Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ, хъахъхъӕнут уӕ зынаргъ бын!

Ныййарджытӕ, хъахъхъӕнут уӕ зынаргъ бын!

Ныййарджытӕ, хъахъхъӕнут уӕ зынаргъ бын!

«Зонд у хъахъхъӕнӕг... кӕмӕ ис, уый мӕлӕтӕй хизы» (ЕККЛЕСИАСТ 7:12).

1. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты зынаргъ лӕварыл цӕмӕн хъуамӕ нымайой?

НЫЙЙАРДЖЫТӔ раттынц цард ног адӕймагӕн, хуызӕй ӕмӕ кондӕй, удыхъӕдӕй сӕхи хуызӕн чи вӕййы. Библи уыцы чысыл хъӕбулты хоны «Хицауӕй [«Иегъовӕйӕ», НД] бын» (Псалом 126:3). Иегъовӕ иунӕг Царддӕттӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныййарджыты бӕрны бакодта, ӕцӕгӕй йӕхи цы у, уый (Псалом 35:10). Ныййарджытӕ, Хуыцау уын ахӕм зынаргъ лӕвар кӕй радта, уымӕ цы цӕстӕй кӕсут?

2. Куыд бакодта Маной, сывӕллон ын райгуырдзӕн, уый куы базыдта, уӕд?

2 Дзырд дӕр ыл нӕй, ахӕм лӕвар сӕрныллӕгӕй ӕмӕ бузныг зӕрдӕйӕ исын хъӕуы. Ӕртӕ миназӕй фылдӕры размӕ ахӕм ахаст равдыста израилаг лӕг Маной, йӕ бинойнагӕн зӕд афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ дын сывӕллон райгуырдзӕн. Уыцы хорз хабар фехъусгӕйӕ Маной скуывта: «Бахатыр кӕн, Иегъовӕ. Дӕ хорзӕхӕй, дӕуӕй, ӕцӕг Хуыцауӕй, ӕрвыст лӕг ма нӕм ноджы иу хатт ӕрцӕуӕд ӕмӕ нын бацамонӕд, куыд кӕнгӕ нын у, чи нын райгуыра, уыцы сывӕллонӕн» (Тӕрхонгӕнджыты 13:8). Ныййарджытӕ, цӕуыл ахуыр кӕнут Манойы цӕвиттонӕй?

Ныййарджыты абон Хуыцауы ӕххуыс цӕмӕн хъӕуы

3. Сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн ныййарджыты Хуыцауы ӕххуыс абон уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы?

3 Ныййарджыты сӕ сывӕллӕты хъомыл кӕнынӕн Иегъовӕйы ӕххуыс абон куыд хъӕуы, афтӕ никуы. Цӕмӕн? Сайтан Хӕйрӕг ӕмӕ йе ’взӕр зӕдтӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты. «Зындзинад зӕххыл,– фӕдзӕхсы Библи,– уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ныццыд хӕйрӕг тыхджын тызмӕгӕй, зонгӕйӕ бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад!» (Раргомад 12:7–9, 12). Библи ма ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, Сайтан «цӕуы, куыд абухгӕ домбай, агургӕйӕ, кӕй аныхъуыра» (1 Петры 5:8). Домбайӕн йӕ хъавд вӕййы тӕккӕ лӕмӕгъдӕртӕм, арӕхдӕр – лӕппынтӕм. Уӕдӕ раст кӕнынц чырыстон ныййарджытӕ, сӕ сабиты бахъахъхъӕнынӕн Иегъовӕйӕ разамынд кӕй агурынц. Уӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕныныл зӕрдиагӕй тыхсут?

4. а) Зӕгъгӕ, ныййарджытӕ зонынц, хӕстӕг кӕмдӕр домбай рацу-бацу кӕны, уӕд куыд кӕниккой? ӕ) Сывӕллӕтты хи бахъахъхъӕныны тыххӕй цы хъӕуы?

