Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Фыццаг паддзахӕдты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Фыццаг паддзахӕдты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

УЫД н. э. агъоммӕ 1117 аз. Йесо Навин Зӕрдӕвӕрд зӕхх ӕнӕхъӕнӕй куы бацахста, уӕдӕй рацыди 300 азы бӕрц. Израилы хистӕртӕ Иегъовӕйы пехуымпармӕ ӕнахуыр курдиатимӕ ӕрбацыдысты. Пехуымпар сӕм байхъуыста, скуывта ӕмӕ сын Иегъовӕ дӕр разыйы дзуапп радта. Афтӕмӕй Израилы тӕрхонгӕнджыты рӕстӕг фӕци ӕмӕ райдыдта паддзӕхты дуг. Фыццаг паддзахӕдты чиныг дзуры, уӕд Израилы адӕмы царды цӕхгӕр цы ивддзинӕдтӕ ӕрцыд, уый фӕдыл цымыдисаг хабӕрттӕ.

Фыццаг паддзахӕдты чиныджы дзырдӕуы 102 азыл – н. э. агъоммӕ 1180–1078 азмӕ. Фыстой йӕ Самуил, Нафан ӕмӕ Гад (1 Паралипоменон 29:29). Уыцы хабӕрттӕ сты Израилы цыппар раздзоджы тыххӕй. Дыууӕйӕ уыдысты тӕрхонгӕнджытӕ, дыууӕйӕ та – паддзӕхтӕ; дыууӕ дзы Иегъовӕйӕн коммӕгӕс уыди, дыууӕ та – нӕ. Зонгӕ ма кӕнӕм дыууӕ цӕвиттойнаг сылгоймагимӕ ӕмӕ хъӕбатыр, фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕфсӕддонимӕ. Сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нын сӕ зондахаст сты зондзонӕн, ома фӕзминаг цӕмӕй сты ӕмӕ хи хизын цӕмӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ Фыццаг паддзахӕдты чиныгӕн йӕ бон у нӕ зондыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл тынг бандавын (Дзуттытӕм 4:12).

ИЛИЙЫ ФӔСТӔ ТӔРХОНГӔНӔГ ССИ САМУИЛ

(1 Паддзахӕдты 1:1–7:17)

Райдыдта тыллӕг ӕфснайыны бӕрӕгбон ӕмӕ Аннӕ, Рамӕйы чи цӕры, уый, тынг цин кӕны *. Иегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ фехъуыста ӕмӕ йын райгуырди лӕппу. Йӕ дзырд сӕххӕст кӕнынӕн, Аннӕ йӕ лӕппу Самуилы акодта «Иегъовӕйы хӕдзармӕ». Уым лӕппу райдыдта «Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, сауджын Илийы раз» (1 Паддзахӕдты 1:24; 2:11). Самуил нырма хӕрз ӕрыгон уыд, Иегъовӕ йемӕ куы ныхас кодта ӕмӕ йын Илийы хӕдзары ныхмӕ йӕ тӕрхӕттӕ куы фехъусын кодта, уӕд. Самуилыл азтӕ рацыд, ӕмӕ йӕ Израилы адӕм банымадтой Иегъовӕйы пехуымпарыл.

Иу афон филистимӕгтӕ Израилы ныхмӕ рацыдысты. Уыдон ковчег байстой ӕмӕ Илийы дыууӕ фырты амардтой. Уый фехъусгӕйӕ, зӕронд Илий амард. «Израилы тӕрхонгӕнӕг уыд цыппор азы» (1 Паддзахӕдты 4:18). Ковчег филистимӕгтӕм кӕй ис, уый сын ӕрхаста бӕллӕхтӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ израилӕгтӕм арвыстой. Ныр Израилы тӕрхон кӕны Самуил ӕмӕ бӕстӕ у сабыр.

