Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр

Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр

Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр

«Уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕронмӕ» (КУЫСТЫТӔ 1:8).

1. Библи кӕй амонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?

ФӔЛТӔРД ахуыргӕнджытӕ сӕ хъус дарынц, куыд ахуыр кӕнынц, ӕрмӕст уымӕ нӕ, фӕлӕ куыд дзурынц, уымӕ дӕр. Мах дӕр ӕцӕгад кӕй амонӕм, уымӕ гӕсгӕ афтӕ кӕнӕм. Нӕ хъус дарӕм, цы хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ йӕ куыд амонӕм, уымӕ. Нӕ хабар, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар, нӕ ивы, фӕлӕ уавӕртӕм гӕсгӕ ивӕм нӕ ахуыр кӕныны мадзӕлттӕ. Цӕмӕн? Цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнӕм.

2. Уавӕртӕм гӕсгӕ хъусынгӕнгӕйӕ кӕй фӕзмӕм?

2 Уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ хъусын кӕныны мадзӕлттӕ кӕй ивӕм, уымӕй фӕзмӕм Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты. Ӕркӕсӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Уый загъта: «Иудейтӕн ӕз уыдтӕн куыд Иудей... Закъонӕн ӕцӕгӕлонтӕн – куыд закъонӕн ӕцӕгӕлон... Ӕдыхтӕн уыдтӕн куыд ӕдых, цӕмӕй ссарон ӕдыхты. Ӕппӕтӕн дӕр ӕз сдӕн ӕппӕтдӕр, цӕмӕй ӕппын фӕстаг фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты» (1 Коринфӕгтӕм 9:19–23). Павел хъусын кӕныны мадзӕлттӕ кӕй ивта, бирӕ дӕр ын уымӕн ӕнтысти. Мах дӕр ӕнтыстджын уӕд уыдзыстӕм, нӕ ныхас адӕймаджы уавӕртӕм гӕсгӕ куы аразӕм.

Зӕххы кӕрӕттӕм

3. а) Цавӕр цӕлхдурыл сӕмбӕлдыстӕм хъусын кӕнгӕйӕ? ӕ) Исайы 45:22 ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?

3 Хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонӕн ӕппӕты стырдӕр цӕлхдур у, кӕуылты сӕ аххӕссын хъӕуы, уый – «ӕппӕт дунейыл» (Матфейы 24:14). Фӕстаг ӕнусы Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ цыдысты ног бӕстӕтӕм. Исты сын бантыст? Тынг бирӕ. XX ӕнусы райдианы хъусын кодтой ӕрмӕст цалдӕр бӕстӕйы, абон та Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы куыст кӕнынц 235 бӕстӕйы! Паддзахады тыххӕй хорз хабар фӕхӕццӕ суанг «зӕххы кӕрӕттӕм» (Исай 45:22).

4, 5. а) Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы стыр ахъаз чи уыд? ӕ) Иуӕй-иу филиалтӕ цы зӕгъынц, сӕ территорийы чи лӕггад кӕны, уыцы фӕсарӕйнӕгты фыдӕбоны тыххӕй?

4 Ахӕм рӕзтӕн цы фӕахъаз? Бирӕ цыдӕртӕ. Зӕгъӕм, миссионертӕ кӕй сахуыр кодтой Хъахъхъӕнӕн Мӕсыгы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады. Фӕстӕдӕр та, Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола каст чи фӕци, уыцы 20 000 фылдӕр ӕфсымӕры стыр ӕххуыс сты. Стӕй ма уымӕн фӕахъаз, Паддзахады хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кӕм хъуыди, уыцы бӕстӕтӕм Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ кӕй алыгъдысты, уый дӕр. Ахӕм чырыстӕттӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ, бинонджынтӕ ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн нӕй – ӕппӕт зӕххыл Паддзахады тыххӕй хорз хабар удуӕлдайӕ хъусын кӕнынц (Псалом 109:3; Ромӕгтӕм 10:18). Сӕ фыдӕбонӕн стыр аргъ ис. Мӕнӕ цы фыссынц иуӕй-иу филиалтӕ, сӕ территорийы фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уым фӕсарӕнтӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны тыххӕй.