4 Куы зонис, хӕстӕг кӕмдӕр домбай рацу-бацу кӕны, уӕд, ай-гъайдӕр, дӕ сывӕллӕтты бахизынӕй тынгдӕр ницӕуыл тыхсис. Сайтан тугдзых сырд у. Уый йӕ уд хъары ууыл, цӕмӕй Хуыцауы адӕм се ’фсарм фесафой ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуой (Иов 2:1–7; 1 Иоанны 5:19). Сабитӕ йын ӕнцон ахсӕн сты. Цӕмӕй сывӕллӕттӕ Хӕйрӕджы къӕппӕджы ма бахауой, уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕйы хорз базоной ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсой. Уый тыххӕй та хъӕуы Библи зонын. «Уый... у мыггагмӕйы цард,– загъта Йесо,– цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Уымӕй дарддӕр ма кӕстӕрты хъӕуы зонд – цы базонынц, уый ӕмбарын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын. «Зонд, кӕмӕ ис, уый мӕлӕтӕй хизы», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сымах, ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты хъуамӕ ӕцӕгад ӕвӕрат (Екклесиаст 7:12). Куыд у уӕ бон уый аразын?

5. а) Куыд ис зондыл сахуыр кӕнӕн? ӕ) Зонд хӕзна кӕй у, уый Ӕмбисӕндты чиныг куыд ӕвдисы?

5 Уӕ бон у – ӕмӕ хӕсджын дӕр стут – уӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы Ныхас кӕсын. Фӕлӕ сын цӕмӕй Хуыцауы бауарзынӕн ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсынӕн ӕххуыс кӕнат, уый тыххӕй сӕ хъӕуы фылдӕр – ӕмбарындзинад. Зӕгъӕм, сывӕллоны бафӕдзӕхсынц, зӕгъгӕ, фӕндаджы иннӕ фарсмӕ ахизыны размӕ-иу дыууӕрдӕм дӕр акӕс. Фӕлӕ иуӕй-иу сывӕллӕттӕ нӕ байхъусынц. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ сын арӕх, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ бамбарын кӕнынц, машинӕ сӕ куы скъуыра, уӕд цы кӕндзысты. Бӕллӕхӕй куыд тӕссаг у, уый сӕ зонды афтӕ нӕ ныффидар вӕййы, цӕмӕй сӕ уыцы хъуыды фӕндагыл рогзонд митӕй баурома. Зондыл сахуыр кӕнынӕн хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ дзӕвгар фӕразондзинад. Фӕлӕ цӕй стыр хӕзна у зонд! «Зонды фӕндӕгтӕ сты ӕхсызгон,– дзуры Библи,– ӕмӕ йӕ къахвӕндӕгтӕ иууылдӕр – фӕрнӕйдзаг. Зонд, кӕмӕ ис, уымӕн йӕ царды бӕлас у, ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый амондджын у» (Ӕмбисӕндтӕ 3:13–18; 22:15).

Зонд чи дӕтты, ахӕм ахуыр

6. а) Сывӕллӕттӕ арӕх ӕнӕзонд митӕ цӕмӕн бакӕнынц? ӕ) Цӕуыл цӕуы тох?

6 Ӕрыгӕттӕ арӕх раст нӕ бакӕнынц уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ сын, раст цы у, уый нӕ бацамыдтой, фӕлӕ сын цы амыдтой, уый сын сӕ зӕрдӕ кӕй нӕ бацагайдта. Хӕйрӕг ӕрыгӕтты зӕрдӕтыл тох кӕны. Уый архайы, цӕмӕй сыл, йӕ къухы цы дуне ис, уый ӕвзӕр тӕваг ӕндава. Сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уый аххосӕй ӕвзӕрдзинадмӕ здӕхт сты, ӕмӕ Сайтан уымӕй дӕр пайда кӕны (Уӕвынад 8:21; Псалом 50:7). Ныййарджытӕ хъуамӕ ӕмбарой, сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтыл ӕцӕг хӕст кӕй цӕуы.

7. Сывӕллонӕн, хорз кӕнӕ ӕвзӕр цы у, уый зӕгъын фаг цӕуылнӕ у?

7 Фылдӕр хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ ныййарджытӕ сывӕллонӕн дзурынц, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, ӕмӕ хъуыды кӕнынц, уымӕй йӕ хӕрзӕгъдаудзинадыл кӕй сахуыр кӕндзысты. Гӕнӕн ис, сывӕллонӕн дзурой, зӕгъгӕ, ӕвзӕр у сайын, давын кӕнӕ искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын, дӕ цардӕмбал куы нӕ уа, уӕд. Фӕлӕ цӕмӕй сывӕллон уыцы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ айса, уый тыххӕй йын хъуамӕ фидардӕр бындур уа,– канд уый нӕ, ӕмӕ йын йӕ ныййарджытӕ загътой афтӕ. Ахӕм бындур та сты Иегъовӕйы закъӕттӕ. Сывӕллон хъуамӕ ӕмбара, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъусын ӕцӕг зонды фӕндаг кӕй у (Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19; Дзуттытӕм 13:4).

8. Цӕмӕй сывӕллӕттӕ зондджынӕй архайой, уый тыххӕй сӕ цӕуыл хъӕуы ахуыр кӕнын?

8 Дун-дуне куыд вазыгджын конд у, цас алыхуызон цӕрӕгойтӕ ис, ӕрдзы афонтӕ куыд ивынц – ӕппӕт уыдӕттӕ сабийӕн баххуыс кӕндзысты бамбарын, кӕй ис Сфӕлдисӕг, ӕгӕрон зонды хицау (Ромӕгтӕм 1:20; Дзуттытӕм 3:4). Уымӕй дарддӕр ма сывӕллонӕн хъӕуы ӕмбарын кӕнын, Хуыцау ӕй кӕй уарзы, ӕмӕ цӕмӕй ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй Иегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта. Стӕй ма хъуамӕ зона: Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн, йӕ ныхасмӕ йын куы хъуса, уӕд. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, сывӕллоны бафӕнда Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, Хӕйрӕг куыдфӕнды ма архайа йӕ бакъуылымпы кӕныныл, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 22:6; 27:11; Иоанны 3:16).

9. а) Цард чи хъахъхъӕны, ахӕм ахуыр цы домы? ӕ) Цы аразын фӕдзӕхстӕуы фыдӕлтӕн ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

9 Сывӕллоны чи хъахъхъӕна ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы раст хъуыддӕгтӕ кӕныны фӕнд чи рӕзын кӕна, ахӕм ахуыр домы рӕстӕг, хъусдард, алцыдӕр хорз пълан кӕнын. Домы, цӕмӕй ныййарджытӕ хъусой, Хуыцау сын цы амоны, уымӕ. Библи зӕгъы: «Фыдӕлтӕ... ахуыр кӕнут [уӕ сывӕллӕтты] Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» (Ефесӕгтӕм 6:4). Цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ? Дзырд «зондамынд» грекъаг ӕвзагыл амоны «хъуыды ӕвӕрын». Уӕдӕ ацы ран фыдӕлтӕн фӕдзӕхстӕуы сӕ цоты зонды Иегъовӕйы хъуыдытӕ ӕвӕрын. Куыд хорз хъахъхъӕндзӕн уый кӕстӕрты! Сывӕллӕттӕ, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ куы хъуыды кӕной, йӕ хъуыдытӕ сӕ зонды арф ӕвӕрд куы уой, уӕд ӕвзӕрдзинадӕй сӕхи хиздзысты.

Уарзондзинадӕй гуыргӕ фӕндтӕ

10. Дӕ сывӕллоны раст фӕндагыл ӕвӕрынӕн дӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы зонын?

10 Уӕвгӕ, цӕмӕй дӕ фӕнд дӕ къухы бафта – дӕ сывӕллоны куыд ӕмбӕлы, афтӕ схъомыл кӕнай, уый тыххӕй, цы аразыс, уый хъуамӕ аразай уарзгӕйӕ. Ӕнӕмӕнг хъӕуы йемӕ зӕрдӕргом ныхас кӕнын. Дӕ сывӕллоны царды цытӕ цӕуы, цӕй фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый базон. Уавӕр куы амона, сывӕллон йӕхи сӕрибар куы хата, уӕд ӕй фӕлмӕнӕй истӕмӕй бафӕрс, цӕмӕй уын ныхас бацайдагъ уа. Хатт-иу, чи зоны, ӕнхъӕл цы нӕ уыдтӕ, ахӕм исты зӕгъа. Кӕд йӕ ныхӕстӕй арвы цӕфау фӕуай, уӕд дӕр-иу ӕй ма равдис, дӕхиуыл-иу фӕхӕц. Зӕрдиагӕй йӕм байхъус.

