Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Райгасдзинад. Ацы ахуырад дӕумӕ куыд хауы?

Райгасдзинад. Ацы ахуырад дӕумӕ куыд хауы?

Райгасдзинад. Ацы ахуырад дӕумӕ куыд хауы?

«Ныфс мӕ ис Хуыцауӕй, кӕй уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (КУЫСТЫТӔ 24:15).

1. Синедрионы мӕрдты райгасы тыххӕй ныхас цӕмӕн рауад?

АПОСТОЛ Павел н. э. 56 азы йӕ ӕртыккаг уацамындон балцы кӕрон уыди Иерусалимы. Ромӕгтӕ йӕ куы ӕрцахстой, уый фӕстӕ йын бар радтой, цӕмӕй Синедрионы, иудейаг сӕйраг тӕрхондоны раз ӕрлӕууа (Куыстытӕ 22:29, 30). Павел тӕрхонгӕнджытӕм куы бакасти, уӕд федта, сӕ иутӕ саддукейтӕ кӕй уыдысты, иннӕтӕ та фарисейтӕ. Ацы дыууӕ къорды иу ахсджиаг хъуыддаджы нӕ разы кодтой. Саддукейты райгасы хабар нӕ уырныдта, фарисейты та уырныдта. Павел райгасы хабарыл кӕй ӕууӕндыд, уый бамбарын кӕнынӕн загъта: «Лӕгтӕ, ӕфсымӕртӕ! ӕз фарисей, фарисейы фырт; мӕрдты райгасмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсын, уый тыххӕй мын тӕрхон кӕнынц». Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Синедрионы бадджытӕ схъомпал сты (Куыстытӕ 23:6–9).

2. Павел райгасдзинадыл кӕй ӕууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕрыл дзурынмӕ цӕттӕ цӕмӕн уыд?

2 Цалдӕр азы размӕ Павел Дамаскмӕ цӕугӕйӕ федта цӕстылуайӕн ӕмӕ фехъуыста Йесойы хъӕлӕс. Павел ма Йесойы фӕрсгӕ дӕр бакодта: «Хицау! цы бакӕнон ӕз?». Йесо йын дзуапп радта: «Сыст ӕмӕ цу Дамаскмӕ, ӕмӕ дын уым загъд уыдзӕн ӕппӕт, дӕуӕн нысангонд цы у кӕнынӕн». Павел Дамаскмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй ӕрцагуырдта чырыстон ахуыргӕнинаг Анани ӕмӕ йын баххуыс кодта. Уый загъта: «Нӕ фыдӕлты Хуыцау раздӕр равзӕрста дӕу, цӕмӕй ды базонай [райгасуӕвӕг Йесойы] фӕндон, фенай Рӕстгӕнӕджы ӕмӕ фехъусай Йӕ дзыхӕй ныхас» (Куыстытӕ 22:6–16). Уӕдӕ Павел райгасдзинадыл кӕй ӕууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, йӕ сӕрыл дзурынмӕ цӕттӕ кӕй уыд (1 Петры 3:15).

Адӕмӕн дзурӕм райгасы ныфсы тыххӕй

3, 4. Павел мӕрдты райгасдзинады ахуырады сӕрыл ныфсджынӕй куыд дзырдта, ӕмӕ мах йӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

3 Фӕстӕдӕр Павел ӕрлӕууыд хицау Феликсы раз. Ацы хатт иудейты номӕй Павелы ныхмӕ дзырдта дзырдарӕхст лӕг Тертулл. Азымджын ӕй кодта, сектӕйы хистӕр кӕй у ӕмӕ адӕмы кӕй змӕнты, уымӕй. Павел ныфсджынӕй загъта: «Дӕуӕн сӕттын ууыл, ӕмӕ уыдон мӕнг дин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ кусын йӕ фыдӕлты Хуыцауӕн». Уый фӕстӕ йӕ ныхасы сӕйраг хъуыдымӕ куы бахӕццӕ, уӕд загъта: «Ныфс мӕ ис Хуыцауӕй, кӕй уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты, кӕцымӕ уыдон сӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц» (Куыстытӕ 23:23, 24; 24:1–8, 14, 15).

