Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ зӕрдӕ дар Иегъовӕйы ныхасыл

Дӕ зӕрдӕ дар Иегъовӕйы ныхасыл

Дӕ зӕрдӕ дар Иегъовӕйы ныхасыл

«Мӕ зӕрдӕ дарын ӕз дӕ ныхасыл» (ПСАЛОМ 118:42, НД).

1. Цы ис зӕгъӕн, 118-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕй, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый тыххӕй?

ПСАЛОМ 118 чи ныффыста, уый тынг аргъ кодта Иегъовӕйы ныхасӕн. Фысгӕ та йӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныккодта Иудӕйы паддзахы фырт Езеки, уымӕн ӕмӕ ацы Хуыцауы комытӕфӕй фыст зарӕджы ныхӕстӕ ӕмзӕл сты Езекийы зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтимӕ. Иудӕйы паддзах уӕвгӕйӕ уый «баныхӕст Иегъовӕйыл» (4 Паддзахӕдты 18:3–7). Фӕлӕ, Езеки уыдаид ӕви ӕндӕр исчи, иу хъуыддаг у бӕлвырд: ацы зарӕг чи ныффыста, уый ӕмбӕрста, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй (Матфейы 5:3).

2. Цӕуыл у 118-ӕм псалом ӕмӕ куыд арӕзт у ацы зарӕг?

2 118-ӕм псаломӕн йӕ сӕйраг хъуыды у, Хуыцауы ныхасӕн, кӕнӕ нын цы дзуры, уымӕн куыд стыр аргъ ис, уый *. Ӕвӕццӕгӕн, цӕмӕй ӕнцондӕр бахъуыды кӕнӕн уа, уый тыххӕй йӕ ныффыста акростихӕй – йӕ 176 стихы фыст сты дзуттаг алфавиты дамгъӕты равӕрдмӕ гӕсгӕ. Дзуттаг ӕвзагыл ацы псаломы алы 8 рӕнхъы дӕр райдайынц уыцы иу дамгъӕйӕ, ӕмӕ дзы ахӕм астрӕнхъонтӕ ис 22. Псаломы дзырдӕуы Хуыцауы ныхасыл, йӕ закъоныл, нӕ зӕрдыл нын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдоныл, йӕ фӕндӕгтыл, амындтыл, тӕрхӕттыл ӕмӕ уагӕвӕрдтыл. Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы 118-ӕм псалом ӕвзӕрст цӕудзӕн, дзуттаг ӕвзагӕй Фыстад бӕлвырддӕр тӕлмац кӕм у, уыцы тӕлмацтӕм гӕсгӕ. Рагзаманты дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цытӕ ӕвзӕрстой, уыдӕттыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ацы Хуыцауы комытӕфӕй фыст зарӕг хуыздӕр бамбардзыстӕм ӕмӕ тынгдӕр бузныг уыдзыстӕм Иегъовӕйы фыст Ныхас Библийы тыххӕй.

Хуыцауы ныхасмӕ хъус ӕмӕ амондджын у

3. Бамбарын кӕн, адӕймаг ӕнаипп у, уый цы амоны ӕмӕ йын ӕрхӕсс цӕвиттон.

3 Ӕцӕг амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм, Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм (Псалом 118:1–8). Уӕд Иегъовӕйы цӕсты уыдзыстӕм «ӕнаипптӕ [нӕ] фӕндагыл» (Псалом 118:1). Ӕнаипп стӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕххӕст стӕм, фӕлӕ ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайӕм Иегъовӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Ной «йе ’мдуггӕгты ’хсӕн цард ӕнаиппӕй», уымӕн ӕмӕ «цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ». Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ, Иегъовӕ сын цы фӕндаг амыдта, ууыл цыдысты, ӕмӕ уый фӕрцы Доны хъаймӕты аирвӕзтысты (Уӕвынад 6:9; 1 Петры 3:20). Мах дӕр ацы дунейы кӕроны фервӕзынӕн хъӕуы Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ «фидар хъахъхъӕнын», ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын (Псалом 118:4).

4. Цы хъӕуы, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ хорз цӕуой?

