Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сымах зынаргъ аргъӕй ӕлхӕд стут»

«Сымах зынаргъ аргъӕй ӕлхӕд стут»

«Сымах зынаргъ аргъӕй ӕлхӕд стут»

«Сымах зынаргъ аргъӕй ӕлхӕд стут. Уымӕ гӕсгӕ кадджын кӕнут Хуыцауы» (1 КОРИНФӔГТӔМ 6:20).

1, 2. а) Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ израилаг цагъартӕм цы цӕстӕй хъуыди кӕсын? ӕ) Йӕ хицауы чи уарзта, уыцы цагъарӕн цы бар уыд?

«РАГОН дунейы цагъартӕ уыди бирӕ рӕтты»,– дзырдӕуы иу чиныджы («Holman Illustrated Bible Dictionary»). Уым ма кӕсӕм: «Египет, Греци ӕмӕ Ромы экономикӕйы бындуры уыди цагъарты куыст. Н. э. I ӕнусы, Италийы алы ӕртыккаг адӕймаг уыди цагъар ӕмӕ ӕндӕр рӕтты та – алы фӕндзӕм».

2 Кӕд рагон Израилы дӕр цагъартӕ уыд, уӕддӕр дзы дзуттӕгтӕй чи уыд, уыдоны бартӕ Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ хъахъхъӕд цыдысты. Зӕгъӕм, Закъон домдта, цӕмӕй израилаг ӕхсӕз азӕй фылдӕр цагъар ма уыдаид. Ӕвдӕм азы йӕ хъуамӕ «ссӕрибар кодтаиккой ӕнӕ аргъӕй». Фӕлӕ, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ цагъартӕм цы цӕстӕй кӕсын хъуыди, уыцы уагӕвӕрдтӕ афтӕ раст ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уыдысты, ӕмӕ дзы уыди ахӕм амынд: «Цагъар фидарӕй куы зӕгъа: „Ӕз ӕцӕгдӕр уарзын мӕ хицауы, мӕ ус ӕмӕ мӕ фыртты; мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй ссӕрибар уон“, уӕд ӕй йӕ хицау хъуамӕ ӕрбакӕна ӕцӕг Хуыцауы размӕ ӕмӕ йӕ хъуамӕ слӕууын кӕна дуары кӕнӕ дуары тарвазы цур; ӕмӕ йын йӕ хицау хъуамӕ йӕ хъус фӕхуынкъ кӕна туасӕй, ӕмӕ хъуамӕ йӕ цагъарӕй баззайа ӕнустӕм» (Рацыд 21:2–6; Левит 25:42, 43; Дыккаг закъон 15:12–18).

3. а) Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цавӕр цагъарад райстой? ӕ) Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ цӕмӕн фӕнды?

3 Ахӕм барвӕндон цагъарад уыди, ӕцӕг чырыстӕттӕ цы цагъарады сты, уымӕн йӕ рагфӕлгонц. Зӕгъӕм, Библи фысджытӕ Павел, Иаков, Петр ӕмӕ Иудӕ сӕхи хуыдтой Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы цагъартӕ (Титмӕ 1:1; Иаковы 1:1; 2 Петры 1:1; Иудӕйы 1). Павел фессалоникаг чырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ «мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ кӕй раздӕхтысты» ӕмӕ кӕй систы «цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ» (1 Фессалоникӕгтӕм 1:9, НТ). Уыцы чырыстӕтты цы сразӕнгард кодта, цӕмӕй барвӕндонӕй Хуыцауы цагъартӕ суой? Цымӕ израилаг цагъары та цы разӕнгард кодта йӕ сӕрибардзинадыл йӕ къух сисынмӕ? Йӕ хицауы кӕй уарзта, уый нӕ уыд? Чырыстон цагъарад бындуриуӕг кӕны Хуыцаумӕ уарзондзинадыл. Мах ӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы куы базонӕм ӕмӕ йӕ куы бауарзӕм, уӕд нӕ бафӕнды уымӕн нӕ «ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ нӕ ӕппӕт удӕй» лӕггад кӕнын (Дыккаг закъон 10:12, 13). Уӕдӕ Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы цагъартӕ уӕм, уымӕ цы хауы? Уый нӕ цардыл куыд зыны?

«Алцыдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн»

4. Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы цагъартӕ куыд свӕййӕм?

