Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстӕттӕ, уӕ номӕй сӕрыстыр ут!

Чырыстӕттӕ, уӕ номӕй сӕрыстыр ут!

Чырыстӕттӕ, уӕ номӕй сӕрыстыр ут!

«Ӕппӕлӕг, ӕппӕл Хуыцауӕй [«Иегъовӕйӕ», НД]» (1 КОРИНФӔГТӔМ 1:31).

1. Адӕмӕн динмӕ цы ахаст ис?

«НЫРЫ рӕстӕг дины ирддӕрӕй цы зыны, уый – дин йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ йӕм куыдфӕндыйы ахаст. Адӕмы сӕ дин ӕппындӕр не ’ндавы»,– афтӕ загъта ӕрӕджы иу диниртасӕг, бирӕтӕ сӕ уырнынадмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый тыххӕй. Уыцы иртасӕг ма загъта, зӕгъгӕ, бирӕты «Хуыцау уырны... фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сыл уый тынг ӕндавы».

2. а) Диссаг цӕуылнӕ у, адӕм динмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый? ӕ) Динмӕ уазал ахаст кӕй ис, уый ӕцӕг чырыстӕттӕн тӕссаг цӕмӕй у?

2 Библи чи ахуыр кӕны, уыдонмӕ ацы хабар диссаг нӕ кӕсы (Лукайы 18:8). Диныл иумӕйагӕй куы цӕуа ныхас, уӕд ӕм ахӕм уазал ахастӕй дарддӕр, хуыздӕр ахастмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ рагӕй дӕр мӕнг дин адӕмы сайы ӕмӕ сӕ фыдӕнхъӕл кӕны (Раргомад 17:15, 16). Фӕлӕ адӕм диныл ӕнувыд кӕй нал сты, уымӕ гӕсгӕ тӕссаг у, ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр ахӕм зондахастӕй куы фӕхъӕстӕ уой. Нӕ уырнындзинадмӕ уазал цӕстӕй кӕсын райдайӕм ӕмӕ Хуыцауӕн раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ мауал лӕггад кӕнӕм, Библийы ӕцӕгадӕн мауал аргъ кӕнӕм – уый ӕруадзӕн нын нӕй. Ахӕм «хъӕрмуст» ахастӕй фӕдзӕхста Йесо фыццаг ӕнусы Лаодикийы чырыстон ӕмбырд: «Ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. О, фӕлтау уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис! [...] Фӕлӕ хъӕрмуст... дӕ» (Раргомад 3:15–18, НТ).

Чи стӕм, уый ӕмбарӕм

3. Чырыстӕттӕ сӕрыстыр цӕмӕй хъуамӕ уой?

3 Цӕмӕй чырыстӕттӕ монон хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын ма райдайой, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбарой, чи сты, уый, ӕмӕ сӕ номӕй сӕрыстыр уой. Мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, чи стӕм, уый бӕлвырдӕй зыны Библийы. Мах стӕм Иегъовӕйы «ӕвдисӕнтӕ», Хуыцауы «ӕмкусджытӕ» – хъусын кӕнӕм хорз хабар (Исай 43:10; 1 Коринфӕгтӕм 3:9; Матфейы 24:14). Мах «кӕрӕдзийы уарзӕм» (Иоанны 13:34). Махӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕн, «не ’нкъарӕнтӕ фӕлтӕрдӕй ахуыр сты хорз ӕмӕ фыддзинад ӕвзарынмӕ» (Дзуттытӕм 5:14). Мах стӕм «рухсдӕттӕгтӕ дунейы» (Филиппӕгтӕм 2:15). Мах архайӕм «ӕрвитын хӕрзуаг цард муртатты ’хсӕн» (1 Петры 2:12; 2 Петры 3:11, 14).

4. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, чи не сты, уый кӕцӕй зонынц?

4 Иегъовӕйы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ ма зонынц, чи не сты, уый дӕр. «Уыдон дунейӕ не сты» – сӕ Разамонӕг, Йесо Чырысти, куыд нӕ уыд дунейӕ, афтӕ (Иоанны 17:16). Уыдон иуварс лӕууынц «иннӕ адӕмтӕй», «сӕ зонд [кӕмӕн] баталынг... [ӕмӕ] Хуыцауы цардӕй [чи] аиртӕст» (Ефесӕгтӕм 4:17, 18). Уый фӕрцы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ «аиуварс кодтой ӕнӕрӕстдзинад ӕмӕ дунейаг фӕндӕттӕ, ӕдӕгъдауӕй, раст ӕмӕ хорз намысы цӕрынц ныры ӕнусы» (Титмӕ 2:12).

