Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ хъахъхъӕны, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдоны

Иегъовӕ хъахъхъӕны, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдоны

Иегъовӕ хъахъхъӕны, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдоны

«Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ ӕцӕгад уадз хъахъхъӕнӕнт мӕн ӕнӕбанцайгӕйӕ» (ПСАЛОМ 39:12).

1. Цы куырдта паддзах Давид Иегъовӕйӕ ӕмӕ йын уый йӕ курдиат куыд сӕххӕст кодта?

РАГОН Израилы паддзах Давид «фидарӕй ныфсджын уыд... Хицауӕй [«Иегъовӕйӕ», НД]». Йӕ зӕрдӕйы арфӕй ссыдысты ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Иегъовӕ йӕхи «ӕркъул кодта мӕнмӕ ӕмӕ фехъуыста мӕ дзыназын» (Псалом 39:2). Давид бирӕ хӕттыты федта, Иегъовӕ-иу, чи йӕ уарзта, уыдоны куыд бахъахъхъӕдта. Гъе уымӕ гӕсгӕ уыд йӕ бон Иегъовӕйӕ курын, цӕмӕй йӕ «ӕнӕбанцайгӕйӕ», ома ӕппынӕдзух, хъахъхъӕна (Псалом 39:12). Давиды ном ис, «хуыздӕр райгасдзинадӕй» ныфс кӕмӕн ӕвӕрдӕуы, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕмтты ’хсӕн. Ӕмӕ ныр Давид ис ӕппӕты ӕдасдӕр бынаты – Иегъовӕйы хъуыдыйы; уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уый дӕр уыцы ныфсӕвӕрд лӕварӕй хайджын уыдзӕн (Дзуттытӕм 11:32–35). Уӕдӕ йӕ фидӕн конд у, хуыздӕр зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ. Йӕ ном фыст у Иегъовӕйы «зӕрдылдарӕн чиныджы» (Малахи 3:16).

2. Иегъовӕ адӕймаджы куыд хъахъхъӕны, уый бамбарынӕн нын Фыстад куыд ӕххуыс кӕны?

2 Дзуттытӕм 11 сӕры кӕй кой цӕуы, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цардысты, Йесо Чырысти зӕхмӕ куы нӕма ’рцыд, уӕд. Фӕлӕ уыдон архайдтой, Йесо дӕр цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ: «Йӕ уды чи уарзы, уый йӕ фесафдзӕн; фӕлӕ йӕ уды чи нӕ уарзы ацы дунейы, уый йӕ бахъахъхъӕндзӕн мыггагмӕйы цардмӕ» (Иоанны 12:25). Уӕдӕ, Иегъовӕ кӕйдӕр хъахъхъӕны, уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ уыцы адӕймаг зындзинӕдтӕй кӕнӕ ӕфхӕрдӕй хызт у. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъахъхъӕд у йӕ хорз ном Хуыцауы раз.

3. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Иегъовӕ Йесо Чырыстийы кӕй бахъахъхъӕдта, ӕмӕ уый хорзӕй цы ӕрхаста?

3 Йесо дӕр баййӕфта карз ӕфхӕрд, фидистӕ, ӕппынфӕстаг та йӕ йе знӕгтӕ худинаджы мард акодтой, фыдхъизӕмӕрттӕ йын бавзарын кодтой, афтӕмӕй. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцау йӕ ныхас – Мессиайы кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уый – нӕ сӕххӕст кодта (Исай 42:1–6). Йесо йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕртыккаг бон кӕй райгас, уымӕй бӕлвырд кӕны, Иегъовӕ йын йӕ дзыназын кӕй фехъуыста – раст, Давиды дзыназын куыд фехъуыста, афтӕ – ӕмӕ йын хъарутӕ кӕй радта иузӕрдионӕй баззайынӕн (Матфейы 26:39). Гъе афтӕ кӕй бахъахъхъӕдта Иегъовӕ Йесо Чырыстийы, уый фӕрцы уый уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цард райста. Ныр милуангай адӕммӕ, Йесо сӕ сӕрвӕлтау кӕй амард, ууыл чи ӕууӕнды, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнусон цард.

4. Сӕрст чырыстӕттӕн ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕрдӕуы?