4 Дзырд «цагъар» амоны, «йӕ хицауы исбон чи у ӕмӕ ӕгасӕй дӕр йӕ хицауы дӕлбар чи ис, ахӕм адӕймагмӕ». Иегъовӕйы исбон уӕд свӕййӕм, нывонддзырд куы раттӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм. «Уӕхӕдӕг уӕхи не стут? Уымӕн ӕмӕ сымах зынаргъ аргъӕй ӕлхӕд стут»,– бамбарын кодта апостол Павел (1 Коринфӕгтӕм 6:19, 20). Уыцы аргъ, ӕнӕмӕнг дӕр у Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд. Растдӕр нӕ уый фӕрцы банымайы Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл, фӕнды сӕрст чырыстӕттӕ уӕм, фӕнды се ’мбӕлццӕттӕ зӕххыл цӕрыны ныфсимӕ (Ефесӕгтӕм 1:7; 2:13; Раргомад 5:9). Уӕдӕ донаргъуыды фӕстӕ мах стӕм Иегъовӕйы (Ромӕгтӕм 14:8). Мах Йесо Чырыстийы зынаргъ тугӕй ӕлхӕд кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ цагъартӕ дӕр свӕййӕм ӕмӕ нӕ хӕс у йӕ фӕдзӕхстытӕм хъусын (1 Петры 1:18, 19).

5. Иегъовӕйы цагъартӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕйрагдӕр хӕс цы у, ӕмӕ йӕ куыд ӕххӕст кӕнӕн ис?

5 Цагъартӕ хъуамӕ хъусой сӕ хицаумӕ. Мах барвӕндонӕй свӕййӕм цагъартӕ, нӕ Хицауы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. 1 Иоанны 5:3 дзырдӕуы: «Хуыцауы уарзын уый у, цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ; ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты». Уӕдӕ Хуыцаумӕ кӕй хъусӕм, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ коммӕгӕсдзинад. Уый зыны не ’ппӕт хъуыддӕгтӕй дӕр. Апостол Павел загъта: «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат, ӕви ӕндӕр исты кусат, алцыдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:31). Нӕ царды, суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр, мах фӕнды ӕвдисын, Иегъовӕйы цагъартӕ кӕй стӕм, уый (Ромӕгтӕм 12:11).

6. Хуыцауы цагъартӕ кӕй стӕм, уый нӕ уынаффӕтыл куыд зыны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 Зӕгъӕм, уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ, мах хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм нӕ уӕларвон Хицауы, Иегъовӕйы фӕндон (Малахи 1:6). Царды ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд, гӕнӕн ис, фӕлвӕрд цӕуа нӕ коммӕгӕсдзинад Хуыцауӕн. Йӕ зондамындмӕ йын хъусдзыстӕм ӕви нӕ «мӕнгард» ӕмӕ «хӕлд» зӕрдӕйы фӕстӕ ацӕудзыстӕм? (Иереми 17:9). Чындзыцыд чи нӕу ӕмӕ ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, ахӕм чырыстон хо Мелисӕ иу ӕрыгон нӕлгоймаджы зӕрдӕмӕ фӕцыд. Уый ӕддаг бакастӕй зынди ӕгъдауджын, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кодта. Фӕлӕ уӕддӕр, хистӕр нӕлгоймаг Мелисӕйӕн загъта, раст кӕй у Иегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ хъусын, мой кӕнын «ӕрмӕст Хицауы мидӕг» (1 Коринфӕгтӕм 7:39; 2 Коринфӕгтӕм 6:14). «Уыцы уынаффӕмӕ байхъусын мын ӕнцон нӕ уыд,– зӕгъы Мелисӕ.– Фӕлӕ аскъуыддзаг кодтон: кӕд Хуыцауӕн дзырд радтон, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзынӕн, уӕд хъуамӕ йӕ бӕлвырд амындтӕм хъусон». Хабӕрттӕ куыд рауадысты, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, дзуры: «Ӕз тынг амондджын дӕн, уыцы уынаффӕмӕ кӕй байхъуыстон. Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ уыцы нӕлгоймаг Библи ахуыр кӕнын ныууагъта. Йемӕ ма дарддӕр дӕр куы ӕмбӕлдаин, уӕд ныр ӕнӕуырнӕджы бинойнаг уыдаин».

7, 8. а) Адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл ӕгӕр тыхсын цӕуылнӕ хъӕуы? ӕ) Цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм, уый тыххӕй цы саразӕн ис?

