Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ныхас дӕ къахвӕдӕн рухс кӕнӕд

Хуыцауы ныхас дӕ къахвӕдӕн рухс кӕнӕд

Хуыцауы ныхас дӕ къахвӕдӕн рухс кӕнӕд

«Дӕ дзырд... [у] рухс мӕ къахвӕдӕн» (ПСАЛОМ 118:105).

1, 2. Цы хъӕуы, цӕмӕй нын Иегъовӕйы ныхас нӕ къахвӕдӕн рухс кӕна?

ИЕГЪОВӔЙЫ ныхас нын нӕ къахвӕдӕн рухс кӕндзӕн, уый нӕхицӕй аразгӕ у. Цӕмӕй Хуыцауы рухсӕй ӕфсӕст уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы фыст Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ аразӕм нӕ цард. Ӕрмӕстдӕр уӕд банкъардзыстӕм мах дӕр, псаломзарӕггӕнӕг цы ӕнкъардта, уый: «Дӕ дзырд – мӕ къахӕн рухсгӕнӕн ӕмӕ рухс мӕ къахвӕдӕн» (Псалом 118:105).

2 Цӕй уӕдӕ равзарӕм Псалом 118:89–176 стихтӕ. Цас хорз хъуыдытӕ ис ацы 11 астрӕнхъоны! Уыцы хъуыдытӕ нын ӕххуыс кӕнынц ӕнусон царды фӕндагыл фидар лӕууынӕн (Матфейы 7:13, 14).

Хуыцауы ныхас уарзын цӕмӕн хъӕуы?

3. Хуыцауы ныхасыл нӕ зӕрдӕ дарын нӕ бон кӕй у, уый Псалом 118:89, 90 стихтӕ куыд ӕвдисынц?

3 Иегъовӕйы ныхас чи уарзы, уымӕн йӕ уырнындзинад никуы фӕцуддзӕн (Псалом 118:89–96). Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Хицау, ӕнустӕм Дӕ дзырд фидаргонд у уӕлӕрвты... ды сӕвӕрдтай зӕхх, ӕмӕ уый лӕууы» (Псалом 118:89, 90). Хуыцауы ныхасы фӕрцы – йӕ «арвы закъӕтты» фӕрцы – хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕй алчи зилы йӕ фӕндагыл ӕмӕ дзы нӕ хизы, зӕхх дӕр йӕ бынаты ӕвӕрд у ӕнустӕм (Иов 38:31–33; Псалом 103:5). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын Иегъовӕйӕн йӕ алы дзырдыл дӕр. Хуыцау, цы зӕгъы, уый «ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн» (Исай 55:8–11).

4. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй фыдӕвзарӕнты чи ис, уыдонӕн, Хуыцауы ныхас кӕй уарзынц, уый куыд ӕххуыс кӕны?

4 Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы закъон куы нӕ уарзтаид, уӕд «фесӕфтаид [йӕ] фыдӕвзарӕнты» (Псалом 118:92). Йӕ фыдӕвзарӕнтӕ ӕндӕрбӕстӕгты аххосӕй нӕ уыдысты, фӕлӕ дзы йе сӕфт чи уыдта, уыцы закъонхалӕг израилӕгты аххосӕй (Левит 19:17). Фӕлӕ йын уый йӕ ныфс нӕ асаста, уымӕн ӕмӕ уарзта Хуыцауы закъон, уыцы закъон ын йӕ хъарутыл хъару ӕфтыдта. Апостол Павел дӕр Коринфы уыд «тӕссаг уавӕрты мӕнг ӕфсымӕрты ӕхсӕн», ӕмӕ уыдонӕй чидӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыцы «уӕлдӕр „апостолтӕ“» (2 Коринфӕгтӕм 11:5, 12–14, 26). Фӕлӕ Павелӕн йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта, уымӕн ӕмӕ уый дӕр уарзта Хуыцауы ныхас. Хуыцауы фыст Ныхас кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы цы дзырдӕуы, уый кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’фсымӕрты дӕр уарзӕм (1 Иоанны 3:15). Ӕмӕ кӕд дунейӕн ӕнӕуынон стӕм, уӕддӕр Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй иу дӕр нӕ рох кӕнӕм. Не ’фсымӕртимӕ иумӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, кӕддӕриддӕр ӕххӕст кӕнӕм Иегъовӕйы фӕндон, фидар ныфсимӕ, зӕрдӕрайгӕйӕ йын ӕнустӕм дӕр кӕй лӕггад кӕндзыстӕм (Псалом 118:93).

5. Паддзах Асӕ Иегъовӕйы куыд агуырдта?

5 Иегъовӕйыл ӕнувыд кӕй стӕм, ууыл дзурӕг уыдзӕн нӕ зӕрдӕбын куывд: «Дӕу дӕн ӕз – фервӕзын мӕ кӕн; уымӕн ӕмӕ ӕз бацагуырдтон Дӕ бардзырдтӕ» (Псалом 118:94). Паддзах Асӕ агуырдта Хуыцауы, ӕмӕ Иудӕйы мӕнг динтӕ скуынӕг кодта. Йӕ хицаудзинады 15-ӕм азы (н. э. агъоммӕ 963 азы) Иудӕйы цӕрджытӕ «бадзырд скодтой, Иегъовӕйы кӕй агурдзысты». Хуыцау сын «йӕхи ссарын кодта» ӕмӕ сын «раздӕрау сабырдзинад радта, тӕссаг сын никӕмӕйуал уыд» (2 Паралипоменон 15:10–15). Чырыстон ӕмбырдӕй чи фӕиппӕрд, ахӕм адӕймаджы ацы цӕвиттон хъуамӕ фӕныфсджын кӕнид, цӕмӕй ногӕй Хуыцауы агурын райдайа. Йӕ адӕммӕ та йын фӕстӕмӕ чи ӕрбаиу уа, уыдоны Иегъовӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын арфӕ кӕндзӕн.

6. Нӕ уырнындзинад нын фӕцудынӕй цы хъахъхъӕндзӕн?

6 Иегъовӕйы ныхас цы зонд дӕтты, уый нын нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны, зиан ын цы хӕссы, уыдӕттӕй (Псалом 118:97–104). Хуыцауы фӕдзӕхстыты фӕрцы стӕм не знӕгтӕй зондджындӕр. Нӕ зӕрдыл нын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ хъусӕм, ӕмӕ стӕм арфуынӕг; йӕ «амынддзинӕдтӕ [йын] хъахъхъӕнӕм», ӕмӕ стӕм «зӕрӕдтӕй зондджындӕр» (Псалом 118:98–100). Иегъовӕйы ныхӕстӕ нӕ дзыхӕн «мыдӕй хуыздӕр» куы уой, уӕд нын «ӕнӕуынон уыдзӕн алы мӕнгдзинады фӕндаг» (Псалом 118:103, 104). Уый нын нӕ уырнындзинад фӕцудынӕй хъахъхъӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ ацы фӕстаг бонты ӕмбӕлӕм хъал, ӕгъатыр, ӕнӕхуыцау адӕмыл (2 Тимофеймӕ 3:1–5).

Нӕ къахӕн рухсгӕнӕн

7, 8. Псалом 118:105 ныхӕстӕм гӕсгӕ нӕ цы аразын хъӕуы?

7 Хуыцауы ныхас у монон рухсы ӕвидигӕ суадон (Псалом 118:105–112). Сӕрст чырыстӕттӕй стӕм ӕви се ’мбал «ӕндӕр фыстӕй», нӕ ныхас у иу: «Дӕ дзырд – мӕ къахӕн рухсгӕнӕн ӕмӕ рухс мӕ къахвӕдӕн» (Иоанны 10:16; Псалом 118:105). Хуыцауы ныхас нын нӕ фӕндаг рухсгӕнӕнау рухс кӕны, цӕмӕй нӕ къах ма скъуырӕм, уырнындзинады фӕндагӕй ма ахауӕм (Ӕмбисӕндтӕ 6:23). Фӕлӕ уӕддӕр, нӕхӕдӕг хъуамӕ архайӕм ууыл, цӕмӕй нын Иегъовӕйы ныхас нӕ къахӕн рухсгӕнӕн уа.

8 118-ӕм псалом чи ныффыста, уыйау мах дӕр хъуамӕ фидар уӕм. Уый фидарӕй загъта, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй кӕй никуы аздӕхдзӕн. «Ӕз сомы кодтон хъахъхъӕнын Дӕ раст тӕрхӕттӕ ӕмӕ сӕххӕст кӕндзынӕн»,– куывта уый Иегъовӕмӕ (Псалом 118:106). Макуы рох кӕнӕм, уӕдӕ, мах дӕр, иудадзыг Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ чырыстон фембӕлдты архайынӕн цы стыр ахадындзинад ис, уый.

9, 10. Кӕцӕй зонӕм, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ йӕ «фӕдзӕхстытӕй аздӕхой», фӕлӕ уымӕй хи бахизӕн куыд ис?

9 Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй «нӕ аздӕхт», фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй ахӕм хабар никӕуыл ӕрцӕудзӕн (Псалом 118:110). Уымӕн цӕвиттон – паддзах Соломон. Уый уыд Иегъовӕйы ӕвзӕрст адӕмӕй ӕмӕ фыццаг архайдта, Хуыцау ын цы зонд радта, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ «суанг уый дӕр, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй йын цы устытӕ уыд, уыдон тӕригъӕдмӕ ӕркодтой», ӕмӕ сӕ зондӕй мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдта (Нееми 13:26; 3 Паддзахӕдты 11:1–6).

10 Сайтан, дӕсны «ахсӕг», бирӕ алыхуызон хызтӕ тауы (Псалом 90:3). Зӕгъӕм, раздӕр Ӕвдисӕн чи уыд, уыдонӕй исчи гӕнӕн ис, ӕмӕ архайа, мах дӕр Хуыцауы рухсы фӕндаг куыд ныууадзӕм ӕмӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдоны талынг фӕндагмӕ аздӕхӕм. Афтӕ, Фиатиры чырыстӕтты ӕхсӕн уыд «ус, Иезавел» – ӕвӕццӕгӕн, сылгоймӕгты къорд, гуымирытӕн кувын ӕмӕ хӕтынмӕ чи ардыдта. Ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ Чырысти нӕ барста, ӕмӕ сӕм мах дӕр уӕлӕнгай цӕстӕй хъуамӕ ма кӕсӕм (Раргомад 2:18–22; Иудӕйы 3, 4). Уӕдӕ Иегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕй ма аздӕхӕм ӕмӕ алкӕддӕр йӕ Ныхасы рухсы цӕуӕм (Псалом 118:111, 112).

Хуыцауы ныхас – хъарудӕттӕг

11. Псалом 118:119 гӕсгӕ, фыдгӕнджытӕ Хуыцауы цӕсты цы сты?

11 Хуыцауӕн алкӕд йӕ амындтӕ, йӕ уагӕвӕрдтыл куы цӕуӕм, уӕд нын нӕ хъарутыл хъару ӕфтаудзӕн (Псалом 118:113–120). «Саджилзӕрдӕтӕ» нын сты ӕнӕуынон, раст Йесойӕн, абон чырыстоны ном чи хӕссы, фӕлӕ «нӕдӕр тӕвд, нӕдӕр уазал» чи у, уыдон куыд ӕнӕуынон сты, афтӕ (Псалом 118:113; Раргомад 3:16). Ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм Иегъовӕйӕн, уый тыххӕй уый махӕн у нӕ «ӕмбӕхсӕнуат» (НД), ӕмӕ нын кӕддӕриддӕр нӕ хъарутыл хъару ӕфтаудзӕн. Йӕ «уагӕвӕрдтӕй иуварс цӕуджыты» – мӕнгард ӕмӕ фӕлитой адӕмы Иегъовӕ «аппардзӕн» (Псалом 118:114, 117, 118; Ӕмбисӕндтӕ 3:32). Ахӕм фыдгӕнджытӕ йӕ цӕсты сты «сыгъдон» – ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин сыгъдӕггӕнгӕйӕ цы ӕнӕпайда уӕлдӕйттӕ баззайы, уыдон (Псалом 118:119; Ӕмбисӕндтӕ 17:3). Уӕдӕ алкӕддӕр бӕрӕг уӕд, Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон кӕй уарзӕм. Уымӕн ӕмӕ нӕ, бӕгуыдӕр, нӕ фӕнды, цӕмӕй фыдгӕнджытимӕ ӕнӕпайда уӕлдӕйттау фесӕфӕм!

12. Цӕмӕн хъӕуы Иегъовӕйӕ тӕрсын?

12 «Дӕ тасӕй ризы мӕ буар, ӕмӕ Дӕ тӕрхӕттӕй ӕз тӕрсын»,– зарыд Иегъовӕйӕн псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 118:120). Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый бӕрӕг у, йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕй нӕхи кӕй хизӕм. Уый мах, йӕ лӕггадгӕнджыты, ӕнӕмӕнг хъӕуы, кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын нӕ хъарутыл хъару ӕфтауа, уӕд. Иов Иегъовӕйӕ аргъуыц кодта, ӕмӕ рӕстӕй цард (Иов 1:1; 23:15). Махмӕ дӕр Хуыцауы тас куы уа, уӕд цыфӕндыйӕ дӕр цӕудзыстӕм Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ фӕндагыл. Фӕлӕ нӕ уый тыххӕй хъӕуы уырнӕгзӕрдӕйӕ кувын (Иаковы 5:15).

Уырнӕгзӕрдӕйӕ кув

13–15. а) Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн, уый нӕ цӕмӕ гӕсгӕ уырны? ӕ) Кувгӕйӕ цы зӕгъӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм, уӕд цы вӕййы? б) Нӕ бон зӕгъын кӕй нӕ вӕййы, уыцы «уынӕргъынтӕ» Псалом 118:121–128 стихтӕ куыд ӕвдисынц, уый бамбарын кӕн.

13 Иегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ уырнгӕ дӕр фӕкӕны, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн (Псалом 118:121–128). Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕй фехъусдзӕн, ууыл псаломзарӕггӕнӕгау ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ уарзӕм «сызгъӕринӕй фылдӕр, ӕмӕ сыгъдӕг сызгъӕринӕй» дӕр. Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауы «бардзырдтӕ ӕппӕт [дӕр] рӕстдзинадыл нымайӕм» (Псалом 118:127, 128).

14 Иегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ хъусы, уымӕн ӕмӕ йӕм кувӕм уырнӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ йын йӕ амындтӕ зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнӕм (Псалом 64:3). Фӕлӕ зӕгъӕм, ахӕм зын уавӕры бахаудыстӕм, ӕмӕ цӕуыл кувӕм, цы зӕгъӕм, уый дӕр нӕ зонӕм? Уӕд «Уд Йӕхӕдӕг мах тыххӕй курдзӕн, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм уынӕргъынтӕй» (Ромӕгтӕм 8:26, 27). Ахӕм рӕстӕг Хуыцау, йӕ ныхасы цы куывдтытӕ ис, уыдон исдзӕн, цыма мах куывдытӕ сты, афтӕ.

15 Библийы фыст ис бирӕ куывдтытӕ ӕмӕ хъуыдытӕ, нӕ бон зӕгъын кӕй нӕ вӕййы, уыцы «уынӕргъынтӕ» бамбарын кӕнӕн кӕмӕй ис. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм Псалом 118:121–128 стихтӕм. Цӕй кой дзы цӕуы, уый, гӕнӕн ис, ахӕссӕн уа мах уавӕртӕм дӕр. Зӕгъӕм, тӕрсӕм, «сурджыты», кӕнӕ «цӕстфӕлдахджыты» (НД), амӕттаг куы фӕуӕм, уымӕй. Уӕд Хуыцауӕй ӕххуыс курын нӕ бон у псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй (121–123 стихтӕ). Кӕнӕ та нӕ цавӕрдӕр зын фарст аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы. Уӕд та кувӕм, цӕмӕй нын Иегъовӕйы сыгъдӕг уд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ нын сӕ нӕ уавӕры спайда кӕнынӕн баххуыс кӕна (124, 125 стихтӕ). «Алы мӕнгдзинады фӕндаг [нын] ӕнӕуынон у», фӕлӕ нӕ чи зоны, хъӕуа Хуыцауӕй ӕххуыс курын, цӕмӕй нӕ мацы самидин кӕна йӕ закъон фехалынмӕ (126–128 стихтӕ). Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, уӕд-иу Иегъовӕмӕ кувгӕйӕ, нӕ уавӕры нын ахъаз чи уа, ахӕм скъуыддзӕгтӕ ӕнцонтӕй ӕрымысдзыстӕм.

Не ’ххуыс – Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ

16, 17. а) Хуыцау нын йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕна, уый нӕ цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? ӕ) Иннӕтӕ нӕм цавӕр цӕстӕй фӕкӕсынц, фӕлӕ сӕйраг цы у?

16 Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса ӕмӕ нӕ йӕ хорзӕх уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм йӕ «раргомдзинӕдтӕ» – нӕ зӕрдыл нын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон (Псалом 118:129–136). Рохгӕнаг стӕм, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы, цӕмӕй нын Иегъовӕ йӕ ӕвӕджиауы фӕдзӕхстытӕ, йӕ амындтӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕна. Хуыцауы ныхӕстӕй ног исты кӕй бамбарӕм, уый тыххӕй дӕр дзы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг бузныг стӕм (Псалом 118:129, 130). Нӕ «цӕстытӕй кӕлынц дӕтты гуылфӕнтӕ»,– иннӕ адӕм Хуыцауы закъон кӕй халынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ ам дӕр бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, уӕддӕр нӕ йӕ «цӕсгомы рухсӕй» кӕй «рухс кӕны» – йӕ хорзӕхӕй нӕ кӕй хайджын кӕны (Псалом 118:135, 136; Нымӕцтӕ 6:25).

17 Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы рӕстаг фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ йӕ хорзӕхӕй никуы фӕцух кӕндзӕн (Псалом 118:137–144). Мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, ӕмбарӕм, уый бар ын кӕй ис, цӕмӕй нын йӕ фӕдзӕхстытӕм не ’ргом здаха, нӕ зӕрдыл нын сӕ лӕууын кӕна ӕмӕ йын сӕ ӕххӕст кӕнӕм, уый нӕ дома (Псалом 118:138). Фӕлӕ псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы амындтӕм куы хъуыста, уӕд ма афтӕ та цӕмӕн загъта: «Ӕз гыццыл ӕмӕ ныллӕггонд [дӕн]»? (Псалом 118:141). Ӕвӕццӕгӕн, ацы ран дзырдта, йе знӕгтӕ йӕм цы цӕстӕй кастысты, уый тыххӕй. О, цыфӕндыйӕ дӕр Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты куы нӕ хизӕм, уӕд нӕм иннӕтӕ, гӕнӕн ис, уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсой. Фӕлӕ сӕйраг уый у, ӕмӕ нӕм Иегъовӕ кӕсы хорз цӕстӕй.

Ӕдас ӕмӕ фарнӕй ӕфсӕст

18, 19. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдыл кӕй дарӕм ӕмӕ сӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый нын цы ӕххуыс у?

18 Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдыл кӕй дарӕм, кӕй сӕ ӕххӕст кӕнӕм, уый руаджы йӕм стӕм ӕввахс (Псалом 118:145–152). Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕны, уымӕ нӕ хъус дарӕм, ӕмӕ йӕм уӕндонӕй кувӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ; хъусы нӕ, уый дӕр зонӕм. Зӕгъӕм, «боны цъӕхыл» райхъал стӕм – диссаджы хорз рӕстӕг у уый кувынӕн! (Псалом 118:145–147). Хуыцау нӕм хӕстӕг у ноджы уымӕн, ӕмӕ ӕнӕуаг митӕй нӕхи хизӕм, йӕ ныхас ын, Йесойау, ӕцӕгадыл нымайӕм (Псалом 118:150, 151; Иоанны 17:17). Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕй стӕм, уый нын ацы змӕст дунейы хъарутӕ дӕтты. Уый фӕрцы сӕрӕгасӕй баззайдзыстӕм Хуыцауы стыр хӕст Армагеддоны дӕр (Раргомад 7:9, 14; 16:13–16).

19 Хуыцауы ныхасӕн аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нын уый дӕтты ӕдасдзинад (Псалом 118:153–160). Фыдгӕнджытӕй уӕлдай, мах Иегъовӕйы «раргомдзинӕдтӕй [«нӕ зӕрдыл нын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонӕй», НД] дард нӕ цӕуӕм». Мах уарзӕм Хуыцауы амындтӕ, ӕмӕ йӕ ӕнувыд уарзты ӕдас стӕм (Псалом 118:157–159). Иегъовӕ нын йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, уый фӕрцы нӕ хъуыдыйы фидар кӕнынц; уый фӕрцы фӕзонӕм, цавӕрдӕр уавӕры нӕм Хуыцау цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Иннӕрдыгӕй та нын Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ сты фӕндагамонӕг, ӕмӕ уӕвгӕ, разы стӕм, Иегъовӕйӕн Сфӕлдисӕджы бар кӕй ис махӕн фӕндаг амонын. Мах зонӕм, Хуыцауы «дзырды бындур ӕцӕгад» кӕй у, стӕй нӕ фӕндаг нӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕхсызгонӕй хъусӕм Хуыцауы разамындмӕ (Псалом 118:160; Иереми 10:23).

20. Цӕй фӕрцы нӕм ис «стыр фарн»?

20 Иегъовӕйы закъон уарзӕм, ӕмӕ ӕгӕрон фарнӕй ӕфсӕст стӕм (Псалом 118:161–168). Карз ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕддӕр нӕ Хуыцауы ӕмбисонды фарнӕй ничи фӕцух кӕндзӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Хуыцауы тӕрхӕттӕн афтӕ тынг аргъ кӕнӕм, ӕмӕ йӕ уыдон тыххӕй «авд хатты бон стауӕм» (Псалом 118:161–164). «Стыр у фарн Дӕ закъон уарзджытӕм,– зарыд псаломзарӕггӕнӕг,– ӕмӕ нӕй уыдонӕн фӕкӕлындзинад» (Псалом 118:165). Кӕд Хуыцауы закъон уарзӕм ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын, иннӕтӕ цы аразынц, уый, кӕнӕ ӕндӕр исты хъуыддаг цӕлхдур никуы суыдзӕн.

21. Ӕмбырды исты зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕд нын цӕлхдур кӕй ма хъуамӕ суой, уый Библийӕ цавӕр цӕвиттонтӕ ӕвдисынц?

21 Библи кӕй кой кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ не ’руагътой, цӕмӕй сын исты ахӕм цӕлхдур суыдаид, ахизын кӕй сӕрты сӕ бон нӕ бауыдаид. Цӕвиттон, иу чырыстон нӕлгоймагӕн, Гайӕн, Диотрефы ӕнӕхуыцау уагахаст къуылымпыйы хос нӕ фӕци, ӕмӕ дарддӕр «цыдис ӕцӕгады» (3 Иоанны 1–3, 9, 10). Павел дзырдта чырыстон сылгоймӕгтӕ Еводи ӕмӕ Синтихийӕн «иухуызон хъуыды кӕнын Хицауы тыххӕй»,– ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ сӕм цавӕрдӕр хъаугъа рауад. Нӕ бон у зӕгъын, ӕмӕ сын кӕрӕдзи бамбарын баххуыс кодтой ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Иегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтой (Филиппӕгтӕм 4:2, 3). Уӕдӕ кӕд ӕмбырды исты зындзинӕдтӕ фӕзына, уӕд нын цӕлхдур хъуамӕ ма суой. Уый бӕсты нӕ хъарутӕ раттӕм Иегъовӕйы амындтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, «нӕ ӕппӕт фӕндӕгтӕ [кӕй] сты [уый] разы» (Псалом 118:168; Ӕмбисӕндтӕ 15:3). Уӕд не «стыр фарн» ницы хуызы фесафдзыстӕм.

22. а) Хуыцаумӕ куы хъусӕм, уӕд цавӕр кадӕй уыдзыстӕм хайджын? ӕ) Чырыстон ӕмбырдӕй чи адзӕгъӕл, уыдонмӕ нӕ цавӕр цӕстӕй хъӕуы кӕсын?

22 Кӕд алкӕддӕр Иегъовӕмӕ хъусӕм, уӕд уыцы кад – йӕ ном ын стауын – нӕ къухӕй никуы ахаудзӕн (Псалом 118:169–176). Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ – уӕд «нӕ дзых хӕсдзӕн ӕппӕлындзинад» Иегъовӕйӕн (Псалом 118:169–171, 174). Ацы фӕстаг бонты та нын уымӕй стырдӕр кад нӕй. Псаломзарӕггӕнӕджы фӕндыд цӕрын ӕмӕ стауын Иегъовӕйы, фӕлӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ – бӕлвырдӕй нӕ зонӕм цӕмӕ – уый «фӕдзӕгъӕл [ис], куыд сӕфт фыс» (Псалом 118:175, 176). Чырыстон ӕмбырдӕй чи адзӕгъӕл, уыдонӕй чидӕртӕ уӕддӕр уарзынц Иегъовӕйы ӕмӕ сӕ фӕнды, кадджын ӕй кӕной. Уӕдӕ сын, нӕ бон цы у, уымӕй баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй та Хуыцаумӕ ӕдасдзинад ссарой ӕмӕ та йӕ зӕрдӕрайгӕйӕ йӕ адӕмимӕ стауой (Дзуттытӕм 13:15; 1 Петры 5:6, 7).

Ӕвидигӕ рухс нӕ къахвӕдӕн

23, 24. Цы ахъаз дын у 118-ӕм псалом?

23 Псалом 118 нын бирӕ фадгуыты ахъаз кӕны. Зӕгъӕм, ӕххуыс нын кӕны нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл тынгдӕр дарын, уымӕн ӕмӕ нын ӕвдисы, ӕцӕг амондджын «Хицауы закъоны цӕуджытӕ» кӕй сты (Псалом 118:1). Псаломзарӕггӕнӕг нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцауы «дзырды бындур ӕцӕгад» кӕй у (Псалом 118:160). Уый та нын хъуамӕ баххуыс кӕна, цӕмӕй тынгдӕр аргъ кӕнӕм Хуыцауы фыст Ныхасӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр. 118-ӕм псаломыл хорз куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнддзӕн Фыстад лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Псаломзарӕггӕнӕг ногӕй ӕмӕ ногӕй куывта Хуыцаумӕ: «Сахуыр кӕн мӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл» (Псалом 118:12, 68, 135). Уый ма куырдта: «Сахуыр мӕ кӕн хорздзинад, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зондыл, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕдзӕхстытыл ӕз ӕууӕндын» (Псалом 118:66, НД). Хорз уаид, мах дӕр афтӕ куы кувиккам.

24 Иегъовӕ нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы йемӕ стӕм ӕввахс хӕлӕрттӕ. Псаломзарӕггӕнӕг йӕхи бирӕ хатт хоны Хуыцауы лӕггадгӕнӕг. Иегъовӕйӕн ма дзуры ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ дӕр: «Дӕу дӕн ӕз» (Псалом 118:17, 65, 94, 122, 125; Ромӕгтӕм 14:8). Ӕвӕдза, цӕй стыр кад у, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн уай ӕмӕ йын йӕ ном бӕрзонд кӕнай! (Псалом 118:7). Хуыцауы Паддзахады хабар зӕрдӕрайгӕйӕ чи хъусын кӕны, уыдонӕй дӕ ды дӕр? Уӕд зон, Иегъовӕ дын уыцы кадджын хъуыддаджы кӕддӕриддӕр ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дын арфӕ кӕндзӕн,– ӕрмӕст ын йӕ ныхасыл алкӕддӕр дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ йӕ дӕ къахвӕдӕн рухс кӕнын уадз.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм Хуыцауы ныхас?

• Хуыцауы ныхас нын хъарутӕ куыд дӕтты?

• Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон нын куыд ӕххуыс кӕнынц?

• Иегъовӕйы адӕм ӕдас ӕмӕ фарнӕй ӕфсӕст цӕмӕн сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Кӕд Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ уарзӕм, уӕд нӕ «сыгъдоныл» никуы банымайдзӕн.

[Ныв 16 фарсыл]

Хуыцауы ныхас у монон рухсы суадон.