Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Райгасы ныфс. Куыд дын ӕххуыс кӕны?

Райгасы ныфс. Куыд дын ӕххуыс кӕны?

Райгасы ныфс. Куыд дын ӕххуыс кӕны?

«Гом кӕныс Дӕ къух ӕмӕ ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр ӕххӕст кӕныс сӕ фӕндтӕ» (ПСАЛОМ 145:16, НД [144:16]).

1–3. Иуӕй-иутӕн фидӕнӕй цавӕр ныфс ис? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

ФАРАСТАЗДЗЫД Кристофер йе ’фсымӕримӕ, йӕ мады хо, йӕ лӕг ӕмӕ йӕ дыууӕ ӕмхӕрӕфыртимӕ райсомӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтой Манчестермӕ ’ввахс (Англис). Журнал «Райхъал ут!»-ы дзырдӕуы, дарддӕр цы ’рцыд, уый. «Фӕссихор горӕт Блэкпулмӕ, денджызы былмӕ улӕфынмӕ ацыдысты. Ӕхсӕзӕй дӕр уыдысты, фӕндагыл бӕллӕхы дзыхъмард чи фӕци, уыцы 12 адӕймаджы ’хсӕн. Ацы цау пъӕлицӕ схуыдта „ӕвирхъау стыр бӕллӕх“».

2 Уыцы бӕллӕхы размӕ изӕр сӕ бинонтӕ уыдысты ӕмбырды чиныгахуыры, ӕмӕ дзы дзырд цыди мӕлӕты тыххӕй. «Кристофер ӕмбаргӕ лӕппу уыди,– дзырдта йӕ фыд.– Уыцы изӕр фидарӕй дзырдта, ног дуне ӕмӕ йӕ фидӕнӕй цы ныфс уыди, уый тыххӕй. Ахуыры рӕстӕджы Кристофер ӕвиппайды загъта: „Хорз у Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм. Уымӕн ӕмӕ, кӕд мӕлӕт маст бавзарын кӕны, уӕддӕр зонӕм, иу бон та ногӕй зӕххыл кӕрӕдзи фендзыстӕм“. Уӕд нӕ уый ӕнхъӕл ничи уыди, ӕмӕ ацы ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕйы арф баззайдзысты» *.

3 Уымӕй бирӕ раздӕр, 1940 азы, Францӕн, австриаг Ӕвдисӕнӕн хъуамӕ йӕ сӕр акъуырдтаиккой, йӕ диныл йӕ къух сисын кӕй нӕ бакуымдта, уый тыххӕй. Франц Берлины ахӕстонӕй йӕ мадмӕ ныффыста: «Куыд ӕмбарын, афтӕмӕй [ӕфсӕддон] ард куы бахӕрон, уӕд мӕлӕты аккаг тӕригъӕд сараздзынӕн. Уый ӕз мӕхицӕн фыдракӕндыл нымайын. Ӕмӕ уӕд нӕ райгас уыдзынӕн. [...] Ныр мӕ зынаргъ ныййарӕг, мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ, абон ӕз мӕ ныхас зӕгъын, ма тӕрсут, уый мӕлӕт у, ӕмӕ мӕ райсом амардзысты. Мӕн фидар кӕны Хуыцау, ӕцӕг чырыстӕтты раздӕр дӕр куыд фидар кодта, раст афтӕ. [...] Сымах мӕлӕты онг фидар куы уат, уӕд, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уыцы рӕстӕг фембӕлдзыстӕм. [...] Фенынмӕ» *.

4. Ацы цӕвиттонтӕ дын дӕ зӕрдӕ куыд бацагайдтой ӕмӕ дарддӕр цӕуыл дзурдзыстӕм?

4 Кристофер ӕмӕ Францы царды райгасы ныфсӕн стыр ахадындзинад уыди. Уыцы хъуыддагыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой. Ацы хабӕрттӕ нӕ зӕрдӕйыл куыннӕ ӕмбӕлынц! Цӕмӕй Иегъовӕйӕ тынгдӕр бузныг уӕм ӕмӕ райгасдзинадыл нӕ ныфс фидардӕр уа, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, мӕрдтӕ цӕй фӕрцы райгас уыдзысты ӕмӕ нын уыцы ныфс царды куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕна.

