Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ, уӕ бинонтыл тыхсут!

Ныййарджытӕ, уӕ бинонтыл тыхсут!

Ныййарджытӕ, уӕ бинонтыл тыхсут!

«Кӕд исчи йӕхионтыл... нӕ тыхсы, уӕд уый аздӕхт уырнындзинадӕй» (1 ТИМОФЕЙМӔ 5:8).

1, 2. а) Ныййарджытӕ ӕмбырдтӕм сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ кӕй цӕуынц, уый ӕхсызгон цӕмӕн у? ӕ) Бинонтӕн ӕмбырдмӕ афоныл ӕрбацӕуын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

ӔМБЫРДМӔ куы ӕрбацӕуыс ӕмӕ адӕмыл дӕ цӕст куы ахӕссыс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕфенгӕ нӕ фӕвӕййыс, сыгъдӕг ӕмӕ аив конд сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты цур куыд бадынц. Ахӕм бинонтӕм кӕсгӕйӕ ӕмӕ, Иегъовӕйы ӕмӕ кӕрӕдзийы куыд уарзынц, уый уынгӕйӕ зӕрдӕ куыннӕ барухс вӕййы! Фӕлӕ арӕх адӕймагӕй ферох вӕййы, цас хъарутӕ фӕхъӕуы бинонты сӕхи срӕвдз кӕнынӕн ӕмӕ ӕмбырдмӕ афоныл ӕрбацӕуынӕн.

2 Ныййарджытӕ фылдӕр хатт бон-изӕрмӕ вӕййынц куыстыты бын. Ӕмбырдты бонты та бинонтӕ вӕййынц бынтон ӕнӕвдӕлон: уый – хӕринаг сцӕттӕ кӕнын, уый – хӕдзары куыстытӕ бакӕнын, сывӕллӕттӕн та ма – сӕ уроктӕ скӕнын дӕр. Фылдӕр уӕз ӕрцӕуы ныййарджытыл: хъуамӕ сӕ хъус дарой, иууылдӕр сыгъдӕг, ӕфсӕст ӕмӕ афоныл цӕттӕ куыд уой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ цы хӕдзары ис, уым цӕстфӕныкъуылдмӕ цы нӕ ӕрцӕудзӕн! Кӕс, ӕмӕ хистӕр хъазгӕ-хъазын йӕ хӕлаф счъизи кодта. Кӕстӕр йӕ хӕринаг йӕ уӕлӕ акалдта. Йе та сӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуылдӕр фӕбыцӕу сты (Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Ӕмӕ кӕд ныййарджытӕ хъуыддӕгтӕ рагацау хорз спълан кодтой, уӕддӕр уыдон куыд фӕндыд, алцы афтӕ нӕ рауад. Фӕлӕ цыфӕндыйӕ дӕр Паддзахады залмӕ фылдӕр хатт ӕрбацӕуынц афоныл. Ӕмӕ афтӕ къуырийӕ-къуыримӕ, афӕдзӕй-афӕдзмӕ цӕуынц ӕмбырдтӕм, сывӕллӕттӕ рӕзынц ӕмӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайынц. Уымӕй ӕхсызгондӕр ма цы хъуамӕ уа!

3. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Иегъовӕ бинонтӕн стыр аргъ кӕй кӕны?

3 Раст у, ныййарӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, адӕймагмӕ хатт ӕппындӕр хъарутӕ нал баззайы. Фӕлӕ уӕддӕр зонут – Иегъовӕ ныййарджыты фыдӕбонӕн стыр аргъ кӕны. Иегъовӕ у бинонты царды Бындурӕвӕрӕг. Йӕ Ныхасы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «алы мыггагӕн дӕр ном Дӕттӕг» у Иегъовӕ, ома алы бинонтӕ дӕр йӕ фӕрцы сты (Ефесӕгтӕм 3:14, 15, НТ). Уӕдӕ, ныййарджытӕ, цы хӕстӕ уыл ис, уыдон куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд уымӕй кадджын кӕндзыстут Дунедарӕг Стыр Хуыцауы (1 Коринфӕгтӕм 10:31). Уый стыр кад нӕу, уӕдӕ цы у?! Уымӕ гӕсгӕ, ӕркӕсӕм, Иегъовӕ ныййарджытыл цы хӕс ӕвӕры. Ацы статьяйы нӕ ныхас уыдзӕн, бинонтыл тыхсын цы нысан кӕны, ууыл. Ӕркӕсӕм, уӕдӕ, Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ цавӕр ӕртӕ фадыджы хъуамӕ тыхсой ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттыл.

Бинонты дарын

4. Иегъовӕ бинонтӕ дарыны хӕс кӕуыл сӕвӕрдта?

4 Апостол Павел фыста: «Кӕд исчи йӕхионтыл ӕмӕ уӕлдайдӕр йӕ бинонтыл нӕ тыхсы, уӕд уый аздӕхт уырнындзинадӕй ӕмӕ у ӕвзӕрдӕр ӕнӕрастӕй [«ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у», НТ]» (1 Тимофеймӕ 5:8). Ацы ран Павел «исчи» зӕгъгӕйӕ кӕй кой кодта? Бинонты хистӕры, ома фыды кой. Хуыцау сылгоймагӕн дӕр радта кадджын хӕс – йӕ сӕрыхицауӕн ӕххуыс кӕнын (Уӕвынад 2:18). Библи куы фыстой, уыцы рӕстӕджыты-иу сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгтӕн ӕххуыс кодтой бинонты дарынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 31:13, 14, 16). Хъыгагӕн, абон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, иу ныййарӕг йеддӕмӕ кӕм нӕй, ахӕм бинонтӕ *. Чырыстӕттӕй уыцы уавӕры чи ис, уыдонӕй бирӕтӕ раппӕлинаг сты, сӕ сывӕллӕттӕм куыд кӕсынц, уый тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иууыл хуыздӕр у, хӕдзары мад ӕмӕ фыд дӕр куы уой, ӕмӕ фыд куы ӕххӕст кӕна бинонты хистӕры хӕстӕ.

5, 6. а) Йӕ бинонты фӕдарыныл чи тыхсы, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц? ӕ) Бинонтӕ даринаг кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕтты куыстмӕ цавӕр цӕстӕй кӕсын хъӕуы?

5 Куыд ӕмбаргӕ у, Павел 1 Тимофеймӕ 5:8 цы загъта, уый? Куыд хъуамӕ тыхсӕм нӕ хиуӕттыл? Ацы стих кӕцӕй ист у, уыцы скъуыддзагӕй бӕрӕг у, Павел бӕлвырдӕй бинонты дарыны кой кӕй кодта. Ныры дуджы бинонты фӕдарын зын цӕмӕн вӕййы, уымӕн иу ӕмӕ дыууӕ аххосаджы нӕй. Бирӕ рӕтты ӕхца бакусын фӕзын ис. Афтӕ ма арӕх куыстуӕтты хъуыддӕгтӕ размӕ нал фӕцӕуынц ӕмӕ кусджыты рӕстӕгмӕ сӕ куыстӕй рарвитынц. Ӕгуыст адӕмы нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Ӕргътӕ уӕлӕмӕ хизынц. Цы бакӕна бинонты дарӕг ахӕм зынвадӕтты?

6 Бинонты дарӕг хъуамӕ ма рох кӕна, уыцы хӕс ыл Иегъовӕ кӕй сӕвӕрдта. Павел Хуыцауы фӕндӕй цы загъта, уымӕй бӕрӕг у: цы лӕгӕн йӕ бон йӕ бинонты дарын у, фӕлӕ сӕ нӕ дары, уый «ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у». Чырыстон, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзӕн, цӕмӕй йӕ Хуыцау ахӕмыл ма банымайа. Хъыгагӕн, абоны дунейы адӕм «хион-хӕстӕг нал зонынц» (2 Тимофеймӕ 3:1, 3, НД). Бирӕ нӕлгоймӕгтӕ сӕ хӕстӕ не ’ххӕст кӕнынц, сӕ бинонты уӕззау уавӕры ныууадзынц. Фӕлӕ чырыстӕттӕ ахӕм хъӕбӕрзӕрдӕ не сты ӕмӕ сӕ бинонты дарынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц. Се ’мкусджытӕй уӕлдай, бинонтӕ даринаг кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ цыфӕнды сау куыст дӕр сӕ сӕрмӕ хӕссынц. Уыдон зонынц, ахӕм куыст кӕнгӕйӕ дӕр Иегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнынц, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у сӕ бинонты дарын.

7. Ныййарджытӕн Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?

7 Бинонты хистӕры ма хъӕуы Йесойы ӕнаипп дӕнцӕгыл хъуыды кӕнын дӕр. Библийы пехуымпарады Йесойы схуындӕуыд нӕ «Ӕнусон Фыд» (Исай 9:6, 7). Йесо, «фӕстаг Адам», слӕууыд «фыццаг адӕймаг Адамы» бынаты, ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн сси сӕ фыд (1 Коринфӕгтӕм 15:45). Адам разынд хиуарзон фыд, фӕлӕ, уымӕй хъауджыдӕр, Йесо та у иттӕг хорз фыд. Библи дзы зӕгъы: «Уарзондзинад базыдтам мах уымӕй, Уый кӕй ратта мах тыххӕй Йӕ уды» (1 Иоанны 3:16). О, Йесо барвӕндӕй радта йӕ цард мах сӕрвӕлтау. Фӕлӕ ма уымӕй дарддӕр уый гыццыл хъуыддӕгты дӕр иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр тыхсы. Ныййарджытӕ, уӕдӕ Йесойау удуӕлдай ут сымах дӕр.

8, 9. а) Маргъ йӕ лӕппынтыл куыд тыхсы, уымӕй ныййарджытӕн сӕ бон цы у бамбарын? ӕ) Чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ сӕ сывӕллӕттыл удуӕлдайӕ кӕй тыхсынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

8 Удуӕлдай уарзты тыххӕй ныййарджытӕн сӕ бон бирӕ базонын у, Хуыцауӕй чи аздӕхт, уыцы адӕмӕн Йесо цы загъта, уымӕй: «Цал хатты Мӕ фӕндыд дӕ сывӕллӕтты ӕрӕмбырд кӕнын, куыд маргъ йӕ цъиуты ӕрӕмбырд кӕны базырты бын» (Матфейы 23:37). Йесо хорз цӕвиттон ӕрхаста – маргъ, зӕгъӕм, мадӕл карк, йӕ цъиуты йӕ базырты бын куыд бакӕны. Ныййарджытӕн, ай-гъайдӕр, сӕ бон бирӕ бамбарын у, маргъ йӕ цъиуты куыд хъахъхъӕны, уымӕй – йӕхицӕн тӕссаг куы вӕййы, уӕддӕр сӕ нӕ ныууадзы. Алы бон сыл куыд тыхсынц, уый дӕр диссаг у. Сӕ лӕппынтӕн хӕринагагур бон-изӕрмӕ дыууӕрдӕм фӕратӕх-батӕх кӕнынц. Фырфӕлладӕй сӕ бон нал вӕййы, уӕддӕр ма сӕ цъиу-цъиугӕнӕг лӕппынты дзыхты хӕринаг фӕтъыссынц; уыдон та, цы сын радтой, уый ӕвиппайды аныхъуырынц ӕмӕ ноджы хъӕрдӕр уасын райдайынц. Иегъовӕ цӕрӕгойтӕй бирӕты афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ лӕппынтыл ӕнувыдӕй тыхсынц (Ӕмбисӕндтӕ 30:24).

9 Чырыстон ныййарджытӕ дӕр сӕ цотыл раст афтӕ удуӕлдайӕ тыхсынц. Цӕйнӕфӕлтау уӕ сывӕллӕттыл исты ӕрцӕуа, фӕлтау уӕхӕдӕг цыфӕнды дӕр кӕндзыстут. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ: уӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй ӕрвылбон дӕр уӕхи цӕмӕйдӕрты цух кӕнут. Бирӕтӕ уӕ сӕумӕцъӕхӕй фӕцӕуынц куыстмӕ, ӕмӕ уӕ куыст та арӕх вӕййы уӕззау кӕнӕ уӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм. Хидкалгӕ кусут, цӕмӕй уӕ бинонтӕ хӕрдӕй цух ма уой. Уӕ бон цы у, уымӕй архайут, уӕ сывӕллӕттӕн сӕ дарӕс сыгъдӕг куыд уа, хорз уавӕрты куыд цӕрой, хорз куыд сахуыр кӕной. Ӕмӕ ууыл тыхсут бонӕй-бонмӕ, азӕй-азмӕ. Ахӕм удуӕлдайдзинад ӕмӕ фӕразондзинад Иегъовӕйӕн, ай-гъайдӕр, ӕхсызгон сты! (Дзуттытӕм 13:16). Фӕлӕ уыимӕ, сымах зонут, уӕ бинонтыл ма ӕндӕр, ноджы ахсджиагдӕр хъуыддӕгты дӕр кӕй хъуамӕ тыхсат.

Бинонтӕ Хуыцаумӕ ӕввахс кӕной, ууыл тыхсын

10, 11. Адӕймагӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у ӕмӕ цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕной, уый тыххӕй фыццаджыдӕр цы хъуамӕ аразой?

10 Бинонтӕн сӕ дарынӕй ахсджиагдӕр у, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕной, ууыл тыхсын. Йесо загъта: «Ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Матфейы 4:4; 5:3). Ныййарджытӕ, цы у уӕ бон аразын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцаумӕ ӕввахс кӕной?

11 Ацы хъуыддаджы фӕдыл Фыстадӕй, ӕвӕццӕгӕн, иууыл арӕхдӕр ӕрхӕссынц Дыккаг закъоны 6:5–7. Ныййарджытӕ, ацы стихтӕ кӕсгӕйӕ ма уӕ хъус ӕрдарут, фыццаджыдӕр уӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ ӕввахс кӕнат Иегъовӕмӕ, уарзат ӕй ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы ӕвӕрат. Хъуамӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнат – Библи алы бон кӕсат ӕмӕ дзы цы бакастыстут, ууыл хъуыды кӕнат, цӕмӕй Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ хорз ӕмбарат ӕмӕ сӕ уарзат. Афтӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ дзаг уыдзысты Библийы ӕвӕджиауы арф хъуыдытӕй. Уый уын хӕсдзӕн циндзинад, аргъуыц кӕндзыстут Иегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ уарздзыстут. Ӕмӕ уӕм уӕд, уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты кӕй ӕвӕрат, ахӕм хъуыдытӕ, ай-гъайдӕр, тынг бирӕ уыдзӕн (Лукайы 6:45).

12. Йесойы дӕнцӕгмӕ гӕсгӕ ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Библийы уагӕвӕрдтӕ сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты арф ӕвӕрын?

12 Ныййарджытӕ сӕхӕдӕг Иегъовӕмӕ ӕввахс куы уой, уӕд сӕ бон уыдзӕн Дыккаг закъоны 6:7 фыст уынаффӕ ӕххӕст кӕнын – алы уавӕры дӕр Иегъовӕйы ныхӕстӕ сӕ цоты «зӕрдӕйы арф ӕвӕрын». «Зӕрдӕйы арф ӕвӕрын» нысан кӕны адӕймагӕн исты амонын, йӕ зонды йын ӕй фидар кӕнын, ногӕй ӕмӕ та йын ӕй ногӕй йӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕныс, уый руаджы. Иегъовӕ тынг хорз зоны: цӕмӕй истӕуыл сахуыр уӕм, уый тыххӕй нын ӕй иу хатт зӕгъын фаг нӕу. Уӕлдай тынгдӕр та уый хауы сывӕллӕттӕм. Йесо Чырысти адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уый-иу цалдӕр хатты дӕр уымӕн сфӕлхат кодта. Зӕгъӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы амыдта, цӕмӕй сӕрныллӕг уой ӕмӕ быцӕу ма кӕной, уӕд сын уыцы иу уагӕвӕрд бамбарын кодта цалдӕр хатты ӕмӕ цалдӕр хуызы. Исты амонгӕйӕ-иу Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕм фарстытӕ лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ-иу хъуыдытыл бафтыдта, цӕвиттонтӕ-иу сын ӕрхаста, стӕй ма-иу сын ӕй хъуыддагӕй дӕр равдыста (Матфейы 18:1–4; 20:25–27; Иоанны 13:12–15). Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ алкӕддӕр уыд фӕразон. Афтӕ ныййарджытӕ дӕр хъуамӕ алы ӕмӕ алы амӕлттӕй амоной сӕ сывӕллӕттӕн Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ – Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ сын фӕразонӕй сӕ зӕрдыл лӕууын кӕной, цалынмӕ сӕ хорз нӕ бамбарой ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайын нӕ райдайой, уӕдмӕ.

13, 14. Кӕд у сӕ бон ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты Библийы уагӕвӕрдтӕ арф ӕвӕрын ӕмӕ цӕй фӕрцы?

13 Сывӕллӕтты зӕрдӕты Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ арф ӕвӕрынӕн иууыл хуыздӕр фадат – бинонтӕ Библи иумӕ куы фӕахуыр кӕнынц. Ӕцӕгӕй, бинонтӕ Иегъовӕмӕ ӕввахс уой, уый сӕйраджыдӕр уымӕй аразгӕ у, ӕмӕ иудадзыг иумӕ зӕрдӕрайгӕйӕ Библи ахуыр кӕной. Ӕппӕт зӕххы къорийыл дӕр чырыстон бинонтӕ Библи ӕхсызгонӕй ахуыр кӕнынц, Иегъовӕйы организаци цы литературӕ уадзы, уый руаджы. Ахуыр та кӕнынц, сӕ сывӕллӕтты тынгдӕр чи хъӕуы, ахӕм ӕрмӕг. Уыцы хъуыддаджы сын стыр ӕххуыс фӕци чиныг «Ахуыр кӕн Номдзыд Ахуыргӕнӕгӕй», афтӕ ма – «Фӕсивӕды фарстытӕ. Ахадгӕ уынаффӕтӕ» *. Фӕлӕ сывӕллӕттӕн зонд амонӕн ӕрмӕст бинонты ахуыры рӕстӕджы нӕй.

14 Дыккаг закъоны 6:7 куыд фыст ис, афтӕмӕй сымахӕн, ныййарджытӕ, алы уавӕрты дӕр уӕ бон у уӕ сывӕллӕттимӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл ныхас кӕнын. Зӕгъӕм, семӕ искуыдӕм цӕугӕйӕ, хӕдзары куыстытӕ кӕнгӕйӕ, йе та уӕ фӕллад уадзгӕйӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕн Библийы уагӕвӕрдты тыххӕй ӕдзух «лекцитӕ» кӕсын нӕ хъӕуы. Уый бӕсты семӕ зӕрдӕхӕларӕй ныхас кӕнут, ӕхсызгон сын цы уа ӕмӕ сӕ Иегъовӕмӕ цы баввахс кӕна, уыдӕттыл. Зӕгъӕм, «Райхъал ут»-ы вӕййы бирӕ алыхуызон статьятӕ алы ӕмӕ алы фарстытыл. Ахӕм статьяты бындурыл ис аныхас кӕнӕн Иегъовӕйы сфӕлдыст цӕрӕгойтыл, ӕрдзы рӕсугъд бынӕттыл, алыхуызон адӕмыхӕттыты цардыуаг ӕмӕ ӕгъдӕуттыл. Афтӕ куы ныхас кӕнат, уӕд уӕ кӕстӕртӕ зӕрдиагдӕрӕй кӕсдзысты ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕ (Матфейы 24:45–47).

15. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ хъусын кӕнын фӕнда ӕмӕ сын уацамынд цин хӕсса?

15 Сывӕллӕттимӕ зӕрдӕхӕлар ныхас куы кӕнат, уӕд сын ӕххуыс кӕндзыстут, Хуыцаумӕ сӕ чи баввахс кӕндзӕн, ӕндӕр ахӕм хъуыддаджы дӕр. Чырыстон сывӕллӕттӕ хъуамӕ ахуыр кӕной, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕнӕ «Райхъал ут!»-ы цы хорз хъуыдытӕ бакӕсут, уыдоныл ныхас кӕнгӕйӕ архайут уӕ ныхас уацамындимӕ сбӕттын. Зӕгъӕм, уӕ бон у, ӕмӕ сӕ бафӕрсат: «Цӕй хорз уаид, Иегъовӕйы тыххӕй цы бакастыстӕм, уый фылдӕр адӕм куы базониккой, нӕ? Куыд хъуыды кӕныс, куыд ис искӕимӕ адӕттыл аныхас кӕнӕн?». Кӕстӕртимӕ афтӕ куы ныхас кӕнат, уӕд сӕ тынгдӕр бафӕнддзӕн, цы базонынц, уый иннӕтӕн дӕр дзурын. Уӕ сывӕллӕттӕ уемӕ хъусын кӕнынмӕ куы цӕуой, уӕд та йӕ уынгӕ дӕр кӕндзысты, адӕмимӕ куыд ныхас кӕнӕн ис. Стӕй ма бамбардзысты, уацамынд, фӕлмӕцгӕ кӕмӕй бакӕнай, ахӕм куыст кӕй нӕу, фӕлӕ адӕймагӕн стыр цин чи хӕссы, ахӕм (Куыстытӕ 20:35).

16. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты куывдтытӕм хъусгӕйӕ цы бамбардзысты?

16 Сывӕллӕттӕ ма Хуыцаумӕ ӕввахс кӕндзысты, ныййарджытӕ семӕ куы кувой, уӕд дӕр. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, куыд кувын хъӕуы ӕмӕ бирӕ хӕттыты семӕ дӕр куывта (Лукайы 11:1–13). Ахъуыды ма кӕнут, цас цӕуылдӕрты сахуыр сты Иегъовӕйы Фыртимӕ кувгӕйӕ! Уӕ сывӕллӕттӕ дӕр уӕ куывдтытӕй бирӕ базондзысты. Зӕгъӕм, бамбардзысты, Иегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм сӕрибарӕй, зӕрдӕйӕ кувӕм, цӕуылфӕнды ма тыхсӕм – ӕххуыс дзы курӕм. О, уӕ куывдыты фӕрцы уӕ сывӕллӕттӕ бамбардзысты иу ахсджиаг хъуыддаг: сӕ бон у, ӕмӕ Иегъовӕйы хӕлӕрттӕ уой (1 Петры 5:7).

Рӕвдаут сӕ

17, 18. а) Сывӕллӕтты рӕвдауын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, уый Библийӕ куыд зыны? ӕ) Фыдӕлтӕ Иегъовӕйы куыд хъуамӕ бафӕзмой ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъуамӕ рӕвдауой?

17 Сывӕллӕтты ма ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы рӕвдауын дӕр. Ууыл ныййарджытӕн дзуры Хуыцауы Ныхас. Зӕгъӕм, ӕрыгон сылгоймӕгтӕн амындӕуы «уарзын сӕ... сывӕллӕтты» (Титмӕ 2:4). Афтӕ куы кӕной ӕрыгон мадӕлтӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ сын цы зонд амындӕуы, уымӕ хъусынц ӕмӕ сты ӕмбаргӕ. Уӕвгӕ, дӕ сывӕллоны кӕй уарзыс, уый йын куы ӕвдисай, уӕд уый ӕмбаргӕдзинад у. Уый сывӕллонӕн йӕхи дӕр ахуыр кӕны уарзын ӕмӕ йын царды стыр ӕххуыс уыдзӕн. Сывӕллоны кӕй уарзыс, уый йын ӕргом куы нӕ ’вдисай, уӕд уый та зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Уый сывӕллонӕн у стыр зӕрдӕрысты хос. Стӕй, ахӕм ныййарӕгӕй нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы фӕзмы, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ махӕн, ӕнӕххӕст адӕмӕн, йӕ уарзондзинад не ’вгъау кӕны, рӕдауӕй ныл ӕй тауы (Псалом 102:8–14).

18 Иегъовӕ йе сконд адӕмы, йӕ сывӕллӕтты, кӕй уарзы, уый сын йӕхӕдӕг фыццаг ӕргом кӕны. 1 Иоанны 4:19 фыст ис, зӕгъгӕ, уый «раздӕр бауарзта мах». Фыдӕлтӕ, уӕлдайдӕр сымахӕн у Иегъовӕ фӕзминаг, сымах хъӕуы фыццаг бацархайын ууыл, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттимӕ ӕнгом уат. Библи фыдӕлты фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, «цӕмӕй зӕрдӕсаст ма фӕуой» (Колоссӕгтӕм 3:21, НТ). Сывӕллон арӕх зӕрдӕсаст цӕмӕй фӕвӕййы, уый – афтӕ йӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ нӕ уарзынц кӕнӕ сӕ нӕ хъӕуы. Йе ’нкъарӕнтӕ ӕргом ӕвдисын чи нӕ уарзы, ахӕм фыдӕлтӕн хорз уаид Иегъовӕйы цӕвиттоныл ахъуыды кӕнын. Иегъовӕ уӕларвӕй дӕр ӕрдзырдта, йӕ Фырты кӕй уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Матфейы 3:17; 17:5). Цас ныфсы хос уыдаиккой Йесойӕн уыцы ныхӕстӕ! Афтӕ ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕттӕй зӕрдӕбынӕй куы ӕппӕлой, кӕй сӕ уарзынц, уый сын куы дзурой, уӕд сыл уый ныфсы базыртӕ садздзӕн.

19. Сывӕллӕттӕн зонд амонын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ чырыстон ныййарджыты бӕрц цӕмӕй хъӕуы зонын?

19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уарзондзинад ӕрмӕст ныхӕстӕй нӕу. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты кӕй уарзынц, уый хъуамӕ сӕйраджыдӕр бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй. Сӕ уарзондзинадыл дзурӕг уыдзӕн, сӕ сывӕллӕтты куы дарой, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнынӕн сын куы ӕххуыс кӕной. Уӕлдайдӕр та сывӕллӕттӕ дӕр куы уыной, кӕй сӕ уарзынц, гъе уый тыххӕй сыл кӕй тыхсынц. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты кӕй уарзынц, ууыл дзурӕг ма уыдзӕн уый дӕр, ӕмӕ сын зонд куы амоной. Иегъовӕ дӕр, «кӕй уарзы, уый ӕфхӕры», ома йын зонд амоны (Дзуттытӕм 12:6). Кӕстӕртӕн зонд куы нӕ амонай, уӕд та зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ сӕ нӕ уарзыс (Ӕмбисӕндтӕ 13:24). Зонд амонгӕйӕ Иегъовӕ ӕгӕр никуы фӕвӕййы – «бӕрцӕй бафхӕры» (Иереми 46:28). Фӕлӕ кӕд ӕнӕххӕст адӕймагӕн уый алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр, ууыл сахуыр уат – уый цыфӕнды фыдӕбоны аргъ дӕр у. Фидарӕй, фӕлӕ уарзгӕйӕ куы амонат зонд уӕ сывӕллонӕн, уӕд ын стӕй ӕнцондӕр уыдзӕн, царды амондӕй хайджын уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Уымӕй хуыздӕр ма цы зӕгъа чырыстон ныййарӕджы зӕрдӕ йӕ сывӕллонӕн?

20. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн «цард равзарынӕн» куыд баххуыс кӕндзысты?

20 Ныййарджытӕ, Иегъовӕ уын уӕ бӕрны бакодта стыр хъуыддаг – уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын ӕмӕ сыл тыхсын: дарын сӕ, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын сын ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ рӕвдауын. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг арфӕйаг у. Афтӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕндзыстут «цард равзарынӕн» ӕмӕ «цӕргӕйӕ баззайынӕн» (Дыккаг закъон 30:19). Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цы сывӕллӕттӕ сфӕнд кӕнынц ӕмӕ сӕ царды фӕндагыл ӕнӕцудгӕйӕ чи цӕуы, уыдон сӕ ныййарджытӕн хӕссынц ӕгӕрон цин (Псалом 126:3–5). Уыцы циндзинад сын уыдзӕн ӕнустӕм! Фӕлӕ абон та куыд у сӕ бон ӕрыгӕттӕн Иегъовӕйы кадджын кӕнын? Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Ацы статьяйы бинонты дарӕджы кой кӕнгӕйӕ дзырд ӕрмӕст нӕлгоймагыл нӕ цӕуы, фӕлӕ, йӕ сывӕллӕты йӕхӕдӕг чи дары, ахӕм чырыстон сылгоймагыл дӕр.

^ 13 абз. Мыхуыры сӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Сты уырыссаг ӕвзагыл.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы аразынц ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты дарынӕн?

• Куыд баххуыс кӕндзысты ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн, цӕмӕй Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕной?

• Куыд у сӕ бон ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты рӕвдауын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Бирӕ мӕргътӕ бон-изӕрмӕ ратӕх-батӕх кӕнынц сӕ лӕппынтӕн хӕринагагурӕг.

[Ныв 10 фарсыл]

Ныййарджытӕ фыццаджыдӕр сӕхӕдӕг хъуамӕ ӕввахс кӕной Иегъовӕмӕ.

[Нывтӕ 10, 11 фарсыл]

Ныййарджытӕн алы уавӕрты дӕр сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕн Сфӕлдисӕджы тыххӕй дзурын.

[Ныв 12 фарсыл]

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй зӕрдӕбынӕй куы ӕппӕлой, уӕд сыл уый ныфсы базыртӕ садздзӕн.