Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Дыккаг паддзахӕдты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Дыккаг паддзахӕдты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

КӔД Иегъовӕйы ӕххӕстбарджын Дунедарӕгыл нымайӕм, уӕд нӕ цымӕ алы хъуыддаджы дӕр хъӕуы йӕ коммӕ кӕсын? Хуыцауыл иузӕрдион чи у, ахӕм адӕймаг алкӕддӕр, Иегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый кӕны? Цавӕр адӕймаг у ӕцӕг Хуыцауы «зӕрдӕйӕн адджын»? (1 Паддзахӕдты 13:14). Ацы фарстытӕн зӕрдӕзӕгъгӕ дзуапп дӕтты Библийы чингуытӕй иу – Дыккаг паддзахӕдты чиныг.

Дыккаг паддзахӕдты чиныг ныффыстой, рагон Израилы паддзах Давидимӕ лымӕн чи уыд, уыцы дыууӕ пехуымпары – Гад ӕмӕ Нафан *. Чиныг фыст фӕци н. э. агъоммӕ 1040 азмӕ ӕввахс, Давиды 40-азон паддзахдзинады кӕрон; ныхас дзы фылдӕр цӕуы Давидыл ӕмӕ йын Иегъовӕимӕ цы ахастытӕ уыд, ууыл. Ацы зӕрдӕагайгӕ хабӕртты дзырдӕуы, хъӕбатыр паддзахы разамындӕй змӕнтаг адӕм фидар ӕмӕ хъӕздыг паддзахад куыд систы, ууыл. Адӕймаг сӕ кӕсын куы райдайы, уӕд ӕй ӕрлӕууын дӕр нал фӕфӕнды: ацы ӕцӕг хабӕртты ирд ӕмӕ аив ӕвзагӕй тынг бирӕ фыстӕуы адӕймаджы алыхуызон ӕнкъарӕнтыл.

ДАВИДЫ «КАД БӔРЗОНДӔЙ-БӔРЗОНДДӔР» КӔНЫ

(2 Паддзахӕдты 1:1–10:19)

Давид Саул ӕмӕ Ионафаны мӕлӕтыл куыд хъынцъым кӕны, уымӕй зыны, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ Иегъовӕмӕ дӕр цы зӕрдӕ дардта, уый. Хевроны Давиды ӕвӕрынц паддзахӕй Иудӕйы мыггагӕн. Саулы фырт Иевосфей та ӕвӕрд цӕуы паддзахӕй Израилы иннӕ мыггӕгтӕн. Давиды «кад бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр» кӕны ӕмӕ иу авд азы ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд ӕй ӕвӕрынц паддзахӕй ӕнӕхъӕн Израилӕн (2 Паддзахӕдты 5:10).

Давид иевусейты къухӕй исы Иерусалим ӕмӕ ацы сахарӕй аразы йӕ паддзахады сӕйраг сахар. Уый фӕстӕ фӕнд кӕны бадзырды ковчег Иерусалиммӕ ахӕссын, фӕлӕ фыццаг хатт хъуыддаг бӕллӕхӕй фӕуд кӕны. Дыккаг хатт та алцыдӕр хорз цӕуы, ӕмӕ Давид фырцинӕй кафы. Иегъовӕ Давидимӕ аразы бадзырд паддзахады фӕдыл. Давид йе знӕгтыл уӕлахиз кӕны, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йемӕ ис.

Фарстытӕн дзуапп:

2:18 – Иоавы ӕмӕ йӕ дыууӕ ӕфсымӕры сӕ мады номӕй цӕмӕн хонынц, Саруйӕйы ӕртӕ фырты, зӕгъгӕ? Дзуттаг Фыстыты адӕймаджы хӕдзарвӕндаджы номхыгъдтӕ арӕзт сты нӕлгоймӕгты нӕмттӕм гӕсгӕ. Саруйӕйӕн йӕ сӕрыхицау, ӕвӕццӕгӕн, ӕрыгонӕй амард кӕнӕ та йӕ уый аккагыл нӕ банымадтой, ӕмӕ йын йӕ ном Сыгъдӕг Фыстадмӕ бахӕссой. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дзы Саруйӕйы ном уымӕн фыст ӕрцыд, ӕмӕ Саруйӕ уыд Давиды хӕрзхо кӕнӕ та уыдысты фыдӕй иу, мадӕй хицӕн (1 Паралипоменон 2:15, 16). Ацы ӕртӕ ӕфсымӕрӕн сӕ фыды тыххӕй Библийы фыст ис, Вифлеемы ныгӕд кӕй уыд, ӕрмӕстдӕр уый (2 Паддзахӕдты 2:32).

3:29 – Куыд ӕмбарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ, «ӕлхуи здухӕг лӕг», зӕгъгӕ? Хъуымац-иу уӕфтой сылгоймӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, ацы ныхӕстӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ амоной, нӕлгоймаджы куыстытӕ кӕнынхъом чи нӕ уыд, зӕгъӕм, хӕстмӕ цӕуынхъом, ӕмӕ уый тыххӕй сылгоймаджы куыст чи хъуамӕ кодтаид, ахӕм нӕлгоймӕгтӕм.

5:1, 2 – Иевосфейы куы амардтой, уымӕй, Давиды ӕнӕхъӕн Израилӕн куы сӕвӕрдтой паддзахӕй, уӕдмӕ цас рӕстӕг рацыд? Куыд зыны, афтӕмӕй Иевосфейы дыууӕазон паддзахдзинад райдыдта Саулы мӕлӕтӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Давид дӕр уыцы рӕстӕгмӕ ’ввахс сси паддзах Хевроны. Хевронӕй Давид Иудӕйыл паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕрдӕг. Ӕнӕхъӕн Израилы паддзах куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ паддзахады сӕйраг сахар скодта Иерусалим. Уӕдӕ Иевосфейы мӕлӕтӕй, Давиды ӕнӕхъӕн Израилӕн куы сӕвӕрдтой паддзахӕй, уӕдмӕ рацыд фондз азы бӕрц (2 Паддзахӕдты 2:3, 4, 8–11; 5:4, 5).

8:2 – Израилӕгтӕ моавитӕгты куы басастой, уӕд дзы уый фӕстӕ цасы амардтой? Цас уыдысты, уый базонӕн ис нымайгӕйӕ нӕ, фӕлӕ баргӕйӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй Давид моавитӕгты зӕххыл фӕрсӕй-фӕрстӕм иу рӕгъыл схуыссын кодта. Уый фӕстӕ уыцы рӕгъ бӕндӕнӕй абарста. Ӕвӕццӕгӕн, моавитӕгтӕй мард ӕрцыд, бӕндӕны дыууӕ дӕргъы сӕ цалыл аххӕсыд, уал, ома сӕ дыууӕ ӕртыккӕгӕм хайы. Удӕгасӕй та сӕ ныууагътой, бӕндӕны иу дӕргъ сӕ цалыл аххӕссыд, уал, ома сӕ иу ӕртыккӕгӕм хай.

Зондзонӕн махӕн:

2:1, 5:19, 23. Хевроны ӕрцӕрыны размӕ дӕр ӕмӕ-иу йе знӕгты ныхмӕ рацӕуыны размӕ дӕр Давид Иегъовӕйы бафарста, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ. Мах дӕр, нӕ уырнындзинадыл чи фӕзындзӕн, ахӕм фарстытӕ лыггӕнгӕйӕ хъуамӕ агурӕм Иегъовӕйы разамынд.

3:26–30. Масты фӕдыл цӕуын хорзмӕ не ’ркӕны (Ромӕгтӕм 12:17–19).

3:31–34; 4:9–12. Давид йӕ масты фӕдыл кӕй нӕ цыд ӕмӕ хӕрам зӕрдӕ кӕй нӕ хаста, уымӕй нын у фӕзминаг.

5:12. Макуы хъуамӕ рох кӕнӕм, Иегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг кӕй ахуыр кӕны йӕ уагӕвӕрдтыл ӕмӕ нын йӕхӕдӕг кӕй дӕтты уыцы фадат, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм.

6:1–7. Кӕд Давидӕн йӕ фӕнд хорз уыд, уӕддӕр, бадзырды ковчег уӕрдоны кӕй фӕцӕйласта, уый Хуыцауы амындмӕ гӕсгӕ раст нӕ уыд, ӕмӕ бӕллӕх дӕр уымӕн ӕрцыд (Рацыд 25:13, 14; Нымӕцтӕ 4:15, 19; 7:7–9). Уӕдӕ Озӕ бадзырды ковчегыл кӕй фӕхӕцыд, уымӕй дӕр бӕрӕг у: куыд хуыздӕр уа, афтӕ нӕ куы фӕнда, уӕддӕр нӕ Хуыцау цы домы, уый аивӕн нӕй.

6:8, 9. Давид тыхст уавӕры куы бахауд, уӕд фыццаг рамӕсты, стӕй та фӕтарст – ӕвӕццӕгӕн, бӕллӕх кӕй ӕрцыд, уым Иегъовӕйы дӕр фӕаххосджын кодта. Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ куы ницӕмӕ ӕрдарӕм ӕмӕ уый тыххӕй бӕллӕхты куы бахауӕм, уӕд хъуамӕ Иегъовӕйы ма аххосджын кӕнӕм.

7:18, 22, 23, 26. Давиды сӕрныллӕгдзинад, стӕй Иегъовӕйыл куыд иузӕрдион уыд, йӕ ном бӕрзонд кӕнын ӕй куыд тынг фӕндыд, уыдон сты, махӕн дӕр фӕзминаг чи у, ахӕм миниуджытӕ.

8:2. Иу-400 азы раздӕр цы пехуымпарад загъд уыд, уый сӕххӕст (Нымӕцтӕ 24:17). Иегъовӕйы ныхас алыхатт дӕр сӕххӕст вӕййы.

9:1, 6, 7. Давид йӕ дзырд сӕххӕст кодта. Мах дӕр-иу хъуамӕ, нӕ бон цы уа, уый саразӕм, цӕмӕй-иу нӕ ныхас ма басӕттӕм.

ИЕГЪОВӔ ЙӔ СӔРСТЫЛ ЙӔХИ ХӔДЗАРӔЙ РАУАГЪТА ФЫДБЫЛЫЗ

(2 Паддзахӕдты 11:1–20:26)

«Мӕнӕ дыл ӕз дӕхи хӕдзарӕй рауадздзынӕн фыдбылыз,– дзуры Иегъовӕ Давидӕн,– ӕмӕ дын дӕ устыты дӕ разӕй акӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ратдзынӕн дӕ хионӕн, ӕмӕ уый схуысдзӕн семӕ ацы хуры бын» (2 Паддзахӕдты 12:11). Цӕй тыххӕй рахастӕуыд ахӕм тӕрхон? Давид Вирсавиимӕ цы тӕригъӕд ракодта, уый тыххӕй. Давид фӕсмон кӕны ӕмӕ йын хатыргонд дӕр у, фӕлӕ йӕ тӕригъӕд цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕй хызт нӕу.

Фыццаг, Вирсавийӕн цы сывӕллон райгуырд, уый амард. Уый фӕстӕ Давиды чызг Фамарӕн йе ’фсымӕр Амнон – фыдӕй иу, мадӕй хицӕн кӕимӕ уыдысты, уый – тыхми бакодта. Фамары хӕрзӕфсымӕр Авессалом йӕ маст исы ӕмӕ мары Амноны. Авессалом йӕ фыды ныхмӕ сусӕгвӕнд аразы ӕмӕ Хевроны йӕхи паддзахӕй ӕвӕры. Давидӕн ӕндӕр гӕнӕн нал ис, ӕмӕ Иерусалимӕй лидзы. Хӕдзар хъахъхъӕнӕг цы дӕс номылусы ныууагъта, уыдонимӕ Авессалом фӕцис. Давид та фӕстӕмӕ паддзахиуӕг кӕнын райдыдта ӕрмӕстдӕр, Авессаломы куы амардӕуыд, уый фӕстӕ. Савей, Вениамины мыггагӕй, растад паддзахы ныхмӕ, фӕлӕ йӕ амардтой, ӕмӕ хъуыддаг ууыл фӕци.

Фарстытӕн дзуапп:

14:7 – «Зынг ахуыссын кӕнын», зӕгъгӕ, ацы ныхӕсты «зынг» цы амоны? Ацы ран зынгимӕ барстӕуы адӕймагӕн йӕ цот.

19:29 – Мемфивосфей Давидӕн хабар куы бамбарын кодта, уӕд ын Давид афтӕ цӕмӕн сдзуапп кодта? Мемфивосфей цы радзырдта, уый фехъусгӕйӕ Давид, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста: Сивӕйы ныхӕстыл кӕй баууӕндыд, уымӕй фӕрӕдыд (2 Паддзахӕдты 16:1–4; 19:24–28). Гӕнӕн ис, Давид уый тыххӕй смӕсты ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл ницыуал фӕндыд хъусын.

Зондзонӕн махӕн:

11:2–15. Давиды рӕдыдтытыл ӕргомӕй кӕй фыстӕуы, уый бӕлвырд кӕны, Библи Хуыцауы комытӕфӕй фыст кӕй у.

11:16–27. Кӕд уӕззау тӕригъӕд ракодтам, уӕд ӕй хъуамӕ ма ’мбӕхсӕм, Давид ӕй куыд ӕмбӕхста, афтӕ. Хъуамӕ йӕ Иегъовӕйӕн раргом кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурӕм (Ӕмбисӕндтӕ 28:13; Иаковы 5:13–16).

12:1–14. Нафан тынг хорз дӕнцӕг у ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн. Тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной, цӕмӕй сраст уой. Уыцы хӕс хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной арӕхстджынӕй.

12:15–23. Давид, цы йыл ӕрцыд, уый хорз ӕмбӕрста, ӕмӕ йын уый баххуыс кодта бӕллӕхмӕ раст цӕстӕй акӕсын.

15:12, 16:15, 21, 23. Афтӕ куы зындис, ӕмӕ Авессалом паддзахы бадӕн бацахсдзӕн, уӕд дӕсны уынаффӕгӕнӕг Ахитофел йӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ кадмӕ бӕллыны тыххӕй уӕйгӕнӕг сси. Ӕнӕ сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадӕй стыр зонд, гӕнӕн ис, адӕймагӕн къӕппӕг суа.

19:24, 30. Мемфивосфей тынг бузныг уыд Давидӕй йе ’нувыд уарзты тыххӕй. Паддзах Сивӕйы тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, ууыл ӕнӕдзургӕйӕ сразы ис. Кӕд мах дӕр Иегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ бузныг стӕм, уӕд сын хъуамӕ уӕм коммӕгӕс.

20:21, 22. Иу адӕймаджы зонды фӕрцы гӕнӕн ис, ӕмӕ бирӕтӕ фервӕзой бӕллӕхӕй (Екклесиаст 9:14, 15).

НӔХИ «ИЕГЪОВӔЙЫ КЪУХМӔ РАТТӔМ»

(2 Паддзахӕдты 21:1–24:25)

Саул ӕнаххос адӕмы туг кӕй ныккалдта,– гаваойнӕгты кӕй ныццагъта, уый тыххӕй бӕстӕйы скодта ӕххормаг рӕстӕг ӕмӕ ахаста ӕртӕ азы (Йесо Навин 9:15). Сӕ туг райсыны тыххӕй гаваойнӕгтӕ домынц, цӕмӕй сын Саулы фырттӕй авды раттой. Давид сын сӕ дӕтты сӕ къухмӕ. Уый фӕстӕ уары къӕвда, ӕмӕ хус заман фӕуд кӕны. Цыппар филистимаг уӕйыджы «Давиды къухӕй ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты къухӕй сӕ мӕлӕт ссардтой» (2 Паддзахӕдты 21:22).

Давид уӕззау тӕригъӕд аразы, Хуыцауы ӕвастӕй адӕмы кӕй нымайы, уымӕй. Йӕ рӕдыдыл фӕсмон кӕны ӕмӕ хуыздӕрыл нымайы йӕхи «Иегъовӕйы къухмӕ» раттын (2 Паддзахӕдты 24:14). Уый фыдӕй 70 000 адӕймаджы емынӕйӕ мӕлы. Давид Иегъовӕйы ныхас ӕххӕст кӕны, ӕмӕ Хуыцау уыцы ӕфхӕрд уромы.

Фарстытӕн дзуапп:

21:8 – Куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ Саулы чызг Мелхолӕйӕн фондз фырты уыд, кӕд 2 Паддзахӕдты 6:23 фыст ис, зӕгъгӕ, ӕнӕзӕнӕгӕй амарди? Ахуыргӕндтӕ йӕ арӕхдӕр куыд ӕмбарын кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ уыцы фондз уыдысты Мелхолӕйы хо Меровӕйы фырттӕ. Меровӕ уыд Адриелы ус. Ӕвӕццӕгӕн, Меровӕ цӕрынхъуагӕй амард ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг Мелхолӕ лӕппуты схъомыл кодта.

21:9, 10 – Цас рӕстӕг фӕбадт Рицпӕ йӕ дыууӕ фырт ӕмӕ Саулы фондз фырты фырты уӕлхъус, гаваойнӕгтӕ сӕ куы амардтой, уӕд? Уыцы авды ӕрцауыгътой «хуымгӕрдӕнты райдианы» – мартъийы кӕнӕ апрелы. Сӕ мӕрдтӕ сын хохыл ӕнӕныгӕдӕй ныууагътой. Рицпӕ сӕ хъахъхъӕдта ӕхсӕвӕй-бонӕй, цалынмӕ Иегъовӕ хус рӕстӕгӕн кӕрон не скодта, ӕмӕ уымӕй нӕ равдыста, йӕ маст кӕй ӕрсабыр, уӕдмӕ. Зын зӕгъӕн у, ӕмӕ ахӕм тыхджын къӕвда хуымгӕрдӕны фӕудӕй раздӕр уыдаид, ома октябрӕй раздӕр. Уӕдӕ Рицпӕ мӕрдты уӕлхъус уыдаид фондз кӕнӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы. Уый фӕстӕ Давид мӕрдты бавӕрдта.

24:1 – Давид адӕмы кӕй банымадта, уый уӕззау тӕригъӕд цӕмӕн уыд? Адӕмы нымайын Закъонмӕ гӕсгӕ гӕнӕн уыди (Нымӕцтӕ 1:1–3; 26:1–4). Давиды израилӕгты банымайын цӕмӕн бафӕндыд, уый тыххӕй Библийы ницы фыст ис. Фӕлӕ 1 Паралипоменоны 21:1 дзырдӕуы, афтӕ бакӕнынмӕ йӕ Сайтан кӕй самидин кодта. Куыдфӕнды ма уыдаид, Давиды ӕфсӕдты хицау Иоав зыдта, Давиды фӕнд – адӕмы банымайын, раст кӕй нӕ уыд, ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ баурома.

Зондзонӕн махӕн:

22:2–51. Куыд рӕсугъд ныхӕстӕй афыста Давид йӕ зарӕджы Иегъовӕйы – уый у ӕцӕг Хуыцау, ӕмӕ нӕ бон у, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм!

23:15–17. Давид ахӕм стыр аргъ кодта Хуыцауы закъонӕн цард ӕмӕ туджы тыххӕй, ӕмӕ ацы ран дӕр йӕхи баурӕдта, цӕмӕй ахӕмӕй мацы бакодтаид, зӕрдӕ гыццыл дӕр цӕмӕ фехсайдтаид, зӕгъгӕ, ацы хъуыддагӕй уыцы закъон халын. Махӕн дӕр хъуамӕ ахӕм ахаст уа Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕм дӕр.

24:10. Давидӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта. Махмӕ дӕр нӕ мидхъӕлӕс афтӕ тагъд сдзуры?

24:14. Давид хорз зыдта, Иегъовӕ адӕймагӕй тӕригъӕдгӕнагдӕр кӕй у. Мах дӕр афтӕ фидарӕй ӕууӕндӕм ууыл?

24:17. Давидӕн зын уыд, йӕ рӕдыды тыххӕй ӕнӕхъӕн адӕмы дӕр Хуыцауы фыдӕх кӕй баййӕфта. Тӕригъӕд чи ракодта, уый йӕ рӕдыд куы бамбара, уӕд хъуамӕ ууыл дӕр фӕсмон кӕна, йе ’взӕр мийы тыххӕй ӕмбырды хорз ном кӕй фӕчъизи.

«Хуыцауы зӕрдӕйӕн адджын» уӕм – уый гӕнӕн ис

Израилы дыккаг паддзах уыд «Хуыцауы зӕрдӕйӕн адджын адӕймаг» (1 Паддзахӕдты 13:14). Давид Иегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтыл никуы дызӕрдыг кодта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл никуы дардта, фӕлӕ Хуыцауы бар кодта йӕхи. Куы-иу фӕрӕдыд, уӕд-иу алы хатт дӕр йӕ тӕригъӕдыл басаст, уайдзӕфмӕ-иу байхъуыста, ӕмӕ-иу сраст ис. Давид уыд Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг. Хорз нӕ уаид, куы йӕ фӕзмиккам, уӕлдайдӕр та куы фӕрӕдийӕм, уӕд?

Давиды царды хабӕрттӕ ирдӕй ӕвдисынц: кӕд Иегъовӕйы ӕххӕстбарджын хицауыл нымайӕм, уӕд, уый хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, ууыл хъуамӕ разы уӕм. Хъуамӕ цӕрӕм йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм. Ӕмӕ нын уый гӕнӕн, ай-гъайдӕр, ис. Куыд бузныг хъуамӕ уӕм, Дыккаг паддзахӕдты чиныджы цы стыр зонд ис, уый тыххӕй! Ацы чиныджы Хуыцауы фӕндӕй цы хабӕрттӕ фыст ӕрцыд, уыдон, бӕгуыдӕр, сты «ӕгас ӕмӕ архайӕг» (Дзуттытӕм 4:12).

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Дыккаг паддзахӕдты чиныг ныффыссынмӕ Самуил ницы бар дары, фӕлӕ иуӕй-иу тӕлмацты ацы чиныг хуыйны йӕ номӕй (Самуилы дыккаг чиныг). Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ иууыл фыццаг, дзуттаг каноны, Паддзахӕдты фыццаг дыууӕ чиныджы уыдысты иу тыхтоны. Самуил ныффыста 1 Паддзахӕдты фылдӕр хай.

[Нывтӕ 30 фарсыл]

«Мӕнӕ дыл ӕз дӕхи хӕдзарӕй рауадздзынӕн фыдбылыз».

Вирсави

Фамар

Амнон

[Ныв 32 фарсыл]

Давид, паддзахӕй йӕ чи сӕвӕрдта, уый нӕ рох кодта, ӕмӕ уый фӕрцы алкӕддӕр уыд сӕрныллӕг.