Зӕххыл цӕрынмӕ чи райгас уыдзӕн, уыдоны тыххӕй цӕстылуайӕн

5, 6. Раргомады 20:12, 13 апостол Иоанны фыст цӕстылуайӕн цӕуыл дзурӕг у?

5 Йесо Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы цы цаутӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй цӕстылуайӕны апостол Иоанн федта, зӕххыл чи райгас уыдзӕн, уыдоны. «Федтон ӕз мӕрдты, ныллӕджыты ӕмӕ цытджынты»,– дзуры уый. «Уӕд денджыз ратта йӕ мидӕг уӕвӕг мӕрдты, мӕлӕт дӕр, зындон [«гадес», НД] дӕр раттой уым уӕвӕг мӕрдты» (Раргомад 20:12, 13). Гадесы (шеолы), адӕмы иумӕйаг ингӕны, уацары чидӕриддӕр ис – «ныллӕджытӕ» ӕмӕ «цытджынтӕ» – иууылдӕр ссӕрибар уыдзысты. Денджызы чи фӕдӕлдон, уыдон дӕр уӕд райгас уыдзысты. Ацы диссаджы хабар у Иегъовӕйы фӕнд.

6 Чырыстийы Миназон хицаудзинад райдайдзӕн, Сайтаны кӕй ӕрцахсдзӕн ӕмӕ йӕ ӕнӕбын арфы кӕй бакӕндзӕн, уымӕй. Уыцы рӕстӕг Сайтаны бон кӕй ницы уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ, чи райгас уа, йе та стыр бӕллӕхы чи фервӕза, уыдонӕй никӕйуал фӕсайдзӕн (Раргомад 20:1–3). Чи зоны дӕм мин азы бирӕ фӕкӕсой, фӕлӕ Иегъовӕйӕн «иу боны» хуызӕн сты (2 Петры 3:8).

7. Адӕм цӕмӕ гӕсгӕ тӕрхонгонд цӕудзысты Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы?

7 Цӕстылуайӕнмӕ гӕсгӕ Чырыстийы Миназон хицаудзинад уыдзӕн тӕрхоны рӕстӕг. Апостол Иоанн ныффыста: «Федтон ӕз мӕрдты, ныллӕджыты ӕмӕ цытджынты, Хуыцауы раз лӕугӕ, ӕмӕ чингуытӕ гом уыдысты, ӕндӕр чиныг дӕр гомӕй, кӕцы у царды чиныг; ӕмӕ тӕрхонгонд уыдысты мӕрдтӕ, чиныджы фыстытӕм гӕсгӕ, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ... ӕмӕ алчидӕр тӕрхонгонд уыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ» (Раргомад 20:12, 13). Хъус ӕрдаринаг у, адӕймаг йӕ мӕлӕты размӕ цы сарӕзта кӕнӕ цы нӕ сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ тӕрхонгонд кӕй нӕ цӕуы (Ромӕгтӕм 6:7). Уый нӕ, фӕлӕ фидӕны цы «чингуытӕ» бакӕной, уымӕ гӕсгӕ. Чингуыты цы фыст ис, адӕймаг уый куы базона ӕмӕ уый фӕстӕ цы хъуыддӕгтӕ араза, уыдонмӕ гӕсгӕ бӕрӕг уыдзӕн, йӕ ном «царды чиныджы» фыст ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ.

«Царды райгас» ӕви «фыдтӕрхоны райгас»

8. Чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн цавӕр дыууӕ фадаты ис?

