Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕхи тыххӕй нал цӕрӕм

Нӕхи тыххӕй нал цӕрӕм

Нӕхи тыххӕй нал цӕрӕм

«Чырысти... ӕппӕты тыххӕй амард, цӕмӕй цӕрджытӕ сӕхи тыххӕй мауал цӕрой» (2 КОРИНФӔГТӔМ 5:15).

1, 2. Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджыты Фыстытӕй цавӕр фӕдзӕхст разӕнгард кодта сӕхицӕй иннӕтыл тынгдӕр тыхсын?

ЙЕСОЙЫ фӕстаг ӕхсӕв зӕххыл. Цалдӕр сахаты ма, ӕмӕ йӕ цард ратдзӕн, чидӕриддӕр ыл баууӕнда, уыдоны тыххӕй. Уыцы ӕхсӕв Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн дзырдта бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй. Уыимӕ ма сын бамбарын кодта, цавӕр миниуӕгӕй базонӕн уыдзӕн йӕ фӕдылдзӕуджыты. Йесо сын загъта: «Ног фӕдзӕхст дӕттын сымахӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзат; Ӕз сымах куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр уарзут кӕрӕдзийы; уымӕ гӕсгӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн» (Иоанны 13:34, 35).

2 Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕрӕдзийы удуӕлдайӕ уарзынц ӕмӕ сӕхицӕй се ’мчырыстӕттыл тынгдӕр тыхсынц. Уыдон хъуамӕ цӕттӕ уой сӕ уд сӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау раттынмӕ (Иоанны 15:13). Фыццаг чырыстӕттӕ уыцы ног фӕдзӕхст куыд ӕххӕст кодтой? II ӕнусы фыссӕг Тертуллиан йӕ зындгонд куысты, «Апологи», зӕгъгӕ, ӕрхаста чырыстӕтты кой чи кодта, уыдоны ныхӕстӕ: «Кӕс ма, куыд тынг уарзынц сӕ кӕрӕдзи, кӕрӕдзийы тыххӕй мӕлынмӕ дӕр цӕттӕ куыд сты».

3, 4. а) Хиуарзондзинадимӕ тох кӕнын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Цӕуыл ӕрдзурдзыстӕм ацы статьяйы?

3 Мах дӕр хъуамӕ «хӕссӕм кӕрӕдзийы уӕргътӕ ӕмӕ ахӕм хуызы сӕххӕст кӕнӕм Чырыстийы закъон» (Галатӕгтӕм 6:2). Фӕлӕ, Чырыстийы закъон ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй уарзынӕн ӕмӕ иннӕты нӕхи хуызӕн уарзынӕн иууыл стырдӕр цӕлхдуртӕй иу у хиуарзондзинад (Матфейы 22:37–39). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхиуыл тынгдӕр мӕт кӕнӕм. Стӕй ма ӕрвылбоны сагъӕстӕ, скъолайы кӕнӕ куысты ӕзхуыздӕруоны зӕрдӕйы уаг ӕмӕ цардамӕлттӕ кӕнын – ӕппӕт уыдӕттӕй, нӕ туджы цы хиуарзондзинад рахастам, уый стынг вӕййы. Хиуарзондзинад нӕ сӕфы. Апостол Павел фӕдзӕхста: «Фӕстаг бонты... адӕм суыдзысты хиуарзон» (2 Тимофеймӕ 3:1, 2).

4 Йесо йӕ зӕххон лӕггады кӕрон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта ӕртӕ къахдзӕфы, цӕмӕй хиуарзон ма уой. Уыцы къахдзӕфтӕ цавӕртӕ сты ӕмӕ нын цы ахъаз фӕуыдзысты?

Хиуарзондзинады ныхмӕ хос!

5. Цӕгат Галилейы хъусынгӕнгӕйӕ, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта ӕмӕ арвы цӕфау цӕмӕн фесты?

