Чи райгас уыдзӕн?
Чи райгас уыдзӕн?
«Дис ма кӕнут ууыл: уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (ИОАННЫ 5:28, 29).
1. Судзгӕ сындзы къутӕры цур Моисей цавӕр диссаджы ныхӕстӕ фехъуыста ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр чи сфӕлхат кодта?
ӔНАХУЫР диссаджы хабар ӕрцыд 3 500 азы размӕ. Моисей хызта Иофоры фыстӕ. Хоривы хохы цур Моисеймӕ Иегъовӕйы зӕд фӕзынд судзгӕ сындзы къутӕры. «Ӕмӕ федта, сындзы къутӕр судзы, фӕлӕ йын басудзыны амал нӕй»,– дзырдӕуы Рацыды чиныджы. Уый фӕстӕ сындзы къутӕрӕй фехъуыста хъӕлӕс: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау» (Рацыд 3:1–6). Фӕстӕдӕр, н. э. I ӕнусы ацы ныхӕстӕ сфӕлхат кодта Хуыцауы Фырт, Йесо.
2, 3. а) Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков? ӕ) Цавӕр фарстытӕ сӕвзӕрд?
2 Йесо ныхас кодта саддукейтӕй кӕимӕдӕрты, уыдон та райгасдзинадыл не ’ууӕндыдысты. Йесо дзырдта: «Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый Моисей дӕр равдыста къудзийы рӕбын, куы схуыдта Хицауы Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау. Хуыцау та нӕу мӕрдты Хуыцау, фӕлӕ ӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ Уымӕ иууылдӕр ӕгас сты» (Лукайы 20:27, 37, 38). Ацы ныхӕстӕй Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, раджы чи амард, уыцы Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков, нырма дӕр йӕ хъуыдыйы удӕгас сты. Иовау уыдон дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ «тыхгуысты» кӕронмӕ ӕмӕ мӕрдвынӕй кӕнынц (Иов 14:14). Уыдон Хуыцауы ног дунейы райгас уыдзысты.
3 Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис, незамантӕй нырмӕ цы миллиардгай адӕмтӕ амард, уыдонӕй та? Уыдон дӕр райгас уыдзысты? Цалынмӕ ацы фарстытӕн зӕрдӕзӕгъгӕ дзуаппытӕ райсӕм, уӕдмӕ уал Хуыцауы Ныхасӕй базонӕм, адӕмыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы.
Кӕм сты мӕрдтӕ?
4. а) Адӕм куы амӕлынц, уӕд сыл цы ’рцӕуы? ӕ) Цы у шеол?
4 Библи дзуры, мӕрдтӕ «ӕппындӕр ницы зонынц», зӕгъгӕ. Мӕрдтӕ артын зындоны нӕ хъизӕмар кӕнынц, нӕ тухӕн кӕнынц удтӕ сыгъдӕггӕнӕны ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ дӕр, фӕлӕ сыджытмӕ аздӕхынц. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Ныхас ӕгӕстӕн уынаффӕ кӕны: «Дӕ къух цыдӕриддӕр куыстыл хӕст кӕны, уый араз, уымӕн ӕмӕ Екклесиаст 9:5, 10; Уӕвынад 3:19). Бирӕтӕ нӕ зонынц, дзырд «шеол» цы нысан кӕны. Уый у дзуттаг ныхас ӕмӕ йӕ равзӕрд бӕрӕг нӕу. Бирӕ динтӕ ахуыр кӕнынц, адӕймаг ма мӕлӕты фӕстӕ кӕй цӕры, ууыл. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас дзуры, шеолы чи ис, уыдон мард кӕй сты ӕмӕ кӕй ницы ӕмбарынц. Шеол у адӕмы иумӕйаг ингӕн.
шеолы, ды кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр дзы ӕмбарынад ис, нӕдӕр зонд» (5, 6. Иаков куы амард, уӕд кӕдӕм ныццыд ӕмӕ кӕимӕ баиу?
5 Библи раздӕр цы ӕвзӕгтыл фыстой, уым дзырд «шеол» фыццаг хатт ӕмбӕлы Уӕвынады 37:35. Иаков афтӕ куы ӕнхъӕлдта, йӕ уарзон фырт Иосиф амард, уӕд зӕрдӕлӕууӕн ныхӕстӕм нӕ хъуыста: «Дзыназгӕ ныццӕудзынӕн мӕ фыртмӕ шеолмӕ!» Иаковӕн йӕ фырт мард у, уый йӕ кӕй уырныдта, уымӕн ӕй фӕндыд амӕлын ӕмӕ шеолмӕ ныццӕуын. Фӕстӕдӕр, ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Иаковы иннӕ фараст фырты фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ кӕстӕр фырт Вениамины семӕ Египетмӕ акодтаиккой. Фӕлӕ Иаков не сразы: «Мӕ фырт сымахимӕ нӕ ацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йе ’фсымӕр амард ӕмӕ ныр иунӕгӕй баззад. Фӕндагыл ыл исты фыдбылыз куы ’рцӕуа ӕмӕ куы амӕла, уӕд мын ӕцӕг мӕ урс сӕр шеолмӕ мастимӕ нырвитдзыстут» (Уӕвынад 42:36, 38). Ацы дыууӕ стихы, мӕлӕты фӕстӕ цард кӕй ис, уый кой нӕ кӕнынц, фӕлӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд шеолмӕ кӕй ныццӕуы.
6 Уӕвынады чиныджы дзырдӕуы, Иосиф Египеты хӕлцады хицау кӕй сси. Ӕппынфӕстаг Иаков уырдӕм ацыд ӕмӕ Иосифыл ногӕй зӕрдӕрухсӕй сӕмбӕлд. Уый фӕстӕ Иаков уыцы бӕстӕйы фӕцард йӕ мӕлӕты онг, амард 147 аздзыдӕй. Йӕ фӕстаг курдиатмӕ гӕсгӕ йын йӕ фырттӕ йӕ мард ахастой ӕмӕ йӕ Ханааны зӕххы Махпелы зӕппадзы бавӕрдтой (Уӕвынад 47:28; 49:29–31; 50:12, 13). Афтӕмӕй Иаков баиу йӕ фыд Исахъ ӕмӕ йӕ фыдыфыд Авраамимӕ.
Баиу сты сӕ фыдӕлтимӕ
7, 8. а) Авраам йӕ мӕлӕты фӕстӕ цы фӕци? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, иннӕтӕ дӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ шеолы кӕй вӕййынц?
7 Раздӕр, Иегъовӕ Авраамимӕ бадзырд куы скодта ӕмӕ йын зӕрдӕ куы бавӕрдта, йӕ цот кӕй сбирӕ уыдзысты, уӕд ын загъта, цы йыл ӕрцӕудзӕн. Иегъовӕ загъта: «Ды та дӕ фыдӕлтӕм фарнимӕ ныццӕудзынӕ ӕмӕ дӕ баныгӕндзысты цардӕфсӕстӕй» (Уӕвынад 15:15). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ ’рцыд. Уӕвынады 25:8 дзырдӕуы: «Уый фӕстӕ Авраам йӕ цардӕй ахицӕн. Амард хӕрззӕрондӕй, зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй ӕмӕ баиу йӕ адӕмимӕ». Чи уыдысты уыцы адӕм? Уӕвынады 11:10–26 нымад цӕуынц йӕ фыдӕлтӕ, суанг Нойы фырт Симы онг. Уӕдӕ Авраам куы амард, уӕд баиу, уӕдмӕ шеолы мӕрдвынӕй чи кодта, уыдонимӕ.
8 Дзырдтӕ «баиу йӕ адӕмимӕ» Дзуттаг Фыстыты арӕх ӕмбӕлынц. Уӕдӕ раст уыдзӕн, афтӕ куы зӕгъӕм, ӕмӕ Авраамы фырт Измаил ӕмӕ Моисейы ӕфсымӕр Аарон, куы амардысты, уӕд ацыдысты шеолмӕ ӕмӕ уым ӕнхъӕлмӕ кӕсынц райгасдзинадмӕ (Уӕвынад 25:17; Нымӕцтӕ 20:23–29). Моисей дӕр ныццыд шеолмӕ, кӕд ын йӕ ингӕн ничи зыдта, уӕддӕр (Нымӕцтӕ 27:13; Дыккаг закъон 34:5, 6). Афтӕ Йесо Навин дӕр, Моисейы фӕстӕ израилӕгты раздзог чи сси, уый дӕр ӕнӕхъӕн фӕлтӕримӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ шеолмӕ ныццыд (Тӕрхонгӕнджыты 2:8–10).
9. а) Библи куыд ӕвдисы, дзуттаг дзырд «шеол» ӕмӕ грекъаг дзырд «гадес» иу бынаты тыххӕй кӕй дзурынц? ӕ) Цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, шеолы кӕнӕ гадесы чи ис, уыдонмӕ?
9 Ӕнусты фӕстӕ Давид сси Израилы 12 мыггаджы паддзах. Куы амард, уӕд «ӕрӕнцад йӕ фыдӕлтимӕ» (3 Паддзахӕдты 2:10). Уый дӕр шеолмӕ ныццыд? Цымыдисаг у, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон апостол Петр Давиды мӕлӕты кой кӕй скодта ӕмӕ Псалом 15:10 ныхӕстӕ кӕй сфӕлхат кодта: «Ды нӕ ныууадздзынӕ мӕ уды зындоны», кӕнӕ шеолы. Петр куы загъта, зӕгъгӕ, Давид нырма дӕр ингӕны ис, уӕд ацы ныхӕстӕ ахаста Йесомӕ ӕмӕ бамбарын кодта, Давид «раздӕр [кӕй] загъта Чырыстийы райгасы тыххӕй, кӕй нӕ баззад Йӕ уд зындоны [«гадесы», НД] ӕмӕ Йӕ буар нӕ федта ӕмбийындзинад. Ацы Йесойы Хуыцау райгас кодта, кӕцыйӕн мах стӕм иууылдӕр ӕвдисӕнтӕ» (Куыстытӕ 2:29–32). Ам Петр спайда кодта, дзуттаг дзырд «шеол»-ы хуызӕн нысаниуӕг кӕмӕн уыд, ахӕм грекъаг дзырд «гадес»-ӕй. Уӕдӕ гадесы чи ис, уыдонӕн дӕр сӕ уавӕр у, шеолы чи ис, уыдоны уавӕры хуызӕн. Уыдон мӕрдвынӕй кӕнынц ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ райгасы бонмӕ.
Фыдгӕнджытӕ дӕр шеолы сты?
10, 11. Нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у, ӕмӕ иуӕй-иу ӕнӕрӕстгӕнджытӕ сӕ мӕлӕты фӕстӕ цӕуынц шеолмӕ кӕнӕ гадесмӕ?
10 Моисей Израилы адӕмы Египетӕй куы ракодта, уӕд ӕдзӕрӕг быдыры йӕ ныхмӕ сызмӕстой. Моисей адӕмӕн загъта, цӕмӕй змӕнтджытӕй, Корей, Дафан ӕмӕ Авиронӕй иуварс ацӕуой. Уыдон хъуамӕ амардаиккой, фӕлӕ сӕхи мӕлӕтӕй нӕ. Моисей бамбарын кодта: «Кӕд, ацы адӕм, ӕппӕт адӕм куыд амӕлынц, афтӕ амӕлой, ӕмӕ ӕппӕт адӕм ӕфхӕрд куыд баййафынц, ахӕм ӕфхӕрд баййафой, уӕд мӕн Иегъовӕ нӕ рарвыста. Фӕлӕ Иегъовӕ стыр диссаг куы сараза ӕмӕ зӕхх куы аскъуыйа, ӕмӕ уыдоны, ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, уый куы аныхъуыра ӕмӕ удӕгасӕй шеолмӕ куы ныццӕуой, уӕд базондзыстут, ацы адӕм Иегъовӕйӕн кӕй нӕ аргъ кодтой» (Нымӕцтӕ 16:29, 30). Уӕдӕ уыцы змӕнтджытӕ зӕххы скъуыды аирвӕзтаиккой, ӕви, Корей ӕмӕ йӕ зондыл чи ацыд, уыцы 250 левитыл куыд ӕрцыд, афтӕ сӕ зынг аныхъуырдтаид,– се ’ппӕт дӕр ныццыдаиккой шеолмӕ, йе та гадесмӕ (Нымӕцтӕ 26:10).
11 Семей, паддзах Давиды чи ӕлгъыста, уый йӕ мӕлӕт ссардта Давиды фырт Соломоны къухӕй. «Ма йӕ ныууадз ӕнӕфхӕрдӕй,– загъта Давид,– ды зондджын адӕймаг дӕ ӕмӕ хорз зоныс, цы йын бакӕнын хъӕуы, ӕмӕ йын ды хъуамӕ йӕ урс сӕр шеолмӕ барвитай». Соломоны тӕрхон сӕххӕст кодта Ваней (3 Паддзахӕдты 2:8, 9, 44–46). Ванейы хъамайӕ ма йӕ адзал ссардта Израилы ӕфсады раздзог Иоав дӕр. Йӕ урс сӕр «фарнимӕ нӕ ныццыд шеолмӕ» (3 Паддзахӕдты 2:5, 6, 28–34). Ацы дыууӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у Давиды зарӕджы рӕстдзинад: «Уадз аздӕхӕнт ӕнӕрӕстытӕ зындонмӕ [«шеолмӕ», НД], ӕппӕт адӕмтӕ, Хуыцауы рохгӕнджытӕ» (Псалом 9:18).
12. Чи уыд Ахитофел ӕмӕ кӕдӕм ныццыд йӕ мӕлӕты фӕстӕ?
12 Ахитофел уыд Давиды уынаффӕгӕнӕг. Йӕ уынаффӕтӕ афтӕ нымад цыдысты, цыма сӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг лӕвӕрдта (2 Паддзахӕдты 16:23). Хъыгагӕн, ацы ӕууӕнкджын лӕггадгӕнӕг Давидыл гадзрахатӕй рацыдис ӕмӕ баиу змӕнтджытимӕ; сӕ сӕргъы уыд Давиды фырт Авессалом. Ӕвӕццӕгӕн, Давид уыцы хабары кой кодта, афтӕ куы фыста: «Мӕн знаг нӕ фауы,– ӕз уый бафӕразин ахӕссын; мӕн нӕуарзӕг не стыр кӕны йӕхи мӕныл,– уымӕй ӕз бааууон кӕнин». Ӕмӕ дарддӕр дзуры: «Уадз ӕрцӕуӕд уыдоныл мӕлӕт; уадз ныццӕуӕнт уыдон ӕгасӕй зындонмӕ [«шеолмӕ», НД]; уымӕн ӕмӕ фыддзинӕдтӕ сӕ цӕрӕнты, сӕ астӕу» (Псалом 54:12–15). Ахитофел ӕмӕ йӕ хъузӕттӕ сӕ мӕлӕты фӕстӕ ныццыдысты шеолмӕ.
Чи ис геенайы?
13. Иудӕйы «сӕфты фырт» цӕмӕн схуындӕуыд?
13 Абарӕм Давиды уавӕр, Стырдӕр Давид, Йесоимӕ. Чырыстийы 12 апостолӕй иу, Иудӕ Искариот, Ахитофелау гадзрахатӕй рацыд. Иудӕйы мӕнгард ми Ахитофелы фыдракӕндӕй бирӕ фыддӕр уыди. Иудӕ рацыд Хуыцауы иунӕггуырд Фырты ныхмӕ. Хуыцауы Фырт йӕ зӕххон лӕггады кӕрон йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй куывта: «Ӕз уыдонимӕ куы уыдтӕн дунейы, уӕд Ӕз хъахъхъӕдтон уыдон Дӕу номыл; Ды Мӕнӕн кӕй раттай уыдоны Ӕз бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ сӕ ничи фесӕфт, сӕфты фырты йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа Фыст» (Иоанны 17:12). Йесо Иудӕйы «сӕфты фырт» кӕй схуыдта, уый нысан кодта, ӕмӕ Иудӕ куы амӕла, уӕд ын райгасы ныфс нӕ уыдзӕн. Уый Хуыцауы хъуыдыйы нӕ баззайдзӕн. Иудӕ шеолмӕ нӕ бахаудта, фӕлӕ гееннамӕ. Цы у геена?
14. Цы нысан кӕны геена?
14 Йесо йӕ рӕстӕджы дины разамонджытӕн тӕрхон кодта, сӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕйдӕр «геенайы фырт» кӕй кодтой, уый тыххӕй (Матфейы 23:15, НФ). Уыцы рӕстӕг адӕм хорз зыдтой Енномы дӕлвӕз. Уым сарӕзтой бырондон ӕмӕ дзы сыгътой, мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой ӕмӕ баныгӕныны аккаг чи нӕ уыд, ахӕм фыдгӕнджыты мӕрдтӕ. Уый размӕ дӕр ма Йесо геенайы кой кодта йӕ Уӕлхох уацамынды (Матфейы 5:29, 30, НД). Йӕ нысаниуӕг ын йӕ хъусджытӕ хорз ӕмбӕрстой. Геена нысан кодта мыггагмӕ сӕфт, ӕнӕ райгасы ныфсӕй. Уӕдӕ ма Иудӕ Искариотӕй дарддӕр йӕ мӕлӕты фӕстӕ, шеол кӕнӕ гадесмӕ нӕ, фӕлӕ геенамӕ чи цӕуы?
15, 16. Геенамӕ чи цӕуы, ӕмӕ уырдӕм цӕмӕн ацыдысты?
15 Фыццаг адӕм, Адам ӕмӕ Евӕ, уыдысты ӕххӕст. Уыдон тӕригъӕд ракодтой зонгӕ-зонын. Сӕ бон уыди равзарын ӕнусон цард кӕнӕ мӕлӕт. Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ Сайтаны фӕстӕ ацыдысты. Куы амардысты, уӕд ӕнӕхай фесты, Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастаид, уымӕй. Уый бӕсты Адам ӕмӕ Евӕ геенамӕ ацыдысты.
16 Адамы фыццаг фырт Каин амардта йе ’фсымӕр Авелы ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ 1 Иоанны 3:12). Афтӕмӕй уый дӕр йӕ ныййарджытау йӕ мӕлӕты фӕстӕ ацыд геенамӕ (Матфейы 23:33, 35, НФ). Ӕвӕдза сӕ уавӕр куыд тынг хицӕн кӕны рӕстаг Авелы уавӕрӕй! Павел бамбарын кодта: «Уырнындзинадӕй Авел ӕрхаста Хуыцауӕн Каинӕй хуыздӕр нывонд; уымӕй райста рӕстгӕнӕг кӕй у, уый ӕвдисӕнад, Хуыцау куыд ӕвдисӕнад кодта уый лӕвӕртты тыххӕй; уымӕй мӕлӕты фӕстӕ дӕр ма дзуры» (Дзуттытӕм 11:4). О, уӕдӕ Авел шеолы ӕнхъӕлмӕ кӕсы райгасдзинадмӕ.
схауӕггаг. Апостол Иоанн Каинӕй загъта, зӕгъгӕ, уый «уыд хинӕйдзагӕй» («Фыццаг» ӕмӕ «хуыздӕр» райгасдзинад
17. а) Ацы «рӕстӕджыты фӕуыны» шеолмӕ чи цӕуы? ӕ) Шеолы чи ис, уыдонӕн цавӕр ныфс ис, ӕмӕ геенайы чи ис, уыдонӕн та?
17 Ацы хабӕрттӕ чи кӕсы, уыдон фӕнддзӕн базонын, «рӕстӕджыты фӕуыны» чи амӕлы, уыдоны уавӕры тыххӕй (Данелы 8:19). Раргомады 6-ӕм сӕры фыст ис, уыцы рӕстӕджы кӕй рацӕуы цыппар барӕджы. Цымыдисаг уый у, фӕстаг барӕгӕн йӕ ном кӕй хуыйны Мӕлӕт, йӕ фӕстӕ та цӕуы гадес. Уӕдӕ ацы барӕгӕн йӕ рацыды рӕстӕджы цы цаутӕ цӕуы, уыдоны фыдӕй цӕрынхъуагӕй чи амӕлы, уыдонӕй бирӕтӕ бахауынц гадесмӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцауы ног дунейы кӕд райгас уыдзысты, уымӕ (Раргомад 6:8, НД). Цымӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, шеолы (гадесы) ӕмӕ геенайы чи ис, уыдонмӕ? Фыццӕгтӕ райгас уыдзысты, иннӕтӕ та мыггагмӕ сӕфт ӕрцӕудзысты, никуыуал цӕрдзысты.
18. «Фыццаг райгасдзинадӕй» хай кӕмӕн ис, уыдонӕн цавӕр ныфс ис?
18 Апостол Иоанн ныффыста: «Тӕхудиаг ӕмӕ сыгъдӕг у фыццаг райгасдзинадӕй хайджын: уыдоныл дыккаг мӕлӕт бар нӕ дары, фӕлӕ уыдон уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ ӕмӕ йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы». Чырыстиимӕ чи паддзахиуӕг кӕндзӕн, уыдонӕн хай ис «фыццаг райгасдзинадӕй». Фӕлӕ иннӕ адӕмӕн та цы ныфс ис? (Раргомад 20:6).
19. «Хуыздӕр райгасдзинад» иуӕй-иутӕн куыд фӕахъаз уыдзӕн?
19 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Илиа ӕмӕ Елисейы рӕстӕджытӕй фӕстӕмӕ, райгасдзинады фӕрцы адӕм фӕстӕмӕ цардмӕ здӕхтысты. «Устытӕ истой сӕ амӕлджыты райгасуӕвгӕйӕ,– дзырдта Павел.– Иуты та хъизӕмарӕй мардтой, не сразы сты ссӕрибар уӕвыныл, цӕмӕй райсой хуыздӕр райгасдзинад». О, ацы иузӕрдион, ӕнӕфӕцудгӕ адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, куы сӕ райгас кодтой, уӕд цы цыбыр рӕстӕг ацардысты, канд уымӕ нӕ, фӕлӕ ӕнусон цардмӕ! Уый ӕцӕгдӕр уыдзӕн «хуыздӕр райгасдзинад» (Дзуттытӕм 11:35).
20. Иннӕ статьяйы цӕуыл ӕрдзурдзыстӕм?
20 Цалынмӕ Иегъовӕ ацы фыддуне нӕ фесафа, уӕдмӕ иузӕрдионӕй куы амӕлӕм, уӕд нын уыдзӕн фидар ныфс «хуыздӕр райгасдзинадӕй», хуыздӕр та уыцы хуызы у, ӕмӕ у ӕнусон царды ныфс. Йесо зӕрдӕ бавӕрдта: «Дис ма кӕнут ууыл: уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, Ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29). Иннӕ статьяйы фылдӕр ӕрдзурдзыстӕм, райгасдзинад цӕмӕн хъӕуы, ууыл. Фендзыстӕм, райгасы ныфс нӕ куыд фидар кӕны, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уӕм ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны удуӕлдай зӕрдӕйы уагыл кусынӕн.
Бахъуыды кодтай?
• Иегъовӕ «ӕгӕсты» Хуыцау цӕмӕн у?
• Шеолы чи ис, уыдон цы уавӕры сты?
• Геенайы чи ис, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?
• Иуӕй-иутӕн «хуыздӕр райгасдзинад» куыд фӕахъаз уыдзӕн?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 25 фарсыл]
Шеолмӕ чи цӕуы, уыдон дӕр Авраамау ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ райгасы бонмӕ.
[Нывтӕ 26 фарсыл]
Адам ӕмӕ Евӕ, Каин ӕмӕ Иудӕ Искариот геенамӕ цӕмӕн ацыдысты?