Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ сывӕллӕттӕ – зынаргъ бын

Нӕ сывӕллӕттӕ – зынаргъ бын

Нӕ сывӕллӕттӕ – зынаргъ бын

«Мӕнӕ Хицауӕй бын: сывӕллӕттӕ; Уымӕй лӕвар – хуылфы дыргъ» (ПСАЛОМ 126:3).

1. Куыд райгуырд фыццаг сывӕллон?

ИЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куыд сфӕлдыста, уый фӕрцы ӕрцыд диссаг – Адам ӕмӕ Евӕ, фыд ӕмӕ мад, дыууӕ дӕр сӕ хай бахастой, цӕмӕй сӕвзӕрдаид иу чырӕг, ӕмӕ уымӕй Евӕйы зӕнӕгдоны сырӕзт ног адӕймаг, фыццаг сывӕллон (Уӕвынад 4:1). Уӕдӕй абоны онг сывӕллоны сӕвзӕрд ӕмӕ райгуырд адӕймаджы дисы ӕфтауы, ӕмӕ йӕ бирӕтӕ «диссаг» йеддӕмӕ ӕндӕр дзырдӕй нӕдӕр хонынц.

2. Сылгоймаджы хуылфы сывӕллон куыд сырӕзы, уый диссаг схонӕн цӕмӕн ис?

2 Мад ӕмӕ фыд ӕмуд кӕй ӕрцӕуынц, уый фӕрцы мады хуылфы цы чырӕг сӕвзӕры, уымӕй иу 270 бонмӕ сырӕзы сывӕллон – йӕ буар конд вӕййы триллионгай чырӕгтӕй. Фыццаг чырӕгӕн йӕ мидӕг «фыст» вӕййы «амындтӕ», 200 хуызӕй фылдӕр ӕндӕрхуызон чырӕгтӕ куыд аразгӕ сты, уымӕн. Уыцы «амындтӕ» афтӕ диссаг сты, ӕмӕ сӕ адӕймаджы зонд ахсгӕ дӕр нӕ кӕны. Уыдонмӕ гӕсгӕ уыцы вазыгджын арӕзт чырӕгтӕ рӕзынц бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг рауайы ног цӕргӕ уд!

3. Бирӕтӕ афтӕ цӕмӕн зӕгъынц, ӕмӕ, ног адӕймаг кӕй райгуыры, уый Хуыцауы фӕрцы у?

3 Дӕумӕ гӕсгӕ, мады гуыбыны сывӕллон кӕй фӕрцы сырӕзы? Ӕнӕдызӕрдыгӕй, цард чи радта, уый фӕрцы. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Базонут, Хуыцау Иегъовӕ кӕй у, уый. Уый мах сфӕлдыста, ӕмӕ Йӕ бындур стӕм мах» (Псалом 99:3, МГТ). Ныййарджытӕ, сымах, ай-гъайдӕр, зонут, уӕ ноггуырд хъӕбул, уӕ хуры тын, дунемӕ уе ’мбисонды курдиӕтты фӕрцы кӕй нӕ рантыст. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн, ӕгӕрон зонды хицауӕн, у йӕ бон ахӕм диссаджы хуызы сфӕлдисын ног адӕймаджы. Миназты дӕргъы ӕмбаргӕ адӕм нымадтой ӕмӕ нымайынц, мады гуыбыны сывӕллон кӕй сырӕзы, уый Дунескӕнӕджы фӕрцы кӕй у. Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? (Псалом 138:13–16).

4. Адӕймагӕй уӕлдай, Иегъовӕмӕ цавӕр аипп нӕй ӕрхӕссӕн?