5 «Уыцы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц дард рӕтты, ӕххуыс кӕнынц ног ӕмбырдтӕ аразынӕн ӕмӕ бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад фидар кӕнынц» (Эквадор). «Махмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй чи лӕггад кӕны, уыдон куы ацӕуой, уӕд ӕмбырдтыл тынг фӕзындзӕн. Ам кӕй сты, уый стыр арфӕдзинад у» (Доминиканы Республикӕ). «Бирӕ ’мбырдты фылдӕр хай сты хотӕ, иуӕй-иуты та сӕ 70 проценты (Псалом 67:12). Ацы хотӕй бирӕтӕ Хуыцауы фӕндагыл ӕрӕджы слӕууыдысты, фӕлӕ нӕм ӕндӕр бӕстӕтӕй цы ӕнӕцыд пионер-хотӕ ис, уыдон сын, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм ӕххуыс кӕнынц. Фӕсарӕйнаг хотӕ махӕн ӕцӕгдӕр сты зӕрдӕрухсы хос!» (Скӕсӕн Европӕйаг бӕстӕ). Ды та искуы хъуыды кодтай ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕныныл? * (Куыстытӕ 16:9, 10).

«Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы»

6. Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕммӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнын ӕнцон кӕй нӕу, уый Захарийы 8:23 куыд зыны?

6 Ӕндӕр стыр цӕлхдур ма у, зӕххыл алыхуызон ӕвзӕгтыл кӕй дзурынц, уый дӕр. Хуыцауы Ныхасы загъд уыд: «Уыцы бонты алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты, о, ныххӕцдзысты иудейаджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Захари 8:23). Ацы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, дӕс адӕймаджы абон сты, Раргомады 7:9 цы тынг бирӕ адӕмы кой кӕны, уыдон. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы, Захарийы пехуымпарады «дӕс адӕймаджы» ӕрбацӕудзысты, ӕрмӕст ӕппӕт адӕмтӕй нӕ, фӕлӕ «алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй». Ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый уынӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы.

7. «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг» адӕммӕ хорз хабар кӕй фӕхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

7 Ӕркӕсӕм иуӕй-иу бӕрӕггӕнӕнтӕм. Фӕндзай азы размӕ нӕ литературӕ мыхуыр цыди 90 ӕвзагыл. Абон та уыцы нымӕц ахызт 400. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта, цӕмӕй нӕ литературӕ цӕуа, суанг армыдзаг адӕм кӕуыл дзуры, ахӕм ӕвзӕгтыл дӕр (Матфейы 24:45). Зӕгъӕм, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ цӕуы гренландиаг (дзуры йыл 47 000 адӕймаджы), палауаг (дзуры йыл 15 000) ӕмӕ япаг (дзуры йыл 7 000 къаддӕр) ӕвзӕгтыл.

«Фӕтӕн дуар» гом кӕны ног фадӕттӕ

8, 9. «Фӕтӕн дуар» цавӕр фадӕттӕ байгом кодта ӕмӕ мингай Ӕвдисӕнтӕ уымӕ цы цӕстӕй ракастысты?

8 Абон нӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕндӕр бӕстӕмӕ цӕуын нӕ хъӕуы. Фӕстаг азты хъӕздыг бӕстӕты ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ лигъдӕттӕ кӕй сбирӕ сты, уымӕ гӕсгӕ дзы фӕзынди бирӕ ӕвзӕгтыл дзурӕг къордтӕ. Зӕгъӕм, Парижы (Франц) дзурынц 100 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Торонтойы (Канадӕ) – 125; Лондоны (Англис) та – 300 фылдӕр фӕсарӕйнаг ӕвзагыл! Не ’мбырдты территоритӕй бирӕты ӕндӕрбӕстаг адӕмы нымӕц кӕй фылдӕр кӕны, уый нын «фӕтӕн дуар» гом кӕны, цӕмӕй хорз хабар алы адӕмтӕн дӕр хъусын кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 16:9).

9 Мингай Ӕвдисӕнтӕ райдыдтой ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын. Сӕ фылдӕрӕн уый зын у. Фӕлӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ лигъдӕттӕн Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгад базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый уымӕй стырдӕр циндзинад хӕссы. Фарон иу Скӕсӕн Европӕйаг бӕстӕйы облӕстон конгрессты донаргъуыд чи райста, уыдонӕн сӕ 40 проценты уыдысты фӕсарӕйнӕгтӕ.

10. Брошюрӕ «Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр»-ӕй куыд пайда кӕныс? (Кӕс фӕлгӕты «Брошюрӕ „Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр»-ы цы ис“», 32 фарс.)

10 Махӕй бирӕты фӕсарӕйнаг ӕвзаг ахуыр кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у ӕрцӕуӕггӕгтӕн ӕххуыс кӕнын ног брошюрӕйӕ «Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» *. Уым Библийы хабар ис алыхуызон ӕвзӕгтыл (Иоанны 4:37). Ды дӕр ацы брошюрӕйӕ уацамынды пайда кӕныс?

Адӕм хорз хабармӕ куы нӕ фӕхъусынц

11. Иуӕй-иу рӕтты цавӕр цӕлхдурыл сӕмбӕлӕм?

11 Сайтан зӕххыл тынгӕй-тынгдӕр кӕй ӕндавы, уый тыххӕй арӕхдӕр сӕмбӕлӕм ӕндӕр цӕлхдурыл – адӕм кӕм нӕ хъусынц, ахӕм рӕттыл. Фӕлӕ нӕ уый дисы не ’фтауы, уымӕн ӕмӕ Йесо раджы загъта, афтӕ кӕй уыдзӕн: «Бирӕтӕн ӕруазал уыдзӕн сӕ уарзондзинад» (Матфейы 24:12). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, бирӕтӕ Хуыцауыл нал ӕууӕндынц ӕмӕ Библийӕн дӕр нал аргъ кӕнынц (2 Петры 3:3, 4). Уымӕ гӕсгӕ, иуӕй-иу бӕстӕты Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ сты тынг гыццыл. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахӕм рӕтты иузӕрдионӕй чи хъусын кӕны, уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фыдӕбон дзӕгъӕлы у (Дзуттытӕм 6:10). Цӕуылнӕ? Ӕркӕсӕм иу хъуыддагмӕ.

12. Нӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн цавӕр дыууӕ нысаны ис?

12 Матфейы Евангели ӕргом здахы нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы дыууӕ ахсджиаг нысанмӕ. Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ «цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй» (Матфейы 28:19, НД). Иннӕ та, Паддзахады хабар «ӕвдисӕнӕн» кӕй у, уый (Матфейы 24:14). Дыууӕ дӕр ӕнӕмӕнг сты, фӕлӕ фӕстагӕн уӕлдай стырдӕр нысаниуӕг ис. Цӕмӕн?

13, 14. а) Чырысти адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уыцы нысанӕн йӕ ахсджиаг хай цы у? ӕ) Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, уӕлдайдӕр та, хорз хабармӕ кӕм нӕ хъусынц, ахӕм ран куы хъусын кӕнӕм, уӕд?

13 Матфей ныффыста, Йесойы йӕ апостолтӕ цӕмӕй бафарстой, уый: «Адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй дӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цавӕр нысанӕй уыдзӕн базонӕн?» (Матфейы 24:3, НД). Йесо сын бацамыдта уыцы нысаны иу ахсджиаг хаймӕ – ӕппӕтдунеон уацамындон куыстмӕ. Цымӕ ам ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй дзырдта? Нӕ. «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели [«хорз хабар», НД] ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн» (Матфейы 24:14). Афтӕмӕй Йесо равдыста, Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг йӕхӕдӕг кӕй уыдзӕн уыцы нысаны ахсджиаг хай.

14 Уӕдӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕд ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын алы хатт нӕ къухы не ’фты, уӕддӕр «ӕвдисӕнад» дӕттӕм. Уыцы хабармӕ адӕм цыфӕнды цӕстӕй ма ракӕсой, уӕддӕр зонынц, мах цы куыст кӕнӕм, ӕмӕ уымӕй та ӕххӕст кӕнӕм Йесойы пехуымпарад (Исай 52:7; Раргомад 14:6, 7). Ныгуылӕн Европӕйӕ иу ӕрыгон Ӕвдисӕн, Джорди, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕз тынг амондджын дӕн, Иегъовӕ мын уый бар кӕй радта, цӕмӕй ӕз дӕр Матфейы 24:14 ӕххӕст кӕнон» (2 Коринфӕгтӕм 2:15–17). Ды дӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕныс, ууыл дзырд дӕр нӕй.

Хорз хабары ныхмӕ куы фӕцӕуынц

15. а) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕмӕй бафӕдзӕхста? ӕ) Кӕд нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр цӕй фӕрцы у нӕ бон хъусын кӕнын?

