Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон»

«Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон»

«Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон»

МӔРГЪТӔ райсомӕй куы райхъал вӕййынц, уӕд иуцасдӕр ацъыбар-цъыбур кӕнынц ӕмӕ стӕй хӕринаг агурӕг атӕхынц. Изӕры куы ’рбатӕхынц, уӕд дӕр та гыццыл ацъыбар-цъыбур кӕнынц, стӕй сӕ ахстӕтты сбадынц ӕмӕ бафынӕй вӕййынц. Бӕлвырд афон сӕхицӕн къай ссарынц, ӕйчытӕ ӕрӕфтауынц, цъиутӕ рауадзынц ӕмӕ сӕ схъомыл кӕнынц. Иннӕ цӕрӕгойты царды дӕр уымӕй уӕлдай ницы вӕййы.

Фӕлӕ мах, адӕм, ӕндӕрхуызон конд стӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах дӕр хӕрӕм, фынӕй кӕнӕм, цот уадзӕм. Фӕлӕ нӕ фылдӕрӕн ӕрмӕст уыдӕттӕ фаг не сты. Фӕнды нӕ зонын, цӕмӕн цӕрӕм а зӕххыл. Афтӕ ма нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ фидӕнӕй ныфс уа. Уыдӕттыл ӕрмӕстдӕр адӕймаг хъуыды кӕны, ӕрмӕстдӕр адӕймаджы фӕнды,– ӕмӕ йӕ бон дӕр у,– цӕстӕй фенӕн, уырдзӕй басгарӕн цӕмӕнты нӕй, уыдӕттӕ бамбарын.

Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ конд

Адӕймаг ахӕм хъуыддӕгтыл цӕмӕн фӕхъуыды кӕны, уый Библи афтӕ ӕмбарын кӕны: «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ йӕ сфӕлдыста; нӕлгоймагӕй ӕмӕ сӕ сылгоймагӕй сфӕлдыста» (Уӕвынад 1:27). Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ конд кӕй стӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ мидӕг айдӕнау зынынц Хуыцауы кӕцыдӕр миниуджытӕ,– кӕд уыцы «айдӕныл» тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинады «рыг сбадт», уӕддӕр (Ромӕгтӕм 5:12). Зӕгъӕм, нӕ бон у исты ӕрхъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ саразын. Афтӕ ма хайджын стӕм зондӕй, ӕмбарӕм, цы у рӕстдзинад, зонӕм удуӕлдай уарзтӕй уарзын. Нӕ бон у ивгъуыдыл ӕмӕ фидӕныл хъуыды кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 4:7; Екклесиаст 3:1, 11; Михей 6:8; Иоанны 13:34; 1 Иоанны 4:8).

Адӕймаг ӕрмӕст зӕххон хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнынӕн кӕй нӕ цӕры, уымӕн ӕппӕты ирддӕр ӕвдисӕн – йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕй Хуыцауӕн табу кӕнын кӕй фӕнды. Не Сфӕлдисӕг чи у, уый куы нӕ базонӕм, йӕ хорзӕх ын куы нӕ ссарӕм, уӕд амондджын нӕ уыдзыстӕм. «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон»,– загъта Йесо Чырысти (Матфейы 5:3, НД). Фӕлӕ хъуамӕ фидарӕй зонӕм иу хъуыддаг: Хуыцау ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдты тыххӕй, стӕй йӕм адӕмӕн цы фӕнд ис, уый тыххӕй цы базыдтам, уый ӕцӕгад кӕй у. Кӕм ссарӕн ис уыцы ӕцӕгад? Библийы.

«Дӕ ныхас ӕцӕгад у»

Апостол Павел фыста: «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16). Павелы ныхӕстӕ ӕмзӕл сты Йесо Чырыстийы ныхӕстимӕ. Уый Хуыцаумӕ кувгӕйӕ загъта: «Дӕ ныхас ӕцӕгад у». Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй уыцы Ныхас у Библи, ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндӕм, цы ӕгъдауыл хӕцӕм, уый хъуамӕ раст уа Библимӕ гӕсгӕ (Иоанны 17:17, НФ).

Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый Хуыцауы Ныхасимӕ куы барӕм, уӕд нӕ абарӕн уыдзӕн рагон Верийы цӕрджытимӕ. Уыдон-иу бӕлвырд кодтой, Павел цы амыдта, уый ӕцӕгдӕр Фыстытӕм гӕсгӕ у ӕви нӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй Лука верийӕгты ӕфхӕргӕ нӕ бакодта, фӕлӕ сӕ раппӕлыд. Уыдон «райстой ныхас ӕппӕт зӕрдиагдзинадӕй,– фыста Лука,– алыбон дӕр ӕвзаргӕйӕ Фыстытӕ, ӕцӕг афтӕ у ӕви нӕ» (Куыстытӕ 17:11). Абон дин ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй иутӕ иу кӕй дзурынц, иннӕтӕ та – ӕндӕр, уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, ӕмӕ мах дӕр верийӕгты хорз цӕвиттон бафӕзмӕм.

Ӕцӕгад ссардтам, уый сбӕлвырд кӕнынӕн ма хъӕуы кӕсын, уыцы ахуырад адӕмы царды куыд ахады, уымӕ дӕр (Матфейы 7:17). Библийы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уый хъуамӕ суа хуыздӕр лӕг, хуыздӕр фыд, хуыздӕр ус кӕнӕ хуыздӕр мад, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ бинонты фарнамондыл ӕфта, йӕхӕдӕг дӕр йӕ цардӕй райгонд уа. «Тӕхудиаг сты Хуыцауы дзырд хъусджытӕ ӕмӕ уый ӕххӕстгӕнджытӕ»,– загъта Чырысти (Лукайы 11:28).

Чырыстийы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, йӕ уӕларвон Фыд рагон израилӕгтӕн цы загъта, уый: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны. Ехх, ӕмӕ мын мӕ амындтӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн уаид цӕугӕдонау, дӕ рӕстад та – денджызы уылӕнтау» (Исай 48:17, 18). Фарн ӕмӕ рӕстад чи уарзы, уыдоны ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ куыннӕ бацагайдзысты!

Иуӕй-иутӕ хъусынц, «сӕ хъустӕн ӕхсызгон» цы у, уымӕ

Хуыцау уыцы зӕрдӕбын ныхӕстӕ израилӕгтӕн уымӕн дзырдта, ӕмӕ раст динӕй адзӕгъӕл сты (Псалом 105:35–40). Мах дӕр хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй ма фӕсайды уӕм. Чырыстоны ном ӕрмӕст хӕсгӕ чи кӕны, уыдоны тыххӕй Павел фыста: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм раст ахуырадыл сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕ монцтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ; ӕцӕгадмӕ нал хъусдзысты» (2 Тимофеймӕ 4:3, 4, НТ).

Дины разамонджытӕ адӕмӕн, «сӕ хъустӕн ӕхсызгон» чи у, ахӕм ныхӕстӕ кӕнынц: сӕ цӕстытӕ ӕхгӕнынц, бирӕтӕ се ’взӕр монцты фӕдыл цӕугӕйӕ цы хъуыддӕгтӕ кӕнынц, уыдоныл, зӕгъӕм, фыднозт кӕй кӕнынц, сӕ цардӕмбӕлттыл гадзрахатӕй кӕй цӕуынц, нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ ӕмӕ сылгоймаг та сылгоймагимӕ лӕг ӕмӕ усы цард кӕй кӕнынц, уыдӕттыл. Библи ӕргомӕй дзуры: ахӕм хъуыддӕгтӕй афтӕ чи зӕгъы, зӕгъгӕ дзы ӕвзӕрӕй ницы ис, ӕмӕ сӕ чи кӕны, уыдон «Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; Ромӕгтӕм 1:24–32).

Дзырд дӕр ыл нӕй, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн стыр ныфс хъӕуы, уӕлдайдӕр та дыл куы худой, уӕд. Фӕлӕ уӕддӕр адӕймаджы бон у афтӕ цӕрын. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ раздӕр уыдысты наркомантӕ, расыггӕнджытӕ, хӕтгӕ чи кодта, ахӕмтӕ, фыдгӕнджытӕ, къӕрныхтӕ, сайӕгойтӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ сыгъдӕг уды фӕрцы сӕ цард фӕивтой, цӕмӕй «Хуыцауӕн аккаг» уой (Колоссӕгтӕм 1:9, 10; 1 Коринфӕгтӕм 6:11). Хуыцауы хорзӕх ссаргӕйӕ уыдон ссардтой удӕнцой дӕр ӕмӕ, куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй фидӕнӕн ӕцӕг, фидар ныфс дӕр.

Хуыцауы Паддзахады ныфс

Библи коммӕгӕс адӕмӕн цы фарн ӕмӕ сабырдзинадӕй ныфс ӕвӕры, уый зӕхмӕ ӕрхӕсдзӕн Хуыцауы Паддзахад. «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл»,– загъта Йесо Хуыцаумӕ кувгӕйӕ (Матфейы 6:10). О, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон зӕххыл. Цӕмӕн афтӕ зӕгъӕм? Уымӕн ӕмӕ уыцы уӕларвон Паддзахады руаджы – Йесо Чырыстийы къухы цы хицауад ис, уый руаджы – зӕххы ӕххӕстбарджын рӕстаг хицау уыдзӕн Хуыцау йӕхӕдӕг (Псалом 2:7–12; Данелы 7:13, 14).

Уыцы уӕларвон Паддзахады Паддзах, Йесо Чырысти, коммӕгӕс адӕмы фервӕзын кӕндзӕн сӕ алы уаргъӕй, уыимӕ Адамы тӕригъӕды хъадамантӕй ӕмӕ уыцы тӕригъӕды фӕстиуджытӕй – низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй. Раргомады 21:3, 4 дзырдӕуы: «Уый у Хуыцауы скини – адӕймӕгтимӕ... Ӕмӕ ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта».

Ӕгас зӕххыл ӕнустӕм уыдзӕн фарн ӕмӕ сабырдзинад. Цӕмӕн у нӕ бон ууыл ӕууӕндын? Уымӕн ӕмӕ Исайы 11:9 фыст ис: «Мӕ сыгъдӕг хохыл [Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕра, уыдон] фыддзинад ӕмӕ зиан нӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕй». Зӕххыл алы адӕймаг дӕр Хуыцауы зондзӕн ӕмӕ йӕм хъусдзӕн. Уыцы хабар дӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон нӕу? Кӕд о, уӕд дӕ ныр хъӕуы базонын Иегъовӕйы тыххӕй.

Хуыцауы Паддзахады хабармӕ байхъусдзынӕ?

Уӕларвон Паддзахады руаджы Хуыцау Сайтаны фыдхъуыддӕгтӕй ӕмӕ сӕ фӕстиуджытӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн, адӕмы та йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтыл ахуыр кӕндзӕн. Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесо дӕр сӕйраджыдӕр уыцы Паддзахады тыххӕй кӕй ахуыр кодта. «Хъуамӕ хъусын кӕнон Хуыцауы Паддзахад,– загъта уый,– уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн Ӕз» (Лукайы 4:43). Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уыцы хабар хъусын кӕнын бафӕдзӕхста (Матфейы 28:19, 20). Фидӕныл дзургӕйӕ та Йесо загъта: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Уыцы кӕрон бонӕй-бонмӕ ӕввахсдӕр кӕны. Куыд ахсджиаг у, уӕдӕ, цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм цардирвӕзынгӕнӕг хорз хабармӕ байхъусой!