5 Йесо хъусын кодта цӕгат Галилейы Филиппы Кесаримӕ хӕстӕг. Ацы сабыр, рӕсугъд ран, гӕнӕн ис, адӕймаг фылдӕр хъуыды кодтаид, йӕхи рауӕлдай кӕныныл нӕ, фӕлӕ рӕстӕг арвитыныл. Фӕлӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн растдӕр ам загъта, кӕй йӕ хъӕуы «ацӕуын Иерусалиммӕ, ӕмӕ бирӕ фӕхъизӕмар кӕндзӕн хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр сауджынтӕй, ӕмӕ чиныджы дӕснытӕй, ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн» (Матфейы 16:21). Ацы ныхӕстӕй арвы цӕфау куыннӕ фӕуыдаиккой Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ! Уымӕн ӕмӕ сӕ уӕдмӕ ныфс уыди, сӕ Разамонӕг зӕххыл йӕ Паддзахад кӕй ӕрӕвӕрдзӕн (Лукайы 19:11; Куыстытӕ 1:6).

6. Йесо Петрӕн карзӕй цӕмӕн бауайдзӕф кодта?

6 Петр уайтагъд Йесойы «иуварс акӕнгӕйӕ, райдыдта ныхмӕ дзурын Уымӕн: фӕтӕригъӕд кӕн Дӕхицӕн, Хицау! ма уӕд уый Дӕуимӕ!» Йесо йын цавӕр дзуапп радта? «Уый та, аздӕхгӕйӕ, загъта Петрӕн: ацу Мӕнӕй, хӕйрӕг! ды дӕ Мӕнӕн рӕдийынгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ хъуыды кӕныс уый тыххӕй нӕ, Хуыцауы цы у, фӕлӕ адӕймаджы цы у» (Матфейы 16:22, 23). Цӕй тынг хицӕн кодта ацы дыууӕ адӕймагӕн сӕ зондахаст! Хуыцау Йесойӕн цы удуӕлдай фӕндагыл цӕуын бахӕс кодта, ууыл барвӕндонӕй сразы. Уыцы фӕндаг ӕй хъуамӕ ӕркодтаид цалдӕр мӕйы фӕстӕ хъизӕмӕртты цӕджындзыл мӕлӕтмӕ. Петр та йын дзырдта йӕ уд бавӕрыны, ӕнцон фӕндагыл цӕуыны тыххӕй. «Фӕтӕригъӕд кӕн Дӕхицӕн»,– загъта уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Петры Йесойы хорз фӕндыд. Фӕлӕ йын Йесо бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ Петр Сайтанӕн бар радта йӕ зондыл бандавынӕн. Петр «Хуыцауы зондыл хӕст нӕ уыд, фӕлӕ адӕймаджы» («Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ», англ.).

7. Матфейы 16:24 ныхӕстӕм гӕсгӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр къахдзӕфты кой кодта?

7 Петр Йесойӕн цы загъта, уый абон дӕр фехъусӕн ис. Ацы дуне арӕх адӕймаджы фӕамидин кӕны, «фӕтӕригъӕд кӕн дӕхицӕн» кӕнӕ «дӕхи ма тыхсын кӕн», зӕгъгӕ. Йесо та дзырдта бынтон ӕндӕр зондахастыл. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕд искӕйы фӕнды Мӕн фӕстӕ цӕуын, дӕхиуыл ӕвдисӕн бакӕн ӕмӕ райс дӕ дзуар ӕмӕ рацу Мӕ фӕстӕ» (Матфейы 16:24). Иу чиныджы дзырдӕуы: «Ацы ныхӕстӕ уымӕ нӕ хонынц, ӕмӕ адӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Уыдон здӕхт сты, Чырыстийы ныхӕстӕм чи байхъуыста ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг чи сси, уыдонмӕ, ӕмӕ сӕ разӕнгард кӕнынц, йӕ ахуыргӕнинаг уай, уый цы нысан кӕны, ууыл ахъуыды кӕнынмӕ» («The New Interpreter’s Bible»). Ацы стихы Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уырнджытӕ хъуамӕ саразой ӕртӕ къахдзӕфы. Цӕй ӕмӕ дзы алкӕцымӕдӕр хицӕнӕй ӕркӕсӕм.

