Ирвӕзт, ӕрмӕст хъуыддӕгты фӕрцы нӕ, фӕлӕ стыр хорзӕхы фӕрцы
Ирвӕзт, ӕрмӕст хъуыддӕгты фӕрцы нӕ, фӕлӕ стыр хорзӕхы фӕрцы
«Ирвӕзт стут сымах уырнындзинады сӕрты... хъуыддӕгтӕй нӕ, цӕмӕй мачи ӕппӕла» (ЕФЕСӔГТӔМ 2:8, 9).
1. Адӕймагӕн йе ’нтыстыты тыххӕй куы дзурӕм, уӕд чырыстӕттӕ иннӕ адӕмӕй куыд хицӕн кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн?
НЫРЫ дуджы афтӕ у, ӕмӕ адӕймагӕн исты куы бантысы, уӕд йӕ сӕр бӕрзӕндты фӕхӕссы ӕмӕ йӕхицӕй феппӕлы. Фӕлӕ чырыстӕттӕ афтӕ не сты. Уыдон се ’нтыстытӕ нӕ ныддиссаг кӕнынц, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ куы хауой, уӕд дӕр. Иегъовӕйы адӕмӕн иумӕйагӕй цы ӕнтысы, ууыл цин кӕнынц, фӕлӕ сӕ уыцы стыр хъуыддаджы алчи сӕрмагондӕй цы аразы, Лукайы 17:10; Иоанны 3:16).
уымӕй не ’ппӕлынц. Уыдон ӕмбарынц, Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ ахсджиагдӕр кӕй у, цы аразын нын ӕнтысы, уый нӕ, фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ цы зӕрдӕйӕ аразӕм, уый. Ӕнусон царды лӕвар чидӕриддӕр ма райса, уый йӕ йӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй нӕ райсдзӕн, фӕлӕ йӕ уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауы стыр хорзӕхы руаджы (2, 3. Цӕмӕй ӕппӕлыд Павел ӕмӕ цӕмӕн?
2 Уый хорз ӕмбӕрста апостол Павел. Ӕртӕ хатты куывта Иегъовӕмӕ, цӕмӕй йӕ йӕ «буары сындзӕй» (НД) фервӕзын кодтаид, фӕлӕ Иегъовӕйы дзуапп уыд: «Фаг у дӕуӕн Мӕ хорз лӕвар [«стыр хорзӕх», НД], уымӕн ӕмӕ Мӕ тых ӕххӕст кӕны ӕдыхдзинады». Павел сӕрныллӕгӕй сразы ис Иегъовӕйы ныхасыл, ӕмӕ загъта: «Уый тыххӕй ӕз разӕнгардӕй ӕппӕлдзынӕн мӕ ӕдыхдзинӕдтӕй, цӕмӕй мӕн мидӕг цӕра Чырыстийы тых». Павелы сӕрныллӕгдзинад махӕн у фӕзминаг (2 Коринфӕгтӕм 12:7–9).
3 Кӕд Павелӕн Хуыцауы хъуыддаджы тынг бирӕ бантыст, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, уый йӕ курдиӕтты фӕрцы кӕй нӕ уыд. Бонзонгӕйӕ загъта: «Мӕнӕн, ӕппӕт сыгъдӕджытӕй къаддӕрӕн, лӕвӕрд у ацы хорз лӕвар [«стыр хорзӕх», НД] – хъусын кӕнын муртаттӕн Чырыстийы ӕнӕкӕрон хъӕздыгдзинад» (Ефесӕгтӕм 3:8). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у – Павел нӕдӕр йӕхицӕй ӕппӕлыд, нӕдӕр йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр кодта. «Хуыцау хъалтӕн сӕ ныхмӕ лӕууы, фӕлмастӕн та дӕтты йӕ хорзӕх» (Иаковы 4:6; 1 Петры 5:5). Цымӕ мах дӕр Павелау сӕрныллӕг стӕм ӕмӕ нӕхи не ’фсымӕртӕй «къаддӕрыл» нымайӕм?