4 Фӕлӕ цымӕ Иегъовӕ уазалзӕрдӕ Сфӕлдисӕг у? Ома, нӕлгоймагӕн ӕмӕ сылгоймагӕн цот уадзыны хъомыс радта, дарддӕр цы уа, уый та йын уӕлдай нӕу? Адӕмӕй иуӕй-иутӕ сты уазалзӕрдӕ, фӕлӕ Иегъовӕйӕ уый зӕгъӕн нӕй (Псалом 77:38–40). Библийы, Псаломы 126:3 кӕсӕм: «Мӕнӕ Хицауӕй бын: сывӕллӕттӕ; уымӕй лӕвар – хуылфы дыргъ». Ӕркӕсӕм уӕдӕ, цы у бын ӕмӕ цӕй ӕвдисӕн у.

Бын ӕмӕ лӕвар

5. Сывӕллӕтты бын схонӕн цӕмӕн ис?

5 Бын лӕварӕй уӕлдай нӕу. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн бын ныууадзыны тыххӕй арӕх сӕхиуыл куыстӕй нӕ фӕауӕрдынц. Бынӕн ныууадзынц ӕхца, исбон кӕнӕ зынаргъ фӕллой. Цыфӕнды ма уӕд, уымӕй равдисынц, сӕ цоты кӕй уарзынц. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцау ныййарджытӕн сывӕллӕттӕ радта бынӕн. Уыдон сты, йе стыр уарзтӕй сын кӕй схай кодта, уыцы лӕвар. Кӕд ды дӕр ныййарӕг дӕ, уӕд дӕ бон уый зӕгъын у, ӕмӕ дӕ митӕй, дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, дӕ гыццыл хурты Дунесфӕлдисӕджы лӕварыл кӕй нымайыс?

6. Хуыцау адӕмӕн цот уадзыны хъомыс цӕмӕн радта?

6 Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн уыцы лӕвар уымӕн радта, цӕмӕй сӕ байзӕддӕгтӕй зӕхх байдзаг уыдаид (Уӕвынад 1:27, 28; Исай 45:18). Иегъовӕ милуангай зӕдты куыд сфӕлдыста,– алкӕцыйы дӕр хицӕнӕй,– афтӕ алы адӕймаджы хицӕнӕй не скодта (Псалом 103:4; Раргомад 4:11). Хуыцау адӕмы сфӕлдыста сӕхи хуызӕн цот уадзыны хъомысимӕ. Ног удӕн цард раттын ӕмӕ йӕ хъомыл кӕнын, уый мад ӕмӕ фыдӕн цӕй диссаджы кад у! Ныййарджытӕ, Иегъовӕ уын ахӕм зынаргъ бын кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг стут?

Йесойӕ ахуыр кӕнут

7. Иуӕй-иу ныййарджытӕй уӕлдай, Йесо «адӕймаджы фырттыл» зӕрдӕйӕ кӕй уыд, уый куыд равдыста?

7 Хъыгагӕн, ныййарджытӕй алчи сывӕллоны лӕварыл нӕ нымайы. Бирӕтӕ сӕ цотыл фаг нӕ узӕлынц. Ахӕм ныййарджыты ахаст Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырты ахастӕй дард лӕууы (Псалом 26:10; Исай 49:15). Уыдонӕй уӕлдай, Йесо кӕстӕртыл зӕрдӕйӕ уыди. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, зӕхмӕ куы нӕма ’рцыд,– уӕлӕрвты хъомысджын зӕд куы уыд,– уӕд дӕр, йӕ «зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ цы уыд, уый баст уыд адӕймаджы фырттимӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 8:31). Адӕмы ахӕм стыр уарзтӕй уарзта, ӕмӕ йӕ цард ахӕстаргъӕн раттын нӕ бавгъау кодта – цӕмӕй махӕн нӕ бон уа ӕнусон цард райсын (Матфейы 20:28; Иоанны 10:18).

8. Йесо ныййарджытӕн цавӕр хорз дӕнцӕг ныууагъта?

8 Зӕххыл уӕвгӕйӕ, Йесо ныййарджытӕн ныууагъта диссаджы хорз дӕнцӕг. Ӕркӕсӕм ма йӕм. Йесо-иу тынг ӕнӕвдӕлон кӕнӕ тынг тыхст уӕвгӕйӕ дӕр сабитӕн рӕстӕг ссардта. Базары фӕзы-иу куы хъазыдысты, уӕд сӕм-иу каст, ӕмӕ-иу стӕй исты куы амыдта, уӕд-иу сын сӕ митӕ цӕвиттонӕн ӕрхаста (Матфейы 11:16, 17). Йесо Иерусалиммӕ фӕстаг хатт куы цыд, уӕд ӕй зыдта, хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты. Ӕмӕ йӕм адӕм сӕ сабиты куы хастой, феной йӕ, зӕгъгӕ, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йесойы уӕлдай тыхстӕй бахизыны тыххӕй, сывӕллӕтты хӕстӕг нӕ уагътой. Фӕлӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бауайдзӕф кодта. Сабитӕ йӕ «зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ» кӕй уыдысты, уый бамбарын кӕнынӕн загъта: «Уадзут сывӕллӕтты Мӕнмӕ цӕуын ӕмӕ сӕ ма уромут, уымӕн ӕмӕ ахӕмты у Хуыцауы Паддзахад» (Маркы 10:13, 14).

9. Цы аразӕм, уый, цы дзурӕм, уымӕй ахсджиагдӕр цӕмӕн у?

9 Йесойы дӕнцӕг махӕн у зонды хос. Нӕ сывӕллӕттӕ нӕм истӕй тыххӕй куы ’рбауайынц, уӕд куыд бакӕнӕм, куы нӕ нӕ февдӕлы, уӕд дӕр? Йесо куыд бакодта, афтӕ? Сывӕллӕтты цы хъӕуы, уӕлдайдӕр та сӕ ныййарджытӕй, уый – Йесо сын цы нӕ хӕлӕг кодта: рӕстӕг ӕмӕ хъусдард. Раст у, сывӕллонӕн, «ӕз дӕ бирӕ уарзын», зӕгъгӕ, ахӕм ныхӕстӕ дзурын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Фӕлӕ хъуыддӕгтӕ ныхӕстӕй фылдӕрыл дзурӕг сты. Дӕ уарзондзинад, цы дзурыс, уымӕй уыйас нӕ зыны, цы аразыс, уымӕй цас зыны: дӕ хъӕбултӕн цы рӕстӕг, цы хъусдард, цы рӕвдыд хай кӕныс, уымӕй. Уӕвгӕ, ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ къухы бирӕ ма бафта, ӕмӕ кӕд бафта, уӕддӕр, ды куыд ӕнхъӕл уыдтӕ, афтӕ тагъд нӕ. Ам фӕразондзинад хъӕуы. Фӕразондзинадыл та сахуыр уыдзыстӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕхи куыд дардта, уый фӕзмгӕйӕ.

Йесойы фӕразондзинад ӕмӕ уарзондзинад

10. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕрныллӕгдзинады тыххӕй зонд куыд бацамыдта ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ бамбӕрстой ӕви нӕ?

10 Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ арӕх, чи сӕ уӕлдӕр у, ууыл кӕй быцӕу кодтой. Иу хатт, семӕ Капернауммӕ куы ӕрцыд, уӕд сӕ бафарста: «„Фӕндагыл цӕй тыххӕй быцӕу кодтат?“ Уыдон ныхъхъус сты, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл фӕбыцӕу сты, уӕлдӕр сӕ чи у, уый тыххӕй». Йесо сын карзӕй нӕ бауайдзӕф кодта, фӕлӕ сын фӕразонӕй бацамыдта, цы у сӕрныллӕгдзинад (Маркы 9:33–37, НТ). Уымӕй сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый бамбӕрстой? Уайтӕккӕ нӕ. Иу ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ Иаков ӕмӕ Иоанн сӕ мады Йесомӕ барвыстой, цӕмӕй йын загътаид, ӕмӕ сӕ йӕ Паддзахады уӕлдӕр бынӕтты сӕвӕра. Ӕмӕ та сын Йесо фӕразонӕй сӕ хъуыды сраст кодта (Матфейы 20:20–28).

11. а) Апостолтӕй иуӕн дӕр йӕ хъуыдыйы цавӕр ӕгъдау бакӕнын не ’рцыди, Йесоимӕ уӕллаг уатмӕ куы ссыдысты, уӕд? ӕ) Цы бакодта Йесо ӕмӕ йын уымӕй уӕд исты бантыст?

11 Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕрхӕццӕ н. э. 33 азы Куадзӕн. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй ӕрӕмбырд сты уыцы бон бӕрӕг кӕнынмӕ. Уӕллаг уатмӕ куы ссыдысты, уӕд дыууадӕс апостолӕн сӕ иумӕ дӕр уыцы хъуыды не ’рцыд, ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ иннӕтӕн сӕ рыг къӕхтӕ ныхсадтаид (уый та кадджын куыст нӕ уыд, ӕмӕ хаудта хӕдзары ӕххуырстытӕй кӕнӕ сылгоймӕгтӕй искӕмӕ) (1 Паддзахӕдты 25:41; 1 Тимофеймӕ 5:10). Куыд зын уыдаид Йесойӕн, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй та уӕддӕр алчи йӕхи иннӕтӕй бӕрзонддӕр кӕй кодта! Уӕд сӕ Йесо алкӕмӕндӕр йӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сын зӕрдӕбынӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыдон дӕр афтӕ лӕггад кӕной иннӕтӕн (Иоанны 13:4–17). Йӕ ныхас ын сӕ зӕрдӕмӕ айстой? Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй та уыцы изӕр гыццыл фӕстӕдӕр «уыд се ’хсӕн быцӕу дӕр, чи хъуамӕ нымад уа стылдӕр уыдонӕй» (Лукайы 22:24).

12. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты истӕуыл куы ахуыр кӕной, уӕд сӕ бон Йесойы фӕзмын куыд у?

12 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ уын уӕ ныхасмӕ куы нӕ фӕхъусынц, уӕд ӕй нӕ бамбарут, Йесо йӕхи куыд хатыдаид? Рох уӕ ма уӕд, Йесо йӕ апостолтыл йӕ къух нӕ ауыгъта, кӕд, цӕмӕй рӕдийынц, уый ӕрӕгмӕ ӕмбӕрстой, уӕддӕр. Ӕмӕ йӕ фӕразондзинад ӕнӕхъуаджы нӕ фӕци (1 Иоанны 3:14, 18). Уӕдӕ, ныййарджытӕ, Йесойы уарзондзинад ӕмӕ фӕразондзинад фӕзмут – уӕ сывӕллӕтты истӕуыл куы ахуыр кӕнат, уӕд уӕ ныфс макуы асӕттӕд.

13. Ныййарӕгмӕ сывӕллон исты бафӕрсынмӕ куы бауайа, уӕд-иу ӕй йӕ ныхасӕй цӕмӕн хъуамӕ ма асхойа?

13 Сывӕллӕттӕ хъуамӕ уыной, сӕ ныййарджытӕ сӕ кӕй уарзынц, кӕй сыл тыхсынц. Йесойы фӕндыд зонын, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуыл хъуыды кӕнынц, ӕмӕ-иу ӕй истӕмӕй куы фарстой, уӕд-иу сӕм байхъуыста. Йӕхӕдӕг дӕр-иу сӕ фарста цӕмӕйдӕрты, куыд хъуыды кӕнут, зӕгъгӕ (Матфейы 17:25–27). О, хорз ахуыргӕнӕг лӕмбынӕг фӕхъусы ӕмӕ зӕрдӕбынӕй фӕфӕрсы. Ныййарӕг, йӕ сывӕллон ӕм исты бафӕрсынмӕ куы бауайа, уӕд хъуамӕ йӕхиуыл фӕхӕцын зона, цӕмӕй йын схуыст ныхас ма нытътъӕпп кӕна: «Ауай мӕ разӕй! Нӕ йӕ уыныс, нӕ мӕ ’вдӕлы?». Кӕд ӕй ӕцӕгдӕр не ’вдӕлы, уӕд сывӕллонӕн зӕгъын хъӕуы, фӕстӕдӕр кӕй аныхас кӕндзысты. Ӕмӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ дзырд сӕххӕст кӕной. Афтӕмӕй сывӕллон уындзӕн, йӕ ныййарджытӕ йыл ӕцӕгӕйдӕр кӕй тыхсынц, ӕмӕ сыл тынгдӕр ӕууӕнддзӕн.