8. Бамбарын кӕн, цы нысан кӕны хиуыл ӕвдисӕн бакӕнын.

8 Фыццаджыдӕр, мах хъуамӕ нӕхиуыл ӕвдисӕн бакӕнӕм. «Хиуыл ӕвдисӕн бакӕнын»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд нысан кӕны барвӕндонӕй «нӕ» зӕгъын хиуарзон фӕндтӕ, йе та хи уды ӕхсызгондзинӕдтӕн. Хиуыл ӕвдисӕн бакӕнын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ иуӕй-иу хатт нӕхи исты хорздзинадӕй фӕцух кӕнӕм; нӕдӕр уый, ӕмӕ царды хорздзинӕдтӕй нӕхи бынтондӕр цух кӕнӕм, иунӕгӕй цӕрӕм, йе та нӕхицӕн исты зиан ракӕнӕм. Мах «нӕхи нал стӕм», нӕ бар нӕхиуыл уыцы хуызы нал цӕуы, ӕмӕ барвӕндонӕй нӕ цард ӕгасӕй дӕр дӕттӕм Иегъовӕйӕн (1 Коринфӕгтӕм 6:19, 20). Нӕхи мӕт нӕ кӕнӕм, фӕлӕ нын сӕйраг у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Хиуыл ӕвдисӕн бакӕнын нысан кӕны, Хуыцауы фӕндон фӕндфидарӕй ӕххӕст кӕнынмӕ тырнын, кӕд нӕ не ’нӕххӕст зӕрдӕ ӕндӕрырдӕм кӕны, уӕддӕр. Нӕхи ӕгасӕй дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн кӕй дӕттӕм, уый ӕвдисӕм, нывонддзырд кӕй радтам ӕмӕ донаргъуыд кӕй райстам, уымӕй. Уый фӕстӕ нӕ царды кӕронмӕ архайӕм нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын.

9. а) Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд хъизӕмӕртты цӕджындз цӕмӕ амыдта? ӕ) Махӕн цыхуызы райсын у нӕ бон нӕ хъизӕмӕртты цӕджындз?

9 Дыккаг та уый, ӕмӕ мах хъуамӕ райсӕм нӕ дзуар, ома нӕ «хъизӕмӕртты цӕджындз» (НД). Фыццаг ӕнусы хъизӕмӕртты цӕджындз амыдта хъизӕмӕрттӕ, худинаг ӕмӕ мӕлӕт. Фылдӕр хатт хъизӕмӕртты цӕджындзыл ӕрмӕстдӕр фыдгӕнджыты мардтой кӕнӕ та йыл сӕ мӕрдты ауыгътой. Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, алы чырыстон дӕр, дунейӕ кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕттӕ уа фӕдылзылд, ӕнӕуынондзинад, ӕмӕ суанг мӕлӕт бавзарынмӕ дӕр (Иоанны 15:18–20). Чырыстон уагӕвӕрдтӕ мах хицӕн кӕнынц дунейӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дуне нӕ «фыдкой кӕны» (1 Петры 4:4). Гӕнӕн ис, ахӕм уавӕртыл сӕмбӕлӕм скъолайы, куысты, йе та суанг нӕ бинонты ӕхсӕн дӕр (Лукайы 9:23). Фӕлӕ уӕддӕр махӕн нӕ бон у дунейы ӕнӕуынон ахаст сфӕразын, уымӕн ӕмӕ нӕхи уды дзӕбӕхӕн нал цӕрӕм. Йесо загъта: «Тӕхудиаг стут сымах, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ сурой, ӕмӕ ӕнаххосӕй уӕ фыдкой куы кӕной Мӕн тыххӕй. Цин кӕнут ӕмӕ хъӕлдзӕг ут, уымӕн ӕмӕ стыр у уӕ лӕвар уӕлӕрвты» (Матфейы 5:11, 12). Ӕцӕгдӕр, Хуыцау дӕ райгонд уа, уымӕй хуыздӕр цы ис?