15 Паддзахады тыххӕй хорз хабары ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый у ӕндӕр цӕлхдур. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Сымах ӕнӕуынон уыдзыстут ӕппӕт адӕмӕн Мӕ номы тыххӕй» (Матфейы 24:9). Фыццаг чырыстӕттау, абон Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр ӕнӕуынон сты, сӕ ныхмӕ цӕуынц ӕмӕ сӕ ӕфхӕрынц (Куыстытӕ 5:17, 18, 40; 2 Тимофеймӕ 3:12; Раргомад 12:12, 17). Иуӕй-иу бӕстӕты хицӕуттӕ сӕ ныр дӕр хъусын кӕнын нӕ уадзынц. Фӕлӕ уӕддӕр, ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ ахӕм бӕстӕты хорз хабар хъусын кӕнынц (Амос 3:8; Куыстытӕ 5:29; 1 Петры 2:21). Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххыл дӕр цӕй фӕрцы хъусын кӕнынц? Иегъовӕ сын йӕ сыгъдӕг уды уылты тых кӕй дӕтты, уый фӕрцы (Захари 4:6; Ефесӕгтӕм 3:16; 2 Тимофеймӕ 4:17).

16. Уацамынд ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд кӕрӕдзийыл баст кӕй сты, уый Йесо куыд равдыста?

16 Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕмӕ уацамынд кӕрӕдзийыл ӕнгом баст кӕй сты, уый тыххӕй Йесо дзырдта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн: «Сымах райсдзыстут тых, Сыгъдӕг Уд уыл куы ӕрцӕуа, ӕмӕ уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕронмӕ» (Куыстытӕ 1:8; Раргомад 22:17). Ацы стихы цаутӕ куыд цӕуынц, уый ахсджиаг у. Фыццаджыдӕр, ахуыргӕнинӕгтӕ райстой сыгъдӕг уд, ӕмӕ уый фӕстӕ райдыдтой ӕппӕт дунейыл хъусын кӕнын. Ӕмӕ кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы лӕвӕрдтой ӕвдисӕнад ӕппӕт адӕмтӕн дӕр (Матфейы 24:13, 14; Исай 61:1, 2). Уымӕн схуыдта Йесо сыгъдӕг уд «ныфсдӕттӕг» (Иоанны 15:26, «Мах дуг» №5, 1992). Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, Хуыцауы сыгъдӕг уд сӕ кӕй ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ сын разамынд кӕй дӕтдзӕн (Иоанны 14:16, 26; 16:13).

17. Нӕ ныхмӕ карзӕй куы фӕцӕуынц, уӕд нын сыгъдӕг уд куыд феххуыс кӕны?

17 Хуыцауы сыгъдӕг уд нын абон куыд ӕххуыс кӕны, хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ нӕ ныхмӕ карзӕй куы фӕцӕуынц, уӕд? Нӕ тыхыл нын тых бафтауы, ӕмӕ нӕ чи хъыгдары, уыдоны ныхмӕ рацӕуы. Ӕркӕсӕм паддзах Саулы цардӕй иу хабармӕ.

Хуыцауы сыгъдӕг уд ныхмӕ цӕуы

18. а) Саул ӕвзӕрырдӕм куыд фӕивта? ӕ) Саул Давиды ныхмӕ куыд цыди?

18 Саул райдианы уыд хорз паддзах. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Иегъовӕйы коммӕ нал каст (1 Паддзахӕдты 10:1, 24; 11:14, 15; 15:17–23). Ӕмӕ йын уый тыххӕй Хуыцауы сыгъдӕг уд нал ӕххуыс кодта. Саул тынг мӕсты кодта Давидмӕ, Израилы паддзахӕй сӕрст чи ӕрцыд ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд кӕмӕн ӕххуыс кодта, уымӕ (1 Паддзахӕдты 16:1, 13, 14). Афтӕ зынди, цыма Давид ӕдых у. Уымӕй уӕлдай ма, уымӕ уыди ӕрмӕст хъисын фӕндыр, Саулмӕ та арц. Иу бон, Давид хъисын фӕндырыл куы цагъта, уӕд ыл «Саул арц фехста ӕмӕ загъта: „Давиды къулмӕ ныххуыйдзынӕн!“. Фӕлӕ Давид фӕгуыбыр кодта, ӕмӕ афтӕ уыди дыууӕ хатты» (1 Паддзахӕдты 18:10, 11). Уый фӕстӕ Саул йӕ фырт Ионафанмӕ, Давиды хӕлармӕ, байхъуыста ӕмӕ йын дзырд радта: «Удӕгас у Иегъовӕ, [Давид] нӕ амӕлдзӕн». Фӕстӕдӕр та Саулы ногӕй «фӕндыд Давиды арцӕй къулмӕ ныххуыйын, фӕлӕ та Давид фӕгуыбыр кодта ӕмӕ арц къулы нынныхсти». Давид алыгъд, фӕлӕ Саул йӕ фӕдыл зылди. Уыцы уӕззау рӕстӕг, Хуыцауы сыгъдӕг уд уыд Саулы ныхмӕ. Куыд? (1 Паддзахӕдты 19:6, 10).

