Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо цы амыдта, уый дӕ царды куыд ахады?

Йесо цы амыдта, уый дӕ царды куыд ахады?

Йесо цы амыдта, уый дӕ царды куыд ахады?

ФЫЦЦАГ статьяйы цӕмӕ ӕркастыстӕм, уымӕй бӕрӕг у, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, цы амыдта, уый дзыллӕты царды арф фӕд кӕй ныууагъта. Фӕлӕ нӕ мӕнӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Йесо цы амыдта, уый мӕ царды та куыд ахады?»

Йесо бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кодта. Йӕ ныхӕсты цы ӕмбисонды зонд ис, уый дӕ царды алы фӕзилӕны дӕр ахаддзӕн. Ӕркӕсӕм, цы амыдта Йесо мӕнӕ ацы фарстыты фӕдыл: царды сӕйрагдӕр цы у? Хуыцауы хӕлар куыд суай? Адӕмимӕ хӕларӕй цӕрынӕн цы хъӕуы? Бӕллӕхӕй хи бахъахъхъӕнӕн куыд ис ӕмӕ тыхмийӕ хи уромын цӕмӕн хъӕуы?

Дӕ цард, сӕйрагдӕр цы у, ууыл араз

Абоны фӕлдурӕдджын цард адӕймагӕй уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ исы, ӕмӕ уырнындзинадыл ахъуыды кӕнынӕн арӕх фадат нал фӕары. Ӕркӕсӕм, 20 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм лӕппуйы хабармӕ, схонӕм ӕй Джерри. Джерри уарзы Хуыцау ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй ныхас кӕнын. Афтӕмӕй цы базоны, уымӕн аргъ дӕр кӕны. Фӕлӕ мӕнӕ цӕуыл у йӕ сагъӕс: «Цы бакӕнон, алы хатт мын нӕ вӕййы рӕстӕг уымӕн. Къуыри ӕхсӕз боны кусгӕ кӕнын. Иу улӕфты бон мын ис – хуыцаубон, ӕмӕ цалынмӕ мӕ куыстытӕ бакӕнын, уӕдмӕ ныффӕллайын». Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дын ахъаз фӕуыдзӕн, Йесо Уӕлхох уацамынды цы амыдта, уый.

Йесо, байхъусынмӕ йӕм цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕн загъта: «Уымӕ гӕсгӕ зӕгъын сымахӕн: ма мӕт кӕнут уӕ удыл, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, нӕдӕр уӕ буарыл, дзаума цы скӕнат. Уд стылдӕр нӕу хӕринагӕй, ӕмӕ буар – дзаумайӕ? Скӕсут ма ӕрвон мӕргътӕм: уыдон нӕ тауынц, нӕ кӕрдынц, не ’мбырд кӕнынц хордонтӕм; ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд ӕфсады. Сымах уыдонӕй бирӕ хуыздӕр не стут? [...] Уӕдӕ ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма дзурут: „цы хӕрӕм мах?“ кӕнӕ: „цы нуазӕм?“ кӕнӕ: „нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм?“ Уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ ӕппӕт агурынц муртаттӕ, уымӕн ӕмӕ ноджы уӕ Уӕларвон Фыд зоны, ӕппӕт уыдӕтты хъуаг кӕй стут. Уӕдӕ агурут раздӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уыл уыдон ӕппӕт бафтдзысты» (Матфейы 6:25–33). Цӕуыл ахуыр кӕнӕм уымӕй?

Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ нӕ нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты дарыныл тыхсын нӕ хъӕуы. «Кӕд исчи йӕхионтыл ӕмӕ уӕлдайдӕр йӕ бинонтыл нӕ тыхсы,– зӕгъы Библи,– уӕд уый аздӕхт уырнындзинадӕй ӕмӕ у ӕвзӕрдӕр ӕнӕрастӕй» (1 Тимофеймӕ 5:8). Фӕлӕ Йесо ныфс бавӕрдта: кӕд нӕ цард, сӕйрагдӕр цы у, ууыл аразӕм, ӕмӕ фыццаджыдӕр нӕ уырнындзинады кой кӕнӕм, уӕд нӕ Хуыцау дӕр, царды нӕ ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕй хъуаг нӕ ныууадздзӕн. Уӕдӕ Йесо амыдта уый, ӕмӕ нӕ цард, сӕйрагдӕр цы у, ууыл кӕй хъуамӕ аразӕм. Йӕ уынаффӕмӕ йын куы хъусӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын, уымӕн ӕмӕ «амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3, НД).

Хуыцауимӕ хӕлардзинад агур

Ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон зонынц, йемӕ хӕлардзинад агурын кӕй хъӕуы. Искӕимӕ хӕлӕрттӕ куыд свӕййӕм? Уыцы адӕймаджы хуыздӕр базоныныл нӕ фӕархайӕм? Цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, цы курдиӕттӕ ӕмӕ йӕм цы хорз миниуджытӕ ис, цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы – уыдӕттӕ базонынӕн нӕ хъӕуы рӕстӕг ссарын. Афтӕ у хъуыддаг, Хуыцауы хӕлар суӕвын нӕ куы фӕнда, уӕд дӕр. Хъӕуы нӕ алцыдӕр бӕлвырд базонын. Йесо Хуыцаумӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй куы куывта, уӕд загъта: «Уый та у мыггагмӕйы цард, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). О, цӕмӕй Хуыцауимӕ хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ хорз базонӕм. Базонӕн та йӕ ис ӕрмӕстдӕр Библийӕ, Хуыцауы комытӕфӕй фыст Ныхасӕй (2 Тимофеймӕ 3:16). Фыстад ахуыр кӕнынӕн-иу хъуамӕ рӕстӕг ссарӕм.

Фӕлӕ ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ фаг не сты. Йӕ куывды ма Йесо загъта: «Уыдон [йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ] Дӕ дзырд сӕххӕст кодтой» (Иоанны 17:6). Канд ууыл хъуамӕ ма архайӕм, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр куыд базонӕм, фӕлӕ ма цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕргӕ дӕр кӕнӕм. Ӕндӕр ма уӕдӕ куыд хъуамӕ суӕм Хуыцауы хӕлар?! Уӕвгӕ, искӕимӕ балымӕн уыдзыстӕм, йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ зонгӕ-зонын куы кӕнӕм, уӕд?! Уӕдӕ алцӕмӕ дӕр хъуамӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм, нӕ царды алы къахдзӕф дӕр йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразӕм. Ӕркӕсӕм ын йӕ уагӕвӕрдтӕй дыууӕмӕ – куыд нын ӕххуыс кӕнынц адӕмимӕ цӕрынӕн.