4 Иегъовӕйы нӕ «зӕрдӕйы рӕстадӕй» куы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтыл, йӕ амындтыл куы хӕцӕм, уӕд нӕ никуы ныууадздзӕн (Псалом 118:7, 8). Хуыцау нӕ ныууагъта израилӕгты разамонӕг Йесо Навины, уымӕн ӕмӕ йын уый хъуыста йӕ ныхасмӕ, зӕгъгӕ, закъоны чиныг ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕс, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай. Афтӕ кӕй кодта, уый фӕрцы йӕ хъуыддӕгтӕ хорз цыдысты, архайдта зондӕй (Йесо Навин 1:8). Йесо Навин йӕ царды кӕрон дӕр кадджын кодта Хуыцауы ӕмӕ израилӕгты зӕрдыл лӕууын кодта: «Сымах уӕхӕдӕг дӕр хорз зонут, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй, уӕ Хуыцау Иегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг» (Йесо Навин 23:14). Уӕдӕ Иегъовӕйы куы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ ныхасыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд мах дӕр, Йесо Навинау ӕмӕ 118-ӕм псалом чи ныффыста, уыйау, амондджын уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ хорз цӕудзысты.

Иегъовӕйы ныхасы фӕрцы стӕм сыгъдӕг

5. а) Бамбарын кӕн, куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг уӕм. ӕ) Фӕсивӕдӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ын цы баххуыс кӕндзӕн?

5 Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ нӕхи куы хъахъхъӕнӕм, уӕд йӕ разы сыгъдӕг уыдзыстӕм (Псалом 118:9–16). Уый гӕнӕн ис, кӕд уыцы хъуыддаджы нӕ ныййарджытӕ фӕзминаг не сты, уӕддӕр. Цӕвиттон, Езеки. Уымӕн йӕ фыд куывта гуымирытӕн, фӕлӕ Езеки йӕ «фӕндаг ссыгъдӕг кодта» (НД),– ӕвӕццӕгӕн, муртаттаг ӕгъдӕутты тӕвагӕй. Зӕгъӕм, абон Хуыцауӕн лӕггадгӕнӕг фӕсивӕдӕй исчи уӕззау тӕригъӕд ракодта. Куы ӕрфӕсмон кӕна, куы кува, йӕ ныййарджыты ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уарзӕгой ӕххуыс куы агура, уӕд ын уый баххуыс кӕндзӕн Езекийау йӕ фӕндаг ссыгъдӕг кӕнынӕн ӕмӕ йӕхи хъахъхъӕнынӕн (Иаковы 5:13–15).

6. Чи уыдысты уыцы сылгоймӕгтӕ, йӕ фӕндаг чи ссыгъдӕг кодта ӕмӕ йӕхи «Хуыцауы дзырдмӕ гӕсгӕ» чи хъахъхъӕдта?

6 Раав ӕмӕ Руф, 118-ӕм псалом фыст куы ’рцыд, уымӕй бирӕ раздӕр цардысты, фӕлӕ уыдон дӕр «ссыгъдӕг кодтой [сӕ] фӕндаг». Раав уыдис ханаайнаг хъахбай сылгоймаг, фӕлӕ йӕ йӕ уырнындзинады руаджы зонӕм Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕгӕй (Дзуттытӕм 11:30, 31). Моавитаг сылгоймаг Руф ныууагъта йӕхи хуыцӕутты ӕмӕ лӕггад кодта Иегъовӕйӕн, ӕххӕст кодта, Иегъовӕ Израилӕн цы закъӕттӕ радта, уыдон (Руф 1:14–17; 4:9–13). Ацы дыууӕ сылгоймаджы дӕр «хъахъхъӕдтой сӕхи Хуыцауы дзырдмӕ гӕсгӕ», ӕмӕ сӕм ӕрхаудта диссаджы кад – сӕ дыууӕ дӕр сты Йесо Чырыстийы фыдӕлты номхыгъды (Матфейы 1:1, 4–6).

7. Хуыцауы раз сыгъдӕг куыд уӕм, уыцы хъуыддаджы нын Данел ӕмӕ ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы иттӕг хорз дӕнцӕг цӕмӕн сты?

7 «Адӕймаджы зӕрдӕ йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ фыддзинадмӕ здӕхт у». Фӕлӕ ӕрыгӕттӕн сӕ бон у, Сайтаны къухы чи ис, уыцы хӕлд дунейы дӕр сыгъдӕг фӕндагыл цӕуын (Уӕвынад 8:21; 1 Иоанны 5:19). Данел ӕмӕ ма ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы Вавилоны уацары дӕр «хъахъхъӕдтой сӕхи Хуыцауы дзырдмӕ гӕсгӕ». Зӕгъӕм, сӕхи уымӕй нӕ фӕчъизи кодтой, ӕмӕ «паддзахы фынгӕй» бахӕрой (Данелы 1:6–10). Вавилойнӕгтӕ хордтой, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ хӕрын кӕй не ’мбӕлд, ахӕм цӕрӕгойты (Левит 11:1–31; 20:24–26). Цы-иу аргӕвстой, уымӕн-иу алы хатт йӕ туг нӕ рауагътой, ӕмӕ ахӕм дзидза кӕй хордтой, уымӕй хӕлдтой, Хуыцау туджы тыххӕй цы закъон радта, уый (Уӕвынад 9:3, 4). Уӕдӕ диссаг нӕу, уыцы цыппар дзуттаг лӕппуйы паддзахы фынгӕй кӕй нӕ хордтой. Уыдон Иегъовӕйы раз сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой, ӕмӕ нын уымӕй иттӕг хорз дӕнцӕг ныууагътой.

Хуыцауы ныхасы фӕрцы – иузӕрдион

8. Цӕмӕй Хуыцауы закъон хорз ӕмбарӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нын цавӕр зӕрдӕйы уаг хъуамӕ уа ӕмӕ нӕ цы хъӕуы зонын?

8 Цӕмӕй Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уарзӕм Хуыцауы ныхас (Псалом 118:17–24). Махӕн дӕр, Хуыцауы комытӕф кӕмӕ хӕццӕ кодта, уыцы псаломзарӕггӕнӕджы зӕрдӕйы уаг куы уа, уӕд нӕ ӕппӕт удӕй фӕнддзӕн Хуыцауы закъоны «диссӕгтӕ» бамбарын. Уӕд ӕдзухдӕр «бӕлдзыстӕм [Иегъовӕйы] тӕрхӕттӕм» ӕмӕ йын «уарздзыстӕм, нӕ зӕрдыл нын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон» (НД) (Псалом 118:18, 20, 24). Кӕд Иегъовӕйӕн нӕхи нырма ӕрӕджы снывонд кодтам, уӕд цымӕ, «куыд ноггуырд сывӕллӕттӕ, [афтӕ] бауарзтам сыгъдӕг дзырды ӕхсыр»? (1 Петры 2:1, 2). Цӕмӕй Хуыцауы закъон хорз ӕмбарӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын.

9. Адӕм нӕ цы домынц, уый Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ куы уа, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

9 Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон уарзӕм, фӕлӕ, зӕгъгӕ, «ӕлдӕрттӕ» истӕй тыххӕй нӕ ныхмӕ дзурынц, уӕд та? (Псалом 118:23, 24). Абон нын хицӕуттӕ арӕх адӕмы закъӕттӕ Хуыцауы закъонӕй уӕлдӕр февӕрын кӕнынц. Фӕлӕ нӕ адӕм цы домынц, уый Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ куы уа, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Хуыцауы ныхас кӕй уарзӕм, уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ макуы сивӕм. Йесо Чырыстийы апостолты куы ӕфхӕрдтой, уӕд уыдон куыд загътой, афтӕ мах дӕр зӕгъдзыстӕм: «Фылдӕр коммӕ кӕсын хъӕуы адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн» (Куыстытӕ 5:29).

10, 11. Цӕвиттон ӕрхӕсс, куыд у нӕ бон цыфӕнды зын уавӕрты дӕр Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын.

10 Цыфӕнды зын уавӕрты дӕр нӕ бон у, ӕмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм (Псалом 118:25–32). Цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фӕнда йӕ зондамындмӕ хъусын ӕмӕ ахуыр кӕнын; хъуамӕ йӕм зӕрдиагӕй кувӕм ӕмӕ дзы разамынд курӕм. Афтӕ ма хъуамӕ равзарӕм «ӕцӕгады [«иузӕрдиондзинады», НД] фӕндаг» (Псалом 118:26, 30).