7 Хуыцауы цагъартӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ адӕмы цагъартӕ ма суӕм (1 Коринфӕгтӕм 7:23). Раст у, никӕй фӕнды, цӕмӕй йыл исчи ӕнӕрвӕссон кӕна. Фӕлӕ мах хъуамӕ нӕ хъуыдыйы дарӕм, чырыстӕттӕн цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон ацы дунейы уагӕвӕрдтӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уый. Павел бафарста: «Адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын?» Ӕмӕ йӕхӕдӕг ахӕм хатдзӕг скодта: «Ӕз нырмӕ дӕр ма адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архайдтаин, уӕд нӕ уаин Чырыстийы цагъар» (Галатӕгтӕм 1:10). Махӕн искӕй зонды фӕдыл цӕуын не ’мбӕлы ӕмӕ адӕмы зӕрдӕ ӕлхӕныныл нӕ архайӕм. Фӕлӕ нӕ исчи йӕ зондыл куы кӕна, уӕд нын куыд кӕнгӕ у?

8 Ӕркӕсӕм ӕрыгон чырыстон Еленӕйы цӕвиттонмӕ, цӕры Испанийы. Йе ’мкъласонтӕй цалдӕр лӕвӕрдта туг. Уыдон зыдтой, Еленӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уымӕ гӕсгӕ не сразы уыдзӕн нӕдӕр туг дӕттыныл, нӕдӕр туг бауадзыныл. Еленӕйӕн фадат куы фӕци йе ’мкъласонтӕн радзурын, ахӕм хъуыдыйыл хӕст цӕмӕн у, уый тыххӕй, уӕд ӕй нӕ ауагъта. «Раст зӕгъгӕйӕ, тынг тыхстӕн,– дзуры Еленӕ.– Фӕлӕ мӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кодтон, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл дӕн. Ме ’мкъласонтӕй мын бирӕтӕ аргъ кӕнын райдыдтой, мӕ ахуыргӕнӕг та загъта, зӕгъгӕ, цы хъуыддаджы лӕуд дӕн, уый йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Уымӕй уӕлдай ма, разыйӕ баззадтӕн, Иегъовӕйы фарс кӕй рахӕцыдтӕн ӕмӕ мын фадат кӕй фӕци Библийӕ мӕ уырнындзинад биноныгӕй бамбарын кӕнын» (Уӕвынад 9:3, 4; Куыстытӕ 15:28, 29). О, Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы цагъартӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕй хицӕн кӕнӕм. Фӕлӕ нын адӕм аргъ уӕд кӕндзысты, цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл уӕзданӕй дзурынмӕ цӕттӕ куы уӕм (1 Петры 3:15).

9. Апостол Иоаннмӕ цы зӕд фӕзынд, уый цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Хуыцауы цагъартӕ кӕй стӕм, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм. Иу хатт апостол Иоанныл уӕларвон Иерусалимы цӕстылуайӕн афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ, Хуыцау йемӕ цы зӕды уылты ныхас кодта, уый раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йӕ бафӕндыд уымӕн бакувын. «Кӕс, афтӕ ма кӕн,– загъта йын зӕд.– Уымӕн ӕмӕ ӕз – ӕмгусӕг дӕуӕн [«дӕуау цагъар дӕн», НД], ӕмӕ де ’фсымӕртӕн пехуымпартӕн ӕмӕ ацы чиныджы дзырдтӕ ӕххӕстгӕнджытӕн; Хуыцауӕн бакув» (Раргомад 22:8, 9). Цӕй диссаджы цӕвиттон равдыста зӕд Хуыцауы цагъартӕн се ’ппӕтӕн дӕр! Иуӕй-иу чырыстӕттыл ӕмбырды ис стыр бӕрн. Фӕлӕ уӕддӕр Йесо загъта: «Сымах ӕхсӕн стылдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд сымахӕн куыд цагъар. Ӕмӕ кӕй фӕнды сымах ӕхсӕн фыццаг уӕвын, уый уӕд сымахӕн лӕггадгӕнӕг» (Матфейы 20:26, 27). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ стӕм цагъартӕ.

«Махӕн цы кӕнын ӕмбӕлд, уый бакодтам»

10. Библийӕ ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн алы хатт ӕнцон кӕй нӕ уыд йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын.

