Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ

Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ

Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ

«Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй дӕ зонон» (РАЦЫД 33:13).

1, 2. а) Иу египетаг лӕг дзуттаджы куы ӕфхӕрдта, уӕд Моисей йӕ сӕрыл цӕмӕн рахӕцыд? ӕ) Цӕмӕй Моисей Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны аккаг уыдаид, уый тыххӕй цӕуыл хъуамӕ сахуыр уыдаид?

МОИСЕЙ схъомыл фараоны хӕдзары ӕмӕ йӕ сахуыр кодтой, Египеты хорзыл нымад цы уыд, ууыл. Фӕлӕ Моисей зыдта, египетаг кӕй нӕу. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты дзуттӕгтӕ. 40 азы йыл куы цыди, уӕд ацыд йе ’фсымӕрты, Израилы фыртты, бабӕрӕг кӕнынмӕ. Ӕмӕ куы федта, иу египетаг лӕг дзуттаджы куыд ӕфхӕры, уӕд йӕ сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ египетаджы амардта. Моисей Иегъовӕйы адӕмы фарс рахӕцгӕй хъуыды кодта, Хуыцау ӕй йе ’фсымӕрты ссӕрибар кӕнынӕн кӕй равзӕрста (Куыстытӕ 7:21–25; Дзуттытӕм 11:24, 25). Уыцы хабар фараонмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Моисейы уырдыгӕй лидзын бахъуыд (Рацыд 2:11–15). Цӕмӕй Моисей Иегъовӕйӕн хорз лӕггадгӕнӕг суыдаид, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ фӕндӕгтӕ хуыздӕр базыдтаид. Фӕлӕ ма Моисей истӕуыл сахуыр уыдаид? (Псалом 24:9).

2 Моисей уый фӕстӕ 40 азы дӕргъы цард ӕцӕгӕлон бӕстӕйы ӕмӕ цыди фыййау. Йе ’мтуг адӕм ӕй кӕй нӕ бамбӕрстой, уый тыххӕй сӕм маст нӕ хаста, фӕлӕ Хуыцау цы ’руагъта, уый ныхмӕ дӕр нӕ уыд. Кӕд бирӕ азты дӕргъы, афтӕ цӕмӕн цӕры, уый не ’мбӕрста, уӕддӕр ӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ Иегъовӕ фӕлтӕрдтаид. Йӕхицӕй раппӕлыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй фӕстӕдӕр ныффыста: «Моисей уыд, зӕххы цъарыл цы адӕм уыд, уыдонӕй ӕппӕты фӕлмӕндӕр адӕймаг» (Нымӕцтӕ 12:3). Иегъовӕ Моисейы къухӕй бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Мах дӕр фӕлмӕн, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын Иегъовӕ арфӕ кӕндзӕн (Софони 2:3).

Ӕрвыст ӕрцыд

3, 4. а) Иегъовӕ Моисейӕн цы бахӕс кодта? ӕ) Хуыцау Моисейӕн куыд баххуыс кодта?

3 Иу бон Иегъовӕйы ӕрвыст зӕд Моисеимӕ ныхас кодта Хоривы хохмӕ хӕстӕг Синайы ӕрдӕгсакъадахыл. Моисейӕн загъдӕуыд: «Ӕз федтон мӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ Египеты ӕмӕ мӕм фехъуыст, тыхгуыст кӕнын сын чи кӕны, уыдоны къухӕй куыд дзыназынц. Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц. Ӕз цӕуын, цӕмӕй сӕ египетӕгты къухӕй фервӕзын кӕнон ӕмӕ сӕ уыцы зӕххӕй, арфӕгонд ӕмӕ цӕст кӕуыл не ’ххӕсы, уыцы зӕхмӕ ракӕнон, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уырдӕм» (Рацыд 3:2, 7, 8). Иегъовӕйы фӕндыд уыцы хъуыддаг Моисейӕн бабар кӕнын, фӕлӕ йӕ аразын хъуыди, уый куыддӕриддӕр загътаид, афтӕ.