10. Цы нысан кӕны ӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуын?

10 Ӕртыккаг, Йесо Чырысти загъта мах кӕй хъуамӕ цӕуӕм йӕ фӕстӕ, «ӕдзух цӕуӕм йӕ фӕдыл» (НД). У. Е. Вайны дзырдуатмӕ гӕсгӕ «цӕуын»-ӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой, уый уымӕ амоны, ӕмӕ адӕймаг ӕмбӕлццон у, ома кӕимӕдӕр «уыцы иу фӕндагыл цӕуы» («An Expository Dictionary of New Testament Words»). 1 Иоанны 2:6 (НФ) дзырдӕуы: «Чи зӕгъы: Ӕз дӕн [Хуыцауимӕ] ӕмдзинады! – ахӕм хъуамӕ кӕна, Уый [Чырысти] куыд кодта, афтӕ». Йесо куыд кодта? Йесо йӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ хиуарзон нӕ уыд. «Чырысти дӕр йӕхи удыдзӕбӕхӕн... нӕ царди»,– ныффыста Павел (Ромӕгтӕм 15:3, НФ). Йесо-иу суанг фӕллад ӕмӕ ӕххормаг куы уыд, уӕддӕр-иу йӕхицӕй тынгдӕр тыхсти иннӕтыл (Маркы 6:31–34). Стӕй ма Йесо йӕхи ӕгасӕй дӕр лӕвӕрдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынӕн. Уӕдӕ мах дӕр, зынгзӕрдӕйӕ нӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнгӕйӕ – ӕппӕт адӕмтӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ, Йесо цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый ӕххӕст кӕнын сӕ ахуыр кӕнгӕйӕ – хъуамӕ Йесойы ма фӕзмӕм? (Матфейы 28:19, 20). Чырысти нын дӕнцӕг ныууагъта ӕмӕ мах хъуамӕ «цӕуӕм Йӕ къахфӕдтыл» (1 Петры 2:21).

11. Цӕмӕн у ахсджиаг хиуыл ӕвдисӕн бакӕнын, хъизӕмӕртты цӕджындз райсын ӕмӕ ӕдзух Чырыстийы фӕдыл цӕуын?

11 Тынг ахсджиаг нын у хиуыл ӕвдисӕн бакӕнын, хъизӕмӕртты цӕджындз райсын ӕмӕ ӕдзух Чырыстийы фӕдыл цӕуын. Ацы ӕртӕ къахдзӕфы нын ӕххуыс кӕнынц тох кӕнын хиуарзондзинадимӕ – удуӕлдай уарзтӕн цӕлхдур цы у, уыимӕ. Уымӕй уӕлдай ма Йесо загъта: «Кӕй фӕнды йӕ уды бахъахъхъӕнын, уый йӕ фесафдзӕн; фӕлӕ чи фесафа йӕ уды Мӕн тыххӕй, уый йӕ ссардзӕн; цы пайда у адӕймагӕн, ӕппӕт дуне йӕхи куы бакӕна, йӕ удӕн та зиан куы ракӕна? кӕнӕ цавӕр аргъ ратдзӕн адӕймаг йӕ уды тыххӕй?» (Матфейы 16:25, 26).

Нӕ бон нӕу дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕнын

12, 13. а) Йесойӕ уынаффӕ чи куырдта, уыцы ӕвзонг хицауы цы тыхсын кодта? ӕ) Цы бауынаффӕ кодта Йесо лӕппулӕгӕн ӕмӕ цӕмӕн?