4 Дыууӕ азы фӕстӕ Порций Фест – Феликсы фӕстӕ хицау чи сси, уый – фӕхуыдта паддзах Ирод Агриппӕйы Павелы хъуыддаг равзарынмӕ. Фест бамбарын кодта, Павелы кӕй аххосджын кӕнынц, зӕгъгӕ, афтӕ дзуры, «чи амард, уыцы цавӕрдӕр Йесо... удӕгас у». Павел йӕхи сӕрыл дзурын райдыдта ӕмӕ бафарста: «Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабарыл цӕмӕн нымайут?». Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, ӕнӕфӕцудгӕ лӕууын ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыд адӕмӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый. Ома, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕн» (Куыстытӕ 24:27; 25:13–22; 26:8, 22, 23, НТ). Куыд фидарӕй дзырдта Павел райгасдзинады ахуырады сӕрыл! Павелау махӕн дӕр нӕ бон у ныфсджынӕй дзурын, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕм адӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты? Чи зоны, Павелмӕ цы цӕстӕй кастысты, раст ахӕм цӕстӕй.

5, 6. а) Апостолтӕ райгасы хабары сӕрыл кӕй дзырдтой, уымӕ адӕм цы цӕстӕй ракастысты? ӕ) Райгасы хабар нӕ кӕй уырны, ууыл куы фӕдзурӕм, уӕд ахсджиаг цы у?

5 Ӕркӕсӕм, Павел йӕ дыккаг уацамындон балцы (н. э. 49–52 азтӕм ӕввахс) Афинты куы уыд, уый размӕ цы ’рцыд, уымӕ. Уый ныхас кодта, алыхуызон хуыцӕуттыл чи ӕууӕндыд, ахӕм адӕмимӕ ӕмӕ сын се ’ргом здӕхта, Хуыцауы кӕй фӕнды зӕххы цӕрджытыл рӕстӕй тӕрхон кӕнын йӕ нысангонд адӕймаджы уылты. Уыцы адӕймаг уыди Йесо. Павел бамбарын кодта, Хуыцау ацы хъуыддаг ӕнӕмӕнгдӕр кӕй сараздзӕн, ӕмӕ йын бӕлвырдгӕнӕн та у, Йесойы кӕй райгас кодта, уый. Адӕм уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? Мах кӕсӕм: «Райгасдзинады тыххӕй фехъусгӕйӕ, иутӕ хынджылӕг кодтой, иннӕтӕ та дзырдтой: уый тыххӕй дӕм байхъусдзыстӕм ӕндӕр рӕстӕг» (Куыстытӕ 17:29–32).

6 Раст ахӕм хабар ӕрцыд Петр ӕмӕ Иоанныл н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны хӕдфӕстӕ. Уӕд дӕр та саддукейтӕ быцӕу кодтой. Цы ’рцыд, уый тыххӕй Куыстыты 4:1–4 (НТ) кӕсӕм: «Адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрбацыдысты сауджынтӕ, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ саддукейтӕ. Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ». Фӕлӕ иннӕтӕн та ацы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты. «Апостолтӕм чи хъуыста, уыдонӕй та бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ныр уырнджыты нымӕц уыди фондз мины бӕрц». Ӕцӕгдӕр, райгасы ныфсы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уӕм, ацы хабармӕ адӕм иухуызон цӕстӕй кӕй нӕ ракӕсдзысты. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у ацы ахуырадыл нӕ уырнындзинад фидар кӕнын.

Уырнындзинад ӕмӕ райгасдзинад

7, 8. а) Коринфы ӕмбырдмӕ фыстӕгӕй куыд зыны, афтӕмӕй уырнындзинад дзӕгъӕлы кӕд уыдзӕн? ӕ) Райгасдзинады раст ӕмбарынад ӕцӕг чырыстӕтты иннӕтӕй куыд хицӕн кӕны?

7 Н. э. I ӕнусы чырыстон чи сси, уыдонӕй алкӕмӕн ӕнцон нӕ уыди, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл баууӕндын. Уый зын кӕмӕн уыд, ахӕмтӕй иуӕй-иутӕ уыди Коринфы ӕмбырды. Павел сӕм ныффыста: «Ӕз райдианӕй бацамыдтон сымахӕн мӕхӕдӕг цы райстон, уый, ома, Чырысти кӕй амардис мах тӕригъӕдты тыххӕй, Фыстмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ Уый ныгӕд кӕй уыд, ӕмӕ кӕй райгас ӕртыккаг бон, Фыстмӕ гӕсгӕ». Афтӕ кӕй уыд, уый сбӕлвырд кӕнынӕн ма Павел загъта, зӕгъгӕ, Чырысти йӕ райгасы фӕстӕ «фӕзынд фондз сӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ» (уыдонӕй ма бирӕтӕ уӕд ӕгас уыдысты, уыимӕ Павел дӕр) (1 Коринфӕгтӕм 15:3–8). Стӕй ма загъта: «Кӕд ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй хъуыстгонд цӕуы, Уый кӕй райгас мӕрдтӕй, уӕд иуӕй-иутӕ сымахӕй куыд дзурынц, кӕй нӕй мӕрдты райгасдзинад? Кӕд нӕй мӕрдты райгасдзинад, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас; ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд дзӕгъӕлы у нӕ амынд, дзӕгъӕлы у уӕ уырнындзинад дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 15:12–14).

8 О, райгасдзинады ахуырад тынг ахсджиаг у, ӕмӕ йыл кӕд чырыстон не ’ууӕнды, уӕд йӕ уырнындзинад дзӕгъӕлы у. Райгасдзинады раст ӕмбарынад ӕцӕг чырыстӕтты мӕнг чырыстӕттӕй хицӕн кӕны (Уӕвынад 3:4; Иезекил 18:4). Афтӕмӕй Павел райгасдзинад ӕрӕвӕрдта чырыстон дины иннӕ сӕйраг ахуырӕдты ӕмрӕнхъ. Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй фӕлтӕрддзинадмӕ тырнӕм. «Ӕмӕ уый бакӕндзыстӕм,– дзуры Павел,– кӕд Хуыцауӕн фӕндон уа, уӕд» (Дзуттытӕм 6:1–3).

Райгасы ныфс

9, 10. Библимӕ гӕсгӕ райгасдзинад цы у?

9 Цӕмӕй нӕ уырнындзинад райгасы хабарыл фидардӕр уа, уый тыххӕй равзарӕм ахӕм фарстытӕ: Библимӕ гӕсгӕ райгасдзинад цы у? Райгасдзинады ахуырад Иегъовӕйы уарзондзинад куыд ӕвдисы? Ацы фарстытӕн дзуапп куы ссарӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнынӕн ӕмӕ ма иннӕты ахуыр кӕнынӕн дӕр (2 Тимофеймӕ 2:2; Иаковы 4:8).

10 «Райгасдзинад»-ӕй цы грекъаг дзырд тӕлмац ӕрцыд, уый комкоммӕ нысан кӕны «ногӕй сыстын». Уымӕ цы хауы? Библимӕ гӕсгӕ райгасы ныфс у, мӕрдтӕ та ногӕй кӕй цӕрдзысты, ууыл ӕууӕндын. Уымӕй уӕлдай ма Библийы дзырдӕуы, адӕм кӕй ӕгас кӕндзысты зӕххон буары, йе та ӕнӕуынгӕ буары, кӕмӕн цавӕр ныфс ис, уымӕ гӕсгӕ – зӕххыл кӕнӕ уӕларвы цӕрыны ныфс. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уым Иегъовӕйы уарзондзинад, зонд ӕмӕ тых кӕй зынынц, уый нӕ дисы ӕфтауы.

11. Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ куы райгас уой, уӕд сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

11 Йесо ӕмӕ йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн райгасдзинад дӕтты ӕнӕуынгӕ буӕрттӕ уӕлӕрвты лӕггад кӕнынӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:35–38, 42–53). Уыдон уыдзысты, зӕххӕй дзӕнӕт чи скӕндзӕн, уыцы Мессианон Паддзахады хицауиуӕггӕнджытӕ. Йесо Хистӕр сауджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сӕрстытӕ уыдзысты паддзах-сауджынтӕ. Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй сӕрстытӕ рӕстаг ног дунейы цӕрджыты хорзӕхджын кӕндзысты (Дзуттытӕм 7:25, 26; 9:24; 1 Петры 2:9; Раргомад 22:1, 2). Фӕлӕ ма сӕрстытӕй зӕххыл чи ис, уыдоны фӕнды, цӕмӕй Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ уой. Куы амӕлынц, уӕд райсынц сӕ «мызд», ома уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цардмӕ райгас вӕййынц (2 Коринфӕгтӕм 5:1–3, 6–8, 10 (НФ); 1 Коринфӕгтӕм 15:51, 52; Раргомад 14:13). Павел ныффыста: «Кӕд мах Йемӕ иугонд стӕм Йӕ мӕлӕты хуызы, уӕд иугонд хъуамӕ уӕм Йӕ райгасдзинады хуызы дӕр» (Ромӕгтӕм 6:5). Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис, зӕххыл чи райгас уыдзӕн, уыдонӕй та? Райгасы ныфс сӕ Хуыцаумӕ куыд ӕввахсдӕр кӕны? Уый тыххӕй бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр уыдзыстӕм Авраамы цардӕй.

Мӕрдты райгасы хабар ӕмӕ Иегъовӕимӕ хӕлардзинад

12, 13. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл Авраам фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндыд?

12 «Хуыцауы хӕлар» Авраам уыди фидар уырнындзинады хицау (Иаковы 2:23). Павел Дзуттытӕм ӕрвысты 11-ӕм сӕры, иузӕрдион лӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты кой кӕнгӕйӕ, ӕртӕ хатты загъта Авраамы уырнындзинады тыххӕй (Дзуттытӕм 11:8, 9, 17). Ӕртыккаг ран Авраамы тыххӕй дзургӕйӕ, йӕ хъус ӕрдардта, Хуыцауы коммӕ куы бакаст ӕмӕ йӕ фырт Исахъы нывондӕн куы ӕрцӕттӕ кодта, уӕд цы уырнындзинад равдыста, уымӕ. Авраамы фидарӕй уырныдта, зӕрдӕвӕрд мыггаг Исахъӕй кӕй рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын афтӕ загъта Иегъовӕ. Исахъы нывондӕн куы ӕрхастаид, уӕддӕр Авраам ӕууӕндыд, «Хуыцаумӕ тых кӕй ис, уый мӕрдтӕй райгас кӕнын».

13 Афтӕмӕй Иегъовӕ федта Авраамы фидар уырнындзинад ӕмӕ йын нывонд ӕрхӕссынӕн радта фыр. Уӕдӕ Исахъы хабӕрттӕ уыдысты цӕстуынгӕ цӕвиттон, райгасдзинад кӕй уыдзӕн, уымӕн. Павел ӕй бамбарын кодта: «Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау Авраамӕн фӕстӕмӕ радта йӕ фырты [Исахъы], ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амыдта фидӕнмӕ» (Дзуттытӕм 11:19, НТ). Авраам уӕдмӕ дӕр фидарӕй ӕууӕндыд, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл. Исты Иегъовӕ зӕронд Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕйӕн ногӕй цоткӕныны хъомыс нӕ радта, сӕ фырт Исахъ куы райгуырд, уӕд? (Уӕвынад 18:10–14; 21:1–3; Ромӕгтӕм 4:19–21).

14. а) Дзуттытӕм 11:9, 10 гӕсгӕ Авраам цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? ӕ) Цӕмӕй Авраам ног дунейы Хуыцауы Паддзахады хорзӕхтӕй фӕхайджын уа, уый тыххӕй цы хъуамӕ ’рцӕуа? б) Цӕмӕй Паддзахады хорзӕхтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

14 Павел фыста, Авраам кӕй уыд ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ цатыртыцӕрӕг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, «фидар бындур кӕмӕн ис, Хуыцау йӕ нывгӕнӕг ӕмӕ аразӕг кӕмӕн у, уыцы сахармӕ» (Дзуттытӕм 11:9, 10, НТ). Уый нӕ уыд Иерусалимы хуызӕн сахар, Хуыцауы кувӕндон кӕм уыд, фӕлӕ – уӕларвон сахар. Уый уыди Хуыцауы уӕларвон Паддзахад, ӕмӕ йӕм хауынц Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ 144 000 ӕмпаддзахы. 144 000 уӕларвон кадыл дзургӕйӕ ма сӕ ноджы хонынц «сыгъдӕг сахар, ног Иерусалим», Чырыстийы «чындзаг» (Раргомад 21:2). 1914 азы Иегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта уӕларвон Паддзахады Мессианон паддзахӕй ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йе знӕгты ӕхсӕн хицауиуӕг кӕна (Псалом 109:1, 2; Раргомад 11:15). Цӕмӕй Авраам, «Хуыцауы хӕлар», Паддзахады хорзӕхтӕй фӕхайджын уа, уый тыххӕй ногӕй цӕрдзӕн. Афтӕ мах дӕр, цӕмӕй Паддзахады хорзӕхтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ удӕгас уӕм Хуыцауы ног дунейы. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, ног дунемӕ, Армагеддоны цы тынг бирӕ адӕм фервӕза, уыдонимӕ бацӕуӕм, йе та кӕй райгас кӕна, уыдоны ’хсӕн уӕм (Раргомад 7:9, 14). Фӕлӕ райгасы ныфсы бындур цы у?

Хуыцауы уарзондзинад – райгасы ныфсы бындур

15, 16. а) Библийы фыццаг пехуымпарад райгасы ныфсӕн бындур куыд у? ӕ) Мӕрдты райгасы хабарыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ Иегъовӕмӕ куыд ӕввахс кӕны?

15 Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдмӕ ӕввахс куы уӕм, Авраамау нын фидар уырнындзинад куы уа, ӕмӕ Хуыцауы уынаффӕтӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ банымайдзӕн рӕстаг адӕмыл ӕмӕ йӕ хӕлӕрттыл. Уый фӕрцы Хуыцауы Паддзахады хорзӕхтӕй арфӕгонд ӕрцӕудзыстӕм. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы Ныхасы фыццаг пехуымпарады, Уӕвынады 3:15, ис бындур райгасы ныфсӕн ӕмӕ Хуыцауимӕ хӕлардзинадӕн. Уым развӕлгъау дзырд цӕуы, Сайтаны сӕр цъӕлгонд кӕй ӕрцӕудзӕн канд ууыл нӕ, фӕлӕ ма Хуыцауы «усы» мыггаджы зӕвӕтыл кӕй фӕхӕцдзысты, уый тыххӕй дӕр. Йесо хъӕдыл кӕй амард, уый фӕсномыгӕй нысан кӕны зӕвӕтыл фӕхӕцын. Ӕртыккаг бон кӕй райгас, уымӕй уыцы хъӕдгом байгас ӕмӕ уый фӕрцы фӕндфидарӕй рацыд «мӕлӕты паддзахад кӕмӕ ис», уый ныхмӕ – Хӕйрӕджы ныхмӕ (Дзуттытӕм 2:14).

16 Павел нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, зӕгъгӕ, «Хуыцау Йӕ уарзондзинад махмӕ ӕвдисы уымӕй, Чырысти кӕй амард мах тыххӕй, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд» (Ромӕгтӕм 5:8). Ацы стыр хорзӕхӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ ӕцӕгдӕр ӕввахс кӕны Йесомӕ ӕмӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдмӕ (2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15).

17. а) Цавӕр ныфсы кой кодта Иов? ӕ) Иов 14:15 нын Иегъовӕйы тыххӕй цы дзуры ӕмӕ дӕм цы ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕры?

17 Рагзаманты цӕрӕг иузӕрдион нӕлгоймаг Иов дӕр ӕнхъӕлмӕ каст райгасдзинадмӕ. Сайтаны къухӕй тынг бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста. Райгасы хабары кой чи не скодта, уыцы мӕнг хӕлӕрттӕй уӕлдай, ацы ныфс Иовӕн уыди удӕнцойы хос ӕмӕ бафарста: «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕни?». Ӕмӕ йӕхицӕн загъта: «Ме ’ппӕт тыхгуысты бонты ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн ирвӕзындзинадмӕ». Йӕ Хуыцау Иегъовӕмӕ дзургӕйӕ, разы кодта: «Фӕсиддзынӕ мӕм ды, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн». Нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы ӕнкъарӕнты тыххӕй Иов банысан кодта: «Ды бӕлдзынӕ, кӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уый фенынмӕ» (Иов 14:14, 15). О, Иегъовӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, иузӕрдион адӕм иууылдӕр куы райгас уой, уыцы рӕстӕгмӕ. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕм Хуыцау цы уарзондзинад ӕмӕ стыр хорзӕх ӕвдисы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр фӕкӕнӕм (Ромӕгтӕм 5:21; Иаковы 4:8).

18, 19. а) Данелӕн ногӕй цӕрынӕн цавӕр ныфс ис? ӕ) Цӕуыл дзурдзыстӕм иннӕ статьяйы?

18 Хуыцауы зӕд пехуымпар Данелы схуыдта «зӕрдӕйӕн адджын» лӕг. Уый бирӕ азты дӕргъы Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта (Данелы 10:11, 19). Данел Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ не сивта, н. э. агъоммӕ 617 азы йӕ уацармӕ куы акодтой, уӕдӕй йӕ мӕлӕты онг. Цасдӕры фӕстӕ, н. э. агъоммӕ 536 азы Персы паддзах Киры ӕртыккӕгӕм аз, уый федта цӕстылуайӕн (Данелы 1:1; 10:1). Уыцы аз ма Данел цӕстылуайӕны федта, дунеон паддзахӕдтӕ кӕрӕдзийы куыд ивынц ӕмӕ стыр бӕллӕхы куыд фесӕфдзысты, уый (Данелы 11:1–12:13). Данел цӕстылуайӕн кӕронмӕ кӕй нӕ бамбӕрста, уымӕ гӕсгӕ зӕд-уацхӕссӕджы бафарста: «О, мӕ хицау! Уӕддӕр сӕ фӕстаг адӕппӕтӕн цымӕ цы уыдзӕни?». Зӕд ын йӕ хъус ӕрдардта «рӕстӕджыты фӕуынмӕ», «зӕнджынтӕ йӕ [куы] бамбарой», уӕдмӕ. Данелӕн йӕхимӕ та цы ӕнхъӕлмӕ каст? Зӕд загъта: «Ӕрӕнцайдзынӕ, ӕмӕ та райгас уыдзынӕ, рӕстӕджы фӕуыны дӕхи хал райсынмӕ» (Данелы 12:8–10, 13). Данел ӕрыздӕхдзӕн Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы «рӕстгӕнджыты райгасы» бон (Лукайы 14:14).

19 Мах цӕрӕм фӕстаг бонтӕн сӕ тӕккӕ кӕрон ӕмӕ уырнджытӕ куы систӕм, уымӕй Чырыстийы Миназон хицаудзинад абон ӕввахсдӕр у. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Ног дунейы Авраам, Иов, Данел ӕмӕ иннӕ иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ уыдзынӕн?». Уыдзыстӕм, кӕд Иегъовӕмӕ ӕввахс уӕм ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм хъусӕм, уӕд. Иннӕ статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм райгасы ныфсы фӕдыл ӕндӕр фарстатӕм ӕмӕ базондзыстӕм, чи райгас уыдзӕн, уый.

Бахъуыды кодтай?

• Павел мӕрдты райгасы ныфсы тыххӕй куы дзырдта, уӕд ӕм адӕм цы цӕстӕй ракастысты?

• Райгасы ныфс ӕцӕг чырыстӕтты мӕнг чырыстӕттӕй куыд хицӕн кӕны?

• Кӕцӕй зонӕм, Авраам, Иов ӕмӕ Данел райгасы хабарыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Павел хицау Феликсы раз ныфсджынӕй дзырдта райгасы ныфсы тыххӕй.

[Ныв 20 фарсыл]

Авраам райгасы хабарыл цӕмӕн ӕууӕндыд?

[Ныв 22 фарсыл]

Иовӕн удӕнцойы хос уыди райгасы ныфс.

[Ныв 22 фарсыл]

Данел ӕрыздӕхдзӕн, рӕстгӕнджытӕ куы ӕгас кӕной, уӕд.