11. Куыд у ныййарӕгӕн йӕ бон сывӕллоны зонды Хуыцауы хъуыды ӕвӕрын?

11 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ сывӕллонӕн Библийӕ бакастаис Хуыцауы фӕдзӕхст, хӕтын кӕй не ’мбӕлы, ӕмӕ йын ӕй, чи зоны, иу ӕмӕ дыууӕ хатты дӕр нӕ бакастӕ (1 Коринфӕгтӕм 6:18; Ефесӕгтӕм 5:5). Афтӕмӕй дӕ сывӕллон бахъуыды кодтаид, Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы. Фӕлӕ цӕмӕй сывӕллон, Иегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕна, уый тыххӕй фылдӕр хъӕуы. Сывӕллӕтты хъӕуы ахуыр кӕнын, Иегъовӕйы закъӕттӕ куыд ахадгӕ сты, ууыл хъуыды кӕнын. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕной, йӕ закъӕттӕ раст ӕмӕ адӕймагӕн ахъаз кӕй сты, ӕмӕ уыдонмӕ хъусын кӕй у иууыл хуыздӕр хъуыддаг. Дӕ сывӕллӕттимӕ Фыстадыл куы ныхас кӕнай,– афтӕ, ӕмӕ алцӕмӕ Хуыцауы цӕстӕй райдайой кӕсын,– ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, Иегъовӕйы хъуыдытӕ сын сӕ зонды кӕй ӕвӕрыс.

12. Куыд баххуыс кӕндзӕн ныййарӕг йӕ сывӕллонӕн нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сусӕгахастдзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсын?

12 Сывӕллонимӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сусӕгахастдзинӕдтыл аныхас кӕныны тыххӕй дӕ бон у, ӕмӕ йӕ бафӕрсай: «Куыд дӕм кӕсы, адӕймаг Иегъовӕйы закъонмӕ куы хъуса, зӕгъгӕ, цалынмӕ бинонтӕ не скодтай, уӕдмӕ ӕмуат макӕимӕ ӕрцу, уӕд йӕхи исты хорздзинадӕй цух кӕны?». Уадз ӕмӕ сывӕллон йӕ дзуапп бамбарын кӕна. Хуыцау адӕмӕн цот уадзынӕн цы диссаджы хъомыс радта, ууыл куы ӕрныхас кӕнат, уӕд ӕй дӕ бон у бафӕрсын: «Куыд хъуыды кӕныс, нӕ уарзагзӕрдӕ Хуыцау нын ахӕм закъӕттӕ радтаид, царды цинтӕй нӕ чи цух кӕна? Ӕви нӕ йӕ закъӕттӕ хъахъхъӕнгӕ кӕнынц ӕмӕ уыдоны фӕрцы амондджын стӕм?» (Псалом 118:1, 2; Исай 48:17). Сбӕлвырд кӕн, цы хъуыды кӕны дӕ сывӕллон ацы хъуыддаджы фӕдыл. Стӕй дӕ бон у, ӕмӕ йын цӕвиттонтӕй равдисай, хӕтындзинад-иу зӕрдӕрыст ӕмӕ мастмӕ куыд ӕркодта (2 Паддзахӕдты 13:1–33). Дӕ сывӕллонимӕ куы ныхас кӕнай ӕмӕ уый фӕрцы, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, уый куы ӕмбара ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ куы хъуыды кӕна, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ дын ӕнтысы Хуыцауы хъуыдытӕ сывӕллоны зонды ӕвӕрын. Фӕлӕ дӕ бон у ноджы фылдӕр саразын.

13. Сывӕллон цы хъуамӕ зона, цӕмӕй йӕ фӕнда Иегъовӕмӕ хъусын?