«Иу иннӕйы йӕхицӕй бӕрзонддӕр кӕнӕд»
4. Хатт зын цӕмӕн вӕййы иннӕты нӕхицӕй хуыздӕрыл нымайын?
4 Апостол Павел чырыстӕттӕн фӕдзӕхста: «Мацы кӕнут быцӕу ныхасмӕ гӕсгӕ, кӕнӕ уӕхи стауыны тыххӕй, фӕлӕ сабыр зондӕй иу иннӕйы йӕхицӕй бӕрзонддӕр кӕнӕд» (Филиппӕгтӕм 2:3). Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ зын уа, уӕлдайдӕр та ныл ӕмбырды стыр бӕрн куы уа, уӕд. Зын та, чи зоны, уымӕн уа, ӕмӕ ныл ӕнӕзынгӕ нӕ фӕци, абоны дунейы зондахаст – ӕдзух ерыс кӕнын. Чи зоны, ӕмӕ нӕ гыццылӕй сахуыр кодтой ерыс кӕнын – хӕдзары нӕ хотӕ, не ’фсымӕртимӕ кӕнӕ скъолайы не ’мкъласонтимӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын ӕдзух дзырдтой, цӕмӕй скъолайы нӕ разӕй макӕй уадзӕм, фыццӕгтӕ уӕм, спорты уа ӕви ахуыры. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, исты хорз хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, уӕд раппӕлинаг стӕм. Фӕлӕ чырыстӕттӕ афтӕ уымӕн нӕ кӕнынц, цӕмӕй адӕмы сӕхимӕ ӕркӕсын кӕной, фӕлӕ цӕмӕй уыцы хъуыддаг сӕхицӕн дӕр, стӕй ма, чи зоны, иннӕтӕн дӕр, фылдӕр пайда ӕрхӕсса. Фӕлӕ ӕрмӕст уымӕ тырнай, цӕмӕй алкӕддӕр фыццаг уай, уый тӕссаг у. Цӕмӕн?
5. Адӕймаг йӕхимӕ куы нӕ кӕса, уӕд ӕй ерыс кӕнын ахуыр цӕмӕ ӕркӕндзӕн?
5 Адӕймаг йӕхимӕ куы нӕ кӕса, уӕд ӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ ерыс кӕнын ахуыр кӕнӕ хиуарзон Ӕмбисӕндты 28:22 дзырдӕуы: «Хӕлӕгдзӕст адӕймаг тырны хъӕздыгдзинадмӕ, фӕлӕ уый нӕ зоны, ӕмӕ йӕ мӕгуырдзинад баййафдзӕн». Гӕнӕн ис, йӕхиуыл фервӕсса, ӕмӕ йӕм цы бартӕ нӕ хауынц, уыдон дӕр йӕхимӕ иса. Йӕхи сраст кӕныны охыл, чи зоны, хъуыр-хъуыр кӕнын ӕмӕ иннӕты фауын райдайа,– уыдӕттӕй та чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕхи хизой (Иаковы 3:14–16). Куыдфӕнды ма уа, ахӕм адӕймагӕн тӕссаг у, йӕхи йеддӕмӕ йӕ куы ничиуал ӕндава.
ахаст уымӕ ӕркӕна, ӕмӕ иннӕты мацӕмӕуал дара ӕмӕ сӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсын райдайа. Гӕнӕн ис, хӕлӕг кӕнын сӕм райдайа сӕ курдиӕттӕ ӕмӕ бӕрнон хӕсты тыххӕй.6. Библи нӕ ерыс кӕнынӕй куыд фӕдзӕхсы?