4 Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Иегъовӕйы Давиды ӕмӕ Йесойы рӕстӕджыты куыд фӕндыд ӕмӕ йӕ бон дӕр куыд уыд йӕ лӕггадгӕнджыты хъахъхъӕнын, афтӕ абон дӕр кӕй у (Иаковы 1:17). Йесойы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл цы гыццыл нымӕц ис, уыдонӕн сӕ бон у сӕ зӕрдӕ дарын Иегъовӕйы ныхӕстыл: «Фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм хорзӕхтӕ уӕлӕрвты ӕфснайдӕй лӕууынц сымахӕн. Уырнынад уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сымах Йӕ хъаруйӕ хъахъхъӕны, цалынмӕ уӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, ӕмӕ йӕ Хуыцау раргом кӕндзӕни рӕстӕджы кӕроны» (1 Петры 1:4, 5, НТ). «Ӕндӕр фыстӕн», зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр сӕ бон у Хуыцауыл ӕмӕ йӕ дзырдыл ӕууӕндын. Псаломзарӕггӕнӕджы дзыхӕй сын уый загъта: «Уарзут Хицауы, ӕппӕт Йӕ рӕстгӕнджытӕ; Хицау хъахъхъӕны ӕууӕнкджынты» (Иоанны 10:16; Псалом 30:24).

Хъахъхъӕд у сӕ хорз ном Иегъовӕйы раз

5, 6. а) Хуыцау йӕ адӕмы абон куыд хъахъхъӕны? ӕ) Цавӕр ахастытӕ ис Иегъовӕимӕ сӕрстытӕн ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн та?

5 Абон Иегъовӕ хъахъхъӕны йӕ адӕмы, цӕмӕй сын йӕ разы цы хорз ном ис, уый ма фесафой. Ӕфхӕрдӕй, царды зындзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдбылызтӕй нӕ хизы, фӕлӕ сын ӕнувыдӕй ӕххуыс кӕны, фидар сӕ кӕны, цӕмӕй сын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕной. Уыцы хӕлардзинад сырӕзт сӕ уырнындзинады бындурыл – уыдон ӕууӕндынц, Хуыцау йе стыр уарзтӕй цы ахӕстаргъ радта, ууыл. Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕй иутӕ сӕрст ӕрцыдысты Хуыцауы сыгъдӕг удӕй, цӕмӕй Йесоимӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕной. Уыдоны схуындӕуыд рӕстгӕнджытӕ, Хуыцауы монон фырттӕ, ӕмӕ уыдонмӕ хауынц ацы ныхӕстӕ: «Хуыцау нӕ фервӕзын кодта тары тыхы бынӕй, ӕмӕ нӕ мидӕмӕ бакодта Йӕ уарзон Фырты паддзахадмӕ. Уым ис махӕн нӕ ралхӕд Йӕ туджы фӕрцы, ӕмӕ тӕригъӕдты барст» (Колоссӕгтӕм 1:13, 14, НФ).

6 Иннӕ иузӕрдион чырыстӕттӕн дӕр, милуантӕн, ныфс ӕвӕрдӕуы, Хуыцау цы ахӕстаргъ бафыста, уый уыдонӕн дӕр кӕй у ӕххуыс. Библийы кӕсӕм: «Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт уый тыххӕй не ’рцыдис, цӕмӕй Уымӕн лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй балӕггад кӕна ӕмӕ Йӕ уды ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Маркы 10:45). Уыцы чырыстӕттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ» (Ромӕгтӕм 8:21). Ныр та уал зынаргъ хӕзнайау хъахъхъӕнынц, Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уый ӕмӕ зӕрдӕбынӕй архайынц уыцы хӕлардзинад ноджы фидардӕр кӕныныл.

7. Абон Иегъовӕ йӕ адӕмы цӕй руаджы хъахъхъӕны, цӕмӕй сын йӕ разы хорз ном уа?