11 Езеки, 118-ӕм псаломы фыссӕг кӕй хонынц, уый, равзӕрста «иузӕрдиондзинады фӕндаг». Ӕмӕ уыцы фӕндагыл цыд, кӕд мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы ’хсӕн цардис ӕмӕ йыл паддзахы галуаны худтысты, уӕддӕр. Ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй йӕ «уд фырмастӕй фынӕй нал зыдта» (Псалом 118:28). Фӕлӕ Езеки йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дардта, уыдис хорз паддзах, ӕмӕ, «Иегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый» арӕзта (4 Паддзахӕдты 18:1–5). Мах дӕр нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл куы дарӕм, уӕд ыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдзыстӕм ӕмӕ фӕлварӕнты нӕ фӕцуддзыстӕм (Иаковы 1:5–8).

Иегъовӕйы ныхас адӕймаджы кӕны ныфсджын

12. Псаломы 118:36, 37 стихты фыст ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын нӕ бон куыд у?

12 Хуыцауы ныхасмӕ куы хъусӕм, уӕд цыфӕнды зын уавӕрты дӕр нӕ ныфс никуы фесафдзыстӕм (Псалом 118:33–40). Уӕдӕ сӕрныллӕгӕй агурӕм Иегъовӕйы разамынд, цӕмӕй йын йӕ закъоныл нӕ бон уа «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» хӕцын (Псалом 118:33, 34). Псаломзарӕггӕнӕгау, Хуыцауӕй курӕм: «Ӕркъул кӕн мӕ зӕрдӕ ӕфтиаг кӕнынмӕ [ома, хӕрам ӕфтиаг кӕнынмӕ] нӕ, фӕлӕ Дӕ ӕргомдзинӕдтӕм» (Псалом 118:36). Мах дӕр, апостол Павелау, «алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрӕм» (Дзуттытӕм 13:18, НТ). Кӕд нын куысты нӕ хицау исты хӕрам хъуыддаг аразын кӕна, уӕддӕр фидар лӕууӕм, цӕмӕй Хуыцауы амындты сӕрты ма ахизӕм. Ахӕм фидардзинадӕн Иегъовӕ алкӕддӕр арфӕ кӕны. Иегъовӕ ма нын ӕххуыс кӕны нӕ тӕригъӕдджын фӕндты рохтыл хӕцын дӕр. Цӕй, уӕдӕ кувӕм: «Аздах мӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уынон тыхстдзинад [«ӕнаккаг цы у, уый», НД]» (Псалом 118:37). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Хуыцауы цӕсты ӕнаккаг цы у, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕй исты нӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдайа (Псалом 96:10). Уымӕ гӕсгӕ, нӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты хиздзыстӕм, зӕгъӕм, хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинотӕм кӕсынӕй, дӕснытӕм цӕуынӕй ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнынӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; Раргомад 21:8).

13. Йесойы ахуыргӕнинӕгты куы ӕфхӕрдтой, уӕд сӕм уыцы ныфс кӕцӕй уыд, цӕмӕй уӕндонӕй хъусын кодтаиккой?

13 Хуыцауы ныхас хорз кӕй зонӕм, уый фӕрцы адӕмӕн уӕндонӕй хъусын кӕнӕм (Псалом 118:41–48). Ныфс ма нӕ хъӕуы, цӕмӕй-иу «раттӕм дзуапп [нӕ] фауӕгӕн» (Псалом 118:42). Хатт, гӕнӕн ис, мах дӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтау ӕфхӕрой. Иу ахӕм рӕстӕг уыдон Иегъовӕмӕ куывтой: «Хицау, ратт Дӕ цагъартӕн уӕндонӕй дзурын Дӕ ныхас». Ӕмӕ? «Сӕххӕст сты Сыгъдӕг Удӕй иуылдӕр ӕмӕ Хуыцауы ныхас дзырдтой уӕндонӕй». Уыдонӕн чи баххуыс кодта, уыцы Дунедарӕг Стыр Хуыцау махӕн дӕр дӕтты ныфс, цӕмӕй йын йӕ ныхас уӕндонӕй дзурӕм (Куыстытӕ 4:24–31).

14. Цы нын ӕххуыс кӕндзӕн Павелау ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн?