8 Иоанны цӕстылуайӕны раздӕр дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Йесомӕ сты «зындон [«гадес», НД] ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ» (Раргомад 1:18). Иегъовӕ йӕ снысан кодта «царды Хицауӕй» ӕмӕ йын бар ис тӕрхон кӕнын «ӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн» (Куыстытӕ 3:15; 2 Тимофеймӕ 4:1). Куыд тӕрхон кӕндзӕн? Мӕрдвынӕй чи у, уыдоны ӕгас кӕндзӕн. «Дис ма кӕнут ууыл,– загъта Йесо, бирӕ адӕмӕн куы хъусын кодта, уӕд.– Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, Ӕмӕ рацӕудзысты». Стӕй ма загъта: «Хӕрзгӕнджытӕ царды райгасӕн, фыдгӕнджытӕ та фыдтӕрхоны райгасӕн» (Иоанны 5:28–30). Уӕдӕ раздӕр чи цард, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

9. а) Чи райгас уа, уыдонӕй бирӕтӕ ӕнӕмӕнгдӕр цы базондзысты? ӕ) Цавӕр ахуырадон куыст цӕудзӕн?

9 Рагзаманты цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цард, уыдон куы райгас уой, уӕд бӕлвырд фендзысты, цы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндыдысты, уыдон ӕцӕг кӕй сты. Куыд цымыдисаг сын уыдзӕн, Уӕвынады 3:15 фыст фыццаг пехуымпарад Хуыцауы «усы» Мыггаджы кой кӕй кӕны, уый базонын! Куыд амондджын уыдзысты, куы фехъусой зӕрдӕвӕрд Мессиа, Йесо, мӕлӕты онг иузӕрдион кӕй уыд, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ цард кӕй радта ӕлхӕнӕг нывондӕн! (Матфейы 20:28). Чи райгас уа, уыдонӕн тынг ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕндзысты бамбарын, ахӕстаргъы лӕвары Иегъовӕйы стыр хорзӕх ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй зыны, уый. Стӕй ма куы базоной, Хуыцауы Паддзахад Иегъовӕйы фӕнд зӕххы тыххӕй сӕххӕст кӕнынӕн цы аразы, уӕд сӕ ӕнӕмӕнгдӕр бафӕнддзӕн Иегъовӕйӕн зӕрдиагӕй кад кӕнын. Уыдонӕн бирӕ фадӕттӕ уыдзӕн, цӕмӕй сӕ иузӕрдиондзинад сӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдмӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ равдисой. Уӕд алкӕмӕндӕр йӕ бон уыдзӕн зӕрдӕрухсӕй архайын стыр ахуырадон куысты. Ингӕнтӕй чи рабада, уыцы миллиардгай адӕмы хъӕудзӕн ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр хъуамӕ саргъ кӕной, Хуыцау цы ахӕстаргъ ӕрхаста, уымӕн.

10, 11. а) Миназон хицаудзинады рӕстӕджы зӕххыл алкӕмӕндӕр цавӕр фадӕттӕ уыдзӕн? ӕ) Уый махӕн куыд фӕахъаз уыдзӕн?

10 Авраам куы райгас уа, уӕд ын тынг ӕхсызгон уыдзӕн, цы «сахармӕ» ӕнхъӕлмӕ каст, уый хицауиуӕгады дӕлбар цӕрын (Дзуттытӕм 11:10). Куыд амондджын уыдзӕн иузӕрдион Иов, куы базона, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд кӕмӕн цыд, уыдонӕн йӕ царды хабӕрттӕ кӕй баххуыс кодтой! Ӕмӕ Данелы та куыд тынг фӕнддзӕн базонын, Хуыцау ын цы пехуымпарӕдтӕ ныффыссын кодта, уыдон куыд сӕххӕст сты!

11 Уӕдӕ рӕстаг ног дунейы чидӕриддӕр цӕра,– мӕрдтӕй райгас уа, ӕви стыр бӕллӕхы фервӕза,– уыдон бирӕ цыдӕртӕ базондзысты, Иегъовӕ зӕхх ӕмӕ йӕ цӕрджыты тыххӕй цы сфӕнд кодта. Ӕнустӕм цӕрыны ӕмӕ нын Иегъовӕйӕн мыггагмӕ кад кӕныны фадат кӕй ис, уый фӕрцы, Мин азы дӕргъы адӕм цӕуыл ахуыр кӕной, уый алкӕмӕндӕр ӕцӕг цины хос уыдзӕн. Фӕлӕ чингуыты цы фыст ис, уый куы базонӕм, уӕд нӕхӕдӕг цы араздзыстӕм, сӕйрагдӕр уый уыдзӕн. Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрдзыстӕм? Цымӕ арф хъуыды кӕндзыстӕм ӕмӕ ахсджиаг зонындзинӕдтӕ нӕ зӕрдӕмӕ исдзыстӕм, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм, Сайтан нӕ фӕстаг фӕлварӕны ӕцӕгадӕй иуварс акӕныныл куы архайа, уӕд?

12. Ахуырадон куысты ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт аразыны хъуыддаджы архайынӕн, алкӕмӕндӕр цы баххуыс кӕндзӕн?

12 Мах хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд цы диссаджы хорздзинӕдтӕ хӕссы, уый. Чи райгас уа, уыдон абон куыд лӕмӕгъ кӕнӕ ӕдых сты, афтӕ нӕ уыдзысты (Исай 33:24). Ӕнӕниз ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст кӕй уыдзысты, уый фӕрцы ног дунейы цӕрджытӕ ахуырадон куысты фылдӕр архайдзысты, цӕмӕй чи райгас уа, миллиардгай ахӕм адӕмы ахуыр кӕной царды фӕндагыл цӕуын. Уыдон ма архайдзысты дунейы чи никуы ма уыд, ахӕм стыр хъуыддаджы – Иегъовӕйы кадӕн зӕххӕй дзӕнӕт араздзысты.

13, 14. Сайтан фӕстаг фӕлварӕнӕн уагъд цӕмӕн ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ нӕ алкӕуылдӕр, гӕнӕн ис ӕмӕ цы ’рцӕуа?

13 Фӕстаг фӕлварӕнӕн Сайтан ӕнӕбын арфӕй уагъд куы ’рцӕуа, уӕд та ногӕй архайдзӕн адӕмы фӕливыныл. Раргомады 20:7–9 гӕсгӕ «адӕмтӕй», кӕнӕ адӕмты къордтӕй Сайтаны зондыл чи ацӕуа, уыдон рӕстӕй тӕрхонгонд ӕрцӕудзысты сӕфтмӕ: «Ӕрхауд арвӕй зынг Хуыцауӕй ӕмӕ бахордта уыдоны». Миназон хицаудзинады рӕстӕджы чи райгас уа, уыдонӕй кӕмӕндӕрты ацы сӕфт нысан кӕндзӕн «фыдтӕрхоны райгас». Фӕлӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕджы чи райгас уа ӕмӕ иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон ӕнустӕм цӕрдзысты. Ӕцӕг, уыдон «цардӕн райгас» уыдзысты (Иоанны 5:29).

14 Райгасы ныфс нын абон дӕр удӕнцойы хос куыд у? Ӕмӕ абон та цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уый фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдон райсӕм?

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм абон

15. Райгасдзинадыл ӕууӕндын нын абон куыд ӕххуыс кӕны?

15 Чи зоны дын ӕрӕджы чидӕр амард ӕмӕ дын уыцы уӕззау зиан, гӕнӕн ис, дӕ цард тынг фӕивта. Ӕцӕгад чи нӕ зоны, уыдонӕй хъауджыдӕр дӕуӕн райгасы ныфс дӕ зӕрдӕ сабыр кӕны ӕмӕ дын тых дӕтты. «Нӕ мӕ фӕнды сымах ӕнӕзындгондӕй ныууадзын мӕрдты тыххӕй,– уынаффӕ кодта Павел фессалоникӕгтӕн,– ӕнкъард цӕмӕй ма уат иннӕтау, ӕнхъӕлмӕ чи ницӕмӕ кӕсы» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:13, НФ). Дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, ног дунейы мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕнынц, уый кӕй уыныс? Кӕд о, уӕд дын дӕ ныфсыл ныфс ӕфтаудзӕн, чи дын амард, уыдоныл ногӕй кӕй фембӕлдзынӕ, ууыл хъуыды кӕнын.

16. Райгасдзинад куы уа, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, дӕ зӕрдӕ цы дзура?

16 Адамы тӕригъӕды аххосӕй адӕм рынчын кӕнынц. Чи зоны ды дӕр уӕззау низӕй хъизӕмар кӕныс. Уый цы маст хӕссы, уымӕн бар ма дӕтт, цӕмӕй дӕ рох кӕна, исты дыл куы ’рцӕуа, уӕд дын райгасы ныфс кӕй ис, ӕмӕ ног дунейы фӕстӕмӕ цардмӕ ӕнӕнизӕй ӕмӕ хъаруджынӕй кӕй раздӕхдзынӕ. Дӕ цӕстытӕ куы байгом кӕнай ӕмӕ дӕ райгасыл чи цин кӕны, уыдоны райгонд цӕсгӕмттӕ куы фенай, уӕд, ӕнӕмӕнгдӕр, Иегъовӕйӕн арфӕ кӕндзынӕ йе стыр хорзӕхы тыххӕй.

17, 18. Цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы нӕ хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын?

17 Фӕлӕ ма ӕркӕсӕм, зӕрдылдарын кӕй хъӕуы, дыууӕ ахӕм хъуыддагмӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ хъуамӕ абон Иегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнӕм. Нӕ Хицау Йесо Чырыстийау, нӕ удуӕлдай цардӕй бӕрӕг кӕны, Иегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый. Нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, йе та нӕ фӕдыл кӕй зилынц, уый тыххӕй нӕ исбон куы фесафӕм кӕнӕ нӕ ахӕстоны куы бакӕной,– цыфӕнды зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр уырнындзинады фидар уыдзыстӕм. Не знӕгтӕ нӕм мӕлӕтӕй куы ӕртхъирӕн кӕной, уӕд дӕр нын райгасы ныфс удӕнцой ӕмӕ хъару дӕтдзӕн, цӕмӕй Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдионӕй баззайӕм. О, Хуыцауы Паддзахады хабар зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд, Иегъовӕ рӕстгӕнджытӕн цы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдонӕй хайджын уыдзыстӕм.

18 Дыккаг уый, ӕмӕ цыбӕлтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕхи куыд фӕдарӕм. Мӕрдты райгасы ныфсы тыххӕй кӕй зонӕм ӕмӕ Иегъовӕйы стыр хорзӕхӕй бузныг кӕй стӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинадыл нӕ зӕрдӕ не сивдзыстӕм. «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый»,– фӕдзӕхста апостол Иоанн. «Чи уарзы дунейы, уымӕ нӕй Фыды уарзондзинад; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт, цы ис дунейы: буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинад не сты Фыдӕй, фӕлӕ ацы дунейӕ. Ӕмӕ дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:15–17). Дуне нын цы хъӕздыгдзинад хъары, уый «ӕцӕг цардимӕ» (НТ) абаргӕйӕ ӕппындӕр ницы у (1 Тимофеймӕ 6:17–19). Уӕдӕ ӕнӕгъдау ми саразыны ныхмӕ дӕр фидар фӕлӕудзыстӕм. Мах зонӕм, Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый куы аразӕм ӕмӕ афтӕмӕй Армагеддоны размӕ куы амӕлӕм, уӕд мах дӕр, райгасы ныфс кӕмӕн нӕй, уыдоны уавӕры уыдзыстӕм.

19. Цавӕр стыр кад нӕ нӕ хъӕуы рох кӕнын?

19 Уымӕй уӕлдай нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, цы стыр кад нӕм ӕрхауд, уый – Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Мӕлӕты онг кӕнӕ ацы дунейы кӕронмӕ иузӕрдионӕй ӕмӕ ӕнаиппӕй куы баззайӕм, уӕд Иегъовӕ фендзӕн, йӕ хицаудзинады фӕдыл дзырддаг фарстайы кӕй фарс стӕм, уый. Куыд ӕхсызгон уыдзӕн зӕххыл дзӕнӕты цӕрын, фӕнды стыр бӕллӕхы фервӕзӕм, фӕнды ӕгас рауӕм!

Нӕ фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынц

20, 21. Кӕд райгасдзинады тыххӕй не ’ппӕт фарстытӕн дзуапп нӕй, уӕддӕр нын цы баххуыс кӕндзӕн иузӕрдионӕй баззайынӕн? Бамбарын ӕй кӕн.

20 Райгасы хабары фӕдыл ма иуӕй-иу фарстытӕ ӕнӕдзуаппӕй зайынц. Лӕг кӕнӕ ус кӕмӕн уыд, афтӕмӕй чи амард, уыдонӕн Иегъовӕ сӕ хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кӕндзӕн? (Лукайы 20:34, 35). Адӕймаг кӕм амард, уым райгас уыдзӕн? Йӕ бинонтӕм ӕввахс ран райгас уыдзӕн? Райгасы фӕдыл ма бирӕ ӕндӕр фарстытӕ сты ӕнӕдзуапп. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр мах нӕ зӕрдыл дарӕм Иеремийы ныхӕстӕ: «Йӕ ныфс ыл чи дары ӕмӕ йӕ чи агуры, уыдонӕн Иегъовӕ хорз у. Адӕймаг, Иегъовӕ йӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕса,– ӕнӕдзургӕйӕ дӕр уӕд, уӕд уый хорз у» (Иеремийы хъарӕг 3:25, 26). Иегъовӕ не ’ппӕт фарстытӕн дӕр дзуапп ратдзӕн йӕ рӕстӕгыл. Ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

21 Ахъуыды ма кӕнӕм, псаломзарӕггӕнӕг Иегъовӕйы тыххӕй цы зарыд, ууыл: «Гом кӕныс Дӕ къух ӕмӕ ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр ӕххӕст кӕныс сӕ фӕндтӕ» (Псалом 145:16, НД [144:16]). Азтӕ ныл куыд цӕуы, афтӕ нӕ фӕндтӕ дӕр ивынц. Сывӕллонӕй нӕ тынг цы фӕндыди, цӕмӕ бӕллыдыстӕм, уымӕ абон нал бӕллӕм. Цардмӕ цы цӕстӕй кӕсдзыстӕм, уый нӕ фӕндтыл баст у. Уӕдӕ нӕм ног дунейы цы раст фӕндтӕ уа, уыдон Иегъовӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн.

22. Иегъовӕйӕн кад кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

22 Сӕйраг уый у, ӕмӕ абон махӕй алчидӕр иузӕрдион уа. Хуыцауы «ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын» (1 Коринфӕгтӕм 4:2, НТ). Хуыцау ныл йӕ Паддзахады тыххӕй диссаджы хорз хабар баууӕндыд. Ацы хорз хабар алкӕмӕндӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн дарддӕр царды фӕндагыл цӕуынӕн. Рох кӕнын нӕ нӕ хъӕуы, махӕй «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн [кӕй] ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). Райгасы ныфс нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд ацы фӕлдурӕджын царды ӕнӕхъуаджы мӕтӕй хызт уыдзыстӕм. Цалынмӕ Чырыстийы Миназон хицаудзинад нӕ райдайа, мыййаг уӕдмӕ куы амӕлӕм, уӕд нын удӕнцой дӕтты, Хуыцау нӕ афтӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн. Иегъовӕйы нысангонд рӕстӕджы нӕ бон уыдзӕн Иовау Сфӕлдисӕджы тыххӕй зӕгъын: «Фӕсиддзынӕ мӕм ды, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн». Уӕдӕ кад Иегъовӕйӕн, йӕ хъуыдыйы чидӕриддӕр ис, уыдон цардмӕ раздахынмӕ чи бӕллы! (Иов 14:15).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Кӕс 1990 азы 8 августы «Райхъал ут!», 20 ф. (уыр.); мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 3 абз. «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ», 662 ф. (англ.); мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Миназон хицаудзинады рӕстӕджы адӕм цӕмӕ гӕсгӕ тӕрхонгонд цӕудзысты?

• Иуӕй-иутӕн «царды райгас» ӕмӕ иннӕтӕн та «фыдтӕрхоны райгас» цӕмӕн уыдзӕн?

• Райгасы ныфс нын абон удӕнцойы хос куыд у?

• Кӕд райгасдзинады тыххӕй нӕ фарстытӕн дзуапп нӕма ис, уӕддӕр нын Псалом 145:16, НД [144:16] куыд ӕххуыс кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Райгасы хабарыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нын абон куыд ӕххуыс кӕны?