Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дуне кӕдӕм цӕуы?

Дуне кӕдӕм цӕуы?

Дуне кӕдӕм цӕуы?

ИУДЗИНАД ӕгас дунейы. Уӕвгӕ, рӕсугъд ныхӕстӕ сты. Кӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ афтӕ уа? О, иудзинадыл бирӕ дзурынц. Ногӕй ӕмӕ та ногӕй бӕстӕты разамонджытӕн уый свӕййы сӕ ныхасы сӕр. 2000 азы августы дины разамонджытӕ, 1 минӕй фылдӕр, ӕрцыдысты Нью-Йоркмӕ (Иугонд Штаттӕ) Дунеон сабырдзинады миназон фембӕлдмӕ. Ныхас кодтой, дунейы цы быцӕутӕ ис, уыдон аскъуыддзаг кӕныны мадзӕлттыл. Фӕлӕ уыцы фембӕлд айдӕнау равдыста дунейы уавӕр – ӕнӕ быцӕутӕй нӕ ацыд. Иерусалимаг муфти не ’рцыд, дзуттаг раввин дӕр уым кӕй уыд, уый тыххӕй. Чидӕртӕ та дзы фӕхӕрам сты, уымӕн ӕмӕ, Китай куы сызмӕнта, зӕгъгӕ, уый тӕссӕй фембӕлды фыццаг дыууӕ бонмӕ далай-ламайы нӕ фӕхуыдтой.

2003 азы октябры Ази ӕмӕ Сабыр денджызы бӕстӕты экономикон кооперацийӕн (АСЭК) Таиланды цы фембӕлд уыд, уым Сабыр денджызы былгӕрон бӕстӕтӕ ныхас кодтой дунейы ӕдасдзинад ӕрфидар кӕныны мадзӕлттыл. Фембӕлды цы 21 бӕстӕйы минӕвӕрттӕ уыд, уыдон дзырд радтой террористтӕн кӕрон скӕнын ӕмӕ баныхас кодтой дунейы ӕдасдзинадыл фылдӕр архайын. Фӕлӕ иу премьер-министр цы загъта, уый фембӕлды кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, загътой, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстӕ дзуттӕгты ныхмӕ сты.

Цӕуылнӕ ис иудзинад?

Дуне баиу кӕнӕн куыд ис, ууыл ныхас не ’нцайы, фӕлӕ уымӕй хъуыддаг зынгӕ нӕ хуыздӕр кӕны. Уӕдӕ кӕд бирӕтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ архайынц, ӕмӕ дунейы иудзинад уа, уӕд сын уый XXI ӕнусы онг цӕуылнӕ бантыст?

Цӕмӕн афтӕ у, уый иуӕрдыгӕй ӕвдыстӕуы, АСЭК-ы фембӕлды чи уыд, уыцы премьер-министртӕй сӕ иуы ныхӕстӕй. Уый загъта: «Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ алы адӕмыхатт дӕр йӕхицӕй сӕрыстыр у». Ӕцӕгдӕр, алчи сӕ йӕхи иннӕтӕй хуыздӕр хоны, ӕмӕ уыцы хъуыды сӕ зонды арф ныффидар. Алы адӕм ӕмӕ знӕмӕн йӕ мӕт, йӕ кой – хицӕн хицауад. Адӕмыхӕттытӕ хӕдбардзинадмӕ кӕй тырнынц, стӕй ӕдзух, иннӕтӕй хуыздӕр куыд уой, ууыл кӕй архайынц ӕмӕ кӕрӕф кӕй сты, уыдӕттӕ ӕмткӕй дунейы сабырдзинадӕн тынг тӕссаг сты. Цал хатты уыд афтӕ, ӕмӕ-иу цавӕрдӕр адӕмыхатты сӕрбӕрзонд фӕндтӕ, ӕппӕт адӕмы фӕндты ныхмӕ уыдысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр сӕрбӕрзонддзинад уӕлдӕр ӕвӕрд ӕрцыд.

Иу адӕмыхатт йӕхи иннӕтӕй хуыздӕр кӕй нымайы, уый, псаломзарӕггӕнӕджы загъдау, у «сӕфты хъӕдгом [«емынӕ», НД]» (Псалом 90:3). О, уыцы хъуыддаг адӕмӕн у ӕцӕг емынӕйау – ӕвирхъау хъизӕмӕртты аххосаг. Рагзаманты дӕр уыд афтӕ, ӕмӕ иу адӕм иннӕтыл ӕнӕрвӕссон кодтой ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ се сӕфт уыдтой. Абон дӕр адӕм уый тыххӕй нӕ фидауынц кӕрӕдзиимӕ, ӕмӕ хицӕуттӕн дӕр сӕ бон ницы у бакӕнын.

Хицӕуттӕй бирӕтӕ ӕмбарынц, дунейы цы зындзинӕдтӕ ис, уыдоны уидаг уый кӕй у, ӕмӕ алы адӕмыхатт дӕр йӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайы ӕмӕ ӕрмӕст йӕхиуыл хъуыды кӕны. Зӕгъӕм, ИНО-йы раздӕры генералон секретарь У Тант загъта: «Абон ныл цы фыдбылызтӕ цӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ сты уый тыххӕй, кӕнӕ уый аххосӕй, ӕмӕ раст нӕ хъуыды кӕнӕм. [...] Ахӕм рӕдыд хъуыдытӕй иу у, адӕймаг йӕ адӕмыхатт ӕппӕты хуыздӕр кӕй хоны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дӕрдтыл кӕй нӕ хъуыды кӕны, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр – „мӕхи бӕстӕ, раст у ӕви нӕ, уӕддӕр“». Фӕлӕ абоны онг адӕм уӕддӕр ӕрмӕст сӕхиуыл тыхсынц, ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр домынц хӕдбардзинад. Уый пайда кӕмӕн нӕу, уыдоны та нӕ фӕнды, цӕмӕй сын иу гыццыл фылдӕр бартӕ дӕр раттой. Цӕвиттон, иу газеты Европӕйы Цӕдисы тыххӕй фыстой: «Европӕйы политикты сӕйраг миниуджытӕ ныронг сты ерыс ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕнӕууӕнк кӕнын. Евроцӕдисы цы бӕстӕтӕ ис, уыдоны хъуыдымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ сӕ иу иннӕтӕй барджындӕр уа ӕмӕ разамынд йӕхимӕ иса» («International Herald Tribune»).

Адӕмы хицаудзинад цӕмӕ ӕркӕны, уый тыххӕй раст зӕгъы Хуыцауы Ныхас, Библи: «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы» (Екклесиаст 8:9). Адӕм кӕй хицӕнтӕ кӕнынц, уымӕй сыл, ӕмткӕй райсгӕйӕ дӕр ӕмӕ иугӕйттӕй дӕр, ӕххӕст кӕны, Библийы цы фыст ис, уый: «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый сфыдзонд уыдзӕн. Цӕудзӕн, царды чи ахады, ӕппӕт уыцы зонды ныхмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 18:1).

Не Сфӕлдисӕг зоны, хуыздӕр нын цы у, уый, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм сӕхи хицауад ӕвӕрой ӕмӕ сӕхӕдӕг хицауиуӕг кӕной. Афтӕ кӕй кӕнынц, уымӕй адӕм ӕвдисынц, Хуыцауы фӕндон кӕй ницӕмӕ дарынц ӕмӕ, алцыдӕр Хуыцауы у, ууыл кӕй нӕ хъуыды кӕнынц. Псалом 94:3–5 дзырдӕуы: «Хицау у стыр Хуыцау ӕмӕ стыр паддзах ӕппӕт хуыцӕуттыл. Йӕ къухы сты зӕххы ӕрфытӕ, ӕмӕ хӕхты бӕрзӕндтӕ дӕр – Уый сты. Денджыз дӕр – Уый у, Уый йӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сур дӕр Уый къухтӕ сарӕзтой». Хуыцау у ӕххӕстбарджын Дунедарӕг, ӕмӕ йӕ иууылдӕр хъуамӕ нымайой сӕ хицауыл. Адӕмтӕ хӕдбардзинадмӕ кӕй тырнынц, уымӕй цӕуынц йӕ фӕндоны ныхмӕ (Псалом 2:2).

Цы аразын хъӕуы?

Дунейы иудзинад уыдзӕн ӕрмӕстдӕр уӕд, ӕгас зӕххыл иу хицауад куы уа ӕмӕ уыцы хицауад ӕппӕт адӕмы хӕрзӕбоныл куы хъуыды кӕна. Дунейы уавӕрыл чи сагъӕс кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ разы сты ацы хъуыдыимӕ. Фӕлӕ уыцы адӕм дӕр арӕх, кӕуыл хъӕуы, уыдоныл не ’вӕрынц сӕ ныфс. Цӕвиттонӕн, иртасджытӕй, ӕмӕ дины разамонджытай дӕр, бирӕтӕ адӕмӕн дзурыц, цӕмӕй сӕ ныфс ӕвӕрой Иугонд Нациты Организацийыл, зӕгъгӕ, уый баиу кӕндзӕн дуне. Фӕлӕ адӕмы организацитӕн, цыфӕнды хорз фӕндтӕ сӕм ма уыдаид, уӕддӕр никуы баци сӕ бон ӕхсӕнадӕмон фарстытӕ аскъуыддзаг кӕнын. Уый нӕ, фӕлӕ уыцы организацитӕй бирӕтӕ ӕрмӕстдӕр айдӕнау ӕвдисынц, адӕмыхӕттытӕ куыд ныддихтӕ сты, уый.

Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй адӕмы организацитыл нӕ ныфс ма дарӕм: «Ма ӕвӕрут уӕ ныфс ӕлдӕрттыл, адӕймаджы фыртыл, кӕцымӕ нӕй ирвӕзындзинад» (Псалом 145:3). Уӕдӕ дунейы иудзинадыл куы дзурӕм, уӕд, ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хорзӕй мацӕмӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Нӕ, уый зӕгъӕн нӕй. Дуне баиу кӕнынӕн ис ӕндӕр мадзал.

Бирӕтӕ уый нӕ зонынц, ӕмӕ Хуыцау ныридӕгӕн сӕвӕрдта, дуне баиу кӕнын кӕй бон у, ахӕм хицауад. Библийы фыст ис, Иегъовӕ Хуыцау цы зӕгъы, уый: «Ӕз байсӕрстон Мӕ Паддзахы, Мӕ сыгъдӕг хох Сионыл. Кур Мӕнӕй, ӕмӕ ратдзынӕн адӕмты Дӕуӕн бынӕн ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕ Дӕуӕн бардарынӕн» (Псалом 2:6, 8). Ацы ран дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «байсӕрста Йӕ Паддзахы» – 7 стихы «мӕ фырт» кӕмӕй зӕгъы, уый. Уыцы Паддзах у Хуыцауы иууыл кадджындӕр уӕларвон Фырт, Йесо Чырысти. Уымӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕппӕт адӕмтыл хицауиуӕг кӕныны бар.

Дуне цӕй фӕрцы баиу уыдзӕн

Хуыцау кӕй сӕвӕрдта, уыцы уӕларвон хицауад адӕмӕн сӕ фылдӕр ницӕмӕ дарынц. Фидар хӕцынц, сӕхи фӕндӕй сӕ къухмӕ цы хицаудзинады бар райстой, ууыл. Фӕлӕ Хуыцау ӕнцад нӕ кӕсдзӕн, йӕ хицаудзинад ӕмӕ йе ’вӕрд хицауад нымады дӕр кӕмӕ не сты, уыдонмӕ. Ахӕм адӕмы тыххӕй Псалом 2:9 дзуры: «Ды [Фырт, Йесо Чырысти] ныццӕвдзынӕ ӕфсӕн лӕдзӕгӕй уыдоны; ныппырх сӕ кӕндзынӕ куыд дурынгӕнӕджы мигӕнӕн». Ӕмбарынц ӕй ӕви нӕ, абон адӕмтӕ лӕууынц, фӕстагмӕ Хуыцау сӕ ныхмӕ кӕм рацӕудзӕн, уыцы фӕндагыл. Библийы фӕстаг чиныджы дзырд цӕуы «ӕппӕт дунейы зӕххон паддзӕхтыл» – «Ӕппӕтылхӕцӕг, Хуыцауы... стыр боны» хӕстмӕ кӕй ӕмбырд чындӕуы, уыдоныл (Раргомад 16:14). Адӕмтӕ ӕмӕ сӕ хивӕнд хъуыддӕгтӕ фесӕфдзысты. Уый Хуыцауы хицауадӕн фӕндаг ратдзӕн, цӕмӕй ӕнӕкъуылымпыйӕ йӕ куыст кӕна.

Иегъовӕ, Дунедарӕг Стыр Хуыцау, йӕ Фырты уылты йӕ тых ӕмӕ зондӕй, ӕппӕтдӕр сараздзӕн, цӕмӕй дунейы иудзинад уа. Хуыцауы хицауад дуне ӕцӕгдӕр баиу кӕндзӕн ӕмӕ рӕстдзинад чидӕриддӕр уарзы, уыдоны стыр хорзӕхтӕй схайджын кӕндзӕн. Иу цалдӕр минуты ма ссар ӕмӕ дӕ Библийы 71-ӕм псалом бакӕс. Уым бирӕ ӕнустӕ раздӕр фыст ӕрцыд, дзыллӕтӕн Хуыцауы Фырты хицаудзинад цы ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй. Адӕм фендзысты ӕцӕг иудзинад ӕмӕ се ’ппӕт зындзинӕдтӕн дӕр – ӕфхӕрд, фыддзинад, мӕгуырдзинад ӕмӕ ма бирӕ цӕмӕндӕрты – кӕрон ӕрцӕудзӕн.

Дуне куыд ныддихтӕ, уымӕ кӕсгӕйӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ахӕм цард уа, уый гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ уый рӕдыд хъуыды у. Хуыцауы ныхӕстӕ никуы фӕмӕнг сты, ӕмӕ нӕдӕр фӕмӕнг уыдзысты (Исай 55:10, 11). Дуне куыд фӕивдзӕн, уый фенын дӕ фӕнды? Уӕвгӕ, дӕ бон у. Ныридӕгӕн дӕр ис ахӕм адӕм, уыцы рӕстӕгмӕ йӕхи чи цӕттӕ кӕны. Уыдон сты алы адӕмыхӕттытӕй дӕр, фӕлӕ быцӕу кӕныны бӕсты се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй сӕхи Хуыцауы хицаудзинады дӕлбар кӕнынц (Исай 2:2–4). Чи сты? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй хонынц, уыдон. Сӕ ӕмбырдмӕ дӕ куы хоной, уӕд хорз нӕ уаид, куы сӕм бацӕуис? Чи зоны, цы фенай, цы фехъусай, семӕ цы аныхас кӕнай, уый дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын баххуыс кӕндзысты дӕхи Хуыцауы хицаудзинады дӕлбар бакӕнынӕн ӕмӕ йын йӕ адӕмимӕ ӕнустӕм иудзинады цӕрынӕн.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]

Saeed Khan/AFP/Getty Images

[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 5 фарсыл]

Хъарӕггӕнӕг сылгоймаг: Igor Dutina/AFP/Getty Images; змӕнтджытӕ: Said Khatib/AFP/Getty Images; танкӕтӕ: Joseph Barrak/AFP/Getty Images

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр адӕм сӕхи цӕттӕ кӕнынц, иудзинад кӕм уыдзӕн, уыцы дунейы цӕрынмӕ.