14 Кӕд «ӕцӕгады дзырдӕн» аргъ кӕнӕм ӕмӕ ӕдзухдӕр Хуыцауы закъоныл хӕцӕм, уӕд нӕм ныфс уыдзӕн ӕмӕ ӕфсӕрмы нӕ кӕндзыстӕм адӕмӕн хъусын кӕнын (Псалом 118:43, 44). Хуыцауы фыст Ныхас лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн «дзурын [йӕ] ӕргомдзинӕдты [«нӕ зӕрдыл нын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон», НД] тыххӕй паддзӕхты раз» дӕр (Псалом 118:46). Зӕрдӕбын куывд ӕмӕ нын Иегъовӕйы сыгъдӕг уд дӕр ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу хъӕугӕ ныхӕстӕ ссарӕм ӕмӕ сӕ-иу ӕмбӕлон уагыл зӕгъӕм (Матфейы 10:16–20; Колоссӕгтӕм 4:6). Фыццаг ӕнусы Павел ныфсджынӕй дзырдта Хуыцауы фӕдзӕхстыты тыххӕй уӕды хицӕуттӕн. Зӕгъӕм, уый хъусын кодта ромаг хицау Феликсӕн «Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй» (Куыстытӕ 24:24, 25). Павел ма дзырдта хицау Фест ӕмӕ паддзах Агриппӕйы раз дӕр (Куыстытӕ 25:22–26:32). Иегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы мах дӕр уыдзыстӕм ныфсджын ӕвдисӕнтӕ, «хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕй» никуы ӕфсӕрмы кӕндзыстӕм (Ромӕгтӕм 1:16).

Хуыцауы Ныхас нын нӕ зӕрдӕтӕ рӕвдауы

15. Адӕм нӕ ӕвзӕр куы дзурой, уӕд нын Хуыцауы Ныхас нӕ зӕрдӕтӕ куыд барӕвдаудзӕн?

15 Хуыцауы Ныхас нын кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдӕтӕ рӕвдауы (Псалом 118:49–56). Вӕййы ахӕм рӕстӕджытӕ, ӕмӕ нӕ уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ. Кӕд ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм, уӕддӕр нӕ хатт «хъалтӕ» – Хуыцауы чи ницӕмӕ дары, уыдон, «иттӕг ӕвзӕр фӕдзурынц» (Псалом 118:51). Фӕлӕ куы кувӕм, уӕд, чи зоны, ӕмӕ ӕрымысӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн хабӕрттӕ ӕмӕ хъуыдытӕ Хуыцауы Ныхасӕй, ӕмӕ афтӕмӕй ссарӕм «рӕвдыд» нӕ удтӕн (Псалом 118:52). Нӕ сагъӕстӕ Хуыцауӕн куы дзурӕм, уӕд, чи зоны, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууа, зын уавӕры удӕнцой кӕмӕй бавзарӕм ӕмӕ нын ныфс чи ратта, ахӕм закъон кӕнӕ арф хъуыды Библийӕ.

16. Карз ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы нӕ бакӕнынц?

16 Псаломзарӕггӕнӕгыл чи худтис, уыцы хъал адӕм уыдысты израилӕгтӕ – Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм. Уымӕй ӕгаддӕр ма цы хъуамӕ уа?! Цӕй, уӕдӕ мах уыдоны хуызӕн макуы суӕм, макуы фӕиппӕрд уӕм Хуыцауы закъонӕй (Псалом 118:51). Нацизмы рӕстӕджы, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фӕдыл куы зылдысты ӕмӕ сӕ куы ӕфхӕрдтой, уӕд дзы тынг бирӕтӕ – минтӕ – нӕ басастысты ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты ахизын нӕ бакуымдтой (Иоанны 15:18–21). Иегъовӕйы коммӕ кӕсын уӕззау уаргъ нӕу, уымӕн ӕмӕ нын йӕ уагӕвӕрдтӕ, йӕ амындтӕ зарӕджы зӕлтау нӕ зӕрдӕтӕ рӕвдауынц (Псалом 118:54; 1 Иоанны 5:3).

Бузныг у Хуыцауы ныхасы тыххӕй

17. Хуыцауы ныхасы тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ цы фӕнды?

17 Хуыцауы ныхасы тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ куы ӕххӕст кӕнӕм (Псалом 118:57–64). Псаломзарӕггӕнӕг «загъта», кӕнӕ дзырд радта, Иегъовӕйы ныхас кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ-иу «ӕмбисӕхсӕв дӕр сыстад» Хуыцауӕн йӕ «раст тӕрхӕтты тыххӕй» бузныг зӕгъынмӕ. Уӕдӕ мах дӕр кӕд ӕхсӕвы райхъал вӕййӕм, уӕд уый хорз фадат куыннӕ вӕййы Хуыцаумӕ скувынӕн ӕмӕ йын арфӕ кӕнынӕн?! (Псалом 118:57, 62). Хуыцауы ныхасы тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Хуыцау ахуыр кӕна ӕмӕ нӕ скӕна цинӕфсӕст «ӕмбӕлттӕ, Иегъовӕйӕ чи тӕрсы», уыдонӕн (Псалом 118:63, 64). Зӕххыл уыдонӕй хуыздӕр ӕмбӕлттӕ чи ссардзӕн?!

18. «Фыдадӕмы бӕндӕнтӕ» ныл куы ӕртыхсынц, уӕд нын Иегъовӕ нӕ куывдтытӕ куыд фехъусы?

18 Иегъовӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы кувӕм ӕмӕ дзы сӕрныллӕгӕй куы курӕм, ахуыр нӕ кӕн, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ «зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕндзыстӕм», ома йын йӕ хорзӕх ссардзыстӕм. Кувын нӕ уӕлдайдӕр хъӕуы, «фыдадӕмы бӕндӕнтӕ [ныл куы] ӕртыхсынц», уӕд (Псалом 118:58, 61, НД). Иегъовӕйы бон у знӕгты бӕндӕнтӕ фӕлыг кӕнын ӕмӕ нӕ ссӕрибар кӕнын, цӕмӕй Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Афтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд, нӕ организацийӕн архайыны бар кӕм нӕ лӕвӕрдтой, уыцы бӕстӕты.

Хуыцауы ныхасыл ӕууӕнд

19, 20. «Фӕтухӕн кӕнын» хорз куыд хъуамӕ уа?

19 Хуыцауы ныхасыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нын ӕххуыс кӕны мӕстытӕ фӕразынӕн ӕмӕ дарддӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн (Псалом 118:65–72). Кӕд псаломзарӕггӕнӕгыл «хъалтӕ быдтой мӕнгдзинад», уӕддӕр зарыд: «Хорз у мӕнӕн, ӕз кӕй фӕтухӕн кодтон» (Псалом 118:66, 69, 71). Тухӕн кӕнын, кӕнӕ мӕстытӕ ӕвзарын хорз куыд хъуамӕ уа?

20 Мӕстытӕ куы февзарӕм, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕрдӕбынӕй фӕкувӕм Иегъовӕмӕ, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕнӕм. Фылдӕр рӕстӕг фӕахуыр кӕнӕм Хуыцауы фыст Ныхас ӕмӕ тынгдӕр фӕархайӕм, цы бакӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрыныл. Афтӕмӕй та кӕнӕм амондджындӕр. Фӕлӕ нӕм, зӕгъгӕ, уынгӕг уавӕры ӕвзӕр миниуджытӕ рабӕрӕг, зӕгъӕм, нӕхиуыл хӕцын нӕ зонӕм, сӕрбӕрзонд стӕм, уӕд та? Зӕрдӕбын куывды, Хуыцауӕн йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды ӕххуысы руаджы ахӕм хъӕндзинӕдтыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм, ӕмӕ хуыздӕр «сфӕлынддзыстӕм ног [адӕймаджы]» (Колоссӕгтӕм 3:9–14). Уыимӕ ма зындзинӕдтӕ фӕразгӕйӕ фидар кӕны нӕ уырнындзинад (1 Петры 1:6, 7). Павелӕн йӕ фыдӕвзарӕнтӕ фӕахъаз сты, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ тынгдӕр дарын райдыдта (2 Коринфӕгтӕм 1:8–10). Мах дӕр зынтӕ ӕмӕ мӕстытӕн афтӕ фӕразын зонӕм, цӕмӕй нын фӕахъаз уой?

Алкӕддӕр дӕ зӕрдӕ дар Иегъовӕйыл

21. Хуыцау хъалты куыд фӕхудинаг кӕны?

21 Хуыцауы ныхас нын фидар бындур дӕтты Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарынӕн (Псалом 118:73–80). Кӕд не Сфӕлдисӕгыл ӕцӕгдӕр нӕ зӕрдӕ дарӕм, уӕд никуы фӕхудинаг уыдзыстӕм. Фӕлӕ иннӕтӕ цытӕ кӕнынц, уыдӕттӕ уынгӕйӕ мах фӕхъӕуы нӕ зӕрдӕ бафидар кӕнын ӕмӕ нӕ, чи зоны, уӕд фӕфӕнды кувын: «Уадз ӕмӕ хъалтӕ фӕхудинаг уӕнт» (Псалом 118:76–78, НД). Ахӕм адӕмы Иегъовӕ фӕхудинаг кӕны, ома сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ раргом кӕны, ӕмӕ йӕ сыгъдӕг ном срухс кӕны. Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцауы адӕмы ӕфхӕрджытӕн кӕй ницы бантысдзӕн. Зӕгъӕм, уыдонӕн никуы бантыст, ӕмӕ нӕдӕр бантысдзӕн, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты – йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл чи дары, уыдоны – зӕххы цъарӕй фесафын (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

22. Псаломзарӕггӕнӕг фӕздӕджы ауыгъд лалымы хуызӕн кӕй уыд, уый куыд ӕмбаргӕ у?

22 Нӕ фӕдыл куы фӕзилынц, куы нӕ фефхӕрынц, уӕд нын Хуыцауы ныхас фидар кӕны не ’ууӕнк Иегъовӕйыл (Псалом 118:81–88). Псаломзарӕггӕнӕджы хъалтӕ кӕй ӕфхӕрдтой, уый тыххӕй йӕхимӕ каст, «лалым фӕздӕджы» куыд уа, раст уый хуызӕн (Псалом 118:83, 86, НД). Библи куы фыстой, уыцы рӕстӕджыты цӕрӕгойты цармӕй арӕзт лалымты дардтой дон, сӕн кӕнӕ ӕндӕр исты донгъӕд. Уыцы лалымтӕ-иу афтидӕй, тохына кӕм нӕ уыд, ахӕм агъуысты артмӕ ’ввахс ауыгъд куы уыдысты, уӕд-иу бампылдысты. Ды дӕр уӕззау уавӕрты куы вӕййыс кӕнӕ дӕ куы фефхӕрынц, уӕд дӕхи, «лалым фӕздӕджы» куыд уа, афтӕ фӕхатыс? Кӕд о, уӕд дӕ зӕрдӕ дар Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕм кув: «Дӕ ӕнувыд уарзтӕй мӕ мӕлӕтӕй бахиз, ӕмӕ мын дӕ дзыхы дзырдтӕй мӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕныс, уыдон ма рох кӕнон» (Псалом 118:88, НД).

23. Псалом 118:1–88 ӕвзаргӕйӕ цы базыдтам ӕмӕ нӕ йӕ иннӕ хай ахуыр кӕныны размӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

23 118-ӕм псаломы фыццаг хайӕ цы равзӕрстам, уый ирдӕй ӕвдисы, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзт кӕй кӕны, уымӕн ӕмӕ йын йӕ ныхасыл сӕ зӕрдӕ дарынц ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ, йӕ закъӕттӕ, сӕ зӕрдыл сын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон уарзынц (Псалом 118:16, 47, 64, 70, 77, 88). Уымӕн ӕхсызгон у, ӕнувыд ыл чи у, уыдон сӕхи йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ кӕй хъахъхъӕнынц (Псалом 118:9, 17, 41, 42). Ацы рӕсугъд псаломы иннӕ хай ахуыр кӕныны размӕ та уал ахъуыды кӕн: «Цы хъӕуы, уый аразын, цӕмӕй мын Иегъовӕйы ныхас мӕ къахвӕдӕн рухс кӕна?».

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Ацы ран дзырд цӕуы, ӕнӕхъӕн Библийы, Хуыцауы Ныхасы, цы фыст ис, ууыл нӕ, фӕлӕ нын Иегъовӕ цы дзуры, ууыл.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ӕцӕг амондджын кӕд уыдзыстӕм?

• Цӕмӕй Иегъовӕйы раз сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй нӕ йӕ ныхас куыд хъахъхъӕны?

• Хуыцауы ныхас нӕ куыд ныфсджын кӕны ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ куыд рӕвдауы?

• Цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ ныхасыл?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Руф, Раав ӕмӕ Вавилоны уацары цы ӕвзонг дзуттаг лӕппутӕ уыд, уыдон «хъахъхъӕдтой сӕхи Хуыцауы дзырдмӕ гӕсгӕ».