Адӕмимӕ хӕларӕй цӕр

Иу хатт Йесо, адӕмимӕ цӕрын куыд хъӕуы, уый бамбарын кӕнынӕн радзырдта иу зондзонӕн хабар. Уый уыд, йе ’ххуырстытӕй йӕ хӕстӕ райсынвӕнд чи скодта, иу ахӕм паддзахы тыххӕй. Фӕлӕ ӕххуырстытӕй иуӕн йӕ хӕс афтӕ стыр уыд, ӕмӕ йӕ йӕ бон нӕ уыд бафидын. Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй хӕс бафидыны тыххӕй уыцы лӕгӕн йӕхи, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты ауӕй кӕной. Хӕсджын цагъар йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Банхъӕлмӕ мӕм кӕс, ӕмӕ дын сӕ иуылдӕр бафиддзынӕн». Паддзах ын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йын йӕ хӕс ныббарста. Фӕлӕ цагъар паддзахӕй куы рацыд, уӕд амбӕлд, йӕхицӕй йын иу гыццыл йеддӕмӕ чи нӕ дардта, иу ахӕм йӕхи хуызӕн цагъарыл ӕмӕ дзы йӕ хӕс ӕрдомдта. Кӕд ын уый лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ уавӕры бацӕуа ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кӕна, уӕддӕр ӕй ахӕстоны баппӕрста, цалынмӕ йын йӕ хӕс бафыстаид, уӕдмӕ. Уый паддзах куы фехъуыста, уӕд смӕсты. «Нӕ дын ӕмбӕлд дӕ ӕмбалӕн ныххатыр кӕнын, ӕз дын куыд ныххатыр кодтон, афтӕ?»– ӕрдомдта дзы дзуапп. Ӕмӕ фыдзӕрдӕ цагъары ахӕстоны бакодта, цыдӕриддӕр дзы дардта, уый йын цалынмӕ нӕ бафыстаид. Ацы хабарӕй Йесо цы зонд амыдта, уый уынӕм йӕ кӕронбӕттӕн ныхӕсты: «Афтӕ Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр бакӕндзӕн сымахимӕ, алчидӕр уӕ зӕрдӕйӕ куы нӕ бахатыр кӕна йе ’фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ, уӕд» (Матфейы 18:33–35).

Мах стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ нӕм хъӕндзинӕдтӕ бирӕ ис. Хуыцауы ныхмӕ кӕй рӕдийӕм, уымӕй ныл стыр хӕс сбадт, ӕмӕ йӕ бафидын нӕ бон никуы бауыдзӕн. Нӕ бон дзы у ӕрмӕст хатыр курын. Ӕмӕ нын Иегъовӕ Хуыцау не ’ппӕт рӕдыдтытӕ дӕр хатыр кӕндзӕн, кӕд ӕмӕ мах дӕр не ’фсымӕртӕн хатыр кӕнӕм. Ӕвӕдза, куыд арф хъары зӕрдӕмӕ ацы зондзонӕн хабар! Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ амыдта кувын: «Бахатыр кӕн нӕ хӕстӕ махӕн, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд хатыр кӕнӕм» (Матфейы 6:12).

Бӕллӕхӕн йӕ уидаг стон

Йесо арф ӕмбӕрста зӕххон лӕгӕн йӕ ӕрдзыхъӕд, йӕ миддуне. Цы уынаффӕтӕ лӕвӕрдта, уыдоны фӕрцы адӕймаджы бон у зындзинӕдтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕн сӕ уидаг бындзарӕй тонын. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.

«Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд рагонтӕн: „ма амар; чи амара, тӕрхонмӕ хауы“,– загъта Йесо.– Ӕз та зӕгъын сымахӕн, алкӕцы, йе ’фсымӕрмӕ дзӕгъӕлы мӕстыгӕнӕг хауы тӕрхонмӕ» (Матфейы 5:21, 22). Ацы ран Йесо равдыста, лӕг амарыны аххосаг фыдракӕнды агурын кӕй нӕ хъӕуы. Йӕ уидаг ис, лӕгмары зӕрдӕйы цы ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕры ӕмӕ йӕм цы хъуыдытӕ фӕзыны, уыдоны. Адӕймаг йӕ масты рохтыл куы хӕцид, уӕд зонгӕ-зонын фыдми ничи кӕнид. Цас къаддӕр туг ныккалдаид, иууылдӕр ацы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ куы истаиккой, уӕд!