12 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загъта, ахсджиаг кӕй у хиуыл ӕвдисӕн бакӕнын, уымӕй йӕм цалдӕр мӕйы фӕстӕ ӕрбацыд хъӕздыг ӕвзонг хицау ӕмӕ загъта: «Ахуыргӕнӕг! цы бакӕнын хъӕуы мӕн хорзӕй, цӕмӕй мын уа мыггагмӕйы цард?» Йесо йын дзуапп радта, зӕгъгӕ, «ӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ» ӕмӕ дзы цалдӕр ранымадта. Лӕппулӕг загъта: «Уыдон ӕппӕтдӕр бахъахъхъӕдтон». Куыд зыны, афтӕмӕй ӕвзонг хицау уыди сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ ӕцӕгдӕр архайдта Закъоны фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бафарста: «Цы хъуаг ма дӕн?» Дзуаппӕн ын Йесо загъта диссаджы ныхӕстӕ: «Кӕд дӕ фӕнды ӕххӕст уӕвын [«алцыдӕр сӕххӕст кӕнын», «New American Standard Bible»], ацу, ауӕй кӕн дӕ мулк ӕмӕ байуар мӕгуыргуртӕн; ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзнатӕ уӕлӕрвты; ӕмӕ ӕрцу ӕмӕ цу Мӕ фӕстӕ» (Матфейы 19:16–21).

13 Йесо уыдта, цӕмӕй ацы лӕппулӕг Иегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕна, уый тыххӕй йӕ кӕй хъӕуы фервӕзын, цы йӕ къуылымпы кӕны, уымӕй – йӕ хъӕздыгдзинадӕй. Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинагӕн йӕ бон нӕу дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕнын. Уымӕн «йӕ бон нӕу кусын Хуыцауӕн ӕмӕ маммонӕн [хъӕздыгдзинадӕн]» (Матфейы 6:24). Уый хъуамӕ йӕ цӕст сыгъдӕг, хуымӕтӕг дара, ома Хуыцауы хъуыддӕгтӕм здӕхт уа (Матфейы 6:22). Адӕймаг йӕ мулкӕй фервӕза ӕмӕ йӕ мӕгуыртӕн байуара, уый у удуӕлдайдзинад. Ӕвзонг хицау йӕхи ӕнӕхай цы мулкӕй фӕкодтаид, уый бӕсты Йесо йын лӕвӕрдта, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм фадат – уӕлӕрвты хӕзна ӕрӕмбырд кӕнын. Уыцы хӕзна уыди ӕнусон цард ӕмӕ, ӕппынфӕстаг та, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ хицауиуӕг кӕнын. Лӕппулӕг йӕхиуыл ӕвдисӕн бакӕнынмӕ цӕттӕ нӕ уыд ӕмӕ «ӕнкъардӕй ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕм уыд бирӕ мулк» (Матфейы 19:22). Фӕлӕ Йесойы иннӕ фӕдылдзӕуджытӕ афтӕ нӕ бакодтой.

14. Йесо цыппар кӕсагахсӕджы йӕ фӕдыл цӕуынмӕ куы фӕхуыдта, уӕд цы бакодтой?

14 Ацы хабарӕй иу-дыууӕ азы размӕ Йесо ахӕм ныхӕстӕ загъта цыппар кӕсагахсӕгӕн: Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннӕн. Уыцы рӕстӕг дыууӕйӕ кӕсаг ахстой, иннӕ дыууӕ та сӕ хызтӕ ӕмпъызтой. Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕстӕ, ӕмӕ Ӕз скӕндзынӕн сымах адӕймӕгты ахсджытӕ». Фӕстагмӕ цыппарӕй дӕр сӕ кӕсагахсыны куыст ныууагътой ӕмӕ суанг сӕ царды кӕронмӕ Йесойы фӕдыл цыдысты (Матфейы 4:18–22).

15. Иу Иегъовӕйы Ӕвдисӕн Йесойы фӕдыл цӕуыны тыххӕй йӕхи цӕмӕй фӕцух кодта?

