Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дунейы иудзинад цӕуылнӕ ис?

Дунейы иудзинад цӕуылнӕ ис?

Дунейы иудзинад цӕуылнӕ ис?

«Дыккаг дунеон хӕстӕй нырмӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕн фыццаг хатт ис иудзинад. [...] Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ адӕмы къухы бафтдзӕн, рагӕй кӕмӕ бӕллынц ӕмӕ ныфс кӕмӕй ӕвӕрынц, уыцы ног дуне скӕнын».

АФТӔ XX ӕнусы кӕрон загъта Америкӕйы Иугонд Штатты президент. Уыцы рӕстӕг дунейы цы хабӕрттӕ цыди, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зӕгъӕн уыд, зӕгъгӕ, тагъд дунейы иудзинад уыдзӕн. Тоталитарон хицауӕдтӕ иу иннӕйы фӕдыл сӕ кӕронмӕ ӕрцыдысты. Берлины сис ныппырх, ӕмӕ Европӕйӕн райдыдта ног дуг. Ныгуылӕн бӕстӕты бирӕтӕ дунеон змӕстытӕ кӕй ӕфсон кодтой, уыцы Советон Цӕдис бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбайхӕлд. «Уазал хӕст» дӕр цыма фӕци, ӕмӕ ныфсджынӕй дзурын райдыдтой хӕцӕнгарз фӕкъаддӕр кӕныныл, уыимӕ ядерон хӕцӕнгарз дӕр. Персы бакӕлӕны хӕст куы райдыдта, уӕд дӕр бирӕтӕм афтӕ каст, цыма уый хъуыддаг ӕрмӕст рӕстӕгмӕ къуылымпы кӕны. Ӕнхъӕлдтой, зӕгъгӕ, уый фӕстӕ иннӕ бӕстӕтӕ ноджы тынгдӕр тырндзысты сабырдзинадмӕ.

Адӕмӕн, политикӕйы цы ивындзинӕдтӕ цыд, ӕрмӕст уый нӕ уыд ныфсы хос, фӕлӕ ма царды ӕндӕр къабӕзты цы ивта, уый дӕр. Дунейы бирӕ рӕтты царды уавӕртӕ хуыздӕр кодтой. Медицинӕ размӕ ацыди, ӕмӕ дохтыртӕн сӕ бон сси аразын, дӕсазты размӕ ӕнӕрцӕугӕ диссаг цы хуыдтой, уыдӕттӕ. Бирӕ бӕстӕты ӕхца бакусын зынгӕ фенцондӕр ӕмӕ афтӕ зынди, цыма тагъд ӕгас дунейы дӕр мӕгуыр ничиуал уыдзӕн. Бакӕсгӕйӕ алцыдӕр цыдис хорз.

Уӕдӕй абонмӕ бирӕ нӕ рацыд, фӕлӕ ӕвзӕры фарст: цы ’рцыд? Кӕм ис, ныфс кӕмӕй ӕвӕрдтой, уыцы иудзинад? Иудзинадмӕ нӕ, фӕлӕ бынтон ӕндӕрырдӕм куы цӕуы дуне. Ног хабӕртты ӕндӕр кой нӕй: чидӕртӕ сӕхи срӕмудзынц, сӕ алыварс чи ис, уыдоны бабын кӕныны тыххӕй; сарӕх сты террористты фыдракӕндтӕ; фылдӕр арӕзтӕуы, бирӕ адӕм фӕцӕгъдӕн кӕмӕй ис, ахӕм хӕцӕнгарз. Ӕмӕ уыцы сагъӕссаг хабӕрттӕ ууыл нӕ фӕуд кӕнынц. Ахӕм хъуыддӕгты фыдӕй дуне иудзинадӕй дарддӕрӕй-дарддӕр кӕны. Иу зындгонд финансист ӕрӕджы загъта: «Фыдӕй фыддӕр фыддзинӕдтӕ цӕуы, ӕмӕ нын уыцы азарӕй фервӕзӕн цыма нал дӕр ис».

Дуне иу кӕны ӕви дихтӕ?

Иугонд Нациты Организаци куы сырӕзт, уӕд йӕ размӕ ӕвӕрд нысӕнттӕй иу уыд – «адӕмыхӕттыты ӕхсӕн хӕлардзинад рӕзын кӕнын, се ’ппӕт дӕр ӕмсӕр кӕй сты ӕмӕ сын сӕхицӕн хицауад ӕвзарыны бар кӕй ис, уый бындурыл». Уӕдӕй рацыд 60 азы бӕрц. Цымӕ уыцы рӕсугъд фӕнд къухы бафтыд? Куыннӕ стӕй! Адӕм фылдӕр хъуыды кӕнынц «хӕлардзинадыл» нӕ, фӕлӕ сын «сӕхицӕн хицауад ӕвзарыны бар кӕй ис», ууыл. Адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ знӕмтӕ архайынц сӕ ном сбӕрзонд кӕныныл, тох кӕнынц хӕдбардзинадыл, ӕмӕ уымӕй дуне дихтӕ кӕны, куыд дарддӕр, афтӕ тынгдӕр. ИНО арӕзт куы ӕрцыд, уӕд дзы уыд 51 бӕстӕйы. Абон та – 191.

Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй XX ӕнусы кӕрон бирӕты ныфс уыдис, дунейы иудзинад кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ сын ныридӕгӕн уыцы ныфс сагъӕсмӕ рахызт, уымӕн ӕмӕ уынынц, дуне тынгӕй-тынгдӕр куыд дихтӕ кӕны. Цӕвиттон, Югославийы змӕстытӕ ӕрцыд, ӕмӕ ныддихтӕ. Уӕрӕсейы дӕр уавӕр сабыр нӕу – Цӕцӕны быцӕутӕ не ’нцайынц. Астӕуккаг Скӕсӕны тугкалд нӕ фӕуд кӕны. Иннӕ ахӕм – хӕст Ирачы. Ӕппӕт адӕттӕ сты ӕвдисӕн, дуне куыд тынг ныддихтӕ, уымӕн.

Дзырд дӕр ыл нӕй, бирӕтӕ ӕцӕгдӕр кӕй тырнынц сабырдзинадмӕ ӕмӕ куыд хуыздӕр уа, уый сӕ кӕй фӕнды. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зыны, ӕмӕ дунейы иудзинад никуы уыдзӕн. Бирӕтӕ сагъӕс кӕнынц: «Дунейы иудзинад уа, уый къухы цӕуылнӕ ӕфты? Кӕдӕм цӕуы ацы дуне?».

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

AP Photo/Lionel Cironneau

Arlo K. Abrahamson/AFP/Getty Images