6 Уымӕ гӕсгӕ, Библи чырыстӕттӕм сиды: «Нӕ уыдзыстӕм хистауӕг, кӕрӕдзийӕн мастгӕнӕг, кӕрӕдзимӕ хӕлӕггӕнӕг» (Галатӕгтӕм 5:26). Апостол Иоанн дзырдта йе ’мчырыстӕттӕй иуы тыххӕй, куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм зондахастӕй чи фӕхъӕстӕ. «Ӕз фыстон аргъуанмӕ,– фыста Иоанн,– фӕлӕ уыдонмӕ фыццаг бынат ахсын уарзӕг Диотреф нӕ исы мах. Уымӕ гӕсгӕ, ӕз кӕд ӕрцӕуон, уӕд уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзынӕн, уый цы хъуыддӕгтӕ кӕны, уыдон, мах ӕфхӕргӕйӕ фыд ныхӕстӕ кӕны». Чырыстон уыйонг ӕрцӕуа, уый кӕуинаг куыннӕ у! (3 Иоанны 9, 10).
7. Чырыстон йӕхи цӕмӕй хиздзӕн, йӕ куыст дзы ерыс кӕнын куы дома, уӕд дӕр?
7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ чырыстон бынтондӕр хызт уа ерысӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ куыст кӕмдӕр ерысимӕ баст уа – ахӕм дзаумӕттӕ ма чи уадзы кӕнӕ ма ахӕм куыст чи кӕны, уыцы адӕм кӕнӕ куыстуӕттимӕ. Фӕлӕ афтӕ куы уа, уӕд дӕр чырыстон йӕ куыст кӕндзӕн иннӕтыл хъуыды кӕнгӕйӕ, аргъ сын кӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ уарзгӕйӕ. Уый закъоны ныхмӕ ӕмӕ чырыстон уагӕвӕрдты ныхмӕ ницы араздзӕн, йӕхи хиздзӕн, цӕмӕй йыл ерысгӕнаг, иннӕты сӕрты чи хизы, ахӕм адӕймаджы ном ма сбада. Уый афтӕ нӕ хъуыды кӕндзӕн, зӕгъгӕ, алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уон – уый у царды ӕппӕты сӕйрагдӕр нысан. Кӕд ӕнӕуи куысты афтӕ у, уӕд Хуыцауӕн кувыны хъуыддаджы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис?!
Нӕхи иннӕтимӕ ма барӕм
8, 9. а) Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты кӕрӕдзиимӕ ерыс кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы? ӕ) 1 Петры 4:10 цы фыст ис, уый Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр цӕмӕн хауы?
8 Чырыстонӕн Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ Галатӕгтӕм 6:4, НТ). Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбарынц, кӕрӕдзиимӕ сӕ ерыс кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, ӕмӕ иу буарау ӕмгуыст кӕнынц. Уыдонӕн ӕхсызгон у, алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ бон кӕй у ӕмбырдӕн истӕмӕй ахъаз кӕнын. Афтӕмӕй сӕхи хизынц зианхӕссӕг ерыс кӕнынӕй ӕмӕ сӕ иудзинадӕй сты фӕзминаг ӕмбырды иннӕтӕн.
цы зондахаст хъуамӕ уа, уый бӕлвырд-бӕрӕг у, Хуыцауы фӕндӕй фыст чи ӕрцыд, уыцы ныхӕстӕй: «Алчидӕр кӕсӕд йӕхи хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ кӕйдӕр хъуыддӕгтимӕ ма барӕд. Уӕд йӕхи хъуыддӕгтӕ цавӕр сты, ӕрмӕст уымӕй раппӕлдзӕн йӕхицӕй» (9 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иутӕ – чи йӕ кармӕ, чи йӕ фӕлтӕрддзинадмӕ, чи та йӕ гуырдзон курдиӕттӕм гӕсгӕ, сты иннӕтӕй арӕхстджындӕр кӕнӕ та сӕ бон у арфдӕр уынын. Уымӕ гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтыл Иегъовӕйы организацийы ӕвӕрд ис ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон хӕстӕ. Уыдон сӕхи кӕрӕдзиимӕ нӕ барынц, фӕлӕ сӕ зӕрдыл дарынц Библийы уынаффӕ: «Лӕггад кӕнут кӕрӕдзийӕн, алчидӕр цы лӕвар райста уымӕй, куыд Хуыцауы бирӕ алыхуызон хорз лӕвары [«стыр хорзӕхы», НД] хорз хӕдзараразджытӕ» (1 Петры 4:10). Раст зӕгъгӕйӕ, ацы ныхӕстӕ хауынц Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр райстой лӕвар – бӕлвырд зонындзинӕдтӕ, ӕмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕрхаудта уыцы кад – адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын.
10. Иегъовӕ нын нӕ лӕггадӕй райгонд кӕд уыдзӕн?
10 Иегъовӕйы зӕрдӕ нӕ уӕд райдзӕн, нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр кӕныны тыххӕй йын куы нӕ лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ йӕ уарзгӕ кӕй кӕнӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ, тынг ахсджиаг у, Хуыцауы хъуыддаджы цы аразӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕсын. Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу бӕлвырдӕй зӕгъын, ӕндӕр адӕймаг иу кӕнӕ иннӕ хъуыддаджы афтӕ цӕмӕн бакодта. Иегъовӕ та «зӕрдӕтӕ бары» (Ӕмбисӕндтӕ 24:12; 1 Паддзахӕдты 16:7). Уӕдӕ-иу хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ахъуыды кӕнӕм: «Цы зӕрдӕйӕ, цӕй тыххӕй ӕххӕст кӕнын мӕ чырыстон хӕстӕ?» (Псалом 23:3, 4; Матфейы 5:8).
Раст цӕстӕнгас нӕ чырыстон хӕстӕм
11. Нӕ лӕггады фӕдыл нӕ цавӕр фарстытыл ахъуыды кӕнын хъӕуы?
11 Кӕд Иегъовӕйы хорзӕх ссарынӕн ӕппӕты сӕйраг зӕрдӕйы ахаст у, уӕд цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, Хуыцауы хъуыддаджы цас аразӕм, уымӕ? Кӕд ын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уӕд ма, цы аразӕм кӕнӕ цас аразӕм, уый нымайын хъӕуы? Ацы фарстытыл ахъуыды кӕнын ӕцӕгдӕр хъӕуы, уымӕн ӕмӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ чырыстон хъуыддӕгтӕй фылдӕр хъуыды кӕнӕм нымӕцтыл кӕнӕ та нӕ лӕггады сӕйрагдӕр нысан суа хорз хыгъд.
12, 13. а) Нӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн хыгъд цӕмӕн аразӕм, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис? ӕ) Нӕ уацамынды ӕппӕтдунеон хыгъд кӕсгӕйӕ цӕмӕн фӕцин кӕнӕм?
12 Мӕнӕ цы фыст ис чиныджы «Цӕттӕ стӕм нӕ лӕггадмӕ» (уыр.): «Йесо Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджыты тынг цымыдис кодта, хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ куыд цыд, цас сын ӕнтыст, уый (Маркы ). Библийы, Куыстыты чиныджы, фыст ис, зӕгъгӕ, Фӕндзайӕм боны ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд уыдысты 120 адӕймаджы бӕрц. Цыбыр рӕстӕгмӕ ахуыргӕнинӕгты нымӕц схызт 3 000 ӕмӕ стӕй та 5 000. [...] ( 6:30Куыстытӕ 1:15; 2:5–11, 41, 47; 4:4; 6:7). Цӕй стыр ныфс уагътаиккой ахуыргӕнинӕгты ахӕм хабӕрттӕ!». Абон дӕр растдӕр уый тыххӕй архайынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бӕлвырд хыгъд аразын, ӕппӕт дунейы сын Йесойы ныхӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ цы бантыст, уымӕн. Йесо та загъта: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Ахӕм хыгъдтӕ ӕвдисынц, ӕгас дунейы хъусын кӕныны хъуыддаджы нӕ къухы бӕлвырдӕй цы бафтыд, уый. Уыдонӕй базонӕм, ӕххуыс кӕм хъӕуы ӕмӕ цавӕр ӕмӕ цас литературӕ хъӕуы, цӕмӕй уацымынды куыст дарддӕр цӕуа.