Фыццаг статьяйы цы Альберты кой кодтам, уый Хуыцауы Паддзахады хорз хабар фехъуыста, йӕ ус ӕмӕ йӕ фырт Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд. Фыццаг Альберты ницы уырныдта. Суанг ма сауджынӕн дӕр загъта, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуа ӕмӕ йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртӕн бамбарын кӕна, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ сайгӕ кӕй кӕнынц. Фӕлӕ сауджыны нӕ бафӕндыд, зӕгъгӕ, мӕн ницы хъуыддаг ис. Уӕд Альберт загъта, зӕгъгӕ, Библи куы ахуыр кӕной, уӕд сӕм мӕхӕдӕг байхъусдзынӕн, ӕмӕ сын сӕ мӕнгдзинад раргом кӕндзынӕн. Фӕлӕ ӕрмӕст иу хатт абадт семӕ, стӕй уый дӕр йӕ бинонтӕм ӕрбаиу, уымӕн ӕмӕ йӕ бафӕндыд фылдӕр базонын. Йӕ хъуыды цӕмӕн фӕивта, уый тыххӕй фӕстӕдӕр загъта: «Цӕрӕнбонты цы агуырдтон, уый ссардтон».

Альберт райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ ууыл никуы фӕфӕсмон кодта. Библийы ӕцӕгады ссардта, рагӕй фӕстӕмӕ цы агуырдта, уый: базыдта, ӕгас дунейы дӕр чи ахъардта, уыцы хӕрамдзинад ӕмӕ мӕнгарддзинад куыд фесӕфдзысты, фидӕнӕй йӕ ныфс фӕзынд. Библийы ӕцӕгад ын ӕрхаста удӕнцой. Дӕу тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцауы ӕмӕ царды тыххӕй адӕймаджы цы зонын фӕфӕнды, уыдӕттӕ зоныс? Хорз уаид, иу гыццыл рӕстӕг куы ссарис ӕмӕ 6-ӕм фарсыл цы фарстытӕ ис, уыдоныл куы ахъуыды кӕнис. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд дын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты.

[Рамкӕ/Нывтӕ 6 фарсыл]

ХУЫЦАУ ӔМӔ ЦАРДЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ЗОНЫС?

Хуыцау ӕмӕ царды тыххӕй цы зоныс, уымӕй разы дӕ? Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс ма дӕлдӕр фыст фарстытӕ ӕмӕ дзы раст дзуапп раттын кӕмӕн у дӕ бон, уыдон фӕнысан кӕн.

□ Чи у Хуыцау ӕмӕ йӕ ном куыд у?

□ Чи у Йесо Чырысти? Мӕлӕт бавзарын ӕй цӕмӕн хъуыди? Йӕ цард мӕлӕтмӕ кӕй радта, уый дӕуӕн цы ахъаз у?

□ Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис? Кӕд о, уӕд кӕцӕй фӕзынд?

□ Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

□ Цавӕр фӕнд ис Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй?

□ Цы у Хуыцауы Паддзахад?

□ Хуыцау ӕгъдауы тыххӕй цавӕр уагӕвӕрдтӕ радта?

□ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ бинонты ’хсӕн лӕгӕн цавӕр бынат хъуамӕ уа? усӕн та? Бинонты амондӕн ахъаз чи у, Библийӕ ахӕм уагӕвӕрдтӕ зоныс?

Кӕд ацы фарстытӕй искӕцыйӕн бӕлвырд дзуапп нӕ зоныс, уӕд дӕ бон у ракурын брошюрӕ «Хуыцау нӕ цы домы?». Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ис 300 бӕрц ӕвзагыл. Ацы брошюрӕйы ӕвзӕрст цӕуы 16 сӕйраг фарсты Библийӕ, ӕмӕ дзы уӕлдӕр фыст фарстытӕй алкӕцыйӕн дӕр ис дзуапп.

[Нывтӕ 4 фарсыл]

Цӕрӕгойтӕй уӕлдай адӕм афтӕ конд сты, ӕмӕ хъуыды кӕнынц Хуыцауыл ӕмӕ цардыл.

[Ныв 5 фарсыл]

«Сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ» (2 Тимофеймӕ 4:3, НТ).

[Ныв 7 фарсыл]

Хуыцауы Паддзахад – йӕ Паддзах Чырысти кӕмӕн у, уый – зӕхмӕ ӕрхӕсдзӕн фарн ӕмӕ сабырдзинад.