Фарстытӕн дзуапп:

2:10 – Аннӕ Иегъовӕмӕ цӕмӕн куывта, цӕмӕй «йӕ паддзахӕн хъару ратта», кӕд ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Израилӕн паддзах нӕ уыд? Израилӕгтӕн паддзах кӕй уыдзӕн, уый Моисейы Закъоны раджы ӕрцыд фыст (Дыккаг закъон 17:14–18). Иаков куы марди, уӕд загъта: «Паддзахы лӕдзӕг [бартӕ паддзахмӕ кӕй сты, уый нысан] нӕ ахаудзӕн Иудӕйы къухӕй» (Уӕвынад 49:10). Уымӕй уӕлдай ма, Саррӕйы тыххӕй – израилӕгтӕ кӕмӕй рацыдысты, уый тыххӕй – Иегъовӕ загъта: «Адӕмты паддзӕхтӕ уымӕй рацӕудзысты» (Уӕвынад 17:16). Уӕдӕ Аннӕ куывта фидӕны паддзахы тыххӕй.

3:3 – Самуил ӕцӕгӕйдӕр Сыгъдӕджыты сыгъдӕджы фынӕй кодта? Нӕ. Самуил уыди левит, Каафы мыггагӕй сауджынтӕ чи нӕ уыд, уыдонӕй (1 Паралипоменон 6:33–38). Уый тыххӕй йын бар нӕ уыд, «Иегъовӕйӕн нывонд цы у, уымӕ кӕсын» (Нымӕцтӕ 4:17–20). Самуилӕн цӕуӕн уыд ӕрмӕст хӕсгӕ кувӕндоны цатыры кӕртмӕ. Ӕмӕ хъуамӕ уым фынӕй кодтаид. Илий дӕр, гӕнӕн ис, уым кӕмдӕр фынӕй кодта. Ацы ныхӕстӕ «Хуыцауы ковчег кӕм уыд», ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕнынц, кувӕндоны цатыр кӕм уыди, уыцы бынат.

7:7–9, 17 – Самуил басудзинаг нывонд Массифӕйы цӕмӕн ӕрхаста ӕмӕ Рамӕйы нывондхӕссӕн цӕмӕн сарӕзта, кӕд ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ хӕссӕн уыди, Иегъовӕ кӕм загътаид, ӕрмӕстдӕр уым? (Дыккаг закъон 12:4–7, 13, 14; Йесо Навин 22:19). Сыгъдӕг ковчег Силомы хӕсгӕ кувӕндоны цатырӕй куы рахастой, уӕд, Иегъовӕ ӕнӕуынгӕ хуызы уым кӕй ис, уый бӕлвырд нӕ уыд. Самуил Хуыцауы минӕвар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басудзинаг нывонд ӕрхаста Массифӕйы ӕмӕ нывондхӕссӕн сарӕзта Рамӕйы. Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй уый Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ уыди.

Зондзонӕн махӕн:

1:11, 12, 21–23; 2:19. Аннӕ арӕх кӕй куывта, сӕрныллӕг кӕй уыд, Иегъовӕйы хорзӕхӕн кӕй аргъ кодта ӕмӕ йӕм йӕ хъӕбулмӕ стыр уарзондзинад кӕй уыд, уымӕй фӕзминаг у, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыцы сылгоймӕгтӕн.

1:8. Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагъта Елхъан, иннӕты ныхасӕй фидар кӕнӕн куыд ис, уыцы хъуыддаджы! (Иов 16:5). Аннӕ ныфссаст куы уыди, уӕд ын Елхъан уайдзӕф нӕ кодта, фӕлӕ йӕ бафарста: «Дӕ зӕрдӕ цӕуыл риссы?» Афтӕмӕй Аннӕ радзырдта, цы йӕ тыхсын кодта, уый. Уый фӕстӕ йын Елхъан дзуры, кӕй йӕ уарзы: «Ӕз дын дӕс фыртӕй хуыздӕр нӕ дӕн?»

2:26; 3:5–8, 15, 19. Хуыцау нын цы бахӕс кӕны, уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куы аразӕм, цӕуыл нӕ ахуыр кӕны, уый нӕ зӕрдӕмӕ куы исӕм ӕмӕ куы архайӕм, цӕмӕй уӕздан уӕм ӕмӕ иннӕтӕн аргъ кӕнӕм, уӕд мах дӕр Хуыцауы ӕмӕ адӕмы «зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕудзыстӕм».

4:3, 4, 10. Суанг «Иегъовӕйы бадзырды ковчегы» – ахӕм сыгъдӕг, уаз дзаумайы дӕр нӕ уыд уыцы тых, ӕмӕ адӕмы хъахъхъӕдтаид. Мах хъуамӕ нӕхи «хъахъхъӕнӕм гуымирытӕй» (1 Иоанны 5:21).

ИЗРАИЛЫ ФЫЦЦАГ ПАДДЗАХ – ӔНТЫСТДЖЫН УЫДИ ӔВИ НӔ?

(1 Паддзахӕдты 8:1–15:35)

Самуил цӕрӕнбонты Иегъовӕйыл иузӕрдион уыди, фӕлӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы фӕндагыл нӕ цыдысты. Израилы хистӕртӕ зӕххон паддзах куы куырдтой, уӕд сын Иегъовӕ уый бар ратта. Самуил Иегъовӕйы амындмӕ гӕсгӕ Саулы, хӕрзконд вениамитаджы, байсӕрста ӕмӕ сси паддзах. Саул йӕ паддзахы бартӕ уӕд сфидар кодта, аммонитӕгты куы басаста.

Саулы хъӕбатыр фырт Ионафан филистимӕгты къорд ныддӕрӕн кодта. Филистимӕгты стыр ӕфсад Израилы ныхмӕ рацыд. Саул тынг фӕтарст ӕмӕ йӕхи фӕндӕй басудзинаг нывонд ӕрхаста. Ныфсджын Ионафан йӕ хотыхдаримӕ бабырста филистимӕгты хъахъхъӕнӕн къордмӕ. Фӕлӕ Саул ӕнӕрхъуыдыйӕ цы дзырд ратта, уый йын йӕ уӕлахизы цин байста. Саул «хӕцы йӕ алыварс» цӕрӕг знӕгтимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр (1 Паддзахӕдты 14:47). Амаликӕгты куы ныппырх кодта, уӕд Иегъовӕйы коммӕ нӕ бакаст ӕмӕ куынӕггӕнинаг цы уыд, уый нӕ фесӕфта (Левит 27:28, 29). Уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ Иегъовӕ Саулы паддзахыл нал нымадта.

Фарстытӕн дзуапп:

9:9 (НД) – Куыд ӕмбаргӕ у «ныр пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр хуыдтой зонынджын», зӕгъгӕ? Ӕвӕццӕгӕн, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Саулы рӕстӕджы ӕмӕ Израилы паддзӕхты дуджы пехуымпартӕ зындгонддӕр систы. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ дзырд «зонынджын» ивд ӕрцыд «пехуымпарӕй». Самуил нымад у Израилы фыццаг пехуымпарыл (Куыстытӕ 3:24).

14:24–32, 44, 45 – Ионафан мыд кӕй бахордта ӕмӕ афтӕмӕй Саулы сомы кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй йӕм Иегъовӕ фӕфыдӕх? Ӕвӕццӕгӕн, ацы хъуыддаджы тыххӕй Хуыцау Ионафанмӕ не смӕсты. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Ионафан йӕ фыды сомыйӕн ницы зыдта. Уымӕй уӕлдай ма, Саулы сомы адӕмӕн хорзӕй ницы ӕрхаста, уымӕн ӕмӕ йӕ ратта, цӕстмӕ ӕнувыддзинадӕй кӕнӕ йӕ паддзахы бартӕ раст кӕй не ’мбӕрста, уый тыххӕй. Фӕлӕ Хуыцау ахӕм сомыимӕ сразы уыдаид? Ионафан сомы кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй ӕфхӕрд баййафынмӕ цӕттӕ уыди, фӕлӕ йын ныххатыр кодтой.

15:6 – Кинейӕгтӕ Саулы хорзӕх цӕмӕ ссардтой? Кинейӕгтӕ сты Моисейы каисы байзӕддӕгтӕ. Уыдон израилӕгтӕн баххуыс кодтой, Синайы хохӕй куы рацыдысты, уӕд (Нымӕцтӕ 10:29–32). Цасдӕр рӕстӕг кинейӕгтӕ Иудӕйы фырттимӕ цардысты Ханааны (Тӕрхонгӕнджыты 1:16). Кӕд фӕстӕдӕр кинейӕгтӕ амаликӕгты ӕмӕ ӕндӕр адӕмты ’хсӕн цардысты, уӕддӕр Израилимӕ хӕлариуӕг кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Саул кинейӕгты удӕгасӕй ныууагъта.

Зондзонӕн махӕн:

9:21; 10:22, 27. Райдианы, «ӕвзӕр адӕм» Саулы паддзахыл куы нӕ нымадтой, уӕд ӕй ӕнӕзонд хъуыддӕгтӕй хызта, бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыди, уый. Уӕдӕ ацы миниуджытӕ адӕймаджы ӕнӕзонд хъуыддӕгтӕй цӕй хорз хъахъхъӕнынц!

12:20, 21. Уӕ ныфс ма дарут «ницӕйаг цыдӕртыл». Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕмыл, паддзахӕдты ӕфсӕддон хъомысыл кӕнӕ гуымирытыл. Уыдӕттӕн уый бар ма раттут, ӕмӕ уӕ Иегъовӕйӕ иуварс акӕной.

12:24. Цӕмӕй Иегъовӕйӕ аргъуыц кӕнӕм ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «уынӕм, цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта» йӕ адӕмы сӕраппонд рагзаманты ӕмӕ нӕ рӕстӕджы.

13:10–14; 15:22–25, 30. Нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй ӕгӕр ныфсхаст ма уӕм. Уый бӕрӕг вӕййы кӕнӕ ӕгоммӕгӕс кӕнӕ сӕрыстырдзинадӕй (Ӕмбисӕндтӕ 11:2).

ӔРЫГОН ФЫЙЙАУ ПАДДЗАХӔЙ ӔВЗӔРСТ ӔРЦЫД

(1 Паддзахӕдты 16:1–31:13)

Самуил Иудӕйы мыггагӕй Давиды байсӕрста, цӕмӕй фидӕны паддзах уыдаид. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Давид дурӕхсӕнӕй амардта уӕйыджы хуызӕн филистимаг лӕджы Голиафы. Давид ӕмӕ Ионафан хорз хӕлӕрттӕ систы. Саул Давиды сӕвӕрдта йе ’фсады сӕргъы. Давиды бирӕ уӕлахизты тыххӕй Израилы сылгоймӕгтӕ зарыдысты: «Саул амардта минтӕ, Давид та – дӕсгай минтӕ» (1 Паддзахӕдты 18:7). Саул фырхӕлӕгӕй сфӕнд кодта Давиды амарын. Саул ӕй ӕртӕ хатты марынмӕ куы хъавыди, уӕд Давид алыгъд ӕмӕ схауӕггаг.

Давид йӕхи Саулӕй куы ӕмбӕхста, уӕд ӕй йӕ бон уыди дыууӕ хатты амарын, фӕлӕ йӕ уӕддӕр удӕгасӕй ныууагъта. Давид фембӕлд рӕсугъд Авигейӕйыл ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр ракуырдта. Филистимӕгтӕ Израилмӕ куы бабырстой, уӕд Саул Иегъовӕйы фӕрсы. Фӕлӕ йӕ Иегъовӕ ныууагъта. Самуил амард. Саулӕн йӕ ныфс асаст ӕмӕ кӕлӕнгӕнӕгмӕ ацыд, ӕмӕ йын уый загъта, филистимӕгтимӕ хӕсты кӕй амӕлдзӕн. Тохы рӕстӕг Саул уӕззау цӕф фӕци, йӕ фырттӕ та фӕмардысты. Хабӕрттӕ ууыл фесты ӕмӕ Саул амард, хӕсты фӕхӕрди, афтӕмӕй. Давид уӕдмӕ дӕр йӕхи ӕмбӕхста.

Фарстытӕн дзуапп:

16:14 – Саулы цавӕр ӕвзӕр тых хъыгдардта? Саулӕн йе ’нцой чи фесафын кодта, уыцы ӕвзӕр тых уыди йе ’взӕр зондахаст ӕмӕ зӕрдӕйы уаг – йӕ мидзӕрдӕйы йӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм цы ардыдта, уый. Иегъовӕ Саулы йӕ сыгъдӕг удӕй фӕцух кодта, ӕмӕ йӕ нал хъахъхъӕдта. Афтӕмӕй Саулыл йе ’взӕр зонд фӕтых. Уӕдӕ Хуыцау уыцы хъуыддаг кӕй ӕруагъта, цӕмӕй Саулыл йӕ сыгъдӕг уды бар нӕ, фӕлӕ уыцы ӕвзӕр тыхы бар цыдаид, уымӕ гӕсгӕ йӕ схуындӕуыд «ӕвзӕр тых Иегъовӕйӕ».