15 Бирӕ чырыстӕттӕ абон фӕзмынц хъӕздыг ӕвзонг хицауы нӕ, фӕлӕ цыппар кӕсагахсӕджы. Уыдон, ацы дуне сын цы хъӕздыгдзинад ӕмӕ цы кад хъары, ууыл сӕ къух систой, цӕмӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕной. «22 азы мыл куы цыд, уӕд ахсджиаг хъуыддаг аскъуыддзаг кодтон,– зӕгъы Деборӕ.– Библи ахуыр кодтон ӕхсӕз мӕйы дӕргъы ӕмӕ мӕ фӕндыд мӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кӕнын, фӕлӕ мӕ бинонтӕ тынг ныхмӕ уыдысты. Уыдон уыдысты фырхъӕздыг ӕмӕ сӕм афтӕ касти, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн куы суон, уӕд фегад уыдзысты. 24 сахаты мын радтой, цӕмӕй равзарон хъӕздыг цард кӕнӕ ӕцӕгад. Загътой мын, Ӕвдисӕнты куы нӕ ныууадзон, уӕд мӕ сӕ бынтӕй ӕнӕхай фӕкӕндзысты. Иегъовӕ мын баххуыс кодта раст уынаффӕ рахӕссынӕн ӕмӕ мын тых дӕр радта афтӕ бакӕнынӕн. 42 азы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын ӕмӕ ӕппындӕр ницӕуыл фӕсмон кӕнын. Хиуарзон, ӕнцой царды уавӕртӕ кӕй ныууагътон, уымӕ гӕсгӕ хызт дӕн, мӕ бинонтӕй иуӕй-иутӕм сӕ цард куыд ницы кӕсы ӕмӕ сӕхи куыд ӕнамонд хатынц, уыцы ӕнкъарӕнтӕй. Мӕ моимӕ сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕрӕн баххуыс кодтам ӕцӕгад ссарынӕн. Хуыцауы базонынӕн кӕмӕн баххуыс кодтам, уыдон нын хи хъӕбулты хуызӕн сты ӕмӕ нын цыфӕнды хъӕздыгдзинӕдтӕй дӕр бирӕ зынаргъдӕр сты». Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй милуантӕ афтӕ хъуыды кӕнынц. Ды та?

16. Нӕхи тыххӕй кӕй нал цӕрӕм, уый куыд равдисӕн ис?

16 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй минты «сӕхи тыххӕй цӕрын» кӕй нал фӕндыд, уый сӕ сразӕнгард кодта пионертӕй, йе та Хуыцауы Паддзахады ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджытӕй, лӕггад кӕнынмӕ. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны фадат кӕмӕн нӕй, уыдон та ӕвдисынц пионеры зӕрдӕйы уаг ӕмӕ сӕ бон хуыздӕрӕй цы у, уымӕй ӕххуыс кӕнынц Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн. Ныййарджытӕ дӕр ахӕм зӕрдӕйы уаг ӕвдисынц, сӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕхи куы рауӕлдай кӕнынц, уӕд. Махӕй алкӕмӕн дӕр алыхуызӕтты у нӕ бон ӕвдисын, Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты кӕй ис, уый (Матфейы 6:33).

Кӕй уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны?

17. Цӕмӕй нӕхи тыххӕй мауал цӕрӕм, уымӕ нӕ цы разӕнгард кӕны?

17 Удуӕлдай уарзты фӕндагыл цӕуын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, цы нӕ разӕнгард кӕны уымӕ. Павел фыста: «Чырыстийы уарзондзинады мидӕг уыдзыстӕм мах, афтӕ чи хъуыды кӕны: ...иу амард ӕппӕты тыххӕй... Чырысти та ӕппӕты тыххӕй амард, цӕмӕй цӕрджытӕ сӕхи тыххӕй мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй амӕлӕг ӕмӕ райгасуӕвӕгӕн» (2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15). Чырыстийы уарзондзинады мидӕг стӕм, ома нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕхи тыххӕй мауал цӕрӕм. Цӕй стыр разӕнгардгӕнӕг тых у! Кӕд Чырысти мах тыххӕй амард, уӕд мах йӕ разы хӕсджын не стӕм, цӕмӕй уый тыххӕй цӕрӕм? Уӕдӕ нӕ Хуыцау ӕмӕ Чырысти тынг кӕй уарзынц, уымӕй сӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны нӕ цард Хуыцауӕн снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл цӕуынмӕ (Иоанны 3:16; 1 Иоанны 4:10, 11).

18. Удуӕлдай цард дзӕгъӕлы цӕуылнӕ у?

18 Нӕхи тыххӕй куы нал цӕрӕм, уӕд нын уый цы ахъаз фӕуыдзӕн? Хъӕздыг ӕвзонг хицауӕн Чырысти цы фадат радта, ууыл куы не сразы ӕмӕ куы ацыд, уӕд Петр Йесойӕн загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам ӕппӕтдӕр ӕмӕ ацыдыстӕм Дӕ фӕстӕ; цы уыдзӕнис махӕн?» (Матфейы 19:27). Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ ӕцӕгдӕр сӕхиуыл ӕвдисӕн бакодтой. Цы хорзӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Фыццаджыдӕр Йесо дзырдта, цы кад сӕм ӕрхауд, ууыл: йемӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕнын (Матфейы 19:28). Йесо ма бамбарын кодта, йӕ фӕдыл чидӕриддӕр рацӕуа, уыдон цы арфӕдзинӕдтӕ райсдзысты. Уый загъта: «Нӕй ахӕм, кӕцы ныууадза йӕ хӕдзар, кӕнӕ ӕфсымӕрты, кӕнӕ хоты, кӕнӕ фыды, кӕнӕ мады, кӕнӕ усы, кӕнӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ зӕххытӕ, Мӕн ӕмӕ Евангелийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ райса ныр... сӕдӕ хатты фылдӕр... ӕмӕ ӕрцӕуинаг дуджы та мыггагмӕйы цард» (Маркы 10:29, 30). Нывондӕн цы ӕрхӕссӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр райсӕм. Цымӕ нын ӕцӕгады цы фыдӕлтӕ, мадӕлтӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ ис, уыдон, Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд нӕ къух цӕуыл систам, уымӕй бирӕ зынаргъдӕр не сты? Йӕ цардӕй тынгдӕр райгонд чи уыд – Петр ӕви хъӕздыг ӕвзонг хицау?

19. а) Ӕцӕг амонд цӕуыл баст у? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл ӕрдзурдзыстӕм?

19 Йесо йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй равдыста, адӕймаг амондджын кӕй вӕййы, хиуарзон куы уа, уӕд нӕ, фӕлӕ куы дӕтта ӕмӕ иннӕтӕн куы лӕггад кӕна (Матфейы 20:28; Куыстытӕ 20:35). Нӕхи тыххӕй куы нал цӕрӕм ӕмӕ ӕдзух Чырыстийы фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд ныр дӕр уыдзыстӕм тынг зӕрдӕрухс ӕмӕ фидӕны та цӕрдзыстӕм ӕнустӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхиуыл ӕвдисӕн куы бакӕнӕм, уӕд Иегъовӕ свӕййы нӕ Хицау. Афтӕмӕй свӕййӕм Хуыцауы цагъартӕ. Ахӕм цагъарад арфӕйаг цӕмӕн у? Царды цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдоныл уый куыд фӕзыны? Ацы фарстытыл ӕрдзурдзыстӕм иннӕ статьяйы.

Бахъуыды кодтай?

• Хиуарзондзинадимӕ цӕмӕн хъуамӕ тох кӕнӕм?

• Цы нысан кӕны хиуыл ӕвдисӕн бакӕнын, нӕ хъизӕмӕртты цӕджындз райсын ӕмӕ ӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуын?

• Цӕмӕй нӕхи тыххӕй мауал цӕрӕм, уымӕ нӕ цы разӕнгард кӕны?

• Удуӕлдай цард дзӕгъӕлы цӕуылнӕ у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

«Фӕтӕригъӕд кӕн Дӕхицӕн, Хицау».

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уарзондзинад разӕнгард кӕны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынмӕ.