Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕсивӕд, кадджын кӕнут Иегъовӕйы!

Фӕсивӕд, кадджын кӕнут Иегъовӕйы!

Фӕсивӕд, кадджын кӕнут Иегъовӕйы!

«Ӕппӕлут Хицауы [«Иегъовӕйӕ», НД] зӕххӕй... лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ» (ПСАЛОМ 148:7, 12).

1, 2. а) Цы зонынц ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ сӕ барты тыххӕй? ӕ) Кӕстӕртӕн сӕ ныййарджытӕ алцы кӕныны бар кӕй нӕ дӕттынц, ууыл сӕ мӕсты кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

ӔРЫГӔТТӔ арӕх хорз фӕзонынц, бар сын цӕмӕн нӕма ис, уый. Бирӕтӕ дын дзы уайтагъд зӕгъдзысты, цал аздзыдӕй сын уыдзӕн уый бар, ӕмӕ фӕндаджы иу фарсӕй иннӕмӕ иунӕгӕй хизой, изӕры искӕм бафӕстиат уой йе та машинӕ скъӕрой. Хатт ӕрыгон лӕппу кӕнӕ чызгмӕ афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ цӕмӕйфӕнды ма зӕгъа, уый мӕ хъӕуы, кӕнӕ мӕ уый фӕнды, зӕгъгӕ, уӕддӕр ын уыцы иу дзуапп кӕй уыдзӕн: «Нырма гыццыл дӕ».

2 Кӕстӕртӕ, уӕвгӕ йӕ зонут, уӕ ныййарджыты сымах фыдбылызӕй бахизын кӕй фӕнды, ӕмӕ уӕ алцы кӕнын уый тыххӕй кӕй нӕ уадзынц. Афтӕ ма, ай-гъайдӕр, зонут: уӕ ныййарджытӕм кӕй хъусут, уый ӕхсызгон у Иегъовӕйӕн (Колоссӕгтӕм 3:20). Фӕлӕ, мыййаг, хатт уӕхицӕн фӕзӕгъут, зӕгъгӕ, царды цас хорздзинӕдтӕ ис, ӕмӕ дзы ӕз та ницыма федтон? Цалынмӕ сыстыр уат, уӕдмӕ уын, тынг цӕмӕ бӕллут, уыдӕттӕй ӕппындӕр ницӕмӕн ис бар? Кӕд афтӕ хъуыды кӕнут, уӕд тынг рӕдийут! Ис иу хъуыддаг, ӕмӕ, цӕмӕфӕнды ма бӕллат – уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Ӕмӕ сымах, ӕрыгӕттӕ, уыцы хъуыддаджы архайат, уый бар уын ис? Ӕрмӕст бар нӕ – уымӕ ма уӕ хонгӕ дӕр кӕнынц, ӕмӕ исчи нӕ, фӕлӕ Стыр Хуыцау йӕхӕдӕг!

3. Цавӕр стыр хъуыддагмӕ хоны Иегъовӕ ӕрыгӕтты ӕмӕ цавӕр фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Цавӕр хъуыддаджы кой кӕнӕм? Ӕркӕс ма ацы статьяйы сӕйраг стихы ныхӕстӕм: «Ӕппӕлут Хицауы [«Иегъовӕйӕ», НД] зӕххӕй... лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ ӕвзонгтӕ» (Псалом 148:7, 12). О, дӕуӕн дӕ бон у Иегъовӕйӕ ӕппӕлын, ома йӕ кадджын кӕнын. Цы хъуамӕ уа уымӕй стырдӕр кад! Дӕуӕн, ӕрыгон адӕймагӕн, ахӕм фадат кӕй ис, уый дӕм диссаг нӕ кӕсы? Бирӕтӕ йӕ стыр кадыл нымайынц сӕхицӕн. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр стыр кад кӕй у, уый бамбарынӕн ӕркӕсӕм ӕртӕ фарстмӕ. Фыццаг, цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнай Иегъовӕйы? Дыккаг, куыд у дӕ бон, ӕмӕ йӕ кадджын кӕнай? Ӕртыккаг, кӕд у уый афон, ӕмӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнын райдайай?