10 Ӕнӕххӕст адӕмӕн алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Иегъовӕ пехуымпар Моисейӕн куы загъта, цӕмӕй израилӕгты Египеты цагъарадӕй ракӕна, уӕд уайтагъд не сразы (Рацыд 3:10, 11; 4:1, 10). Ниневийы адӕмӕн Хуыцауы тӕрхон фехъусын кӕныны бӕсты, Ионӕ сыстади, «Фарсисмӕ цӕмӕй алидза Иегъовӕйы цӕсгомӕй» (Ионӕ 1:2, 3, И. Чепиговскийы тӕлмац, 1870). Варух, пехуымпар Иеремийы писыр, хъаст кодта, кӕй бафӕллад, уый тыххӕй (Иереми 45:2, 3). Куыд кӕнгӕ нын у, нӕ фӕндтӕ кӕнӕ нӕ бӕллицтӕ Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ куы уой, уӕд? Йесо цы цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста, уым ис дзуапп.

11, 12. а) Цыбыртӕй радзур Лукайы 17:7–10 фыст Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттон. ӕ) Йесойы ӕмбисондӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Йесо радзырдта, ӕнӕхъӕн бон быдыры йӕ хицауы дзуг чи хызта, ахӕм цагъары тыххӕй. Цагъар 12 сахаты уӕззау куыст фӕкодта ӕмӕ хӕдзармӕ куы ӕрбацыд, уӕд ын йӕ хицау афтӕ нӕ загъта, ӕрбад ӕмӕ ӕхсӕвӕр бахӕр, зӕгъгӕ. Уый бӕсты йын хицау загъта: «Ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, ӕрбабӕтт дӕ рон ӕмӕ лӕггад кӕн мӕнӕн, цалынмӕ хӕрон ӕмӕ нуазон, уый фӕстӕ хӕр ӕмӕ нуаз дӕхӕдӕг». Цагъар йӕ хицауӕн куы балӕггад кодтаид, йӕхи кой ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ бакодтаид. Йесо йӕ ныхасы кӕрон загъта: «Афтӕ сымах дӕр, куы сӕххӕст кӕнат цы уын баргонд у уый, дзурут: „мах ницӕйаг цагъартӕ; уымӕн ӕмӕ махӕн цы кӕнын ӕмбӕлд, уый бакодтам“» (Лукайы 17:7–10).

12 Йесо ацы цӕстуынгӕ цӕвиттон уымӕн не ’рхаста, цӕмӕй равдиса, Иегъовӕ нын нӕ лӕггадӕн кӕй нӕ аргъ кӕны. Библи бӕлвырдӕй дзуры: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл» (Дзуттытӕм 6:10). Уыйхыгъд, Йесойы ӕмбисонд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цагъар йӕхи мӕт нӕ кӕны, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, уый нӕ аразы. Хуыцауӕн нывонддзырд куы радтам ӕмӕ йӕ цагъартӕ куы систӕм, уӕд сразы стӕм йӕ фӕндон нӕхи фӕндонӕй сӕйрагдӕрыл нымайын. Мах хъуамӕ нӕхи Хуыцауы бӕрны бакӕнӕм ӕмӕ фыццаджыдӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм.

13, 14. а) Нӕ фӕндты ныхмӕ цӕуын нӕ кӕд фӕхъӕуы? ӕ) Хуыцауы фӕндон нын сӕйрагдӕр цӕмӕн хъуамӕ уа?

13 Хуыцауы Ныхас ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕ иудадзыг ахуыр кӕнынӕн хъӕуы стыр тыхтӕ (Матфейы 24:45). Уӕлдайдӕр та кӕсын ахуыр куы нӕ уӕм, кӕнӕ нӕ литературӕйы «Хуыцауы арфадтӕ» ӕвзӕрст куы цӕуой, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 2:10). Куыд дӕм кӕсы, ахуыр кӕнынӕн нӕ рӕстӕг арын нӕ хъӕуы? Цӕмӕй ӕрбадӕм ӕмӕ уымӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, ууыл нӕ чи зоны хъӕуы хи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд куыд сахуыр уыдзыстӕм, фӕлтӕрд адӕмӕн чи бӕззы, уыцы «хъӕбӕр хӕринаг» хӕрын? (Дзуттытӕм 5:14).

14 Фӕскуыст фӕлладӕй куы ӕрбацӕуӕм, уӕд та? Нӕ хъарутӕ ӕрӕмбырд кӕнӕм ӕмӕ фембӕлдмӕ ацӕуӕм. Йе та нын чи зоны зын у ӕнӕзонгӕ адӕмӕн хъусын кӕнын. Павел йӕхицӕй зыдта, хатт хорз хабар нӕхи фӕндмӕ гӕсгӕ кӕй нӕ фӕхъусын кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 9:17). Фӕлӕ мах уыдӕттӕ уымӕн кӕнӕм, ӕмӕ нын афтӕ дзуры Иегъовӕ – кӕй уарзӕм, уыцы уӕларвон Хицау. Уӕвгӕ, ахуыр кӕнын, фембӕлдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕныныл нӕ тыхтӕ куы бахардз кӕнӕм, уӕд уый фӕстӕ алы хатт дӕр райгонд ӕмӕ уӕнгрогӕй нӕ баззайӕм? (Псалом 1:1, 2; 121:1; 144:10–13).

Фӕстӕмӕ ма кӕс

15. Хуыцауӕн коммӕгӕс куыд хъуамӕ уӕм, уым Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?

15 Йесо Чырысти диссаджы коммӕгӕсдзинад равдыста йӕ уӕларвон Фыдмӕ. «Ӕз ӕрцыдтӕн уӕлӕрвтӕй уый тыххӕй нӕ, цӕмӕй Мӕхи фӕндон кӕнон, фӕлӕ Мӕн рарвитӕг Фыды фӕндон»,– загъта Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн (Иоанны 6:38). Уый Гефсиманы дыргъдоны куы удхар кодта, уӕд куывта: «Мӕ Фыд! кӕд гӕнӕн ис, аивгъуыйӕд Мӕнӕй ацы къус; уӕвгӕ Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды» (Матфейы 26:39).

16, 17. а) Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, фӕстейӕ цы ныууагътам, уымӕ? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Павел кӕй ӕмбӕрста, дунейы йын цы бантысдаид, уыдӕттӕ, фӕлӕ сӕ «быроныл куыд банымадта»?

16 Йесо Чырыстийы фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхасӕн хицау уӕм ӕмӕ Хуыцауы цагъартӕй баззайӕм. Уый загъта: «Йӕ къух гутоныл сӕвӕрӕг ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕсӕг, ӕнӕууӕнк у Хуыцауы Паддзахадӕн» (Лукайы 9:62). Кӕд Хуыцауы цагъартӕ стӕм, уӕд раст нӕу, фӕстейӕ цы ныууагътам, ууыл хъуыды кӕнын. Уыйхыгъд, мах хъуамӕ аргъ кӕнӕм, Хуыцауы цагъартӕ куы систӕм, уӕд цы райстам, уымӕн. Павел филиппӕгтӕм фыста: «Ӕппӕтдӕр нымайын ницӕуыл, иуыл хорз базоныны тыххӕй мӕ Хицау Йесо Чырыстийы: Уый тыххӕй ӕз ӕппӕтдӕр ныууагътон, ӕмӕ ӕппӕтдӕр нымайын быроныл, цӕмӕй ссарон Чырыстийы» (Филиппӕгтӕм 3:8).

17 Ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕй Павел Хуыцауы цагъар уыдаид ӕмӕ йӕ хорзӕхтӕй хайджын ӕрцыдаид, уый тыххӕй быроныл цы банымадта ӕмӕ цы ныууагъта, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтыл. Уый йӕхи канд дунейы ӕвӕлмон цардӕй нӕ фӕцух кодта, фӕлӕ ма фидӕны иудаизмы стыр бынат бацахсыны фадатӕй дӕр. Павел дарддӕр иудаизмы хъуыддӕгты куы архайдтаид, уӕд уымӕн дӕр бантыстаид йӕ ахуыргӕнӕг Гамалиилы фырт Симеоны хуызӕн бынат бацахсын (Куыстытӕ 22:3; Галатӕгтӕм 1:14). Симеон сси фарисейты разамонӕг ӕмӕ, кӕд цӕуылдӕрты дызӕрдыг кодта, уӕддӕр ын стыр ахадындзинад уыди, н. э. 66–70 азты иудейтӕ Ромы ныхмӕ куы растадысты, уӕд. Уыцы хӕсты рӕстӕджы йӕ амардтой кӕнӕ иудейаг экстремисттӕ кӕнӕ ромаг ӕфсӕддонтӕ.

18. Адӕймаг Хуыцауӕн куы лӕггад кӕна, уӕд арфӕгонд кӕй ӕрцӕуы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

18 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ бафӕзмыдтой Павелы. «Скъолайы фӕстӕ цалдӕр азы куы рацыд, уӕд бӕрнон секретарӕй кусын райдыдтон иу зындгонд юристмӕ Лондоны,– дзуры Джин.– Мӕ куыстӕй райгонд уыдтӕн, ӕхца дӕр дзы дзӕбӕх истон, фӕлӕ зӕрдӕйӕ ӕмбӕрстон, мӕ бон Иегъовӕйӕн фылдӕр аразын кӕй у. Ӕппынфӕстаг, мӕ куыст ныууагътон ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Ӕз тынг амондджын дӕн 20 азы размӕ афтӕ кӕй бакодтон! Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад мын цас амонд ӕрхаста, уыйбӕрц мын никӕцы секретары куыст ӕрхастаид. Иегъовӕйы Ныхас адӕймаджы цард куыд ивы, уый уынынӕй ӕхсызгондӕр ницы ис. Уыцы хъуыддаджы архайын диссаг у. Мах Иегъовӕйӕн цы дӕттӕм, уый ницы у, уымӕй цы исӕм, уыимӕ абаргӕйӕ».

19. Цавӕр зӕрдӕйы уаг нын хъуамӕ уа ӕмӕ цӕмӕн?

19 Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ нӕ уавӕртӕ гӕнӕн ис ивой. Фӕлӕ Иегъовӕйӕн цы нывонддзырд радтам, уый нӕ ивы. Мах ныр дӕр стӕм Иегъовӕйы цагъартӕ, ӕмӕ нын уый фадат дӕтты, цӕмӕй нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, нӕ рӕстӕгӕй, нӕ тыхтӕй, нӕ курдиӕттӕй ӕмӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕй иууыл хуыздӕр куыд пайда кӕндзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдонӕй гӕнӕн ис бӕрӕг кӕна нӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ. Уыдонӕй ма зыны, нӕхи нӕ истӕмӕйты фӕцух кӕнын куыд тынг фӕнды, уый (Матфейы 6:33). Уӕдӕ нын цыфӕнды уавӕртӕ ма уа, уӕддӕр Иегъовӕйӕн нӕ бон хуыздӕрӕй цы у, уый хъуамӕ ма дӕттӕм? Павел ныффыста: «Кӕд ис зӕрдиагдзинад, уӕд уый ист цӕуы кӕмӕ цы нӕй уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ кӕмӕ цы ис, уымӕ гӕсгӕ» (2 Коринфӕгтӕм 8:12).

Дыргъ хӕссӕм

20, 21. а) Хуыцауы цагъартӕ кӕй стӕм, уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы? ӕ) Иегъовӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн куыд арфӕ кӕны?

20 Хуыцауы цагъартӕ уӕм, уый зын нӕу. Уымӕй дарддӕр ма нӕ уый хъахъхъӕны, нӕ амонд нын чи исы, ахӕм зианхӕссӕг цагъарадӕй. «Тӕригъӕдӕй куы суӕгъд стут, ӕмӕ Хуыцауӕн кусджытӕ куы сыстут, уӕд уӕ дыргъ у сыгъдӕгад, уӕ кӕрон та ӕнусон цард»,– фыста Павел (Ромӕгтӕм 6:22). Хуыцауы цагъартӕ кӕй стӕм, уый сыгъдӕгдзинады дыргъ уыцы хуызы хӕссы, ӕмӕ нын нӕ сыгъдӕг кӕнӕ ӕгъдауджын уагахаст циндзинад хӕссы. Уымӕй уӕлдай ма, Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нӕ фидӕны ӕркӕндзӕн ӕнусон цардмӕ.

21 Иегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у йӕ цагъартӕм. Нӕ лӕггады нӕ бон хуыздӕрӕй цы у, уый куы фӕаразӕм, уӕд нын уый бакӕны «уӕларвон къӕбицы дуӕрттӕ» ӕмӕ ныл ӕруадзы «хорзӕхтӕ кӕлгӕуӕлдайӕ» (Малахи 3:10). Куыд ӕхсызгон уыдзӕн Иегъовӕйӕн ӕнусты дӕргъы цагъартӕй лӕггад кӕнын!

Бахъуыды кодтай?

• Хуыцауы цагъартӕ цӕмӕн свӕййӕм?

• Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый?

• Цӕмӕн хъуамӕ уӕм цӕттӕ Иегъовӕйы фӕндон нӕ фӕндонӕй сӕйрагдӕрыл нымайын?

• Цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм, фӕстейӕ цы ныууагътам, уымӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14, 15 фарсыл]

Израилы барвӕндон цагъарад уыди чырыстон цагъарады рагфӕлгонц.

[Ныв 15 фарсыл]

Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд свӕййӕм Хуыцауы цагъартӕ.

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Чырыстӕттӕн сӕйрагдӕр у Хуыцауы фӕндон.

[Ныв 16 фарсыл]

Моисей уайтагъд не сразы йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕныныл.