Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕвирхъау бӕллӕх

Ӕвирхъау бӕллӕх

Ӕвирхъау бӕллӕх

ОУЭН, дыууӕ азы ӕмӕ ’рдӕг кӕуыл цыд, ахӕм лӕппу хъазыд сӕ хӕдзары хинайӕны. Сывӕллон сбырыд, хостӕ кӕм уыдысты, уыцы скъапмӕ; йӕ ныййарджыты ныфс уыд, кӕй йӕм нӕ сӕххӕсдзӕн. Хосты ’хсӕн ауыдта иу авг. Бакодта йӕ ӕмӕ дзы цы уыд, уый анызта.

Авджы уыди карз туагад ӕмӕ, хъыгагӕн, гыццыл Оуэн амард. Йӕ ныййарджытӕ зӕрдӕхӕлд куыннӕ фесты. Йӕ фыд Перси аргъуанмӕ ныфсы ныхӕстӕ фехъусын ӕнхъӕл ацыд. «Цӕмӕн ныл ӕрцыд ахӕм бӕллӕх?»– бафарста уый. Сауджын ын загъта: «Хуыцауы ма уӕлӕрвты хъуыди ноджы иу гыццыл зӕд». Уыцы фыдӕн ахӕм ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ мӕстӕй куыннӕ атыдта. Йӕ сӕр ӕй нӕ ахста, уый гӕнӕн куыд ис. Хуыцауы ӕцӕгдӕр фӕндыд, цӕмӕй ахӕм бӕллӕх ӕрцыдаид? Перси фыдӕнхъӕл фӕци ӕмӕ загъта, нӕ аргъуаны мӕ ницыуал хъуыддаг ис, зӕгъгӕ.

Цы ’рцыд, ууыл сагъӕс кӕнгӕйӕ, Перси хъуыды кодта: «Мӕ гыццыл лӕппу ма хъизӕмар кӕны? Искуы ма йӕ фендзынӕн?».

Дӕу дӕр, чи зоны, фӕнды зонын, мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы ӕмӕ ма искуы нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ адӕмы фендзыстӕм. Хуыцауы Ныхас, Библи, ацы фарстытӕн дзуапп дӕтты. Уым ис бӕлвырд ӕмӕ ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ, ахӕм бӕллӕхтӕ кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕргом кӕны, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы диссаджы ныфс дӕр – мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты.

Уыцы диссаджы ныфсы тыххӕй фылдӕр базондзынӕ иннӕ статьяйы.