5. Куыд ӕмбарын хъӕуы Фыстады фӕдзӕхст «ӕппӕлын Иегъовӕйӕ»?

5 Чи стӕм, уый хорз куы ӕмбарӕм, ӕмӕ нӕ Дунедарӕгимӕ цы иу кӕны, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд «ӕппӕлдзыстӕм Хуыцауӕй [«Иегъовӕйӕ», НД]» (1 Коринфӕгтӕм 1:31). Цы хуызы дзы ӕппӕлӕм? Куыд ӕцӕг чырыстӕттӕ, афтӕ сӕрыстыр стӕм, Иегъовӕ нӕ Хуыцау кӕй у, уымӕй. Мах цӕуӕм Фыстады фӕдзӕхстыл: «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд, мӕн кӕй зоны, ӕмӕ кӕй ӕмбары, ӕз кӕй дӕн Иегъовӕ, ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, рӕсттӕрхон ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны зӕххыл» (Иереми 9:24). Мах «ӕппӕлӕм», цы кад нӕм ӕрхауд, уымӕй – Хуыцауы зонӕм, ӕмӕ мах фӕрцы иннӕтӕн ӕххуыс кӕны.

Зын цӕмӕн у

6. Иуӕй-иутӕн, чырыстоны ном хӕссын цы нысан кӕны, уый хорз ӕмбарын цӕмӕн фӕзын вӕййы?

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстоны ном хӕссын цы нысан кӕны, уый хорз ӕмбарын алкӕд ӕнцон нӕу. Чырыстон бинонты ӕхсӕн чи схъомыл, иу ахӕм ӕрыгон лӕппу радзырдта, иу рӕстӕг йӕ уырнындзинад куыд ӕрлӕмӕгъ: «Хатт-иу ӕй не ’мбӕрстон, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн цӕмӕн дӕн. Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдтон ӕцӕгад. Иуӕй-иу хатт мӕм-иу афтӕ каст, ӕмӕ мӕ дин иннӕ динтӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны». Кӕйдӕрты та, чи сты, уый рох кӕнын райдайы, уымӕн ӕмӕ сыл бандавынц ацы дунейы хиирхӕфсӕнтӕ, газетты ӕмӕ журналты цы фӕкӕсынц, телевизоры цы фӕуынынц, ӕмӕ абоны ӕнӕхуыцау дуне цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый (Ефесӕгтӕм 2:2, 3). Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ хатт сӕхи ӕгуыдзӕг фӕхатынц ӕмӕ, раздӕр цӕмӕн аргъ кодтой, цӕмӕ тырныдтой, уымӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайынц.

7. а) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ-иу сӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ ныккӕсой? ӕ) Нӕ зӕрдӕ сгаргӕйӕ нӕхи цавӕр къӕппӕгӕй хъуамӕ хизӕм?

7 Цымӕ адӕймаджы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕ зӕрдӕ сгарын нӕ фӕхъӕуы? Бӕгуыдӕр, фӕхъӕуы. Рох дӕ нӕ уыдзӕн, апостол Павел чырыстӕттӕн кӕй фӕдзӕхста: «Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут» (2 Коринфӕгтӕм 13:5). Ацы ран Павел чырыстӕтты разӕнгард кӕны, сӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уый бӕрӕг кӕнынмӕ, цӕмӕй-иу кӕм хъӕуа, уым сӕхиуыл бакусой. Зӕгъӕм, чырыстон хъуамӕ ахъуыды кӕна: кӕд йӕхи Хуыцауыл ӕууӕндӕг хоны, уӕд йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ууыл дзурӕг сты ӕви нӕ? Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ сгаргӕйӕ,– «чи дӕн, цы дӕн», зӕгъгӕ,– нӕ хъуыдытӕ ӕндӕрырдӕм куы адзӕгъӕл уой, ома Иегъовӕимӕ баст куы нӕ уой кӕнӕ чырыстон ӕмбырды ӕддейӕ куы агурӕм дзуапп нӕ фарстытӕн, уӕд нын уый хорзӕй ницы ӕрхӕсдзӕн. Афтӕмӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ раст фӕндагӕй дӕр ахауӕм *. Макуы нӕ мачи баййафӕд «наусӕфт уырнындзинады»! (1 Тимофеймӕ 1:19).

Рӕдыд хъуыдытӕй хызт не стӕм

8, 9. а) Моисей йӕхи ӕгуыдзӕг кӕй хатыд, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? ӕ) Иегъовӕ Моисейӕн цы загъта? б) Иегъовӕйы ныфсы ныхӕстӕ дын дӕ зӕрдӕ куыд агайынц?

8 Кӕд чырыстӕттӕй искӕй хатт цыдӕр хъуыддаджы йӕхицӕй ныфс нӕ вӕййы, уӕд хъуамӕ афтӕ хъуыды кӕна, ӕмӕ ӕнӕпайда адӕймаг у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Ныфсы хос ын уыдзӕн, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ фыццаг уымӕ кӕй нӕ фӕзындысты, уый базонын. Рагзаманты дӕр-иу Хуыцауы иузӕрдион ӕвдисӕнтӕ хатгай сӕхи афтӕ хатыдысты. Зӕгъӕм, Моисей. Уыдис ӕмбисонды уырнындзинады хицау, тынг ӕнувыд ӕмӕ иузӕрдион. Фӕлӕ йын Хуыцау цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый бакӕнынмӕ йӕ ныфс нӕ хаста ӕмӕ загъта: «Чи дӕн ӕз?» (Рацыд 3:11). Ӕвӕццӕгӕн ӕй уымӕй зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, «ӕз ничи дӕн!» кӕнӕ «мӕнӕн мӕ бон ницы у!». Моисей йӕхи уыцы хъуыддаг бакӕныны аккаг цӕуылнӕ кодта? Уымӕн, ӕвӕццӕгӕн, уыд цалдӕр ӕфсоны: йӕ адӕм уыдысты цагъартӕ; израилӕгтӕ йыл сӕхи атигъ кодтой; дзырдарӕхст нӕ уыд (Рацыд 1:13, 14; 2:11–14; 4:10). Стӕй, уыдис фыййау – египетӕгты цӕсты та уыцы куыст уыд тынг ӕлгъаг (Уӕвынад 46:34). Уӕдӕ диссаг нӕу, йӕхи уый аккагыл кӕй нӕ нымадта, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы цагъарадӕй ссӕрибар кӕна.

9 Иегъовӕ Моисейӕн дыууӕ стыр хъуыддагӕй зӕрдӕ бавӕрдта ӕмӕ дзы уымӕй ныфс бауагъта. Загъта йын: «Ӕз уыдзынӕн демӕ, ӕмӕ мӕнӕ цӕмӕй зондзынӕ, уый дӕ ӕз кӕй арвыстон: адӕмы Египетӕй куы ракӕнай, уӕд ацы хохыл Хуыцауӕн кувдзыстут» (Рацыд 3:12). Хуыцау йӕ ӕнӕныфс лӕггадгӕнӕгӕн дзырдта, иунӕгӕй йӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, ӕдзухдӕр йемӕ кӕй уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма йын Иегъовӕ ӕмбарын кодта, ӕнӕмӕнгӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн йӕ адӕмы. Хуыцау ахӕм ныхӕстӕй ӕрмӕст уӕд нӕ бавӕрдта зӕрдӕ йе ’ххуысӕй. Цӕвиттон, Израилы адӕм Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд сын Моисейы дзыхӕй загъта: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут ...уӕ Хуыцау Иегъовӕ уыдзӕн уемӕ. Йӕхи уыл никуы атигъ кӕндзӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныууадздзӕн» (Дыккаг закъон 31:6). Афтӕ ма Иегъовӕ бафидар кодта Йесо Навины дӕр: «Цалынмӕ цӕрай, уӕдмӕ дӕ ныхмӕ никӕй бон уыдзӕн фӕлӕууын ...ӕз уыдзынӕн демӕ. Мӕхи дыл никуы атигъ кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ныууадздзынӕн» (Йесо Навин 1:5). Чырыстӕттӕн дӕр ӕвӕры зӕрдӕ: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн» (Дзуттытӕм 13:5). Ахӕм ӕххуысӕй нӕ кӕм ис ныфс, уым чырыстоны ном хӕссынӕй сӕрыстыр куыннӕ хъуамӕ уӕм!

10, 11. Цы баххуыс кодта Асафӕн Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

10 Моисейы заманӕй иу-фондз ӕнусы фӕстӕдӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, левит Асаф, ӕргом ныффыста, рӕстӕй цӕрын исты пайда у ӕви нӕ, ууыл куыд фӕдызӕрдыг ис. Асаф бафиппайдта, уый Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ кӕй ӕвзӕрста, ӕмӕ Хуыцауы чи ницӕмӕ дардта, ахӕмтӕ та кадджындӕр ӕмӕ бонджындӕр кӕй кодтой. Куыд ыл фӕзындис уый? «Ӕз та – чысыл ма бахъӕуа мӕ къӕхтӕ фӕцудой,– басаст Асаф,– чысыл ма бахъӕуа мӕ къахы бынтӕ фӕбырой,– ӕз бахӕлӕг кодтон ӕнӕзӕндтӕм, уынгӕйӕ ӕнӕрӕстыты хорз царды бонтӕ». Иегъовӕйӕн кувын исты пайда у, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта. «Ӕмӕ уӕдӕ ӕз дзӕгъӕлы нӕ сыгъдӕг кодтон мӕ зӕрдӕ мыййаг ӕмӕ ӕхсадтон ӕнаххосады мӕ къухтӕ,– хъуыды кодта Асаф,– ӕмӕ ӕппӕрстон мӕхи цӕфтӕм алыбон ӕмӕ уайдзӕфтӕм алы сӕумӕрайсом?» (Псалом 72:2, 3, 13, 14).

11 Куыд бакодта Асаф? Ӕнцой йын цы хъуыдытӕ нӕ лӕвӕрдтой, уыдон, мыййаг, сусӕг кодта, нӕ сыл саст? Нӕ, 72 псаломӕй куыд федтам, афтӕмӕй сӕ Хуыцауӕн раргом кодта. Асаф йӕ хъуыды цӕхгӕр фӕивта, кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд. Ахӕм зондмӕ ӕрцыд, ӕмӕ, Хуыцауыл ӕнувыд уай, уымӕй хуыздӕр уӕддӕр кӕй ницы ис. Хъуыддагмӕ уырнындзинады цӕстӕй ӕркаст, ӕмӕ бамбӕрста: Иегъовӕ ӕвзӕрдзинадӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ йӕ рӕстӕджы фыдгӕнджытӕ ӕфхӕрд баййафдзысты (Псалом 72:17–19). Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕджы ном кӕй хаста, уымӕн тынгдӕр саргъ кодта. Хуыцаумӕ куывта: «Ӕз ӕдзух Дӕуимӕ; Ды хӕцыс мӕ рахиз къухыл. Ды къухдариуӕг кӕныс мӕныл Дӕ уынаффӕйӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ райсдзынӕ мӕн кадмӕ» (Псалом 72:23, 24). Асаф та йӕ Хуыцауӕй йӕ сӕр бӕрзонд хӕссын райдыдта (Псалом 33:2).

Чи сты, уый хорз ӕмбӕрстой

12, 13. Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй сӕрыстыр чи уыд, ахӕм адӕмы цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс Библийӕ.

12 Чырыстоны ном хӕссын цы нысан кӕны, уый хуыздӕр ӕмбарынӕн иу фӕрӕз – Хуыцауы ӕнувыд лӕггадгӕнджыты уырнындзинадыл хъуыды кӕнын ӕмӕ сӕ фӕзмын. Уыдон фыдӕвзарӕнты дӕр сӕрыстыр уыдысты, Хуыцауӕн кӕй куывтой, уымӕй. Ахъуыды ма кӕнӕм Иаковы фырт Иосифыл. Хӕрзӕрыгонӕй йыл мӕнгардӕй рацыдысты, ӕмӕ йӕ Египетмӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Цалдӕр сӕдӕ километры адард йӕ Хуыцауӕн кувӕг фыдӕй. Фӕцух йӕ хъӕрмуд бинонтӕй, бынтон ӕндӕр уавӕрты бахауд. Египеты йын иу ахӕм адӕймаг нӕ уыд, Хуыцауы зондӕй кӕй бафарстаид. Уыдис-иу афтӕ, ӕмӕ-иу йе ’ууӕнк Хуыцауыл, йӕ хӕрзӕгъдаудзинад фӕлвӕрд цыдысты. Фӕлӕ Иосиф ӕппӕт хъарутӕй архайдта, цӕмӕй макуы рох кӕна, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй у; куыд зыдта, афтӕмӕй раст цы уыд, уымӕй никуы аздӕхт. Кӕд ӕм знаджы цӕстӕй кастысты, уӕддӕр сӕрыстыр уыд, Иегъовӕйӕн кувӕг кӕй у, уымӕй – ӕмӕ йӕ ӕмбӕхсгӕ дӕр нӕ кодта (Уӕвынад 39:7–10).

13 Аст ӕнусы фӕстӕдӕр иу израилаг чызджы Сиримӕ уацары акодтой. Уым уыд цагъар ӕфсӕдты хицау Нееманы хӕдзары. Фӕлӕ Иегъовӕйӕн кувӕг кӕй у, уый нӕ ферох кодта. Фадат ын куы фӕзынд, уӕд уӕндонӕй ракодта Иегъовӕйы кой – радзырдта, Елисей ӕцӕг Хуыцауы пехуымпар кӕй у (4 Паддзахӕдты 5:1–19). Уымӕй бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр та ӕрыгон паддзах Иоси, кӕд бӕстӕ ӕвзӕрдзинадӕй йедзаг уыд, уӕддӕр дины хъуыддӕгты стыр ивындзинӕдтӕ скодта, Хуыцауы кувӕндон сцалцӕг кодта ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Иегъовӕмӕ раздӕхта. Йӕ уырнындзинадӕй, йӕ динӕй уыд сӕрыстыр (2 Паралипоменон, 34, 35 сӕртӕ). Данел ӕмӕ йе ’ртӕ дзуттаг ӕмбалӕй та цы зӕгъӕн ис? Вавилоны уыдысты, фӕлӕ никуы рох кодтой, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, ӕмӕ фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ не сивтой. Ӕцӕгӕйдӕр, уыдон сӕрыстыр уыдысты, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ном кӕй хастой, уымӕй (Данелы 1:8–20).

Чи дӕ, уымӕй сӕрыстыр у

14, 15. Цы нысан кӕны, чырыстон кӕй дӕ, уымӕй сӕрыстыр уай?

14 Кӕй кой ракодтам, уыцы адӕмӕн сӕ уырнындзинад фидар уыд, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кодтой, уымӕй сӕрыстыр уыдысты. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Цы нысан кӕны, чырыстон кӕй дӕ, уымӕй сӕрыстыр уай?

15 Сӕйраджыдӕр, хъуамӕ аргъ кӕнӕм, Иегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, йӕ хорзӕх нӕ кӕй ис ӕмӕ нӕ райгонд кӕй у, уымӕн. Хуыцау зоны йӕ адӕмы. Апостол Павел цардис, алыхуызон динтӕ куы сбирӕ сты, уыцы дуджы. Уый фыста: «Хицау [«Иегъовӕ», НД] зоны йӕхионты» (2 Тимофеймӕ 2:19, НФ; Нымӕцтӕ 16:5). Иегъовӕ сӕрыстыр у «йӕхионтӕй». Дзуры сын: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мӕ цӕсты гагуымӕ ӕвналы» (Захари 2:8). Дзырд дӕр ыл нӕй, Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы. Ӕмӕ йын мах дӕр хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Павел загъта: «Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕймаджы Хуыцау нымайы хионыл» (1 Коринфӕгтӕм 8:3, НТ).

16, 17. Чырыстӕттӕ, ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, сӕ монон бынтӕй сӕрыстыр цӕмӕн сты?