Цӕмӕн хъӕуы Иегъовӕйы кадджын кӕнын?

4, 5. а) 148-ӕм псаломмӕ гӕсгӕ нын цавӕр диссаджы фадат ис? ӕ) Дзургӕ дӕр ӕмӕ хъуыды дӕр чи нӕ кӕны, уыдон Иегъовӕйы куыд кадджын кӕнынц?

4 Иегъовӕйы кадджын кӕнын сӕйраджыдӕр уымӕн хъӕуы, ӕмӕ уый у Сфӕлдисӕг. Уымӕ нын не ’ргом здахы 148-ӕм псалом дӕр. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн ахӕм ныв: мӕнӕ дӕ разы адӕм ӕмхъӕлӕсӕй зарынц рӕсугъд, зӕрдӕагайгӕ зарӕг. Хъусыс ӕм, ӕмӕ хъуыды кӕныс: ацы зарӕджы ныхӕстӕ раст сты, диссаджы арф хъуыдытӕ дзы ис, зӕрдӕ дзы хъӕлдзӕг кӕны ӕмӕ адӕймаджы ныфс уадзы. Цы дӕм сдзурид дӕ зӕрдӕ? Нӕ дӕ бафӕндид уыцы зарӕджы ныхӕстӕ сахуыр кӕнын ӕмӕ семӕ ныззарын? Нӕ фылдӕры бӕгуыдӕр бафӕндид. Ӕмӕ 148-ӕм псалом кӕсгӕйӕ та дӕхи ноджы диссагдӕр уавӕры фӕхатдзынӕ. Ацы псалом нын дзуры, ӕнӕнымӕц къордтӕ ӕмхъӕлӕсӕй кӕй кадджын кӕнынц Иегъовӕйы. Фӕлӕ дзы иу цӕуылдӕр бадис кӕндзынӕ. Цӕуыл?

5 148-ӕм псаломы Иегъовӕйы чи кадджын кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ нӕдӕр дзургӕ кӕнынц, нӕдӕр – хъуыды. Зӕгъӕм, хур, мӕй, стъалытӕ, мит, дымгӕ, хӕхтӕ ӕмӕ къуылдымтӕ. Уӕдӕ куыд хъуамӕ кадджын кӕна ӕнӕуд ӕрдз Иегъовӕйы? (Пс 148:3, 8, 9-ӕм стихтӕ). Бӕлӕстӕ, денджызы цӕрджытӕ ӕмӕ йӕ цӕрӕгойтӕ куыд кадджын кӕнынц, афтӕ (Пс 148:7, 9, 10-ӕм стихтӕ). Никуы федтай, хур куыд рӕсугъд фӕцӕйныгуылы кӕнӕ дзаг мӕй арвы къуырфы куыд ленк кӕны? Цӕрӕгойтӕ куыд хъазынц, уымӕ кӕсгӕйӕ никуы фӕхудтӕ? Кӕнӕ ӕрдзы рӕсугъд нывтыл никуы дис кодтай? Уӕдӕ уӕд ды «хъуыстай», Иегъовӕйы сконд дуне йӕ кадӕн куыд зары, уый. Ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Иегъовӕ у ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕг, ӕмӕ дун-дунейы уый хуызӕн ничи ис нӕдӕр тыхӕй, нӕдӕр зондӕй ӕмӕ нӕдӕр уарзтӕй (Ромӕгтӕм 1:20; Раргомад 4:11).