13 Хорз бакӕндзынӕ, дӕ сывӕллонӕн ӕрмӕст уый куы нӕ ӕмбарын кӕнай, Иегъовӕмӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд цы уыдзӕн, фӕлӕ ма нӕ митӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ куыд агайынц, уый дӕр. Фенын ын кӕн Библийӕ, Иегъовӕйы фӕнд куы нӕ феххӕст кӕнӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссын кӕнӕм (Псалом 77:41). Дӕ бон у, ӕмӕ йӕ бафӕрсай, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы фӕхъыг кӕнын дӕ цӕуылнӕ фӕнды, ӕмӕ йын бамбарын кӕнай: «Хуыцауы знаг, Сайтан, дзуры, мах Иегъовӕйӕн нӕхи пайдайы тыххӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ». Стӕй йын Иовы хабар ракӕн – уый кӕронмӕ иузӕрдион кӕй баззад, уымӕй Хуыцауы зӕрдӕйӕн стыр цин ӕрхаста ӕмӕ Сайтаны фидисты мӕнгдзинад сбӕлвырд кодта (Иов 1:9–11; 27:5). Дӕ сывӕллон хъуамӕ ӕмбара, йӕхи куыд дардзӕн, уымӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ кӕнӕ рухс кӕй кӕндзӕн, кӕнӕ – риссын (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм ахсджиаг хъуыдытӕ сывӕллӕттӕн ис ӕмбарын кӕнӕн чиныгӕй «Ахуыр кӕн Номдзыд Ахуыргӕнӕгӕй» *.

Зӕрдӕзӕгъгӕ ӕнтыстытӕ

14, 15. Чиныг «Номдзыд Ахуыргӕнӕг»-ӕй сывӕллӕтты зӕрдӕтӕ кӕцы сӕртӕ бацагайдтой?

14 Хорватийӕ иу лӕг йӕ фырты фыртимӕ кӕсы чиныг «Ахуыр кӕн Номдзыд Ахуыргӕнӕгӕй». Уый фыссы, лӕппу йын цы радзырдта: «Мамӕ мын цыдӕр аразын кодта, ӕмӕ мӕн та нӕ фӕндыди. Стӕй мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд чиныгӕй иу сӕр, „Коммӕгӕсдзинад – дӕ хъахъхъӕнӕг“, зӕгъгӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ мамӕмӕ бацыдтӕн ӕмӕ йын загътон, зӕгъын, дӕ коммӕ кӕсдзынӕн». «Цӕуылнӕ хъуамӕ сайӕм», зӕгъгӕ, уыцы сӕры фӕдыл та Флоридӕйӕ (АИШ) иу бинонтӕ загътой: «Ахӕм фарстытӕ дзы ис, ӕмӕ сывӕллӕттӕн дзурын кӕнынц, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый; ӕндӕр амалӕй кӕуыл нӕ басастаиккой, уыцы рӕдыдтытыл сӕ сӕттын кӕнынц».

15 Уыцы чиныджы ис 230 нывӕй фылдӕр, ӕмӕ дзы алы нывмӕ кӕнӕ къорд нывтӕм дӕр ис ӕмбарынгӕнӕн фыстытӕ. «Мӕ фырт бирӕ хатт нывтӕй йӕ цӕстытӕ нал фӕисы. Сыф афӕлдахын дӕр ӕй нал фӕфӕнды,– дзуры, чиныджы тыххӕй тынг чи фӕбузныг, иу ахӕм сылгоймаг.– Уыцы нывтӕ ӕрмӕст зӕрдӕмӕдзӕугӕ не сты, фӕлӕ ма зонд дӕр амонынц кӕнӕ та, кӕд уый нӕ, уӕддӕр, сывӕллӕтты фарстытӕ дӕттынмӕ цырен кӕнынц. Талынг уаты сывӕллон телевизормӕ кӕм кӕсы, уыцы нывы тыххӕй мӕ мӕ фырт бафарста, мамӕ, ацы лӕппу, дам, цы кусы? Ӕмӕ мӕ цы хъӕлӕсыуагӕй бафарста, уымӕй бӕрӕг уыди, кӕй йӕ ӕмбары: цыдӕр дзы раст нӕу». Нывмӕ та ис ахӕм ныхӕстӕ фыст: «Цыдӕриддӕр аразӕм, уый чи уыны?».

Ныры дуджы ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы амонын

16. Ныры дуджы сывӕллӕттӕн ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы амонын ӕмӕ цӕмӕн?