16 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕдзары чи схъомыл, уыцы ӕрыгӕтты хъӕуы ахъуыды кӕнын: Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы, куыд чырыстӕттӕ, афтӕ рӕзынц? Сӕ уырнындзинад сӕ ныййарджыты уырнындзинадӕй кӕнгӕ нӕу. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕйдӕр сӕрмагондӕй Павел зӕгъы: «Йӕ Хицауы раз лӕууы уый кӕнӕ хауы». Уымӕ гӕсгӕ Павел дарддӕр фыссы: «Махӕй алчидӕр йӕхи тыххӕй ратдзӕн дзуапп Хуыцауӕн» (Ромӕгтӕм 14:4, 12). Иегъовӕйӕн кувын адӕймаг йӕ бинонты ӕгъдауӕй дарддӕр куы ницӕуыл нымайа, зӕрдӕйӕ йыл куы нӕ уа, уӕд Иегъовӕйы ӕввахс хӕлар не суыдзӕн.

17 Ӕнусты дӕргъы Иегъовӕйӕн алкӕддӕр уыд ӕвдисӕнтӕ, райдай, 6 000 азы размӕ чи цард, уыцы иузӕрдыг Авелӕй ӕмӕ фӕу «тынг бирӕ адӕмӕй» – абоны Ӕвдисӕнтӕй. Фидӕны та ноджы фылдӕр адӕм лӕггад кӕндзысты Иегъовӕйӕн ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзысты (Раргомад 7:9; Дзуттытӕм 11:4). Уыцы иузӕрдыг ӕвдисӕнты даргъ рӕнхъы мах лӕууӕм кӕронӕй. Цы хъӕздыг монон бынты хицау стӕм, ӕвӕдза!

18. Цӕмӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ цы ӕгъдауыл хӕцӕм, уымӕй ацы дунейӕ куыд хицӕн кӕнӕм?

18 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый ма бӕрӕг у, цӕмӕн аргъ кӕнӕм, цы миниуджытӕ нӕм ис ӕмӕ цы ’гъдауыл хӕцӕм, уымӕй – нӕ цардӕй ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Чырыстон «динахуырыл чи хӕцы», ӕрмӕстдӕр уый у ӕцӕг амондджын ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый рухс кӕны Хуыцауы зӕрдӕ (Куыстытӕ 9:2НФ; Ефесӕгтӕм 4:22–24). Чырыстӕттӕ «ӕппӕтдӕр фӕлварынц» ӕмӕ «хорзыл хӕцынц» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21). Мах хорз ӕмбарӕм, куыд тынг хицӕн кӕнынц ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауӕй иппӕрд дунейӕ. Иегъовӕ бӕлвырд-бӕрӕгӕй ӕвдисы, цы у раст дин ӕмӕ цы у мӕнг дин. Малахийы дзыхӕй Иегъовӕ загъта: «Уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджыты ’хсӕн, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн цы стыр хицӕндзинад ис, уый» (Малахи 3:18).

19. Ӕцӕг чырыстӕттӕн цавӕр ахаст нӕ уыдзӕн сӕ динмӕ?

19 Ацы ӕмтъеры ӕмӕ хӕццӕ дунейы тынг ахсджиаг у Иегъовӕйӕ ӕппӕлын. Уӕдӕ, нӕ Хуыцауӕй алкӕд сӕрыстыр куыд уӕм ӕмӕ, чырыстоны ном хӕссын цы нысан кӕны, уый хорз куыд ӕмбарӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хорз уынаффӕтӕ ссардзыстӕм иннӕ статьяйы. Уыдон ӕвзаргӕйӕ дӕ зӕрдыл дар: ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ динмӕ куыдфӕндыйы ахаст никуы уыдзӕн!

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Ацы ран дзырд цӕуы ӕрмӕстдӕр нӕ монон мидадӕймагыл. Кӕд исчи нервыты кӕнӕ сӕры магъзы низӕй тыхсы, уӕд ӕй хъӕуы дохтырты ӕххуыс.

Бахъуыды кодтай?

• Куыд «ӕппӕлынц Иегъовӕйӕ» чырыстӕттӕ?

• Моисей ӕмӕ Асафы хабарӕй цы зонд райстай дӕхицӕн?

• Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй сӕрыстыр чи уыд, ахӕм адӕмы цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс Библийӕ.

• Цы нысан кӕны, чырыстон кӕй дӕ, уымӕй сӕрыстыр уай?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 4 фарсыл]

Иу рӕстӕг Моисей йӕхи ӕгуыдзӕг хатыд.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Иегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ, кӕй йын куывтой, уымӕй сӕрыстыр уыдысты.