14. Сывӕллӕттӕм уарзондзинад ӕвдисӕн куыд ис, уыцы хъуыддаджы ныййарджытӕ Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

14 Ныййарӕг йӕ сывӕллоны ӕрбахъӕбыс кӕна, баузӕла йыл, ӕмӕ йын уымӕй йӕ уарзондзинад равдиса, уый исты аипп у? Ам дӕр та ныййарджытӕн сӕ бон у Йесойӕ ахуыр кӕнын. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, уый сывӕллӕтты «ӕрбахъӕбысгӕнгӕйӕ, ӕрӕвӕрдта къухтӕ уыдоныл ӕмӕ сыл арфӕ ракодта» (Маркы 10:16). Куыд дӕм кӕсы, уыцы сабитӕн уый ӕхсызгон нӕ уыд? Бӕгуыдӕр! Сӕ гыццыл зӕрдӕтӕ сын барӕвдыдта, ӕмӕ йӕ цурӕй нал цыдысты. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты уӕ фӕлмӕн уарзтӕй куы тават ӕмӕ уӕ уыдон дӕр афтӕ куы уарзой, уӕд уын уӕ ныхасмӕ, уӕ зондамындмӕ хуыздӕр хъусдзысты.

Фаг рӕстӕг цас у

15, 16. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны фӕдыл бирӕтӕ цы хъуыды кодтой ӕмӕ уыцы хъуыды цӕмӕн фӕзындаид?

15 Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ бирӕ рӕстӕг ӕрвитой ӕмӕ сыл ӕдзух узӕлой. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны фӕдыл иу афон хъардтой ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, сабиты бирӕ рӕстӕг нӕ хъӕуы, кӕд ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ, семӕ цы гыццыл рӕстӕг вӕййынц, уый хорз спълан кӕнынц, цы араздзысты, ууыл рагацау ахъуыды кӕнынц, ӕмӕ кӕд уыцы рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ ацӕуы, уӕд. Уыцы хъуыды раст у? Сывӕллоны ӕцӕг ӕндӕр ницы хъӕуы?

16 Иу фыссӕг сывӕллӕттӕй бирӕтимӕ ныхас кодта ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, уыцы сабиты сӕ «ныййарджытӕй тынгдӕр цы хъуыди, уый – фылдӕр рӕстӕг» ӕмӕ сӕм цӕмӕй «ӕцӕгӕйдӕр лӕмбынӕг хъуыстаиккой». Бафиппайын ма хъӕуы, иу ахуыргӕнӕг цы загъта, уый дӕр: «Уыцы хъуыды [зӕгъгӕ, сывӕллӕттимӕ гыццыл рӕстӕг ӕрвитын хъӕуы, фӕлӕ дзӕбӕх] уымӕн фӕзынд, ӕмӕ ныййарджытӕ ӕмбӕрстой, аххосджын кӕй сты. Адӕм ӕфсӕнттӕ агуырдтой, цӕмӕй сӕ цотимӕ къаддӕр рӕстӕг уой». Уӕдӕ цас рӕстӕг хъуамӕ ӕрвитой ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ?

17. Сывӕллӕтты сӕ ныййарджытӕй цы хъӕуы?

17 Библийы уымӕн бӕлвырд дзуапп нӕй. Фӕлӕ израилӕгтӕн загъд уыди, цӕмӕй сӕ цотимӕ ныхас кӕной, хӕдзары куы уой, фӕндагыл куы цӕуой, хуысгӕ куы кӕной ӕмӕ стгӕ куы кӕной, уӕд (Дыккаг закъон 6:7). Амӕй бӕрӕг у, ныййарджыты сӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын иудадзыг, ӕрвылбон кӕй хъӕуы.

18. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зонд амонынӕн алы фадатӕй дӕр куыд пайда кодта ӕмӕ уымӕй ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

18 Йесо дӕсны уыд йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кӕнынмӕ, хӕргӕ-иу куы кодтой, фӕндагыл-иу куы цыдысты ӕмӕ-иу сӕ фӕллад куы уагътой, уӕд дӕр. Иу фадат дӕр-иу нӕ ауагъта зонд бацамонынӕн (Маркы 6:31, 32; Лукайы 8:1; 22:14). Чырыстон ныййарджытӕ дӕр хъуамӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕной сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарынӕн, семӕ зӕрдӕхӕлар ныхас кӕнынӕн, ӕмӕ сӕ Иегъовӕйы фӕндагыл ӕвӕрынӕн.

Цӕуыл хъӕуы ахуыр кӕнын ӕмӕ куыд

19. а) Сывӕллӕттимӕ рӕстӕг ӕрвитынӕй дарддӕр цы хъӕуы аразын? ӕ) Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фыццаджыдӕр цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕной?

19 Сывӕллӕтты хорз схъомыл кӕнынӕн фаг нӕу ӕрмӕст семӕ рӕстӕг ӕрвитын. Ӕнӕуи сӕ истӕуыл ахуыр кӕнай, уый дӕр нӕу фаг. Ахсджиаг у, цӕуыл сӕ ахуыр кӕныс. Дӕ хъус ма ӕрдар, цы сын амонын хъӕуы, уый тыххӕй Библи цы дзуры: «Абон [дын] цы ныхӕстӕ фӕдзӕхсын, уыдон... дӕ фырты зӕрдӕйы арф ӕвӕр». Цы сты уыцы «ныхӕстӕ», сывӕллӕттӕн кӕй хъӕуы амонын? Куыд зыны, афтӕмӕй – уый хӕдразмӕ цы ныхӕстӕ загъдӕуыд, уыдон, ома «уарз дӕ Хуыцау Иегъовӕйы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт хъарутӕй» (Дыккаг закъон 6:5–7). Йесо загъта, уый Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй у (Маркы 12:28–30). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фыццаджыдӕр хъуамӕ ахуыр кӕной Иегъовӕйы тыххӕй; хъуамӕ сын ӕмбарын кӕной, иунӕг уый кӕй у уый аккаг, цӕмӕй йӕ ӕппӕт удӕй уарзӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм.

20. Рагзаманты Хуыцау израилӕгтӕн сӕ сывӕллӕтты цӕуыл ахуыр кӕнын бафӕдзӕхста?

20 Фӕлӕ ныййарджытӕн цы ныхӕстӕй дзырдӕуы, уӕ сывӕллӕттӕн сӕ амонут, зӕгъгӕ, уыдонмӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ Хуыцауы ӕппӕт удӕй уарзой. Дыккаг закъоны уымӕй размӕ сӕры бафиппайдзынӕ, Моисей кӕй сфӕлхат кодта Дӕс фӕдзӕхсты – Хуыцау къӕйдуртыл кӕй ныффыста, уыцы закъӕттӕ. Уыцы закъӕттӕй иутӕ уыдысты: ма фӕсай, ма радав, ма амар, дӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй ма рацу (Дыккаг закъон 5:11–22). Уӕдӕ рагзаманты ныййарджытӕн бафӕдзӕхстӕуыд сывӕллӕтты хӕрзӕгъдаудзинадыл ахуыр кӕнын. Абон чырыстон ныййарджыты дӕр сӕ сывӕллӕттӕн уыдӕттӕ хъӕуы амонын, кӕд сӕ фӕнды, цӕмӕй сын сомбон фыдбылызӕй хызт ӕмӕ амондджын уой, уӕд.

21. Цӕуыл дзурӕг уыд амынд – Хуыцауы ныхас сывӕллӕтты «зӕрдӕйы арф ӕвӕрын»?

21 Дӕ хъус ма ӕрдар, ныййарджытӕ уыцы «ныхӕстӕ», кӕнӕ фӕдзӕхстытӕ, сӕ сывӕллӕттӕн куыд хъуамӕ амыдтаиккой, уый дӕр сын кӕй загъдӕуыд: «Дӕ фырты зӕрдӕйы [сӕ] арф ӕвӕр». Ацы ран «арф ӕвӕрын» амоны «арӕх фӕлхатгӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕдзӕхсгӕйӕ ахуыр кӕнын: истӕмӕ баразӕнгард кӕнын кӕнӕ зонды исты ныффидар кӕнын». Уӕдӕ, бӕлвырдӕй куы зӕгъӕм, уӕд Хуыцау ныййарджытӕн дзуры Библи сывӕллӕттимӕ бӕрӕг фӕткмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй Фыстады уагӕвӕрдтӕ сӕ цоты зонды фидар кӕнын.

22. Цы загъдӕуыд израилӕгтӕн сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕныны тыххӕй ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг уыд?

22 Ахӕм фӕтк скӕныныл ныййарджыты бафыдӕбон кӕнын дӕр хъӕудзӕн. Библи зӕгъы: «Бабӕтт сӕ [уыцы «ныхӕстӕ», кӕнӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ] дӕ къухыл нысанӕн, ӕмӕ уӕнт дӕ ныхыл баст; ныффысс сӕ дӕ хӕдзары дуӕртты тарвӕзтыл ӕмӕ кулдуӕрттыл» (Дыккаг закъон 6:8, 9). Ацы ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбаргӕ не сты, ома Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕцӕгдӕр дуӕртты тарвӕзтыл ӕмӕ кулдуӕрттыл ныффыссын, сывӕллӕтты къухтыл ӕмӕ ныхтыл сӕ истӕуыл фыстӕй бабӕттын. Сӕ хъуыды уый у, ӕмӕ ныййарджытӕ хъуамӕ Хуыцауы амындтӕ ӕдзух сӕ сывӕллӕтты зӕрдыл лӕууын кӕной. Хъуамӕ сӕ афтӕ ахуыр кӕной,– ӕнӕсцухӕй, иудадзыг,– раст цыма уыцы амындтӕ алкӕд сывӕллӕттӕн сӕ цӕстыты раз сты.

23. Иннӕ къуыри цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

23 Цы сты, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты кӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕной, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ? Цӕмӕн у абон ӕнӕмӕнг сывӕллӕттӕн амонын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын сӕхи ӕвзӕрдзинадӕй хизын? Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты хорз хъомыл кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр фарстытӕ, бирӕ ныййарджыты сагъӕсы чи ӕфтауы, уыдон, равзардзыстӕм иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты зынаргъ лӕварыл цӕмӕн хъуамӕ нымайой?

• Ныййарджытӕ ӕмӕ иннӕтӕ дӕр Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

• Цас рӕстӕг хъуамӕ уой ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ?

• Цӕуыл ахуыр кӕнын хъӕуы сывӕллӕтты ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кӕнын хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Йесо зонд куыд амыдта, уымӕй ныййарджытӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Кӕд ӕмӕ куыд хъуамӕ ахуыр кодтаиккой израилӕгтӕ сӕ сывӕллӕтты?

[Нывтӕ 22 фарсыл]

Ныййарджытӕ хъуамӕ Хуыцауы амындтӕ ӕдзух сӕ сывӕллӕтты зӕрдыл лӕууын кӕной.