Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕм агурынц удӕнцой

Адӕм агурынц удӕнцой

Адӕм агурынц удӕнцой

АЛЬБЕРТ йӕ бинонтӕй райгонд уыд – уыдис ын хорз ус ӕмӕ дыууӕ фӕрдыджы хуызӕн сывӕллоны. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр афтӕ каст, цыма йын царды цыдӕр нӕ фаг кӕны. Иу рӕстӕг, куыст ссарын йӕ бон куы нӕ уыд, уӕд политикӕйы ’рдӕм фӕци ӕмӕ социализмы фарс слӕууыд. Бынӕттон коммунистон партийы уӕнг сси ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты ӕнувыдӕй архайын райдыдта.

Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ Альберт коммунизмӕй фыдӕнхъӕл фӕци. Уыйадыл политикӕ ныууагъта ӕмӕ йе ’ргом ӕгасӕй дӕр йӕ бинонтӕм аздӕхта. Йӕ сагъӕс сси йӕ бинонты амонд. Фӕлӕ уӕддӕр Альбертӕн цыдӕр нӕ фаг кодта, йӕ удӕн ӕнцой нӕ ардта.

Ӕмӕ ӕрмӕст Альбертӕй нӕй уый зӕгъӕн. Цӕмӕй сӕ цард дзӕгъӕлы ма цӕуа, уый тыххӕй милуангай адӕм алыхуызон ахуырӕдтӕ, философитӕ ӕмӕ динты ’рдӕм фесты. 1960-ӕм азты ныгуылӕн бӕстӕты фӕзындысты хиппитӕ. Уыдон сӕ уагахастӕй ӕвдыстой, ӕхсӕнады ӕгъдау ӕмӕ уагимӕ разы кӕй не сты. Адӕм, уӕлдайдӕр ӕрыгӕттӕ, удӕнцой агуырдтой наркотикты, стӕй ма гурутӕ, зӕгъгӕ, кӕй хонынц, уыдоны философиты ӕмӕ ӕндӕр дины разамонджыты ахуырӕдты. Фӕлӕ хиппиты цардыуаг дӕр ӕцӕг амонд никӕмӕн ӕрхаста. Уый нӕ, фӕлӕ ма уый аххосӕй ӕрыгӕттӕ наркотиктыл бафтыдысты, сӕ уаг фехӕлд, ӕмӕ ӕхсӕнады ӕгъдау бонвыддӕр кӕнын райдыдта.

Ӕнусты дӕргъы бирӕтӕ удӕнцой агурынц хъӕздыгдзинады, стыр бынаты, ахуырады. Фӕлӕ уыдӕттӕй дӕр ӕппынфӕстаг фыдӕнхъӕл фӕвӕййынц. Йесо загъта: «Адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй нӕу» (Лукайы 12:15). Раст зӕгъгӕйӕ, адӕймаг мулкыл куы бафты, уӕд амондджындӕр нӕ, фӕлӕ фыддӕр фӕвӕййы. Библийы фыст ис: «Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕддаг. Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг ӕхцайы бӕллиц у. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ... сӕхи бафтыдтой бирӕ хъизӕмӕртты» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10, НТ).

Уӕдӕ кӕм агура адӕймаг удӕнцой ӕмӕ, зӕххыл цӕмӕн цӕры, уый куыд базона? Алцы фӕлваргӕйӕ, куырмӕджы ӕхсӕгау? Нӕ амондӕн, нӕ. Иннӕ статьяйы куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй уый тыххӕй адӕймаджы – ӕмӕ ӕндӕр никӕй – хъӕуы иу ахсджиаг хъуыддаг, ӕнӕ уымӕй йӕ цард ӕххӕст нӕу.

[Ныв 3 фарсыл]

Мулк, стыр бынат кӕнӕ ахуырадмӕ тырнгӕйӕ удӕнцой ссардзынӕ?