6, 7. а) 148-ӕм псалом куыд зӕгъы, афтӕмӕй Иегъовӕйы цавӕр хъуыдыхъом удгоймӕгтӕ кадджын кӕнынц? ӕ) Иегъовӕйы кадджын кӕнын нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 148-ӕм псалом ма нын дзуры, Иегъовӕйы хъуыдыхъом удгоймӕгтӕ дӕр кӕй кадджын кӕнынц. Пс 148:2-аг стихы кӕсӕм, Хуыцауы кӕй кадджын кӕны йӕ уӕларвон «ӕфсад» – зӕдтӕ. Пс 148:11-ӕм стих та сиды дзырддзӕугӕ адӕймӕгтӕм – паддзӕхтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕм, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр кадджын кӕной. Ӕмӕ кӕд хъомысджын зӕдтӕн Иегъовӕйы кадджын кӕнынӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, уӕд хуымӕтӕг зӕххон адӕймаг уый сӕрмӕнӕхӕссинаг хъуыддагыл куыд хъуамӕ нымайа? Дарддӕр Пс 148:12-ӕм ӕмӕ Пс 148:13-ӕм стихтӕ та, фӕсивӕд, сымах хонынц, зӕгъгӕ, ӕрбаиу ут, Иегъовӕйы чи кадджын кӕны, уыдонмӕ. Цы зӕгъдзыстут, нӕ уӕ фӕнды?

7 Дзырдӕн зӕгъӕм, дӕ хорз ӕмбал у диссаджы курдиаты хицау – спорты, аивады кӕнӕ музыкӕйы. Дӕ бинонтӕ ӕмӕ дӕ иннӕ ӕмбӕлттӕн йӕ кой нӕ ракӕндзынӕ? Бӕгуыдӕр! Уӕдӕ, Иегъовӕ цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй базонгӕйӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ мах дӕр ма бафӕнда йӕ кой кӕнын. Псалом 18:2, 3 кӕсӕм, зӕгъгӕ, стъалыджын арв «дӕтты ныхас», ома дзуры. Иегъовӕйы сконд диссӕгтыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон ӕнцад лӕууын нӕ уыдзӕн – иннӕтӕн дӕр дзурдзыстӕм нӕ Хуыцауы тыххӕй.

8, 9. Иегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, ӕмӕ йӕ кадджын кӕнӕм?

8 Иегъовӕйы кадджын кӕнын ма нӕ ноджыдӕр уымӕн хъӕуы, ӕмӕ уый йӕхи фӕнды. Цӕмӕн? Зӕххон адӕм дзы ӕппӕллой, хорз дзы дзурой, уый хъуаг у, мыййаг? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Уый адӕймаджы фӕфӕнды, исчи-иу дзы куы раппӕлид. Иегъовӕ та махӕй бирӕ бӕрзонддӕр у (Исай 55:8). Иегъовӕмӕ йӕхи ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй дызӕрдыг хъуыдытӕ никуы фӕзыны, йӕхимӕ ӕгуыдзӕг никуы фӕкӕсы (Исай 45:5). Фӕлӕ йын уӕддӕр ӕхсызгон у, кадджын ӕй кӕнӕм, уый. Цӕмӕн? Уымӕн ис дыууӕ ӕфсоны. Фыццаг – зоны йӕ, уый нӕхицӕн хорз кӕй у. Афтӕ нӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ фӕнды Хуыцауы зонын, табу йын кӕнын (Матфейы 5:3). Ӕмӕ мӕнӕ, пайда дын чи у, ахӕм хӕринаг куы фӕхӕрыс, уӕд дӕ ныййарджытӕн куыд ӕхсызгон вӕййы, афтӕ ӕхсызгон вӕййы Иегъовӕйӕн дӕр, цы нӕ хъӕуы, цӕмӕ тырнӕм, уый нӕ къухы куы бафты – Хуыцауы куы базонӕм ӕмӕ йын кад куы фӕкӕнӕм (Иоанны 4:34).

9 Дыккаг та уый, ӕмӕ Иегъовӕ зоны: кӕй йӕ кадджын кӕнӕм, уый хъӕуы фехъусын иннӕты дӕр. Апостол Павел йӕхицӕй кӕстӕр Тимофеймӕ афтӕ фыста: «Кӕс лӕмбынӕг дӕ цардыуагмӕ ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕныс, уымӕ; афтӕ кӕн иудадзыг. Уӕд дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:16, НТ). О, иннӕтӕн Иегъовӕ Хуыцауы тыххӕй куы дзурай, куы йӕ кадджын кӕнай, уӕд ӕй уыдон дӕр базондзысты. Ӕмӕ Иегъовӕйы чи зона, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм! (Иоанны 17:3).

10. Иегъовӕйы кадджын кӕнын нӕ цӕмӕн фӕнды?

10 Иегъовӕйы кадджын кӕнын нӕ канд уыдӕтты тыххӕй нӕ хъӕуы. Ногӕй та ма ахъуыды кӕнӕм нӕ курдиатджын ӕмбалыл. Исчи дзы мӕнгтӕ куы дзура, рӕстӕй йын йӕ номыл цъыф куы кала, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр нӕ фӕнддзӕн йӕ хорзы кой кӕнын? Ӕгас дунейы дӕр Иегъовӕйӕ мӕнгтӕ дзурынц (Иоанны 8:44; Раргомад 12:9). Ӕмӕ уый тынг зын у, чи йӕ уарзы, уыдонӕн, фӕнды сӕ, ӕцӕгӕй чи у, цавӕр Хуыцау у, уый иннӕтӕн бамбарын кӕнын. Дӕу дӕр фӕнды, Иегъовӕйы куыд уарзыс, куыд бузныг дзы дӕ, уый ӕвдисын? Нӕ дӕ фӕнды, ӕмӕ алчидӕр зона, Иегъовӕйы фарс кӕй дӕ, йӕ цыфыддӕр знаг Сайтаны фарс нӕ, фӕлӕ? Уӕдӕ дӕ уӕд хъӕуы Иегъовӕйы кадджын кӕнын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныр аныхас кӕндзыстӕм, куыд ӕй ис кадджын кӕнӕн, ууыл.

Иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ Иегъовӕйы куыд кадджын кодтой

11. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон Иегъовӕйы кадджын кӕнын кӕй у, уымӕн Библийы цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

11 Библийӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ кадджын кодтой Иегъовӕйы. Райсӕм, сирийӕгтӕ уацары кӕй акодтой, уыцы гыццыл израилаг чызджы. Уый йӕ ӕхсинхицауӕн уӕндонӕй радзырдта Иегъовӕйы пехуымпар Елисейы тыххӕй. Чызджы ныхӕсты фӕрцы хъуыддаг афтӕ рауад, ӕмӕ Елисей сарӕзта диссаг. Уымӕй та скадджын Иегъовӕйы ном (4 Паддзахӕдты 5:1–17). Йӕ гыццылӕй Хуыцауы тыххӕй уӕндонӕй дзырдта Йесо дӕр. Йӕ ӕрыгон бонты цаутӕй Библийы цы уыди ныффыссӕн, уыдонӕй Иегъовӕ равзӕрста ӕрмӕстдӕр иу – Йесо 12-аздзыдӕй Иерусалимы кувӕндоны динамонджытӕм уӕндонӕй фарстытӕ куыд лӕвӕрдта ӕмӕ, Иегъовӕйы хъуыддӕгтӕ куыд хорз ӕмбӕрста, уымӕй сӕ дисы куыд бафтыдта (Лукайы 2:46–49).

12, 13. а) Йесо йӕ мӕлӕты размӕ кувӕндоны куы уыд, уӕд цы сарӕзта ӕмӕ уый, уым чи уыд, уыдоныл куыд бандӕвта? ӕ) Сывӕллӕттӕ йӕ кӕй кадджын кодтой, уымӕ Йесо куыд ракаст?

12 Йесо йӕ лӕджы кары куы бацыд, уӕд дӕр Иегъовӕйыл афтӕ иузӕрдыг уыд, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ сывӕллӕттӕ кадджын кодтой Иегъовӕйы. Цӕвиттон, йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны размӕ Йесо уыд Иерусалимы кувӕндоны. Уым, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй стыр диссӕгтӕ сарӕзта. Кувӕндонӕй расырдта, уыцы сыгъдӕг бынатӕй абырджыты лӕгӕт чи скодта, уыдоны. Афтӕ ма сдзӕбӕх кодта куырмыты ӕмӕ къуылыхты. Уыцы диссӕгтӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон, уӕлдайдӕр та дины разамонджытӕ, куыннӕ хъуамӕ скадджын кодтаиккой Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты, Мессиайы? Хъыгагӕн, адӕмӕй бирӕтӕ афтӕ нӕ бакодтой. Кӕд ӕй зыдтой, Йесо Хуыцауӕй ӕрвыст уыд, уӕддӕр дины разамонджытӕй тарстысты. Фӕлӕ уыдис ахӕмтӕ, ӕмӕ ныфсджынӕй кадджын кодтой Хуыцауы. Чи уыдысты, уый зоныс? Библийы кӕсӕм: «Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдӕттӕ алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ куы федтой, стӕй Кувӕндоны „Осаннӕ Давиды Фыртӕн!“, зӕгъгӕ, чи хъӕр кодта, уыцы сывӕллӕтты, уӕд смӕсты сты, ӕмӕ [Йесойӕн] загътой: „Хъусыс, цытӕ дзурынц?“» (Матфейы 21:15, 16, НТ; Иоанны 12:42).

13 Сауджынтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Йесо, чи йӕ кадджын кодта, уыцы сывӕллӕтты ныссабыр кӕндзӕн. Фӕлӕ цы бакодта Йесо? Сауджынтӕн загъта: «Хъусын! Ау, никуы бакастыстут: „Ды бакодтай афтӕ, ӕмӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕ стауынц Дӕу“?». Ай-гъайдӕр, Йесо ӕмӕ йӕ Фыдӕн сывӕллӕтты кады ныхӕстӕ ӕхсызгон уыдысты. Уыцы кӕстӕртӕ бакодтой, хистӕртӕ се ’ппӕт дӕр цы хъуамӕ кодтаиккой, уый. Сӕ гыццыл зондӕй уыдон алцыдӕр ӕмбӕрстой. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уыдаид, сӕхи цӕстӕй йӕ куы федтой, ацы лӕг диссӕгтӕ кӕй сарӕзта, стӕй, Хуыцауыл куыд ӕууӕнды ӕмӕ йӕ номӕй куыд хъӕбатырӕй дзуры. Уыдтой, Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ адӕмы куыд тынг уарзы, уый дӕр. Уыцы адӕймаг ӕцӕгдӕр уыди, йӕхи чи хуыдта, уый – «Давиды Фырт», Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессиа. Сӕ уырнындзинады тыххӕй уыцы сывӕллӕттӕ ахӕм хорзӕхӕй хайджын фесты, ӕмӕ пехуымпарады ныхӕстӕ сӕххӕст кодтой (Псалом 8:3).

14. Кӕстӕртӕ цы хорзӕхтӕй хайджын сты, уый фӕрцы сӕ бон куыд у Хуыцауы кадджын кӕнын?

14 Ацы хабӕрттӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Кӕстӕртӕн дӕр сӕ бон кӕй у Иегъовӕйы кадджын кӕнын. Сывӕллӕтты цӕсты ӕцӕгад арӕхдӕр вӕййы бӕлвырд-бӕрӕг ӕмӕ тынг хуымӕтӕг, сӕ уырнындзинадыл фӕдзурынц зынгзӕрдӕйӕ. Ӕмӕ уый у стыр хорзӕх. Ӕрыгӕттӕ ма хайджын сты ноджыдӕр иу хорзӕхӕй. Ӕмбисӕндты 20:29 цӕуы уый кой: «Лӕппу-фӕсивӕдӕн сӕ фидауц сӕ тых у». О, фӕсивӕд, сымах хайджын стут тых ӕмӕ хъаруйӕ – ӕмӕ уый фӕрцы дӕр у уӕ бон Иегъовӕйы кадджын кӕнын. Фӕлӕ бӕлвырдӕй куыд?

Куыд у дӕ бон Иегъовӕйы кадджын кӕнын?

15. Адӕймаг Иегъовӕйӕн аккаг кад кӕд кӕндзӕн?

15 Хуыцауӕн аккаг кад кӕнай, уый баст у зӕрдӕимӕ. Иннӕтӕ дын кӕй дзурынц, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй куы кадджын кӕнай Иегъовӕйы, уӕд уый ницы у. Рох дӕ ма уӕд ӕппӕты ахсджиагдӕр фӕдзӕхст: «Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37). Дӕ бон у зӕгъын, ӕмӕ Иегъовӕйы хорз базыдтай, йӕ Ныхас ын дӕхӕдӕг, сӕрмагондӕй, кӕй ахуыр кӕныс, уый фӕрцы? Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнгӕйӕ адӕймаджы зӕрдӕйы райгуыры уарзондзинады ӕнкъарӕн – Иегъовӕйы бауарзы. Ӕмӕ йӕ куы уарза, уӕд та йӕ кадджын дӕр кӕндзӕн. Уӕдӕ кӕд дӕ зӕрдӕйы ахӕм сыгъдӕг ӕмӕ тыхджын уарзт ис, уӕд Иегъовӕйы зынгзӕрдӕйӕ кадджын кӕндзынӕ.

16, 17. Не ’гъдау Иегъовӕйы кадджын кӕнынимӕ куыд баст у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Ныр та, адӕймагӕн зӕгъгӕ цы кӕндзынӕ, ууыл аныхас кӕныны размӕ, ӕркӕсӕм, аразгӕ цы хъуамӕ кӕнай, ома, дӕхи куыд хъуамӕ дарай, уымӕ. Куыд дӕм кӕсы, Елисейы рӕстӕджы сириӕгтӕм ахӕсты чи уыд, уыцы израилаг чызг ӕнӕхсӕст, сайӕгой куы уыдаид, хистӕр-кӕстӕр куы нӕ зыдтаид, уӕд ын йӕ хицӕуттӕ йӕ ныхасмӕ байхъуыстаиккой? Зын зӕгъӕн у. Афтӕ абон дӕр: адӕм дӕм хуыздӕр байхъусдзысты, куы йӕ зоной, уӕздан кӕй дӕ, сайгӕ кӕй никуы фӕкӕныс, фыдуаг митӕ кӕй нӕ кӕныс (Ромӕгтӕм 2:21). Ӕркӕсӕм иу хабармӕ.

17 Португалийы иу 11-аздзыд чызгӕн скъолайы иу бӕрӕгбон кӕнын кодтой, фӕлӕ, Библийӕ цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ уый бакӕнын йӕ бон нӕ уыд. Йӕ ахуыргӕнӕгӕн уӕзданӕй бамбарын кодта, бӕрӕгбоны цӕуылнӕ архайдзӕн, фӕлӕ йыл уый фӕхудти, иннӕты цӕсты йӕ бафтыдта. Уый фӕстӕ дӕр-иу дзы хынджылӕг кодта, йӕ диныл ын худтис. Фӕлӕ чызг йӕ ахуыргӕнӕгмӕ фӕстӕмӕ никуы сдзырдта. Азтӕ рацыд. Уыцы ӕрыгон хо пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Иу хатт конгрессы, донаргъуыд чи иста, уыдонмӕ куы каст, уӕд дзы йӕ цӕст схӕцыд иу сылгоймагыл. Уый уыд йӕ раздӕры ахуыргӕнӕг! Куы сӕмбӕлдысты, уӕд кӕрӕдзийӕн цӕссыгкалгӕ фӕхъӕбыстӕ кодтой. Уый фӕстӕ не ’рыгон хойӕн йӕ ахуыргӕнӕг загъта, йӕ уӕздандзинад дзы кӕй никуы рох кодта. Ӕмӕ йӕм иу хатт Иегъовӕйы Ӕвдисӕн куы бацыд, уӕд уымӕн дӕр ракодта йӕ кӕддӕры ахуыргӕнинаджы кой. Афтӕмӕй сылгоймаг Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ ӕцӕгад базыдта. Уӕдӕ, фӕсивӕд, уе ’гъдауӕй уӕ бон у Иегъовӕйӕн диссаджы кад ӕрхӕссын!

18. Ӕрыгон лӕппу кӕнӕ чызг скъолайы Библи ӕмӕ Иегъовӕйы тыххӕй дзурын куы нӕ уӕнда, уӕд цы саразын у йӕ бон?

18 Мыййаг дын скъолайы дӕ дины тыххӕй ныхас райдайын зын вӕййы? Зон, ӕрмӕст ды нӕ вӕййыс ахӕм уавӕры. Фӕлӕ ис афтӕ бакӕнӕн, ӕмӕ дӕ иннӕтӕ сӕхӕдӕг фӕрсдзысты, цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕй. Зӕгъӕм, кӕд скъолайы уый бар ис, уӕд дӕ бон у, ӕмӕ-иу демӕ нӕ литературӕйӕ исты ӕрбахӕссай ӕмӕ сӕ урокты ’хсӕн, кӕнӕ дын ӕндӕр фадат куы уа, уӕд кӕсай. Афтӕмӕй дӕ де ’мкъласонтӕ, чи зоны, бафӕрсой, цы кӕсыс, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын сӕ фарстӕн дзуапп куы дӕттай, статьяйы кӕнӕ чиныджы цымыдисагӕй цы бакастӕ, уый тыххӕй сын куы дзурай, уӕд ӕй хатгӕ дӕр нӕ фӕкӕндзынӕ, афтӕ уын ныхас бацайдагъ уыдзӕн. Кӕимӕ ныхас кӕнай, уымӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр фарстытӕ дӕтт, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕнды, уый базонай. Лӕмбынӕг ӕм хъус, ӕмӕ йын дзур, Библийӕ цы базыдтай, уый тыххӕй. Фӕсивӕд скъолайы Хуыцауы кӕй кадджын кӕнынц, уый сӕхицӕн дӕр стыр цин хӕссы, ӕмӕ ма иннӕтӕй дӕр бирӕтӕ базонынц Иегъовӕйы.

19. Ӕрыгӕттӕн куыд у сӕ бон, ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы арӕхстджындӕр кӕной?

19 Иегъовӕйы кадджын кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал – хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Кӕд нӕма райдыдтай уыцы хъуыддаджы архайын, уӕд хорз нӕ уаид, куы райдаис? Кӕд ныридӕгӕн дӕр хъусын кӕныс хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, уӕд та дӕ бон нӕу, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы фӕарӕхстджындӕр уай? Зӕгъӕм, алы дуары раз дӕр уыцы иу ныхӕстӕ дзурыны бӕсты ахуыр кӕн алыхуызон фарстатыл ныхас кӕнын. Адӕмимӕ ныхас райдайӕн куыд ис, уымӕй бафӕрс дӕ ныййарджыты кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрд чырыстӕтты. Цӕмӕ ма у дӕ бон тырнын? Кӕимӕфӕнды ма ныхас кӕнай, Библийӕ-иу ын иу стих уӕддӕр бакӕс. Адӕймагмӕ дыккаг-ӕртыккаг хатт бацӕугӕйӕ цы зӕгъдзынӕ, ууыл-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕн. Кӕнӕ та искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдай (1 Тимофеймӕ 4:15). Цас фылдӕр кадджын кӕнай Иегъовӕйы ахӕм хъуыддӕгтӕй, уыйас арӕхстджындӕр кӕндзынӕ, ӕмӕ дын уыйас фылдӕр цин хӕсдзӕн дӕ лӕггад дӕр.

Кӕд хъуамӕ райдайай Иегъовӕйы кадджын кӕнын?

20. Фӕсивӕды афтӕ хъуыды кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы, ӕмӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнынӕн нырма гыццылтӕ сты?

20 Нӕ ныхас цы ӕртӕ фарсты фӕдыл у, уыдонӕй фӕстагӕн йӕ дзуапп у иууыл хуымӕтӕгдӕр. Ӕркӕс ма, Библийы цы фыст ис: «Дӕ зӕрдыл дар дӕ Цытджын Сфӕлдисӕджы де ’рыгон бонты» (Екклесиаст 12:1). О, ныртӕккӕ дын у уый афон, ӕмӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнын райдайай. Чи зоны, зӕгъай, зӕгъгӕ, ӕз нырма гыццыл дӕн, ницыма зонын, сыстыр уал уон. Ахӕм хъуыдытӕ фыццаг дӕумӕ нӕ фӕзындысты. Кӕддӕр ӕрыгон Иереми дӕр афтӕ загъта Иегъовӕйӕн: «Нӕ, нӕ, Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, нырма ӕрыгон дӕн». Иегъовӕ дзы ныфс бауагъта, ма тӕрс, зӕгъгӕ (Иереми 1:6–8). Мах дӕр Иегъовӕйы куы кадджын кӕнӕм, уӕд нӕ тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы. Цыфӕнды ныл ма ’рцӕуа – ницы ис ахӕм, Иегъовӕ хос цӕмӕн ма ссара (Псалом 117:6).

21, 22. Иегъовӕйы чи кадджын кӕны, уыцы фӕсивӕд ӕртӕхимӕ цӕмӕн абарстӕуыд ӕмӕ уыцы абарст зӕрдӕйӕн ӕхсызгон цӕмӕн у?

21 Уӕдӕ, фӕсивӕд, зӕрдиагӕй уын дзурӕм: Иегъовӕйы кадджын кӕныныл фӕстӕ ма кӕнут! Уе ’рыгон бонтӕй хуыздӕр афон уын нӕй, зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр цы хъуыддаг у, уый кӕнынӕн. Дун-дунейы Иегъовӕйы чидӕриддӕр кадджын кӕны, уыдон сты иу бинонты хуызӕн. Ӕмӕ сымах дӕр уыцы диссаджы бинонтӕй куы уат, уӕд Иегъовӕйы цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн. Уӕ хъус ма ӕрдарут, Иегъовӕмӕ кувгӕйӕ пзаломзарӕггӕнӕг цы загъта: «Дӕ тыхы бон Дӕ адӕм цӕттӕ сты стыр рӕсугъд кувӕндоны; хуылфӕй бонвӕрноны фӕзындӕй раздӕр ӕртӕхы хуызӕн Дӕ райгуырд» (Псалом 109:3).

22 Куыд рӕсугъд ферттивы ӕртӕх сӕумӕрайсом хуры тынтӕм! Сатӕг, цӕхӕртӕкалгӕ ӕртӕхтӕ уыйбӕрц сты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй. Гъе уыцы ӕртӕхау рӕсугъд стут, фӕсивӕд, сымах Иегъовӕйы цӕсты, уымӕн ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнут, кадджын ӕй кӕнут ацы ӕмтъеры рӕстӕджы. Иегъовӕйы кадджын кӕнын кӕй сфӕнд кодтат, уымӕй йын, бӕгуыдӕр, йӕ зӕрдӕ рухс кӕнут (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Уӕдӕ цыфӕнды ма уа: фӕсивӕд, кадджын кӕнут Иегъовӕйы!

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Иегъовӕйы кадджын кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

• Библийӕ кӕй цӕвиттонтӕ ӕвдисынц, ӕрыгӕттӕн дӕр сӕ бон кӕй у Иегъовӕйы кадджын кӕнын?

• Абон ӕрыгӕттӕн Иегъовӕйы кадджын кӕнын сӕ бон куыд у?

• Кӕд хъуамӕ райдайой ӕрыгӕттӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Дӕ хӕлар диссаджы курдиаты хицау куы уа, уӕд иннӕтӕн уый кой нӕ ракӕндзынӕ?

[Ныв 17 фарсыл]

Чи зоны, де ’мкъласонты бафӕнда базонын, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй.

[Ныв 18 фарсыл]

Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы арӕхстджындӕр уай, уӕд фӕлтӕрдджын Ӕвдисӕны бафӕрс, ӕмӕ дын уый хорз уынаффӕтӕ ратдзӕн.