Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Райгасы хабар – диссаджы ныфс

Райгасы хабар – диссаджы ныфс

Райгасы хабар – диссаджы ныфс

МӔРДТӔ кӕй райгас уыдзысты, ууыл бирӕ рӕтты ӕууӕндынц. Пысылмӕтты сыгъдӕг чиныджы, Хъуыраны, мӕрдты райгасы хабары тыххӕй ис ӕнӕхъӕн сӕр. 75 сурӕйы дзырдӕуы: «Ӕз Райгасдзинады бонӕй ард хӕрын... Ӕцӕг афтӕ хъуыды кӕны адӕймаг ӕмӕ Махӕн нӕ бон нӕу йе стджытӕ ӕрӕмбырд кӕнын?... Уый фӕрсы: „Кӕд уыдзӕн Райгасдзинады бон?“ Уӕдӕ Йӕм нӕй уыйбӕрц тых ӕмӕ марды цардмӕ раздаха?» (Сурӕ 75:1–6, 40).

Иу энциклопедийы дзырдӕуы: «Зороастризм ахуыр кӕны, Фыддзинадыл бынтондӕр кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты, кӕй уыдзӕн иумӕйаг райгасдзинад, Фӕстаг тӕрхон, ӕмӕ зӕхх фӕстӕмӕ ссыгъдӕг уыдзӕн ӕмӕ йыл рӕстгӕнджытӕ цӕрдзысты» («The New Encyclopædia Britannica»).

«Иудейаг энциклопеди» райгасдзинад афтӕ ӕмбарын кӕны: «ӕппынфӕстаг мӕрдтӕ райгас уыдзысты сӕхи буӕртты мидӕг ӕмӕ ногӕй зӕххыл цӕрдзысты». Уым ма дзырдӕуы, иудаизм цы ахуырад райста, адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд, зӕгъгӕ, уый бирӕтӕн зын ӕмбарӕн у. Энциклопедийы ма фыст ис: «Ӕцӕгдӕр та райгасдзинады ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырӕдтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сты».

Индуизм ахуыр кӕны реинкарнацийыл, ома мӕлӕты фӕстӕ адӕймаджы уд ӕндӕр цӕмӕдӕр ахизы. Кӕд уый раст у, уӕд адӕймагӕн хъуамӕ уа, мӕлӕты фӕстӕ чи цӕры, ахӕм уд. Индусты сыгъдӕг чиныг «Бхагавад–Гита»-йы дзырдӕуы: «Буары алы хай дӕр чи дзаг кӕны, уыцы удӕн фесӕфӕн нӕй. Никӕмӕн у йӕ бон ӕнусон удӕн зиан ӕрхӕссын».

Индуизмӕй хъауджыдӕр, буддизм ахуыр кӕны, ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй нӕй, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр, Дард Скӕсӕны бирӕ буддистты уырны, мӕлӕты фӕстӕ уд буарӕй кӕй ахицӕн вӕййы ӕмӕ цӕргӕйӕ кӕй баззайы *.

Райгасдзинады тыххӕй хӕццӕ хъуыдытӕ

Аргъуаны ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мард куы февӕрынц, уӕд раныхасы арӕх фӕдзурынц, мӕлӕты фӕстӕ уд цӕргӕйӕ кӕй баззайы, уый тыххӕй ӕмӕ райгасдзинады тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, англиканон сауджынтӕ фӕдзурынц ахӕм ныхӕстӕ: «Ацы хабар Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фӕндон кӕй у ӕмӕ йе стыр хорзӕхӕй абон нӕ зынаргъ ӕфсымӕры уд йӕхимӕ кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ буар йӕ зӕххы хайыл сӕмбӕлын кӕндзыстӕм; зӕхх – зӕххӕн, сыджыт – сыджытӕн, рыг – рыгӕн; ис ын ӕцӕг ӕмӕ фидар ныфс нӕ Хицау Йесо Чырыстийы уылты ӕнусон цардмӕ кӕй райгас уыдзӕн» («The Book of Common Prayer»).

Ацы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, чи зоны, адӕймаджы бафӕнда базонын, Библи райгасдзинады ӕви ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуыр кӕны. Ӕркӕсӕм ма, французаг протестантон профессор Оскар Кульман цы загъта, уымӕ. Уый йӕ чиныджы фыссы: «Кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц, чырыстон уырнындзинад мӕрдты райгасы тыххӕй ӕмӕ грекъаг ахуырад ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй. [...] Кӕд фӕстӕдӕр чырыстон дин ацы дыууӕ ахуырад баиу кодта, ӕмӕ сӕ абон хуымӕтӕг чырыстон кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кӕны, уӕд ӕз ницы аххосаг уынын, цӕмӕй ӕмбӕхсон, ӕз ӕмӕ ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр растыл цы нымайӕм, уый. [...] Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый Ног Фӕдзӕхсты у сӕйраг хъуыды. [...] Ӕцӕгӕйдӕр мард чи у, ахӕм адӕймаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхы Хуыцауы ног сфӕлдыстадон куысты» («Immortality of the Soul or Resurrection of the Dead»).

Уӕдӕ диссаг нӕу, адӕмӕн, ӕмткӕй райсгӕйӕ, сӕ хъуыдытӕ кӕй хӕццӕ кӕнынц мӕлӕт ӕмӕ райгасдзинады тыххӕй. Ацы хӕццӕ хъуыдытӕн кӕрон скӕнынӕн мах хъӕуы ӕркӕсын Библимӕ. Уым адӕмы Сфӕлдисӕг, Иегъовӕ Хуыцау, ӕргом кӕны ӕцӕгад. Библийы ис, чи райгас, ахӕм адӕмы тыххӕй цалдӕр хабары. Ӕркӕсӕм дзы цыппармӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, цы нын дзурынц райгасдзинады тыххӕй.

«Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой»

Дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдонмӕ йӕ фыстӕджы апостол Павел загъта, уырнӕг «сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй [кӕй] райстой» (Дзуттытӕм 11:35, НТ). Ахӕм сылгоймӕгтӕй иу цард Сарептӕйы, Сидонмӕ ӕввахс финикийаг сахары, Зӕххастӕу денджызы былгӕрон. Уыцы сылгоймаг уыди идӕдз, йӕхимӕ суазӕг кодта Хуыцауы пехуымпар Илиайы ӕмӕ, тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд ын хӕринаг лӕвӕрдта. Хъыгагӕн, ацы сылгоймагӕн йӕ лӕппу фӕрынчын ӕмӕ амард. Илиа йӕ ӕвӕстиатӕй схаста уӕллаг уатмӕ, йӕхӕдӕг кӕм царди, уырдӕм, ӕмӕ Иегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй лӕппуйы райгас кӕна. Ӕмӕ диссаг – лӕппу райгас. Илиа йӕ фӕстӕмӕ йӕ мадмӕ радта ӕмӕ загъта: «Кӕс ма, дӕ фырт ӕгас у». Мад цингӕнгӕйӕ загъта: «Ӕцӕг, ныр ӕз зонын, ды кӕй дӕ Хуыцауы адӕймаг, ӕмӕ Иегъовӕйы ныхас дӕ дзыхы раст кӕй у» (3 Паддзахӕдты 17:22–24).

Сарептӕйӕ хуссарырдӕм 100 километры бӕрц дарддӕр цардысты хӕларзӕрдӕ лӕг ӕмӕ ус. Уыдон ӕххуыс кодтой Елисейӕн, Илиайы фӕстӕ пехуымпар чи сси, уымӕн. Сылгоймаг зындгонд уыд йӕ райгуырӕн сахар Сонамы. Уый йӕ лӕгимӕ Елисейӕн сӕ хӕдзары уӕллаг уаты бынат рахицӕн кодтой. Зӕнӕг сын кӕй нӕ уыди, ууыл мӕт кодтой, ӕмӕ сын лӕппу куы райгуырд, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди. Лӕппу куы бахъомыл, уӕд йӕ фыдимӕ быдырмӕ хуымгӕрдджытӕм арӕх цыди. Иу бон сыл ӕвирхъау бӕллӕх ӕрцыд. Лӕппу куыдта, мӕ сӕр риссы, зӕгъгӕ. Ӕххуырст ӕй ӕвӕстиатӕй йӕ хӕдзарыл сӕмбӕлын кодта. Мад ӕй йӕ хъӕбысӕй бӕргӕ нал ӕруагъта, фӕлӕ сывӕллон амард. Фыртыхстӕй мад сфӕнд кодта Елисеймӕ ӕххуыс агурӕг ацӕуын. Се ’ххуырстимӕ араст цӕгат-хурныгуылӕнмӕ Кармилы хохы ’рдӕм, Елисеймӕ.

Пехуымпар хабар куы базыдта, уӕд йе ’ххуырст Гиезийы йӕ разӕй арвыста, ӕмӕ уый федта, лӕппу ӕцӕгӕйдӕр мард кӕй уыд. Елисей ӕмӕ сылгоймаг йӕ фӕстӕ ацыдысты. Фӕлӕ цы ’рцыд, ӕппынфӕстаг Сонаммӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд? Уыцы хабары тыххӕй дзырдӕуы 4 Паддзахӕдты 4:32–37: «Елисей хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ лӕппуйы мард йӕ сынтӕгыл ӕвӕрд уыди. Уый фӕстӕ бахызт, йӕ фӕдыл дуар рахгӕдта ӕмӕ Иегъовӕмӕ кувын райдыдта. Стӕй сыстад, сывӕллоныл ӕрхуыссыд ӕмӕ йын йӕ былтыл йӕ былтӕ сӕвӕрдта, йӕ цӕстытыл йӕ цӕстытӕ, йӕ армытъӕпӕнтыл йӕ армытъӕпӕнтӕ ӕмӕ йыл ныддӕлгом ӕмӕ сывӕллоны буар цадӕггай тӕфсын байдыдта. Уый фӕстӕ сыстад ӕмӕ хӕдзары рацу-бацу кӕнын райдыдта, иу хатт иуырдӕм ацыд, иу хатт та – иннӕрдӕм, стӕй та ногӕй бацыд ӕмӕ йыл ныддӕлгом. Ӕмӕ сывӕллон авд хатты ӕрӕхснырста, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ цӕстытӕ бакодта. Уӕд Елисей фӕдзырдта Гиезимӕ ӕмӕ йын загъта: „Фӕдзур уыцы сонамитаг сылгоймагмӕ“. Уый дӕр усмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕм ӕрбацыд. Уӕд ын загъта: „Айс дӕ лӕппуйы“. Ӕмӕ йӕм сылгоймаг бацыди, йӕ къӕхты раз ӕрхаудта ӕмӕ йын зӕххы онг акуывта, уый фӕстӕ сыстад, райста йӕ лӕппуйы ӕмӕ ацыд».

Сарептӕйаг идӕдз усау, Сонамы цӕрӕг сылгоймаг дӕр зыдта, цы ’рцыд, уый Хуыцауы хъаруйӕ кӕй уыди. Ацы дыууӕ сылгоймаджы тынг фӕцин кодтой, Хуыцау сын сӕ уарзон хъӕбулты куы райгас кодта, уӕд.

Йесо кӕй райгас кодта

Иу-900 азы фӕстӕдӕр, Сонамӕй цӕгатырдӕм, Наины хъӕуӕй гыццыл дарддӕр ӕрцыд ахӕм хабар. Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Капернаумӕй рацӕйцыдысты ӕмӕ Наины кулдуары цур сӕмбӕлдысты мӕрддзыгой адӕмыл, ӕмӕ сын се ’хсӕн Йесо федта, йӕ иунӕг фырт кӕмӕн фӕзиан, уыцы идӕдз сылгоймаджы. Йесо йын загъта, цӕмӕй мауал кӕуа. Дохтыр Лука ныффыста, дарддӕр цы ’рцыд, уый: «Ӕмӕ бацӕугӕйӕ, баныдзӕвыд сынтмӕ; хӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты; ӕмӕ Уый загъта: лӕппу! дӕуӕн зӕгъын, сыст. Мард рабадгӕйӕ, дзурын райдыдта; ӕмӕ йӕ Йесо ратта йӕ мадмӕ» (Лукайы 7:14, 15). Уыцы диссаг чи федта, уыдон Хуыцауы скадджын кодтой. Райгасы хабар айхъуыст хуссарырдӕм Иудеймӕ ӕмӕ алфамбылай рӕттӕм. Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы диссаг фехъуыстой ӕмӕ йӕ Иоаннӕн радзырдтой. Уый сӕ Йесомӕ арвыста, цӕмӕй йӕ бафӕрсой, цы Мессиамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый дӕ, зӕгъгӕ. Йесо сын загъта: «Ацӕут, зӕгъут Иоаннӕн, сымах цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат: куырмытӕ уынынц, къуылыхтӕ цӕуынц, хъотырджынтӕ сыгъдӕг кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, ӕмӕ мӕгуыртӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕнынц» (Лукайы 7:22).

Йесо кӕй райгас кодта, уыцы диссӕгтӕй ӕппӕты зындгондӕр у йе ’ввахс хӕлар Лазӕры хабар. Лазӕр куы амард, ӕмӕ сӕм цалынмӕ Йесо бацыд, уӕдмӕ цасдӕр рӕстӕг рацыд. Йесо Вифанимӕ куы бахӕццӕ, уӕд Лазӕр цыппар боны дӕргъы уыди мард. Йесо куы загъта, цӕмӕй зӕппадзы бахизӕныл цы дур фӕлдӕхт уыди, уый айсой, уӕд ын Марфӕ бакой кодта: «Хицау! смаг кӕны; уымӕн ӕмӕ цыппар боны уый ингӕны ис» (Иоанны 11:39). Фӕлӕ, кӕд Лазӕры буар ӕмбийын райдыдта, уӕддӕр ӕй уый йӕ райгас кӕнынӕн ницы хъыгдардта. Йесойы ныхӕстӕм, «рацыд мард, йӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхтӕ мардӕвӕрӕн ӕмбӕрзӕнӕй тыхтӕй, ӕмӕ йӕ цӕсгом баст уыд кӕлмӕрзӕнӕй». Йесойы знӕгтӕ уый фӕстӕ цы арӕзтой, уымӕй сбӕлвырд, уый ӕцӕгӕйдӕр кӕй уыди, чи райгас, уыцы Лазӕр (Иоанны 11:43, 44; 12:1, 9–11).

Ацы цыппар хабарӕй цы базыдтам? Чи райгас, уыдонӕй алчидӕр, раздӕр цыхуызӕн уыд, ахӕмӕй раздӕхт цардмӕ. Алкӕйдӕр сӕ йӕ хӕстӕджытӕ базыдтой. Чи райгас, уыдонӕй иу дӕр нӕ загъта, мард цы цыбыр рӕстӕджы дӕргъы уыди, уӕд цытӕ цыди, уый тыххӕй. Исчи сӕ ӕндӕр дунемӕ бахаудта, уый тыххӕй ӕппындӕр ничи ницы загъта. Ӕнӕмӕнг, се ’ппӕт дӕр райгас сты ӕнӕнизӕй. Уыдонмӕ афтӕ каст, цыма гыццыл рӕстӕг фынӕй кодтой ӕмӕ сӕм Йесо куы фӕдзырдта, уӕд райхъал сты (Иоанны 11:11). Фӕлӕ уӕддӕр цасдӕры фӕстӕ уыдонӕй алчидӕр фӕстӕмӕ амард.

Уарзон адӕмимӕ ногӕй фембӕлын – диссаджы ныфс

Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы Оуэны ӕвирхъау мӕлӕтӕй цасдӕры фӕстӕ йӕ фыд сӕ сыхӕгтӕм бацыд. Стъолыл сӕм федта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хуынды гӕххӕтт ӕргом раныхасмӕ. Бацымыдис ӕй кодта раныхасы ном, «Кӕм сты мӕрдтӕ?», зӕгъгӕ. Растдӕр ӕй ацы фарст тыхсын кодта. Уыцы раныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ ӕцӕг удӕнцой ссардта Библийы. Уый базыдта, мӕрдтӕ кӕй нӕ хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ артын зындоны дӕр кӕй нӕ тухӕн кӕнынц, кӕнӕ сӕ Хуыцау уӕлӕрвтӕм йӕхицӕн зӕдтӕй кӕй нӕ кӕны. Фӕлӕ уыдон, ӕмӕ Оуэн дӕр, ингӕны ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, кӕд райгас уыдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ (Екклесиаст 9:5, 10; Иезекил 18:4).

Дӕ бинонтыл дӕр, мыййаг, ӕвирхъау бӕллӕх ӕрцыд? Дӕу дӕр Оуэны фыдау фӕнды зонын, чи дын фӕзиан, уыдон ныр кӕм сты ӕмӕ сӕ ногӕй фенынӕн цы фадат ис, уый? Кӕд о, уӕд дӕ бон у ӕркӕсын, Библийы ма райгасы хабары тыххӕй цы дзырдӕуы, уымӕ. Чи зоны дӕ фӕнды базонын: «Кӕд райгас уыдзысты мӕрдтӕ? Уый зӕрдӕрухсы хос кӕмӕн фӕуыдзӕн?». Ацы журналы ма ис статьятӕ ӕмӕ дзы дзырд цӕуы ацы ӕмӕ ма ӕндӕр фарстытыл дӕр.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Кӕс чиныг «Адӕм агурынц Хуыцауы», 150–154 фф. (англ.); рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв 5 фарсыл]

Илиа Иегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй лӕппуйы райгас кӕна.

[Ныв 5 фарсыл]

Иегъовӕ Елисейы уылты райгас кодта сонамитаг сылгоймаджы лӕппуйы.

[Ныв 6 фарсыл]

Йесо райгас кодта Наины цӕрӕг идӕдз сылгоймаджы фырты.

[Ныв 7 фарсыл]

Райгасдзинады руаджы хӕстӕджытӕ ногӕй сӕ уарзон адӕмыл фембӕлдзысты.