17:55–58 1 Паддзахӕдты 16:17–23 хынцгӕйӕ, Саул цӕмӕн бафарста, Давид кӕй фырт у, зӕгъгӕ? Саул ӕнӕуи нӕ фарста, Давиды фыд цы хуыйны. Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд базонын, афтӕ чи фесгуыхти ӕмӕ уӕйыджыйас лӕджы чи амардта, уый фыд цавӕр адӕймаг у.

Зондзонӕн махӕн:

16:6, 7. Адӕмӕн се ’ддаг бакастмӕ хъуамӕ ма кӕсӕм, фӕлӕ сӕм хъуамӕ кӕсӕм Иегъовӕйы цӕстӕй.

17:47–50. Ныхмӕцыд кӕнӕ фӕдылзылд куы ӕййафӕм Голиафы хуызӕн знӕгтӕй, уӕд мах хъуамӕ ныфсджын уӕм, уымӕн ӕмӕ уый «Иегъовӕйы хӕст у».

18:1, 3; 20:41, 42. Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ссарын нӕ бон у, Иегъовӕйы чи уарзы, уыдоны ӕхсӕн.

21:12, 13. Иегъовӕ нӕм уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, зын рӕстӕг нӕ зонд ӕмӕ нӕ курдиӕттӕй кӕй архайдзыстӕм. Ратта нын йӕ Ныхас, цӕмӕй уӕм дардмӕ уынаг, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ (Ӕмбисӕндтӕ 1:4). Стӕй ма нын ӕххуыс кӕнынц нысангонд чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.

24:6; 26:11. Цӕй диссаджы цӕвиттон нын у Давид, Иегъовӕйы сӕрстытӕн аргъ кӕныны хъуыддаджы!

25:23–33. Авигейӕйы зонд бафӕзмыны аккаг у.

28:8–19. Сау тыхтӕн сӕ бон у мӕрдты хуызы цӕуын, цӕмӕй адӕмы сайой ӕмӕ сын зиан хӕссой. Мах хъуамӕ нӕхи хизӕм кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕй (Дыккаг закъон 18:10–12).

30:23, 24. Нымӕцты 31:27 бындурыл цы уынаффӕ уыд, уымӕй бӕрӕг у, ӕмбырдӕн гыццыл хъуыддӕгты дӕр чи ӕххуыс кӕны, уыдонӕн Иегъовӕ кӕй аргъ кӕны. Уӕдӕ цыфӕнды ма «кӕнӕм, ӕппӕтдӕр кӕнӕм зӕрдиагӕй, куыд адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хицауӕн» (Колоссӕгтӕм 3:23).

Цы у нывондӕй хуыздӕр?

Цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм Илийы, Самуилы, Саулы ӕмӕ Давиды цардӕй? «Коммӕ кӕсын хуыздӕр у нывондӕй ӕмӕ хъусын – фырыты фиуӕй; уымӕн ӕмӕ ныхмӕ цӕуын дӕсны фӕрсыны хуызӕн тӕригъӕд у, ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст митӕ сау тыхтимӕ баст уай ӕмӕ мӕнг хуыцауӕн кувай, уымӕй уӕлдай не сты» (1 Паддзахӕдты 15:22, 23).

Цӕй стыр кад у, Хуыцауы Паддзахады хабар ӕппӕт дунейы хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы архайын! Иегъовӕйӕн нывондӕн «нӕ дзыхы уӕнгуытӕ» хӕсгӕйӕ, мах хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъусӕм, йӕ фыст Ныхас ӕмӕ йӕ зӕххон организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ (Оси 14:2; Дзуттытӕм 13:15).

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Фыццаг паддзахӕдты чиныджы цы бынӕтты кой цӕуы, уыдон фенӕн ис брошюрӕ «Дӕ цӕст ахӕсс „арфӕгонд зӕххыл“», 18, 19 фф. (уыр.), рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв 16 фарсыл]

Израилы фыццаг паддзах уыди бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймаг, фӕлӕ куыдфӕстагмӕ сси сӕрыстыр ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст.

[Ныв 32 фарсыл]

Голиафы хуызӕн знӕгтӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд нӕ ныфс цӕмӕй хъуамӕ уа?