.

18. Чырыстон хъуыддӕгты фӕрцы тынгдӕр куыд ӕнкъардзыстӕм, чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый?

18 Дӕхи ӕгасӕй дӕр ратт чырыстон хъуыддӕгтӕн. Чидӕр кӕддӕр загъта, зӕгъгӕ «адӕймаг цы куыстгӕнӕг у, ууыл баст у, йӕхӕдӕг йӕхи кӕуыл нымайы, уый». Абон чырыстӕттӕн бахӕсчындӕуыд ахсджиаг куыст – Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уыцы хорз хабар хъусын кӕнын. Павел загъта: «Куыд муртатты Апостол, ӕз кадджын кӕнын мӕ куыст» (Ромӕгтӕм 11:13). Нӕ хъусын кӕныны куыстӕй ацы дунейӕ хицӕн кӕнӕм. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы кӕй архайӕм, уымӕй бӕлвырд кӕны, ӕцӕгӕй дӕр чырыстӕттӕ кӕй стӕм. Не ’ппӕт хъарутӕ куы дӕттӕм ацы ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕн, зӕгъӕм, чырыстон ӕмбырдты архайынӕн, Паддзахады залтӕ аразынӕн, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ фӕкӕсынӕн, ӕмӕ афтӕ дарддӕр, уӕд тынгдӕр ӕнкъардзыстӕм, чырыстӕттӕ кӕй стӕм (Галатӕгтӕм 6:9, 10; Дзуттытӕм 10:23, 24).

Ӕцӕг чырыстӕттӕн – ӕцӕг хорзӕхтӕ

19, 20. а) Чырыстон кӕй дӕ, уый фӕрцы ды цавӕр хорзӕхтӕй хайджын дӕ? ӕ) Ӕцӕгӕй чи стӕм, уый чи бӕрӕг кӕны?

19 Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый фӕрцы цы бирӕ хорзӕхтӕй хайджын стӕм, ууыл ма иу гыццыл ахъуыды кӕн. Иегъовӕ нӕ алкӕй дӕр зоны. Пехуымпар Малахи загъта: «Иегъовӕйы тас кӕмӕ уыд, уыдон ныхас кодтой, алчидӕр йе ’мбалимӕ, Иегъовӕ та йӕ хъус дардта ӕмӕ хъуыста. Ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны тыххӕй райдыдтой йӕ разы зӕрдылдарӕн чиныг фыссын» (Малахи 3:16). Хуыцау нӕ йӕ хӕлӕрттыл нымайы (Иаковы 2:23). Цӕй тыххӕй цӕрӕм, уый бӕлвырд зонӕм. Цӕуыл хӕцӕм, цӕмӕ тырнӕм, уый ӕнӕхъуаджы никуы фӕуыдзӕн. Стӕй ма нӕ ис мыггагмӕйы царды ныфс дӕр (Псалом 36:9).

20 Дӕ зӕрдыл дар, ӕцӕгӕй чи дӕ ӕмӕ дын, куыд адӕймаг, афтӕ цы аргъ ис, уый Хуыцау кӕй бӕрӕг кӕны, адӕм нӕ, фӕлӕ. Адӕм нӕ се ’нӕххӕст барӕнтӕй барынц. Фӕлӕ нӕ уыдон цыфӕнды ма хъуыды кӕной – Хуыцау нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы, уымӕн ӕмӕ нӕ нымайы йӕхиуӕттыл (Матфейы 10:29–31). Мах дӕр нӕхӕдӕг Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый фӕрцы иттӕг хорз ӕмбарӕм, чи стӕм, ӕмӕ цӕмӕн цӕрӕм. «Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕймаджы Хуыцау нымайы хионыл» (1 Коринфӕгтӕм 8:3, НТ).

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Ацы ныхӕстӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ амоной, Иерусалимы кувӕндоны хъахъӕнджыты цӕстдарӕджы хӕстӕм. Ӕхсӕвы хъахъхъӕныны афонты-иу уыцы цӕстдарӕг азылд левит-хъахъхъӕнджытыл, цӕмӕй фена, хъал сты ӕви бафынӕй сты. Фынӕйӕ-иу цы хъахъхъӕнӕджы баййӕфта, ууыл-иу лӕдзӕджы цӕфтӕ сӕмбӕлд. Гӕнӕн уыд, ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕс дӕр басыгътаиккой, ӕмӕ уый та уыд ӕгад ӕфхӕрд.

Бахъуыды кодтай?

• Нӕ чырыстон ӕгъдау ма сафӕм, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

• Чырыстон фӕндагыл фидар лӕууӕм ӕви нӕ, уый бӕлвырд кӕнын нӕ бон куыд у?

• Кӕй зӕрдӕ ссарын ахсджиагдӕр у – ацы фарста раст лыг кӕнынӕн нын цы ӕххуыс кӕндзӕн?

• Фидар чырыстӕттӕ стӕм ӕви нӕ, уый, ӕмӕ нӕ фидӕн куыд баст сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Нӕхи ӕгасӕй дӕр чырыстон хъуыддӕгтӕн куы дӕттӕм, уӕд тынгдӕр ӕнкъардзыстӕм, чырыстӕттӕ кӕй стӕм.