7 Иегъовӕ йӕ адӕмӕн, йӕ разы сын цы хорз ном ис, уый хъахъхъӕны алыхуызон мадзӕлтты руаджы. Уыцы мадзӕлттӕй иу – иудадзыг сӕ кӕй ахуыр кӕны. Уый фӕрцы хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбарынц ӕцӕгад. Афтӕ ма сын Иегъовӕ ӕнӕсцухӕй разамынд дӕтты йӕ Ныхас, йӕ организаци ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды уылты. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» къухдариуӕджы фӕрцы Хуыцауы адӕм ӕгас зӕххыл дӕр сты иу ӕхсӕнадӕмон бинонты хуызӕн. Уыцы стыр бинонтӕм – цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, цавӕрфӕнды уавӕрты ма цӕрой – цагъары къорд йӕ хъус дары ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн, Хуыцауы куыст ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ бахъуаджы сахат та – цӕмӕй фӕхъӕуы, уымӕй дӕр.

8. Иегъовӕ, иузӕрдион ыл чи у, уыдоныл цавӕр хъуыддаджы дары йӕ зӕрдӕ ӕмӕ сын ныфс цӕмӕй ӕвӕры?

8 Иегъовӕ Йесойы нӕ бахызта йе знӕгтӕй, ӕмӕ абоны чырыстӕтты дӕр нӕ хизы ӕппӕт зындзинӕдтӕй. Фӕлӕ уый, ай-гъайдӕр, афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ сӕ Хуыцау разы нӕу. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ дары, Дун-Дунейы ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстайы йӕ фарс кӕй лӕудзысты (Иов 1:8–12; Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Иегъовӕ никуы ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны, «уымӕн ӕмӕ Хицау уарзы рӕстдзинад, ӕмӕ нӕ рох кӕны йӕ сыгъдӕджыты; ӕнустӕм хъахъхъӕд уыдзысты уыдон» (Псалом 36:28).

Хъахъхъӕд сты ӕнувыд уарзт ӕмӕ ӕцӕгады руаджы

9, 10. а) Иегъовӕ ӕцӕгады Хуыцау кӕй у, уый йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны? ӕ) Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты йе ’нувыд уарзты руаджы кӕй хъахъхъӕны, уый Библи куыд ӕвдисы?

9 Псаломы 39 фыст ис Давиды куывд Иегъовӕмӕ – куырдта дзы, цӕмӕй йӕ йе ’нувыд уарзт ӕмӕ ӕцӕгад хъахъхъӕной. Иегъовӕ ӕцӕгады Хуыцау кӕй у ӕмӕ рӕстдзинад кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ бӕлвырд-бӕрӕг ӕмбарын кӕны йӕ уагӕвӕрдтӕ. Уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон иннӕтимӕ абаргӕйӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты хъахъхъӕд сты: ӕнӕхъуаджы нӕ мӕт кӕнынц ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсынц, тыхст уавӕрты стӕмдӕр хатт бахауынц. Цӕвиттонӕн, нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ хиуӕтты дӕр бирӕ мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕй хизӕм, наркотикты ӕмгӕрон кӕй нӕ цӕуӕм ӕмӕ фыднозт кӕй нӕ кӕнӕм, хӕтгӕ кӕй нӕ кӕнӕм, фыдмигӕнӕг ӕмӕ ӕгъатыр кӕй не стӕм, уымӕй. Ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндагӕй чи адзӕгъӕл – хатт-иу Давид куыд адзӕгъӕл, афтӕ – уыдонӕн дӕр Библи зӕрдӕ ӕвӕры, зӕгъгӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уымӕн Хуыцау уӕддӕр «ӕмбӕрзӕн» у, ома ӕмбӕхсӕн бынат. Уыдонӕн сӕ бон у цингӕнгӕйӕ дзурын: «Ды хъахъхъӕныс мӕн ӕнкъарддзинадӕй» (Псалом 31:7). Ӕвӕдза, цӕй диссаг у Хуыцауы ӕнувыд уарзт!

10 Хуыцауы ӕнувыд уарзт ма бӕрӕг у уымӕй дӕр, йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй, тагъд сафгӕ кӕй кӕндзӕн, уыцы фыддунеимӕ ма хӕццӕ кӕной. Библийы кӕсӕм: «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый: чи уарзы дунейы, уымӕ нӕй Фыды уарзондзинад». Ацы фӕдзӕхстмӕ куы хъусӕм, уӕд ӕцӕгдӕр нӕхи ӕнустӕм бахъахъхъӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ дарддӕр кӕсӕм: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:15–17).

Хъахъхъӕд сты ӕрхъуыдыдзинад, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонды руаджы

11, 12. Бамбарын кӕн, ӕрхъуыдыдзинад, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ нӕ зонд куыд хъахъхъӕнынц, уый.

11 Иегъовӕйы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдонӕн Давиды фырт Соломон Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Ӕрхъуыдыдзинад [дӕ] хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад уыдзӕн дӕ сӕрхъуызой». Афтӕ ма Соломон фӕдзӕхста: «Амал кӕн зонд... Ма йӕ ныууадз, ӕмӕ дӕ дардзӕн. Уарз ӕй, ӕмӕ дӕ хъахъхъӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 2:11; 4:5, 6).

12 Не ’рхъуыдыдзинад бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Ныхасӕй цы базонӕм, ууыл арф куы хъуыды кӕнӕм. Афтӕмӕй кӕндзыстӕм ӕмбаргӕдӕр, ӕмӕ нын уый фӕрцы уайдзӕн нӕ цард, сӕйрагдӕр цы у, ууыл аразын. Уый та у тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фылдӕр зонӕм – ӕмӕ, чи зоны, нӕхицӕй дӕр – адӕм зонгӕ-зонын кӕнӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ сӕ тыхтӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕм куы саразынц, уӕд масты хай кӕй фӕвӕййынц. Сайтаны дуне адӕймаджы цыбӕл кӕны мулкмӕ, кадмӕ ӕмӕ бӕрзонд бынатмӕ. Иегъовӕ та амоны, сӕйрагдӕр нын нӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ кӕй хъуамӕ уой. Ӕмӕ адон адӕймагӕн фыццӕгтӕй сӕйрагдӕр куы нӕ уой, уӕд, гӕнӕн ис, йӕ бинонты цард фехӕла, йӕ хӕлӕртты фесафа, Хуыцауы хъуыддӕгтӕм уазал цӕстӕй кӕсын райдайа. Афтӕмӕй йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн кӕуинаг уавӕрмӕ. Уый кой кодта Йесо дӕр, афтӕ куы загъта: «Цы пайда у адӕймагӕн, ӕнӕхъӕн дуне йӕхи куы бакӕна, йӕ удӕн та зиан куы ракӕна?» (Маркы 8:36). Зонды хъӕлӕс нын дзуры Йесойы уынаффӕмӕ хъусын: «Уӕдӕ агурут раздӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уыл уыдон ӕппӕт бафтдзысты» (Матфейы 6:33).

Цӕмӕй тӕссаг у, адӕймаг ӕрмӕст йӕхиуыл куы мӕт кӕна

13, 14. Цы амоны ӕрмӕст хиуыл мӕт кӕнын ӕмӕ уый раст цӕуылнӕ у?

13 Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕхиуыл мӕт кӕны. Фӕлӕ йын йӕхи фӕндтӕ ӕмӕ домӕнтӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг куы свӕййынц, уӕд уый бӕллӕхмӕ ӕркӕны. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Иегъовӕ фӕдзӕхсы,– йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕныны тыххӕй,– цӕмӕй ӕрмӕст нӕхиуыл ма мӕт кӕнӕм. Ӕрмӕст хиуыл мӕт кӕнын амоны «хи фӕндтӕ ӕмӕ домӕнтӕй дарддӕр мацӕуыл хъуыды кӕнын». Ӕмӕ абон бирӕтӕ растдӕр афтӕ не сты? Бафиппайын хъӕуы, Библийы тынг раджы кӕй ӕрцыд фыст, Сайтаны фыддунейы «фӕстаг бонты» адӕм кӕй «уыдзысты хиуарзон», ома ӕрмӕст сӕхи мӕт кӕндзысты (2 Тимофеймӕ 3:1, 2).

14 Чырыстӕттӕ ӕмбарынц, куыд раст у Библийы амынд, зӕгъгӕ, иннӕтыл мӕт кӕнут ӕмӕ сӕ уӕхи удтау уарзут (Лукайы 10:27; Филиппӕгтӕм 2:4). Адӕмӕн сӕ фылдӕр, чи зоны, зӕгъой, зӕгъгӕ, уый ницы пайда у, фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый ӕнӕмӕнг у, зӕгъӕм, хорз бинонтӕ скӕнынӕн, семӕ адджынӕй цӕрынӕн, стӕй хорз хӕлӕрттӕ ссарынӕн дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг йӕхи уыйонг хъуамӕ макуы ӕруадза, ӕмӕ йӕхиуыл мӕт кӕнгӕйӕ царды сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ ферох кӕна. Ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ та сты, Иегъовӕ Хуыцауӕн кувынимӕ чи сты баст, уыдон.

15, 16. а) Хиуыл мӕт кӕнын цӕмӕ ӕркӕны ӕмӕ уый кӕй цӕвиттонӕй у бӕрӕг? ӕ) Адӕймаг иннӕтыл тӕрхон кӕныныл куы тагъд кӕна, уӕд ӕцӕгӕй та цы аразы?

15 Адӕймаг ӕрмӕст йӕхиуыл куы фӕмӕт кӕны, уӕд ӕм афтӕ кӕсын райдайы, цыма йӕхицӕй растдӕр ничи у. Уый фӕстиуӕгӕн та иннӕты нал фембары, ссӕрбӕрзонд вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, Библи раст зӕгъы: «Аххосджын дӕ ды, алкӕцы адӕймаг, иннӕмӕн тӕрхонгӕнӕг; уымӕн ӕмӕ уыцы тӕрхонӕй, кӕцыйӕ тӕрхон кӕныс иннӕмӕн, дӕхицӕн тӕрхон кӕныс, уымӕн ӕмӕ искӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ, дӕхӕдӕг дӕр афтӕ кӕныс» (Ромӕгтӕм 2:1; 14:4, 10). Йесойы рӕстӕджы дины разамонджытӕ сӕхи цӕстыты афтӕ рӕстаг уыдысты, ӕмӕ сӕхимӕ уыцы бар дӕр истой, цӕмӕй Йесо ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытыл тӕрхон кӕной. Афтӕмӕй сӕхицӕй тӕрхонгӕнджытӕ арӕзтой. Ӕцӕгӕй та сӕхӕдӕг систы тӕрхоны аккаг, уымӕн ӕмӕ рӕдыдысты, кӕд ӕй не ’мбӕрстой, уӕддӕр.

16 Иудӕ, фӕстагмӕ Йесойы чи ауӕй кодта, уый дӕр йӕхимӕ уыцы бар райста, цӕмӕй иннӕтыл тӕрхон кӕна. Вифанийы, Лазӕры хо Мариа Йесойы хӕрздӕф зетийӕ куы байсӕрста, уӕд Иудӕ ууыл тынг смӕсты, ӕмӕ бахъуыр-хъуыр кодта: «Цӕй тыххӕй нӕ уыд уыцы хорз тӕфгӕнаг миро ауӕй кӕнӕн ӕртӕ сӕдӕ динарийыл ӕмӕ сӕ мӕгуыргуртӕн байуарӕн?». Фӕлӕ дарддӕр Библи ӕмбарын кӕны: «Уый мӕгуыргурты мӕт кӕй кодта, уый тыххӕй нӕ загъта, фӕлӕ уыд къӕрных: уымӕ уыд ӕхцайы асыкк ӕмӕ дзы цы ӕвӕрдтой, уый хаста» (Иоанны 12:1–6). Уӕдӕ макуы суӕм Иудӕ кӕнӕ уӕды дины разамонджыты хуызӕн, иннӕтыл чи тӕрхон кодта ӕмӕ афтӕмӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи кодта тӕрхоны аккаг.

17. Цӕвиттон ӕрхӕсс, сӕрбӕрзонддзинад кӕнӕ хиуыл фервӕссын цӕмӕй тӕссаг у, уымӕн.

17 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй чидӕртӕ, кӕд Иудӕйау давгӕ нӕ кодтой, уӕддӕр, хъыгагӕн, сӕрбӕрзонддзинады къӕппӕджы бахаудтой, схиуарзон сты. Уыдоны тыххӕй Иаков фыста: «Сымах фырхъалӕй уӕхицӕй ӕппӕлут». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Алы ахӕм хиппӕлой ми дӕр фыдбылыз у» (Иаковы 4:16). Цы нын бантыст кӕнӕ нын Иегъовӕйы хъуыддаджы цы кадджын хӕстӕ ис, уымӕй куы ӕппӕлӕм, уӕд нӕхицӕн зиан хӕссӕм (Ӕмбисӕндтӕ 14:16). Куыннӕ хъуыды кӕндзыстӕм, апостол Петрыл цы ’рцыд, уый – иу афон стырзӕрдӕйӕ йӕхицӕй куыд ӕппӕлыд: «Иуылдӕр куы фӕрӕдиой Дӕу тыххӕй, уӕддӕр ӕз никуы фӕрӕдийдзынӕн. [...] Демӕ мӕ амӕлын куы хъӕуа, уӕддӕр ӕвдисӕн нӕ бакӕндзынӕн Дӕуыл». Раст зӕгъгӕйӕ, цы нӕм ис ахӕмӕй, ӕмӕ дзы ӕппӕлӕм? Цыдӕриддӕр нын ис, уый – Иегъовӕйы ӕнувыд уарзты руаджы. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд никуы ссӕрбӕрзонд уыдзыстӕм (Матфейы 26:33–35, 69–75).

18. Цы цӕстӕй кӕсы Иегъовӕ сӕрбӕрзонддзинадмӕ?

18 «Сӕфты размӕ вӕййы сӕрбӕрзонддзинад, ӕмӕ фӕкӕлыны размӕ – стырзӕрдӕдзинад»,– дзырдӕуы махӕн. Цӕмӕн? Иегъовӕ нын дзуапп дӕтты: «Хи стауынӕй ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй... ӕз ме ’сӕфт уынын» (Ӕмбисӕндтӕ 8:13; 16:18). Уӕдӕ диссаг нӕу, Иегъовӕйӕн йӕ маст кӕй рафыхт Ассирийы паддзахмӕ, хъалзӕрдӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд кӕй уыд, уый тыххӕй (Исай 10:12). Уыцы паддзахы Хуыцауы тӕрхон баййӕфта. Тагъд ахӕм тӕрхон баййафдзӕн Сайтаны дуне ӕмӕ уыцы дунейы сӕрбӕрзонд, хъал хицӕутты дӕр – ӕргомӕй архайынц ӕви сусӕгӕй. Макуы нӕм разынӕд, уӕдӕ, Иегъовӕйы знӕгты хуызӕн хивӕнддзинад!

19. Хуыцауы адӕм сӕрыстыр ӕмӕ уыимӕ сӕрныллӕг куыд сты?

19 Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕрыстыр уой, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уымӕй (Иереми 9:24). Уыимӕ, хъуамӕ сӕрныллӕг дӕр уой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕм «иуылдӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ цухгонд сты Хуыцауы кадӕй» (Ромӕгтӕм 3:23). Уӕдӕ цӕмӕй Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕджы ном хӕссыны аккаг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм апостол Павелау. Уый загъта: «Йесо Чырысти... ӕрцыд дунемӕ тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, кӕцытӕй ӕз дӕн фыццаг» (1 Тимофеймӕ 1:15).

20. Иегъовӕ йӕ адӕмы абон куыд хъахъхъӕны ӕмӕ сӕ фидӕны та куыд бахъахъхъӕндзӕн?

20 Иегъовӕйы адӕмӕн ӕхсызгон у сӕхи хъуыддӕгты разӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕвӕрын. Афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Иегъовӕ нӕ дарддӕр дӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн, цӕмӕй йӕ разы нӕ хорз ном ма фесафӕм. Афтӕ ма фидарӕй зонӕм, ацы фыддунейы стыр бӕллӕх куы баййафа, уӕд Иегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕрмӕст сӕ уырнындзинад нӕ, фӕлӕ сӕ цард дӕр кӕй бахъахъхъӕндзӕн. Хуыцауы ног дунемӕ хизгӕйӕ уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн цингӕнгӕ зӕгъын: «Кӕсут! Мӕнӕ нӕ Хуыцау. Мах ыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, ӕмӕ нӕ уый фервӕзын кӕндзӕн. Уый у Иегъовӕ. Мах ыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Уӕдӕ цин кӕнӕм ӕмӕ хъӕлдзӕг уӕм, кӕй нӕ фервӕзын кодта, уый тыххӕй» (Исай 25:9).

Бахъуыды кодтай?

• Хуыцау паддзах Давид ӕмӕ Йесо Чырыстийы куыд бахъахъхъӕдта?

• Абон Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны?

• Ӕрмӕст нӕхиуыл мӕт кӕнынӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

• Сӕрыстыр ӕмӕ уыимӕ сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]