Дӕ хъус ма ӕрдар, куыд бацамыдта Йесо, бирӕтӕн стыр масты хос чи фӕвӕййы, иу ахӕм бӕллӕхы аххосагмӕ. Адӕмӕн загъта: «Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд рагонтӕн: „ма хӕт“. Ӕз та зӕгъын сымахӕн, алкӕцы, чи кӕсы сылгоймагмӕ мондагӕй, уый фӕхатт йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг. Кӕд дӕ дӕ рахиз цӕст цыбӕл кӕны, стон ӕй ӕмӕ йӕ аппар дӕхицӕй» (Матфейы 5:27–29). Йесо бамбарын кодта, ӕнӕгъдау мийӕн йӕ аххосаг арфдӕр кӕй ис: ӕнӕгъдау хъуыддаджы размӕ цы вӕййы, уым – ӕнӕгъдау монцты. Адӕймаг ӕнӕуаг монцтӕ йӕ зӕрдӕйӕ куы сура ӕмӕ сӕ йӕ хъуыдытӕй ӕд уидӕгтӕ куы «тона», уӕд ӕнӕгъдау ми никуы бакӕндзӕн.

«Сӕвӕр дӕ кард йӕ бынаты»

Йесойы куы ауӕй кодтой ӕмӕ йе ’рцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд сӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу йӕ кард фелвӕста – йӕ ахуыргӕнӕджы бахъахъхъӕнын ӕй фӕндыд. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Сӕвӕр дӕ кард йӕ бынаты, уымӕн ӕмӕ кард райсджытӕ иуылдӕр кардӕй фесӕфдзысты» (Матфейы 26:52). Иннӕ райсом Йесо Понти Пилатӕн загъта: «Мӕ Паддзахад нӕу ацы дунейӕ; Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ кусджытӕ бахъахъхъӕдтаиккой Мӕн, цӕмӕй Ӕз ма ӕрцыдаин лӕвӕрд Иудейтӕм; фӕлӕ ныр Мӕ Паддзахад ардыгӕй нӕу» (Иоанны 18:36). Ацы ныхӕсты цы зонд ис, уый, мыййаг, царды нӕ ахады?

Цы цӕстӕй кастысты фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ, Йесо сын цы амыдта, уымӕ, зӕгъгӕ, тыхмийӕ уӕхи уромут? Иу чиныджы, «Фыццаг чырыстӕтты ахаст хӕстмӕ», дзырдӕуы: «Хӕсты хӕцыны бар нӕ уыд. Уый бӕрӕг уыди уымӕй, ӕмӕ [Йесо цы амыдта], уымӕ гӕсгӕ тыхӕй архайӕн ӕмӕ искӕмӕ къух исӕн нӕ уыд. [...] Фыццаг чырыстӕттӕ, Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ кодтой, ӕмӕ йын комкоммӕ ӕмбӕрстой йӕ ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, фӕлмас ут, ӕмӕ уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд лӕгдыхӕй ма архайут. Сабырдзинад хуыдтой сӕ дины миниуӕг; хӕст нымадтой ӕбуалгъ хъуыддагыл, уымӕн ӕмӕ дзы тугкалд цыд» («The Early Christian Attitude to War»). Ӕвӕдза, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдон иууылдӕр Йесойы ацы ныхӕстӕм куы хъуыстаиккой, уӕд дунейы хабӕрттӕ бынтон ӕндӕрхуызон ацыдаиккой!

Йесо цы амыдта, уый дын стыр ахъаз уыдзӕн

Йесо цы амыдта, цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй ӕркастыстӕм ӕрмӕст цалдӕр уагӕвӕрдмӕ. Сӕ хъуыды у рӕсугъд, хуымӕтӕг ӕмӕ зӕрдӕагайгӕ. Ӕппӕт адӕмӕн дӕр ахъаз уыдзӕн, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уый базонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын *.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕм хӕстӕг чи цӕры, уыдон дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты базонын, куыд дын фӕахъаз уыдзысты Йесойы ныхӕстӕ – зӕххыл цыдӕрид загъд уыд, уымӕй ӕппӕты арфдӕр зонды ныхӕстӕ. Табуафси, ныффысс сӕм, ацы журналы 2-аг фарсыл цы адристӕ ис, уыдонӕй сӕ иуыл.

[Фиппаинаг]

^ 22 абз. Йесо цы амыдта, уыдӕттӕ фӕд-фӕдыл фыст сты чиныджы «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.