13 Уӕдӕ уацамынды хыгъд кӕй дӕттӕм, уый фӕрцы хуыздӕр ӕххӕст кӕнӕм нӕ хӕс – Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын. Уымӕй уӕлдай нын ӕхсызгон куыннӕ вӕййы, не ’фсымӕртӕн дунейы иннӕ рӕтты сӕ куыст куыд цӕуы, уый тыххӕй фехъусын. Нӕ организаци ӕгас дунейы куыд рӕзы, уый тыххӕй ног хабӕрттӕ базонгӕйӕ нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц, ӕмӕ нӕ бафӕнды ноджы фылдӕр аразын. Уыдон ма бӕлвырд кӕнынц, Иегъовӕйы хорзӕх нӕ кӕй ис. Ӕмӕ нын куыд ӕхсызгон у, уыцы ӕппӕтдунеон хыгъды мах хай дӕр кӕй ис! Иумӕйаг хыгъдимӕ абаргӕйӕ мах хыгъд гыццыл у, фӕлӕ йӕ Иегъовӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййы (Маркы 12:42, 43). Дӕ зӕрдыл дар, ӕнӕ дӕ хыгъдӕй ӕппӕдунеон хыгъд ӕххӕст нӕ уыдаид.
14. Хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыр кӕнынӕй дарддӕр ма Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ цы хауы?
14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй алчидӕр Хуыцауы раз йӕ хӕс куыд ӕххӕст кӕны, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ йӕ хыгъды нӕ разыны. Зӕгъӕм, хыгъдмӕ хаст нӕ цӕуы, адӕймаг йӕхӕдӕг иудадзыг Библи кӕй ахуыр кӕны, чырыстон фембӕлдтӕм кӕй цӕуы ӕмӕ дзы кӕй архайы, алыхуызон хӕстӕ дзы кӕй ӕххӕст кӕны, бахъуаджы сахат йе ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕны, Хуыцауы Паддзахады ӕппӕтдунеон куыстӕн мысайнӕгтӕ кӕй дӕтты ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уӕдӕ кӕд уацамынды хыгъд дӕттын ахсджиаг у – цӕмӕй дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ ма ӕрлӕмӕгъ уӕм, уӕддӕр ӕм хъуамӕ
раст цӕстӕй кӕсӕм. Хыгъдмӕ хъуамӕ ахӕм цӕстӕй ма кӕсӕм, цыма нын чырыстон паспорт кӕнӕ ӕвдисӕндар у ӕмӕ нын ӕнусон цард райсыны бар дӕтты.«Ӕнувыд хорз хъуыддӕгтӕм»
15. Кӕд ӕрмӕст хъуыддӕгты фӕрцы нӕ фервӕздзыстӕм, уӕддӕр ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуынц?
15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕст хъуыддӕгты фӕрцы нӕ фервӕздзыстӕм, фӕлӕ уӕддӕр хъуыддӕгтӕ ӕнӕмӕнг хъӕуынц. Гъе уый тыххӕй фыст ис Библийы, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ сты «сӕрмагонд адӕм, ӕнувыд хорз хъуыддӕгтӕм», ӕмӕ сын уый тыххӕй дзырдӕуы, цӕмӕй «лӕмбынӕг уой кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ» (Титмӕ 2:14; Дзуттытӕм 10:24). Уымӕй уӕлдай ма Библийы фысджытӕй иу, Иаков, хуымӕтӕгӕй бамбарын кодта: «Буар ӕнӕудӕй куыд мард у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕхъуыддӕгтӕй у мард» (Иаковы 2:26).
16. Хъуыддӕгтӕй ахсджиагдӕр цы у, фӕлӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?
16 Хорз хъуыддӕгтӕ ахсджиаг сты, ноджы ахсджиагдӕр у, цы зӕрдӕйӕ ӕмӕ сӕ цӕмӕн аразӕм, уый. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу куы ахъуыды кӕниккам: цы аразӕм, уый цы зӕрдӕйӕ аразӕм? Иу адӕймаг дӕр бӕлвырд нӕ зоны, иннӕйы зӕрдӕйы цы ис, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ нӕхи хизын хъӕуы иннӕтыл тӕрхон кӕнынӕй. «Чи дӕ, искӕйы цагъарӕн тӕрхонгӕнӕг?» – фарстӕуы мах. Ӕмӕ дарддӕр кӕсӕм бӕлвырд дзуапп: «Йӕ Хицауы раз лӕууы уый кӕнӕ хауы» (Ромӕгтӕм 14:4). Иегъовӕ, ӕппӕты Хицау, ӕмӕ йӕ ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг, Йесо Чырысти, махыл тӕрхон кӕндзысты ӕрмӕст нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ сӕ цӕмӕн аразӕм, уымӕ гӕсгӕ, стӕй нӕ фадӕттӕ, нӕ уарзондзинад ӕмӕ не ’нувыддзинадмӕ гӕсгӕ. Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийы бон у раст зӕгъын, чырыстӕттӕй цы домдӕуы, уый аразӕм ӕви нӕ. Уыцы домӕн бӕрӕг у апостол Павелы ныхӕстӕй: «Архай [«Дӕ бон цы у, уымӕй архай», НД] дӕхи равдисын Хуыцауӕн аккагӕй, ӕнӕуайдзӕф кусӕгӕй, ӕцӕгады дзырд раст ахуыргӕнӕгӕй» (2 Тимофеймӕ 2:15; 2 Петры 1:10; 3:14).
17. Хуыцауы хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕд аразӕм, уӕддӕр нӕ Иаковы 3:17 цӕмӕн хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын?
17 Иегъовӕ у ӕмбаргӕ, ӕмӕ нӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домы. Иаковы 3:17 дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» ма иннӕ ӕууӕлтӕй дарддӕр у ӕмбаргӕ. Хорз уыдзӕн, ӕмӕ нын ӕцӕг ӕнтыстыл нымад уыдзӕн, ацы хъуыддаджы мах дӕр Иегъовӕйы куы фӕзмӕм. Уӕдӕ афтӕ, хъуамӕ нӕхицӕй дӕр ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр ӕгӕр бирӕ ма домӕм.
18. Нӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ Иегъовӕйы стыр хорзӕхмӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕ цӕй ныфс уыдздӕн?
18 Нӕ чырыстон хъуыддӕгтӕм ӕмӕ Иегъовӕйы стыр хорзӕхмӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн цин – Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты кӕмӕй ис базонӕн, уыцы цин (Исай 65:13, 14). Уӕд, нӕхӕдӕг цасфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр цин кӕндзыстӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмы ӕмткӕй цы хорзӕхтӕй хайджын кӕны, уыдоныл. Дарддӕр дӕр «куывды мидӕг ӕмӕ курдиаты, арфӕ кӕнгӕйӕ», Хуыцауӕй курдзыстӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынӕн. Уӕд ӕнӕмӕнгдӕр «Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн [нӕ] зӕрдӕтӕ ӕмӕ [нӕ] хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг» (Филиппӕгтӕм 4:4–7). О, удӕнцой ӕмӕ ныфсы хос у зонын, нӕ ирвӕзындзинад ӕрмӕст хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйы стыр хорзӕхыл баст кӕй у!
Куыд бамбарын кӕнис, чырыстӕттӕ...
• се ’нтыстытӕй цӕуылнӕ ӕппӕлынц?
• ерыс кӕнынӕй сӕхи цӕмӕн хизынц?
• уацамынды хыгъд цӕмӕн дӕттынц?
• се ’мчырыстӕттыл тӕрхон цӕуылнӕ кӕнынц?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 25 фарсыл]
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕхсызгон у, алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ бон кӕй у ӕмбырдӕн цӕмӕйдӕр ахъаз кӕнын.
[Нывтӕ 27 фарсыл]
Ӕнӕ дӕ хыгъдӕй ӕппӕтдунеон хыгъд ӕххӕст нӕ уыдаид.