16 Сывӕллӕттӕ хъуамӕ зоной, сӕ ӕрдон уӕнгтӕ цӕй тыххӕй сты ӕмӕ цӕй тыххӕй не сты. Фӕлӕ ууыл дзурын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. Иу сылгоймаг, газеты кусӕг, ныффыста, зӕгъгӕ, ӕз схъомыл дӕн ахӕм дуджы, ӕрдон уӕнгтӕ амонӕг ныхӕстӕ дзурын ӕнӕгъдаудзинадыл нымад куы уыди. Йӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны тыххӕй уый фыссы: «Семӕ уыдӕттыл дзурын ӕфсӕрмы кӕнын, фӕлӕ уымӕ хъуамӕ мауал фӕкӕсон». Ӕцӕгдӕр, ныййарджытӕ ӕфсӕрмы куы кӕной ӕмӕ ахӕм фарстатыл сӕ сывӕллонимӕ куы нӕ ныхас кӕной, уӕд ӕй нӕ бахъахъхъӕндзысты. Хӕлд митӕ чи кӕны, уыдон пайда кӕнынц, сывӕллӕттӕ кӕй ницы зонынц, уымӕй. Чиныг «Ахуыр кӕн Номдзыд Ахуыргӕнӕгӕй» та ацы фарстатӕ ӕмбарын кӕны уӕзданӕй ӕмӕ ӕмбӕлон уагыл. Сывӕллӕттӕн сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы сусӕгахастдзинӕдты тыххӕй куы дзурӕм, уӕд уымӕй сӕ сыгъдӕг ӕгъдау нӕ фехӕлдзӕн, фӕлӕ сын куы нӕ дзурӕм, гъе уӕд сын ӕй, гӕнӕн ис, исчи фехала.

17. Куыд ӕххуыс кӕны ныййарджытӕн чиныг «Номдзыд Ахуыргӕнӕг» сӕ сывӕллӕттимӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сусӕгахастдзинӕдтыл ныхас кӕнынӕн?

17 Дӕсӕм сӕры дзырд цӕуы ӕвзӕр зӕдтыл, зӕхмӕ кӕй ӕрцыдысты ӕмӕ сын зӕнӕг кӕй фӕзынд. Уыцы сӕры сывӕллонмӕ ис ахӕм фарст: «Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сусӕгахастдзинӕдты тыххӕй цы зоныс?». Уыцы фарстӕн чиныджы ис хуымӕтӕг ӕмӕ уӕздан дзуапп. Дарддӕр 32-ӕм сӕр ӕмбарын кӕны, куыд ис сывӕллӕттӕн сӕхи бахъахъхъӕнӕн, семӕ хӕлд митӕ фӕкӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмӕй. Бирӕтӕ ныффыстой, ахӕм амындтӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуынц. Иу сылгоймаг ныффыста: «Амӕй размӕ къуыри мӕ фырт Яван сывӕллӕтты дохтырмӕ куы уыд, уӕд ӕй уый бафарста, зӕгъгӕ, ӕрдон уӕнгтӕй цы ис кӕнӕн ӕмӕ цы нӕй, ууыл хӕдзары искуы ныхас кодтат. Дохтыр тынг бадис кодта, уыцы фарстытӕ йын нӕ ног чиныджы фӕрцы кӕй бамбарын кодтам».

18. Куыд ӕмбарын кӕны чиныг «Номдзыд Ахуыргӕнӕг» паддзахадон символтӕн табу кӕныны хъуыддаг?

18 Чиныджы ӕндӕр сӕры та ныхас цӕуы Библийӕ иу цауыл – ӕртӕ ӕвзонг дзуттаг лӕппуйы, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго, Вавилоны кадӕн ӕвӕрд гуымирцыртӕн бакувын куыд не сразы сты, ууыл (Данелы 3:1–30). Ацы чиныджы цы дзырдӕуы, уый хыгъд иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, гуымирцыртӕн кувын ӕмӕ тырысайӕн табу кӕныны иумӕйагӕй мацы уыной. Фӕлӕ цымыдисаг у, фыссӕг Эдвард Гафни иу журналы уацхӕссӕгӕн цы радзырдта, уый. Йӕ чызг скъолайӕ фыццаг бон куы ’рбацыд, уӕд ын загъта, зӕгъгӕ, скъолайы ног куывд сахуыр кодтон. Фыд ын афтӕ, зӕгъгӕ, гъа-ма, радзур ӕй. «Йӕ къух йӕ зӕрдӕйыл авӕрдта,– загъта Гафни,– ӕмӕ уыцы сӕрыстырӕй райдыдта: „Ард хӕрын, ацы тырысайыл мӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзынӕн...“». Дарддӕр Гафни загъта: «Гъе уӕд бамбӕрстон – Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ раст уыдысты. Не скъолаты йӕ тӕккӕ райдианӕй зонды фидар кӕнынц паддзахадон „дины“ ӕгъдау – ӕнӕуӕлдайдзырд, ӕнӕкӕрон иузӕрдиондзинад» («U.S. Catholic»).

Цыфӕнды фыдӕбоны аргъ дӕр у

19. Сывӕллӕттӕ схъомыл кӕнын арфӕйаг хъуыддаг цӕмӕй у?

19 Дӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын, ай-гъайдӕр, цыфӕнды фыдӕбоны аргъ дӕр у. Канзасӕй (АИШ) иу сылгоймаг йӕ фыртӕй фыстӕг куы райста, уӕд йӕ цӕссыг ӕркалд. Йӕ фырт ӕм фыста: «Цӕй амондджын дӕн, афтӕ мӕ кӕй схъомыл кодтад, ӕмӕ удыхъӕдӕй фидар дӕн. Уӕллӕй, папӕимӕ раппӕлинаг стут» (Ӕмбисӕндтӕ 31:28). Чиныг «Ахуыр кӕн Номдзыд Ахуыргӕнӕгӕй» ноджыдӕр бирӕ ныййарджытӕн баххуыс кӕндзӕн сӕ сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кӕнын, ӕмӕ сӕ цот, сӕ зынаргъ бын, хъахъхъӕд уа.

20. Ныййарджыты рох кӕнын цы нӕ хъӕуы ӕмӕ сыл уый куыд хъуамӕ ӕндава?

20 Нӕ сывӕллӕттӕ уый аргъ сты, ӕмӕ сын нӕ рӕстӕг, нӕ рӕвдыд ӕмӕ нӕ хъарутӕй нӕ бон цы у, уый дӕттӕм. Сӕ сабибонтӕ афтӕ тагъд аивгъуыйынц! Гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, алкӕддӕр сӕ фарсмӕ ут ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнут. Никуы йыл фӕфӕсмон кӕндзыстут. Бирӕ уӕ уарздзысты. Макуы уӕ рох кӕнӕд, уӕ сывӕллӕттӕ уын сты Хуыцауы лӕвар. Уӕвгӕ, куыд зынаргъ бын сты! (Псалом 126:3–5). Уӕдӕ сӕ афтӕ хъомыл кӕнут, цыма уый тыххӕй Хуыцауӕн дзуапп дӕттут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у.

[Фиппаинаг]

^ 13 абз. Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (ис уырыссагау). Кӕс 40-ӕм сӕр, «Куыд ис Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕн».

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ныййарджыты абон уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы сӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнын?

• Цӕуыл ахуыр кӕнын хъӕуы сывӕллӕтты, цӕмӕй зондджынӕй архайой?

• Ныры дуджы уӕ уӕ сывӕллӕттимӕ ӕнӕмӕнгӕй цӕуыл хъӕуы ныхас кӕнын?

• Куыд баххуыс кодта чиныг «Номдзыд Ахуыргӕнӕг» ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24 фарсыл]

Кӕстӕртӕ, ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнут?

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Чиныг «Номдзыд Ахуыргӕнӕджы» нывтӕ ӕмӕ нывтӕм фыстытӕ сты ахадгӕ зондамонӕн мадзал.

Анани Петры куыд сайы?

Цыдӕриддӕр аразӕм, уый чи уыны?

[Ныв 27 фарсыл]

Ныййарджытӕ, цӕуыл ахуыр кӕнут Манойы цӕвиттонӕй?