4 Иегъовӕйы зӕд дарддӕр дзырдта: «Ныр ацу. Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ ӕмӕ мын ды мӕ адӕмы, Израилы фыртты, ракӕндзынӕ Египетӕй». Уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ Моисей йӕ ныфс нӕ хаста, ӕмӕ ӕцӕгдӕр иунӕгӕй ницы сарӕзтаид. Фӕлӕ йын Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ» (Рацыд 3:10–12). Иегъовӕйӕ ӕрвыст кӕй уыди, уый сбӕлвырд кӕнынӕн ын хъарутӕ радта диссаджы нысӕнттӕ ӕвдисынӕн. Моисеимӕ ацыд йе ’фсымӕр Аарон. Иегъовӕ сын бацамыдта, цы хъуамӕ арӕзтаиккой ӕмӕ цы дзырдтаиккой, уый (Рацыд 4:1–17). Цымӕ Моисейӕн ацы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын йӕ къухы бафтдзӕн?

5. Израилӕгтӕ сӕхи куыд дардтой, уый Моисейӕн фӕлварӕн цӕмӕн уыд?

5 Фыццаг уал Израилы хистӕртӕ баууӕндыдысты Моисей ӕмӕ Аароныл (Рацыд 4:29–31). Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ «Израилы фыртты цӕстдарджытӕ» Моисей ӕмӕ йе ’фсымӕр Аароны аххосджын кӕнын райдыдтой, фараонӕн ӕмӕ сӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн «ӕнӕуынон кӕй скодтой», уый тыххӕй (Рацыд 5:19–21; 6:9). Фӕстӕдӕр, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, ӕмӕ куы федтой, фӕстейӕ сӕ египетӕгтӕ бӕхуӕрдӕттыл кӕй ӕрбасурынц, уӕд сӕ тас бацыд. Сӕхи къӕппӕджы фӕхатыдысты – сӕ размӕ Сырх денджыз, сӕ фӕстӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ – ӕмӕ Моисейы аххосджын кӕнын райдыдтой. Ды та Моисейы бынаты дӕхи куыд дардтаис? Кӕд израилӕгтӕм бӕлӕгътӕ нӕ уыд, уӕддӕр Иегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй адӕм сӕ дзауматӕ ӕрӕмбырд кодтаиккой ӕмӕ цӕттӕ уыдаиккой. Уый фӕстӕ Хуыцау Сырх денджызы дӕттӕ дыууӕ дихы фӕкодта, ӕмӕ Израилы адӕм денджызы сур быныл ахызтысты (Рацыд 14:1–22).

Ирвӕзындзинадӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг

6. Иегъовӕ Моисейы куы арвыста, уӕд ын бӕлвырд цы бамбарын кодта?

6 Иегъовӕ Моисейы куы арвыста, уӕд ын бӕлвырд бамбарын кодта, йӕ номӕн стыр нысаниуӕг кӕй ис. Уыцы номӕн ӕмӕ йӕ чи хӕссы, уымӕн кад кӕнын тынг ахсджиаг уыди. Моисей Иегъовӕйы йӕ номӕй куы бафарста, уӕд ын уый загъта: «Ӕз суыдзынӕн, чи хъуамӕ суон, уый». Уымӕй уӕлдай ма, Моисей Израилы фырттӕн хъуамӕ загътаид: «Иегъовӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау, рарвыста мӕн сымахмӕ». Иегъовӕ ма бамбарын кодта: «Уый у мӕ ном мыггагӕй-мыггагмӕ ӕмӕ мӕ ацы номӕй зондзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Рацыд 3:13–15). Абон дӕр ӕппӕт зӕххыл Иегъовӕ Хуыцауы йӕ лӕггадгӕнджытӕ уыцы номӕй зонынц (Исай 12:4, 5; 43:10–12).

7. Кӕд фараон ӕнӕрвӕссон уыди, уӕддӕр Хуыцау Моисейӕн цы аразын кодта?

7 Моисей ӕмӕ Аарон фараоны раз куы ’рлӕууыдысты, уӕд йемӕ Иегъовӕйы номӕй дзырдтой. Фӕлӕ фараон ӕнӕрвӕссонӕй загъта: «Чи у Иегъовӕ та ӕмӕ йӕм ӕз байхъусон ӕмӕ Израилы ауадзон? Ӕз Иегъовӕйы нӕ зонын ӕмӕ Израилы нӕ ауадздзынӕн» (Рацыд 5:1, 2). Фараон уыди дурзӕрдӕ ӕмӕ мӕнгард адӕймаг, фӕлӕ Иегъовӕ Моисейӕн дзырдта, цӕмӕй йӕм ногӕй-ногмӕ цыдаид (Рацыд 7:14–16, 20–23; 8:1, 2, 20). Моисей уыдта, фараон куыд мӕсты кӕны, уый. Ногӕй та йӕм куы бацӕуой, уӕд сын хорзӕй исты зӕгъдзӕн? Израил ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ирвӕзындзинадмӕ. Фараон йӕ ныхасыл ныллӕууыд ӕмӕ нӕ разы кӕны. Ды Моисейы бынаты цы бакодтаис?

8. Иегъовӕ фараоны хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодта, уый цы ахъаз фӕци ӕмӕ уыцы цаутӕ махыл куыд хъуамӕ ӕндавой?

8 Моисей ма йын фехъусын кодта ӕндӕр хабар дӕр: «Мӕнӕ цы загъта Иегъовӕ, дзуттӕгты Хуыцау: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной“». Хуыцау ма загъта: «Нырмӕ дӕр дыл мӕ къух ӕруагътаин ӕмӕ дыл дӕ адӕмимӕ рын сыстын кодтаин, ӕмӕ зӕххыл дӕ кой дӕр нал уыдаид. Фӕлӕ дӕ нырмӕ уымӕн ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дын мӕ тых равдисон ӕмӕ ӕгас зӕххыл мӕ ном айхъуыса» (Рацыд 9:13–16). Иегъовӕ дурзӕрдӕ фараоны кӕй бафхӕрдтаид, уымӕй равдыстаид йӕ тых ӕмӕ уый зондзонӕн уыдаид, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн. Уый хаудта Сайтан Хӕйрӕгмӕ дӕр, фӕстӕдӕр Йесо Чырысти «дунейы ӕлдар» кӕй схуыдта, уымӕ (Иоанны 14:30; Ромӕгтӕм 9:17–24). Загъд куыд уыди, афтӕ Иегъовӕйы ном ӕгас зӕххыл дӕр айхъуыст. Йӕ бирӕфӕразондзинады фӕрцы аирвӕзтысты израилӕгтӕ ӕмӕ ма сӕм цы тынг бирӕ адӕм ӕрбаиу, уыдон дӕр (Рацыд 9:20, 21; 12:37, 38). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕйы ном хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый фӕахъаз, раст дин чи райста, уыцы милуангай ӕндӕр адӕмӕн.

Зындзырд адӕмы раздзог

9. Израилӕгтӕ Иегъовӕйӕн кӕй нӕ кад кӕнынц, уый куыд равдыстой?

9 Дзуттӕгтӕ зыдтой Хуыцауы ном. Моисей йын йӕ ном дзырдта семӕ ныхасгӕнгӕйӕ. Фӕлӕ уыдон алы хатт, уыцы ном чи хаста, уымӕн куыд ӕмбӕлд, афтӕ нӕ кад кодтой. Иегъовӕ израилӕгты диссаджы хуызы фервӕзын кодта Египетӕй. Фӕлӕ уымӕй бирӕ куы нӕ рацыд ӕмӕ, нуазыны дон уайтагъд куы не ссардтой, уӕд цы ’рцыд? Моисейыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой. Стӕй та хӕринаджы тыххӕй хъаст кодтой. Моисей сын дзырдта, уыдон ууыл ӕмӕ Аароныл кӕй нӕ хъуыр-хъуыр кӕнынц, фӕлӕ Иегъовӕйыл (Рацыд 15:22–24; 16:2–12). Синайы хохы цур Иегъовӕ израилӕгтӕн Закъон куы лӕвӕрдта, уӕд уыцы рӕстӕг уыдтой диссаджы фӕзындтӕ. Фӕлӕ адӕм коммӕ нӕ бакастысты, сыгъзӕрин род сарӕзтой ӕмӕ йын кувын райдыдтой, ӕмӕ дзырдтой «Иегъовӕйӕн бӕрӕгбон» кӕнӕм, зӕгъгӕ (Рацыд 32:1–9).

10. Рацыды 33:13 Моисей цы загъта, уымӕ абон уӕлдай тынгдӕр сӕ хъус хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕмӕн хъуамӕ дарой?

10 Иегъовӕ йӕхӕдӕг ӕнӕсӕттон кӕй схуыдта, уыцы адӕмӕн Моисей разамынд куыд лӕвӕрдта? Моисей Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд дын лӕгъстӕ кӕнын: бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй дӕ зонон ӕмӕ дын дӕ хорзӕх ссарон» (Рацыд 33:13). Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ сӕрныллӕгдӕр дзугыл аудынц. Фӕлӕ уыдон дӕр кувынц: «Бацамон мын, Хицау, Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ сахуыр кӕн мӕн Дӕ цӕуӕнтыл» (Псалом 24:4). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ кӕй ахуыр кӕнынц, уый фӕрцы хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кӕнынц, йӕ Ныхасмӕ ӕмӕ йӕ миниуджытӕм гӕсгӕ.

Иегъовӕ йӕ адӕммӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы

11. Иегъовӕ Моисейӕн цавӕр амындтӕ радта ӕмӕ сӕм мах нӕ хъус дарын цӕмӕн хъӕуы?

11 Иегъовӕ йӕ адӕммӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, уый сын Синайы хохы цур бамбарын кодта. Уый фӕстӕ Моисей райста дыууӕ къӕйдурыл фыст Дӕс фӕдзӕхсты. Хохӕй ӕрцӕйхизгӕйӕ федта израилӕгты згъӕрӕй конд родӕн кувгӕйӕ, ӕмӕ фырмӕстӕй къӕйдуртӕ зӕххыл фӕкодта ӕмӕ ныппырх сты. Иегъовӕ та ногӕй Дӕс фӕдзӕхсты ныффыста, Моисей цы къӕйдуртӕ сарӕзта, уыдоныл (Рацыд 32:19; 34:1). Уыцы фӕдзӕхстытӕ фыццӕгтӕй нӕ хицӕн кодтой. Моисей хъуамӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайдтаид. Иегъовӕ ма диссаджы хуызы равдыста, цавӕр удыхъӕды хицау у, ӕмӕ йын ӕмбарын кодта, йӕ номӕй дзургӕйӕ йӕхи куыд хъуамӕ дара, уый. Абон чырыстӕтты Моисейы Закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ Иегъовӕ Моисейӕн цы дзырдта, уым ис, чи нӕ аивта ӕмӕ нырмӕ дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм чи хауы, бирӕ ахӕм сӕйраг уагӕвӕрдтӕ (Ромӕгтӕм 6:14; 13:8–10). Цӕй уӕдӕ дзы цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

12. Израилӕгтӕ ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй хъуамӕ уыдаиккой, уый сын цӕуыл дзурӕг уыди?

12 Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйыл иузӕрдион уӕм. Израилы адӕм сӕхӕдӕг фехъуыстой, Иегъовӕ сын куы загъта, ӕрмӕстӕр уымӕн кӕй хъуамӕ кувой (Рацыд 20:2–5). Иегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уымӕн израилӕгтӕ бирӕ хӕттыты федтой бӕлвырдгӕнӕнтӕ (Дыккаг закъон 4:33–35). Иегъовӕ бӕлвырдӕй загъта, иннӕ адӕмтӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр йӕ адӕмӕн уый бар нӕ ратдзӕн, цӕмӕй гуымирытӕн кувой кӕнӕ дӕснытӕм цӕуой. Сӕ лӕггадмӕ сын куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыд. Хъуамӕ Иегъовӕйы уарзтаиккой ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй (Дыккаг закъон 6:5, 6). Уый хауди сӕ ныхасмӕ, се ’гъдаумӕ – иу дзырдӕй сӕ царды алы хъуыддагмӕ дӕр (Левит 20:27; 24:15, 16; 26:1). Йесо Чырысти дӕр бӕлвырдӕй дзырдта, ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ кувӕм (Маркы 12:28–30; Лукайы 4:8).

13. Израилы Хуыцаумӕ алы хъуыддаджы дӕр хъуысн цӕмӕн хъуыди ӕмӕ мах та афтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм? (Екклесиаст 12:13).

13 Алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйы амындтӕм хъусӕм. Израилы адӕмӕн хъуыди сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Иегъовӕимӕ бадзырд куы скодтой, уӕд дзырд радтой, алы хъуыддаджы дӕр ӕм кӕй хъусдзысты. Кӕд сӕхи бон бирӕ цыдӕртӕ уыд скъуыддзаг кӕнын, уӕддӕр сын Иегъовӕ амындтӕ цы хъуыддӕгты тыххӕй радта, уыдон хъуамӕ ӕнӕмӕнгдӕр ӕххӕст кодтаиккой. Уымӕй бӕрӕг уыдаид, Хуыцауы кӕй уарзтой ӕмӕ уый ахъаз уыдаид, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы домӕнтӕ сӕ пайдайӕн уыдысты (Рацыд 19:5–8; Дыккаг закъон 5:27–33; 11:22, 23).

14. Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын ахсджиаг кӕй у, уый израилӕгтӕн куыд равдыстӕуыд?

14 Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрӕм. Израилы адӕм хъуамӕ сӕхиуыл уыйбӕрц рӕстӕг ма хардз кодтаиккой, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ рохуаты баззадаиккой. Израилӕгты царды ӕрвылбоны куыстытӕ хъуамӕ сӕйрагдӕр ма уыдаиккой. Иегъовӕ сын уаз хъуыддӕгтӕн алы къуыри дӕр рахицӕн кодта бон. Уыцы рӕстӕг хъуамӕ ӕцӕг Хуыцауӕн куывтаиккой (Рацыд 35:1–3; Нымӕцтӕ 15:32–36). Стӕй ма сын хъуамӕ алы аз дӕр уыдаид рӕстӕг сыгъдӕг ӕмбырдтӕн (Левит 23:4–44). Уыдон сын хорз фадат лӕвӕрдтаиккой Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтыл дзурынӕн, йӕ фӕндӕгтӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн, ӕмӕ йын йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй арфӕ кӕнынӕн (Дыккаг закъон 10:12, 13). Адӕм Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый ӕвдисгӕйӕ дзы тынгдӕр аргъуыц кодтаиккой, фылдӕр ӕй уарзтаиккой ӕмӕ уый фӕрцы йӕ фӕндӕгтыл цыдаиккой (Дыккаг закъон 10:12, 13). Уыцы уагӕвӕрдтӕ абон дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ахъаз сты (Дзуттытӕм 10:24, 25).

Иегъовӕйы миниуджытӕ зонын ӕмӕ сын аргъ кӕнын

15. а) Моисей Иегъовӕйы миниуджытӕ кӕй зыдта ӕмӕ сын кӕй аргъ кодта, уый йын куыд ӕххуыс кодта? ӕ) Цавӕр фарстытӕ нын баххуыс кӕндзысты Иегъовӕйы миниуджытӕй алкӕцыйыл дӕр арф хъуыды кӕнынӕн?

15 Моисей Иегъовӕйы миниуджытӕ кӕй зыдта ӕмӕ сын кӕй аргъ кодта, уый дӕр ын ӕххуыс кодта разамынд кӕнынӕн. Рацыды 34:5–7 дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Хуыцау Моисейы рӕзты ацыд ӕмӕ загъта: «Иегъовӕ, Иегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ ӕцӕгад, йӕ ӕнувыд уарзтӕй хайджын кӕны мингӕйтты, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы уадзы, фыдӕлты тӕригъӕд бафиддзысты сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ фыртты фырттӕ, ӕртыккаг фӕлтӕр ӕмӕ ма суанг цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр». Ахъуыды кӕн ацы ныхӕстыл. Дӕхи бафӕрс: «Уыцы миниуджытӕй алкӕцыдӕр цӕуыл дзурӕг у? Иегъовӕ йӕ куыд равдыста? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ацы миниуӕг ӕвдисын? Уый махӕй алкӕй хъуыддӕгтыл дӕр куыд хъуамӕ зына?» Ӕркӕсӕм ӕрмӕст цалдӕр цӕвиттонмӕ.

16. Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый хуыздӕр бамбарӕн куыд ис ӕмӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Иегъовӕ «у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау». Цы ӕвзаг зоныс, ууыл кӕд «Фыстады ӕмбарынад» ис, уӕд бакӕс, дзырд «фӕлмӕнзӕрдӕ» куыд ӕмбарын кӕнынц. Кӕнӕ та йӕ раиртасӕн ис «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы амонӕн»-ы, йе та «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕ» компакт-дискы руаджы *. Стӕй ма Библийы симфонийы ссарӕн ис, фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй кӕм цӕуы дзырд, ахӕм стихтӕ. Афтӕмӕй фендзынӕ, Иегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕрмӕст ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ ӕфхӕрынмӕ нӕ тагъд кӕны, фӕлӕ ма тынг тӕригъӕдгӕнаг дӕр кӕй у. Уыцы миниуӕг Хуыцауы разӕнгард кӕны, йӕ адӕмы уаргъ фӕрогдӕр кӕнынмӕ. Уый бӕрӕг у, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ цӕугӕйӕ Хуыцау израилӕгтӕн хӕринаг дӕр кӕй лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ уырнындзинадыл дӕр кӕй тыхсти, уымӕй (Дыккаг закъон 1:30–33; 8:4). Иегъовӕ сын фӕлмӕнзӕрдӕйӕ хатыр кодта сӕ рӕдыдтытӕ. Уӕдӕ Иегъовӕ йӕ рагон адӕммӕ афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕм уыди, уым абон йӕ лӕггадгӕнджытӕ та кӕрӕдзийӕн куыд тынг хъуамӕ тӕригъӕд кӕной! (Матфейы 9:13; 18:21–35).

17. Иегъовӕйы хӕларзӕрдӕдзинад кӕй ӕмбарӕм, уый раст динӕн куыд ахъаз кӕны?

17 Иегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад баст у хӕларзӕрдӕдзинадимӕ. Куыд ӕй бамбарын кӕнис? Абар ӕй, Иегъовӕйы хӕларзӕрдӕдзинады тыххӕй цы стихты дзырдӕуы, уыдонимӕ. Библи ӕвдисы, Иегъовӕйы хӕларзӕрдӕдзинадмӕ кӕй хауы, йӕ адӕмы ’хсӕн ӕфхӕрд чи у, уыдоныл аудын (Рацыд 22:26, 27). Ацы дунейы чифӕнды дӕр, гӕнӕн ис, зын уавӕры бахауа. Уӕлдай зындӕр та вӕййы ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Иегъовӕ йӕ адӕмы куы ахуыр кодта, цӕмӕй ӕрцӕуӕггӕгты ма хъулон кӕной ӕмӕ сӕм хорз цӕстӕй кӕсой, уӕд сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕхӕдӕг дӕр Египеты ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕй уыдысты, уый (Дыккаг закъон 24:17–22). Цы зӕгъӕн ис абон махӕй та, Хуыцауы адӕмӕй? Хӕларзӕрдӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕрӕм ӕмӕ махмӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр фӕнды Иегъовӕйӕн кувын (Куыстытӕ 10:34, 35; Раргомад 7:9, 10).

18. Иегъовӕ израилӕгтӕн иннӕ адӕмты тыххӕй цы загъта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

18 Фӕлӕ иннӕ адӕмтыл аудгӕйӕ, израилӕгтӕ хъуамӕ ма рох кодтаиккой, Иегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ уарзын кӕй хъӕуы. Иегъовӕ израилӕгтӕн загъта, сӕ алыварсцӕрӕг адӕмты фӕндӕгтыл цӕуӕн сын кӕй нӕй, нӕдӕр сын сӕ дины ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ сын сӕ царды уаг фӕзмӕн (Рацыд 34:11–16; Дыккаг закъон 7:1–4). Уый махмӕ дӕр хауы. Иегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ уӕм сыгъдӕг (1 Петры 1:15, 16).

19. Иегъовӕ ӕвзӕрдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый йӕ адӕм кӕй зонынц, уый сӕ куыд хъахъхъӕны?

19 Цӕмӕй Моисей Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ бамбӕрстаид, уый тыххӕй йын Иегъовӕ бӕлвырд бамбарын кодта: кӕд тӕригъӕдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, уӕддӕр мӕсты кӕнынмӕ нӕ тагъд кӕны. Уый адӕмӕн дӕтты рӕстӕг, цӕмӕй йын йӕ домӕнтӕ базоной ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной. Адӕймаг куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын Иегъовӕ хатыр кӕны, фӕлӕ уӕззау тӕригъӕд ракӕнӕджы ӕнӕ ӕфхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уый Моисейы бафӕдзӕхста, израилӕгты хъуыддӕгтӕ фидӕны фӕлтӕрты цардыл йе хорзырдӕм зындзысты, йе та ӕвзӕрырдӕм. Иегъовӕйӕн йӕ адӕм йӕ фӕндӕгтӕ куы зоной ӕмӕ сын куы аргъ кӕной, уӕд, сӕ рӕдыдтыты тыххӕй цы уавӕрты бахауынц, уым ӕй нӕ аххосджын кӕндзысты кӕнӕ нӕ хъуыды кӕндзысты, нӕ тагъд кӕны, зӕгъгӕ.

20. Цы нын баххуыс кӕндзӕн не ’муырнджытӕм ӕмӕ уацамынды кӕуыл ӕмбӕлӕм, уыдонмӕ хорз цӕстӕй кӕсынӕн? (Псалом 85:11).

20 Кӕд дӕ Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндӕгты тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд дарддӕр дӕр Библи иртас ӕмӕ йыл хъуыды кӕн. Лӕмбынӕг ӕвзар Иегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ. Кув ӕм ӕмӕ хъуыды кӕн, дӕ бон куыд у йӕ миниуджытӕ фӕзмын ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрыныл архайын. Уый дӕ хиздзӕн къӕппӕджытӕй, ӕххуыс дын кӕндзӕн де ’муырнджытӕм хорз цӕстӕй кӕсынӕн ӕмӕ иннӕтӕн та нӕ диссаджы Хуыцауы базонынӕн ӕмӕ йӕ бауарзынӕн.

[Фиппаинаг]

^ 16 абз. Рауагътой сӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, сты бирӕ ӕвзӕгтыл.

Цы базыдтай?

• Моисей фӕлмӕн, сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уыдаид, ӕмӕ уыцы миниуӕг махӕн дӕр ахсджиаг цӕмӕн у?

• Иегъовӕйы ныхӕстӕ фараонӕн кӕй дзырдтой, уый хорз цӕмӕй уыд?

• Моисей кӕй базыдта ӕмӕ махмӕ дӕр чи хауы, уыцы сӕйраг уагӕвӕрдтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

• Нӕ бон куыд у Иегъовӕйы миниуджытӕ хуыздӕр базонын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Моисей Иегъовӕйы ныхӕстӕ фараонӕн хъусын кодта.

[Ныв 11 фарсыл]

Иегъовӕ Моисейӕн йӕ фӕдзӕхыстытӕ радта.

[Ныв 12, 13 фарсыл]

Иегъовӕйы миниуджытыл хъуыды кӕн.