19. Хуыцауы сыгъдӕг уд Давиды куыд хъахъхъӕдта?

19 Давид алыгъд пехуымпар Самуилмӕ, фӕлӕ Саул йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой. Давид кӕм ӕмбӕхсти, уырдӕм куы ӕрбацыдысты, уӕд «Хуыцауы сыгъдӕг уд Саулы адӕмыл ӕрцыд, ӕмӕ уыдон дӕр сӕхи пехуымпарты хуызӕн дарын райдыдтой». Хуыцауы сыгъдӕг уд сыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ цӕмӕн ӕрвыст уыдысты, уый сӕ ферох. Саул ма дыууӕ хатты арвыста йӕ адӕмы Давиды ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ дыууӕ хатты дӕр сӕ хъуыддаг афтӕ рауади. Ӕппынфӕстаг паддзах Саул йӕхӕдӕг араст Давиды фӕдыл, фӕлӕ йӕхи бон дӕр ницы баци Хуыцауы сыгъдӕг уды ныхмӕ. Бӕлвырд у, сыгъдӕг уд ӕй уӕд «ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв» ницы аразын бауагъта, ӕмӕ афтӕмӕй Давидӕн йӕ бон сси алидзын (1 Паддзахӕдты 19:20–24).

20. Цӕуыл дзурӕг нын у, Саул Давиды фӕстӕ кӕй зылд, уый?

20 Саул ӕмӕ Давиды хабар у уырнындзинад фидаргӕнӕн: Хуыцауы лӕггадгӕнджыты знӕгтӕ ӕнтыстджын нӕ уыдзысты, йӕ сыгъдӕг уд сӕ ныхмӕ куы уа, уӕд (Псалом 45:12; 124:2). Иегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй Давид уыдаид Израилы паддзах. Ничи фӕивтаид уыцы фӕнд. Нӕ рӕстӕгӕн та Иегъовӕ сфӕнд кодта, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуа. Ӕмӕ уый ничи бауромдзӕн (Куыстытӕ 5:40, 42).

21. а) Абон не знӕгтӕй иуӕй-иутӕ куыд архайынц? ӕ) Фидар ныфс нӕ цӕмӕй ис?

21 Иуӕй-иу динон ӕмӕ политикон разамонджытӕ мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ суанг тыхмийӕ архайынц нӕ бакъуылымпы кӕныныл. Фӕлӕ Иегъовӕ Давиды уырнындзинад куыд хъахъхъӕдта, афтӕ абон дӕр бахъахъхъӕндзӕн йӕ адӕмы уырнындзинад (Малахи 3:6). Давидау мах дӕр фидарӕй дзурӕм: «Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ дарын, нӕ тӕрсын, цы бакӕндзӕн мӕнӕн адӕймаг?» (Псалом 55:12; 120:1–8; Ромӕгтӕм 8:31). Хуыцау нын бахӕс кодта Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъусын кӕнын. Ӕмӕ Иегъовӕйы фӕрцы фӕндфидарӕй цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр ахиздзыстӕм.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Кӕс фӕлгӕты «Амондджын сты», 28 фарс.

^ 10 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Хъуыды ма кӕныс?

• Уавӕртӕм гӕсгӕ цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

• «Фӕтӕн дуар» цавӕр ног фадӕттӕн байгом ис?

• Хорз хабармӕ кӕм нӕ хъусынц, уыцы рӕтты дӕр нын цы бантыст?

• Знӕгтӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг цӕуылнӕ ӕрлӕууын кӕндзысты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 23 фарсыл]

Амондджын сты

«Уыдон амондджын сты, Иегъовӕйӕн хӕдзарыдзагӕй кӕй лӕггад кӕнынц». Афтӕ дзурынц, Испанийӕ Боливимӕ чи алыгъд, уыцы бинонтӕй. Сӕ лӕппу уырдӕм ацыд, дард ран цы къорд ис, уымӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Йӕ лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ куыд рухс кӕны, уый йӕ ныййарджытӕ куы федтой, уӕд уыдоны дӕр – семӕ сӕ цыппар лӕппуйы дӕр (14 азӕй 25 азы онг) – бафӕндыд уырдӕм ацӕуын. Ныр лӕппутӕй ӕртӕйӕ сты пионертӕ ӕмӕ, Боливимӕ фыццаг чи ацыд, уый та ӕрӕджы каст фӕци Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола.

«Бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм,– афтӕ дзуры, скӕсӕн Европӕмӕ Канадӕйӕ чи ӕрцыд, уыцы 30-аздзыд Анжеликӕ.– Фӕлӕ райгонд дӕн, уацамынды адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнын, уымӕй. Ныфсы хос ма мын сты бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ дӕр, кӕй сӕм ӕрцыдтӕн, уый тыххӕй мын арӕх бузныг чи дзуры, уыдон».

«Ам адӕм хӕст сты бынтон ӕндӕр ӕгъдӕуттыл»,– дзурынц 20 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, дыууӕ ахӕм хӕрзхойы Иугонд Штаттӕй, лӕггад кӕнынц Доминиканы Республикӕйы. «Фӕлӕ нӕ лӕггад нӕ ныууагътам, ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй ныр авд адӕймаджы ӕмбырдтӕм цӕуынц». Ацы дыууӕ хо баххуыс кодтой, ӕмбырд кӕм нӕй, уыцы горӕты хъусынгӕнджыты къорд саразынӕн».

Лаурӕ, 20 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм хо цыппар азӕй фылдӕр лӕггад кодта ӕндӕр бӕстӕйы. Уый дзуры: «Мӕ цард мӕхӕдӕг фӕхуымӕтӕг кодтон. Афтӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ федтой, хуымӕтӕг цард мӕгуырдзинадыл дзурӕг кӕй нӕу, уый адӕймагӕн йӕхи фӕндон у ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадыл дзурӕг у. Мӕ бон иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын кӕй у, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕн, уый мын стыр цин хӕссы. Афтӕмӕй мын ӕнцондӕр у, ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусынгӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлын, уыдоны сӕрты хизын. Мӕ лӕггад цыфӕнды хорз цардыл дӕр нӕ баивдзынӕн, ӕмӕ цалынмӕ Иегъовӕйы фӕнда, уӕдмӕ хъусын кӕндзынӕн».

[Рамкӕ/Ныв 32 фарсыл]

Брошюрӕ «Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр»-ы цы ис

Брошюрӕ «Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр»-ы цы хабар ис, уый ахсы иу фарс ӕмӕ фыст у 92 алыхуызон ӕвзагыл. Фыст у фыццаг цӕсгомӕй. Уымӕ гӕсгӕ, чи йӕ кӕса, уымӕ афтӕ фӕкӕсдзӕн, цыма дӕхӕдӕг йемӕ ныхас кӕныс.

Брошюрӕ куы бакӕнай, уӕд дзы фендзынӕ Зӕххы къорийы картӕ. Уыцы картӕйы руаджы, кӕимӕ ныхас кӕнай, уыимӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбардзыстут. Дӕ бон ын уыдзӕн равдисын, цы бӕстӕйы цӕрыс, уый, ӕмӕ йӕ бафӕрсын, ды та кӕцӕй дӕ, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардзынӕ ӕмӕ уӕ бон уыдзӕн зонгӕтау аныхас кӕнын.

Брошюрӕйы разныхасы ис, кӕй не ’мбарыс, ахӕм ӕвзагыл дзурӕг адӕймӕгтӕн баххуыс кӕнынӕн мадзӕлттӕ. Дӕ хорзӕхӕй, лӕмбынӕг сӕ бакӕс ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ зӕрдӕбынӕй архай.

Брошюрӕйы сӕргӕндты амынд сты ӕвзӕгтӕ ӕмӕ сӕ нысӕнттӕ. Уый фӕрцы бамбардзынӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл уагъд трактаттӕ кӕнӕ ӕндӕр литературӕйыл мыхуыр нысӕнттӕ.

[Ныв]

Ацы брошюрӕйӕ пайда кӕныс?

[Ныв 31 фарсыл]

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ.