Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар хӕссӕм

Хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар хӕссӕм

Хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар хӕссӕм

«Куыд рӕсугъд сты хӕхтыл... фидиуӕджы къӕхтӕ, хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар чи хӕссы» (ИСАЙ 52:7).

1, 2. а) Цавӕр ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕуы алы бон дӕр? ӕ) Бирӕтӕ ӕдзух ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй хъусынц, уый сыл куыд фӕзыны?

АБОН адӕм ӕгас дунейы дӕр ӕвзӕр хабӕрттӕй фылдӕр ницы хъусынц. Радиойӕ дзурынц, мӕлӕтдзаг низтӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл кӕй парахат кӕнынц. Газеты фыссынц, кӕмдӕр та хӕдзӕрттӕ кӕй срӕмыгътой ӕмӕ та ӕнаххос адӕм кӕй бабын сты. Телевизоры ног хабӕртты ӕвдисынц, ӕххормаг сывӕллӕттӕ ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый. Ахӕм нывтӕ адӕмы сӕрӕй бирӕ рӕстӕг нал фӕхизынц.

2 Ахӕм бон нӕ вӕййы, ӕмӕ исты фыдбылыз ма ’рцӕуа. Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы дунейы фӕлгонц ивы – бонвыддӕр кӕны (1 Коринфӕгтӕм 7:31). Ныгуылӕн Европӕйы иу политикон журналы фыст уыд, зӕгъгӕ, адӕймагмӕ иуӕй-иу хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма ӕгас дуне дӕр «сӕрсӕфӕнмӕ фӕцӕуы». Уӕдӕ диссаг нӕу, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, ахӕм адӕм кӕй фылдӕр кӕнынц. Иугонд Штатты ног хабӕртты тыххӕй иу лӕг цы загъта, уыимӕ бирӕтӕ сразы уыдзысты: «Ног хабӕрттӕм куы бакӕсын, уӕд мӕм цӕрын дӕр нал фӕцӕуы. Адӕймагӕн йе уӕнг амӕлы. Хорзӕй дзы ницы фехъусдзынӕ».

Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ фехъуса уыцы хабар

3. а) Библи цавӕр хорз хабары тыххӕй дзуры? ӕ) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабарӕн цӕмӕн аргъ кӕныс?

3 Ацы змӕст дунейы ма хорзӕй исты фехъусӕн ис? Ис! Цӕйас ныфс нын у, Библи цы хорз хабары кой кӕны, уый – Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн низтӕ, ӕххормагдзинад, фыдракӕндтӕ, хӕст ӕмӕ алы ӕфхӕрдӕн (Псалом 45:10; 71:12). Ацы хабар хъуамӕ алчидӕр ма фехъуса? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй – о. Уымӕ гӕсгӕ алы ран дӕр зындгонд сты, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй (Матфейы 24:14).

4. Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕдыл фарстытӕй ацы статьяйы кӕцытӕ равзардзыстӕм? Иннӕйы та?

4 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы хорз хабар зӕрдӕрайгӕйӕ ӕмӕ куыд хуыздӕр уа, афтӕ хъусын кӕнӕм, суанг нӕм адӕм кӕм нӕ хъусынц, ахӕм рӕтты дӕр? (Лукайы 8:15). Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕртӕ ахсджиаг фарсты цыбыртӕй равзарӕм: 1) Цӕмӕн хъусын кӕнӕм? 2) Цы хъусын кӕнӕм? 3) Куыд хъусын кӕнӕм? Цӕмӕн хъусын кӕнӕм, уый нӕ куы нӕ рох кӕна, цы хабар хӕссӕм, уый бӕлвырд, ӕнцонӕмбарӕн куы уа ӕмӕ хъусын кӕныны мадзӕлттӕй хорз куы пайда кӕнӕм, уӕд алыхуызон адӕм фехъусдзысты ӕппӕты хуыздӕр хабар – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар *.

Хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм

5. а) Сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъусын кӕнӕм? ӕ) Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ хъусын кӕныны фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнгӕйӕ бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй уарзӕм?

5 Фыццаджыдӕр уал ахъуыды кӕнӕм: хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм? Йесо цӕмӕн хъусын кодта, мах дӕр уымӕн. Уый загъта: «Ӕз... уарзын Фыды» (Иоанны 14:31; Псалом 39:9). Сӕйрагдӕр та, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уымӕн хъусын кӕнӕм (Матфейы 22:37, 38). Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы уарзын ӕмӕ уацамынд кӕрӕдзиимӕ баст сты: «Хуыцауы уарзын уый у, цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ» (1 Иоанны 5:3; Иоанны 14:21). Фӕлӕ цымӕ цӕуын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хауы? (Матфейы 28:19). О. Кӕд ацы ныхӕстӕ Йесо загъта, уӕддӕр Иегъовӕйӕ цӕуынц. Куыд? Йесо нын ӕй ӕмбарын кӕны: «Мӕхицӕй... ницы кӕнын, фӕлӕ куыд сахуыр кодта Мӕн Мӕ Фыд, афтӕ дзурын» (Иоанны 8:28; Матфейы 17:5). Уӕдӕ хъусын кӕныны фӕдзӕхст ӕххӕстгӕнгӕйӕ Иегъовӕйӕн ӕвдисӕм нӕ уарзт.

6. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ хъусын кӕнынмӕ цӕмӕн разӕнгард кӕны?

6 Нӕ уарзондзинад ма нӕ хъусын кӕнынмӕ уымӕн разӕнгард кӕны, ӕмӕ нӕ фӕнды, Сайтан Хуыцауы ныхмӕ цы дзуры, уыдон мӕнг кӕй сты, уый сбӕлвырд кӕнын (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Сайтан сдзырддаг кодта Хуыцауы хицаудзинад, ома раст разамынд нӕ дӕтты (Уӕвынад 3:1–5). Мах Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ тынг фӕнды Сайтаны хахуыр ныхӕстӕ хурмӕ калын ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз дӕр Хуыцауы ном рухс кӕнын (Исай 43:10–12). Стӕй ма уымӕн хъусын кӕнӕм, ӕмӕ базыдтам Иегъовӕйы миниуджытӕ, йӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ. Нӕ Хуыцаумӕ ӕввахс стӕм, ӕмӕ нӕ тынг фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕ адӕм дӕр базоной. Иегъовӕйы хорздзинад ӕмӕ нын йӕ рӕстаг фӕндӕгтӕ уыйбӕрц цин хӕссынц, ӕмӕ Иегъовӕйы тыххӕй дзурынӕй не ’фсӕдӕм (Псалом 144:7–12). Мах фӕнды дарддӕр дӕр Хуыцауы кадджын кӕнын ӕмӕ нӕм чи хъуса, уыдонӕн йе «стыр хъуыддӕгты» тыххӕй дзурын (1 Петры 2:9, НФ; Исай 43:21).

7. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уымӕй уӕлдай ма нӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддаг разӕнгард кӕны хъусын кӕнынмӕ?

7 Дарддӕр дӕр цӕмӕн хъусын кӕнӕм, уымӕн ма ис иу ахсджиаг хъуыддаг: мах зӕрдиагӕй фӕнды, ӕвзӕр хабӕрттӕй йӕ ныфс бынтон кӕмӕн асаст, науӕд ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй чи тыхсы, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын. Уымӕй фӕзмӕм Йесойы. Ӕркӕсӕм ма, Маркы 6 сӕры цы фыст ис, уымӕ.

8. Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй Маркы 6 сӕры цы дзырдӕуы?

8 Иу хатт апостолтӕ уацамындӕй куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн радзырдтой, цы арӕзтой ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодтой, ӕппӕт уыдӕттӕ. Йесо федта, апостолтӕ фӕллад кӕй сты, ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй йемӕ ацыдаиккой ӕмӕ иу гыццыл сӕ фӕллад суагътаиккой. Уыдон дӕр йемӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ хибар ранмӕ ацыдысты. Фӕлӕ адӕм сӕ фӕдыл доны былтыл азгъордтой ӕмӕ сӕ уайтагъд баййӕфтой. Куыд бакодта Йесо? Уый «федта бирӕ адӕмы ӕмӕ фӕтӕригъӕд кодта уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕ фыййау фыстау; ӕмӕ райдыдта ахуыр кӕнын уыдоны бирӕ» (Маркы 6:31–34). Кӕд Йесо тынг фӕллад уыд, уӕддӕр адӕмӕн дзырдта хорз хабар, уымӕн ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта. Уыцы адӕмыл йӕ зӕрдӕ ӕцӕгдӕр рыст.

9. Цӕмӕн хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй Маркы 6 сӕрӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Ацы цау нын цӕуыл дзурӕг у? Махӕн, чырыстӕттӕн, нӕ хӕс у хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Мах ӕмбарӕм, хорз хабар кӕй хъуамӕ дзурӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕнды, «цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой» (1 Тимофеймӕ 2:4). Хъусын кӕнын нӕ хӕс кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй йӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ адӕмӕн тӕригъӕд кӕй кӕнӕм. Нӕ зӕрдӕ сыл Йесойау куы рисса, уӕд сӕм хорз хабар цыфӕндыйӕ дӕр хӕсдзыстӕм (Матфейы 22:39). Цӕмӕн хъусын кӕнӕм, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нӕ хорз хабар хӕссын ницы хъыгдардзӕн.

Нӕ хабар – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар

10, 11. а) Цы хабар хӕссӕм, уый тыххӕй пехуымпар Исай цы загъта? ӕ) Хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй Йесо хорз хабар куыд хаста ӕмӕ йӕ абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куыд фӕзмынц?

10 Нӕ лӕггады дыккаг ахсджиаг фарсты – нӕ хабары тыххӕй, цы ис зӕгъӕн? Цы хъусын кӕнӕм? Уый тыххӕй пехуымпар Исай загъта диссаджы ныхӕстӕ: «Куыд рӕсугъд сты хӕхтыл хорз хабар хъусынгӕнӕджы, фарны фидиуӕджы къӕхтӕ, хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар чи хӕссы, ирвӕзындзинад чи хъусын кӕны ӕмӕ Сионӕн чи дзуры: „Дӕ Хуыцау сси паддзах!“» (Исай 52:7).

11 Ацы стихы сӕйраг ныхӕстӕ, «дӕ Хуыцау сси паддзах», зӕгъгӕ, нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, цы хъуамӕ хъусын кӕнӕм, уый – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар (Маркы 13:10). Стӕй ма ацы стихӕй уынӕм, нӕ хабар адӕмӕн ныфсы хос кӕй у. Исай спайда кодта ахӕм ныхӕстӕй: «ирвӕзындзинад», «хорз хабар», «фарн», «хуыздӕр цыдӕр». Исайӕ цалдӕр ӕнусы фӕстӕдӕр, н. э. I ӕнусы, Йесо Чырысти диссаджы хуызы сӕххӕст кодта ацы пехуымпарад. Ӕмӕ нын хорз цӕвиттон ныууагъта, хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, ома Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын (Лукайы 4:43). Нӕ дуджы, уӕлдайдӕр та 1919 азӕй фӕстӕмӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр Йесойау зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц, уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад кӕй сфидар ӕмӕ стыр хорзӕхтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн.

12. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдоныл уый куыд фӕзыны?

12 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдоныл уый куыд фӕзыны? Абон дӕр, Йесойы бонты куыд уыд, афтӕ уый дӕтты ныфс ӕмӕ удӕнцой (Ромӕгтӕм 12:12; 15:4). Уый сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ныфс ратты, ӕмӕ бӕлвырд базонынц, фидӕны хуыздӕр рӕстӕг кӕй уыдзӕн (Матфейы 6:9, 10; 2 Петры 3:13). Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонӕн ацы ныфс тынг ӕххуыс кӕны цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсынӕн. Псаломзарӕггӕнӕг дзуры, зӕгъгӕ, уыдон «ӕвзӕр койӕ нӕ фӕтӕрсдзысты» (Псалом 111:1, 7).

Уыцы хабар «саст зӕрдӕтӕ бабӕтты»

13. Хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын, уый пехуымпар Исай куыд равдыста?

13 Стӕй, мах цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ чи хъусы, уыдонӕн хӕссы удӕнцой ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ. Куыд? Уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй пехуымпар Исай загъта: «Дунедарӕг Иегъовӕйы уд ис мӕныл, уымӕн ӕмӕ мӕ Иегъовӕ уый тыххӕй байсӕрста, цӕмӕй хорз хабар дзурон сӕрныллӕг адӕмӕн. Уый тыххӕй мӕ рарвыста, цӕмӕй саст зӕрдӕтӕ бабӕттон, цӕмӕй фехъусын кӕнон, уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ ма суанг ахӕстоны чи ис, уыдонӕн дӕр сӕ цӕстытӕ кӕй байгом уыдзысты, уый; цӕмӕй хъусын кӕнон Иегъовӕйы хӕрзаудӕны аз ӕмӕ нӕ Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй; цӕмӕй маст чи кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕнон» (Исай 61:1, 2; Лукайы 4:16–21).

14. а) Дзырдтӕ «саст зӕрдӕтӕ бабӕттын», зӕгъгӕ, Паддзахады хабары тыххӕй цӕуыл дзурӕг сты? ӕ) Иегъовӕ зӕрдӕсаст адӕмыл кӕй тыхсы, уый нӕ хъуыддӕгтӕй куыд бӕрӕг кӕны?

14 Ацы пехуымпарады куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй-иу, хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ Йесо «саст зӕрдӕтӕ бабаста». Цӕй диссаджы ныхӕстӕй спайда кодта Исай! Библи ӕмбарынгӕнӕн дзырдуатмӕ гӕсгӕ дзырд «бабӕттын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ма «амоны цӕф бабӕттын ӕмӕ дзӕбӕх кӕнын дӕр». Цӕмӕй цӕф адӕймагӕн йӕ хъӕдгом тагъддӕр байгас уа, уый тыххӕй йын медицинон хо баххуыс кӕны: йӕ цӕф ын бабӕтты кӕнӕ йыл хостӕ февӕры. Раст афтӕ Паддзахады тыххӕй хабар хъусынгӕнгӕйӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц, чи хъизӕмар кӕны, уыдонӕй зӕрдиагӕй чи байхъусы, уыцы адӕмӕн. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Иегъовӕ сыл кӕй тыхсы (Иезекил 34:15, 16). Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы тыххӕй загъта: «Уый дзӕбӕх кӕны зӕрдӕйӕ састыты, хос кӕны сӕ хъыгдзинӕдтӕн» (Псалом 146:3).

Хуыцауы Паддзахады хабар ныфсы хос куыд у

15, 16. Тыхст чи у, уыдонӕн Паддзахады тыххӕй хорз хабар куыд ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

15 Паддзахады тыххӕй хабар зӕрдӕсаст адӕмӕн ӕцӕгӕйдӕр кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ сӕ кӕй фидар кӕны, уымӕн цардӕй бирӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕссӕн ис. Ӕркӕсӕм Ореаннӕйы, Хуссар Америкӕйӕ ацӕргӕ сылгоймаджы хабармӕ. Цӕрын ӕй нал фӕндыд. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕм цӕуын райдыдтой ӕмӕ йын Библи ӕмӕ «Мӕ библион радзырдты чиныг» кастысты *. Фыццаг-иу, ныфссаст сылгоймаг, цы йын кастысты, уымӕ хъуыста сынтӕджы хуысгӕйӕ, йӕ цӕстытӕ ӕхгӕд, афтӕмӕй, ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ арф ныуулӕфыд. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фӕлвӕрдта сынтӕджы бадыныл, цалынмӕ-иу ын кӕсгӕ кодтой, уӕдмӕ. Цасдӕры фӕстӕ та уаты къӕлӕтджын бандоныл бадгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ каст, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уымӕ. Стӕй та Паддзахады залмӕ фембӕлдтӕм цӕуын райдыдта. Уым-иу цы базыдта, уый йын йӕ зӕрдӕ афтӕ агайдта, ӕмӕ-иу йӕ хӕдзары цурты чи фӕцӕйцыд, уыцы адӕмӕн Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ лӕвӕрдта. Ӕппынфӕстаг 93-аздзыд Ореаннӕ донаргъуыд райста ӕмӕ сси Иегъовӕйы Ӕвдисӕн. Паддзахады тыххӕй хорз хабар та дзы ногӕй ныфс бауагъта (Ӕмбисӕндтӕ 15:30; 16:24).

16 Хорз хабар ныфсы хос у, низы аххосӕй йӕ бонтӕ нымад кӕмӕн сты, суанг уыдонӕн дӕр. Ӕркӕсӕм Ныгуылӕн Европӕйӕ Мариайы царды хабармӕ. Уый уыди мӕлӕтдзаг рынчын ӕмӕ йӕ цардӕй ӕппындӕр ницыуал ныфс уыд. Уыцы рӕстӕг ӕм цӕуын райдыдтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕмӕ Хуыцауы фӕндты тыххӕй куы базыдта, уӕд та ногӕй йӕ зӕрдӕмӕ рухс бакалд. Донаргъуыд райста ӕмӕ хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кодта. Йӕ царды фӕстаг дыууӕ азы дӕр йӕ цӕстыты ныфс ӕмӕ цины цӕхӕр нӕ бамынӕг. Мариа амард, фӕлӕ йӕ фидар ныфс уыд, Хуыцау ӕй кӕй райгас кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 8:38, 39).

17. а) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдоны цард куыд фӕивы? ӕ) Иегъовӕ «дӕлӕмӕ ӕппӕрстыты иууылдӕр» куыд слӕууын кӕны, уый дӕхицӕй зоныс?

17 Ахӕм хабӕрттӕй зыны, Библийы ӕцӕгад базонын тынг кӕй фӕнды, уыдоны цард Паддзахады тыххӕй хорз хабар куыд ивы, уый. Йӕ уарзон адӕймаджы мӕлӕтыл чи хъыг кӕны, уыдоны зӕрдӕмӕ та рухс бакӕлы, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый куы базонынц, уӕд (1 Фессалоникӕгтӕм 4:13). Мӕгуыр чи цӕры ӕмӕ йӕ бинонтӕн къӕбӕр самал кӕныныл чи тухӕн кӕны, уыдон ногӕй сӕхицӕн аргъ кӕнын райдайынц ӕмӕ сӕ ныфс бацӕуы, куы базонынц, Иегъовӕ сӕ кӕй никуы ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл куы уой, уӕд (Псалом 36:28). Иегъовӕйы фӕрцы депрессийӕ рынчынтӕ цадӕггай сӕхимӕ хъарутӕ ссардтой уыцы низимӕ тох кӕнынӕн – иуӕй-иутӕ та дзы суанг дзӕбӕх дӕр систы (Псалом 39:2, 3). Ӕцӕгдӕр, Библи цы хъару дӕтты, уый фӕрцы Иегъовӕ ныр дӕр «слӕууын кӕны дӕлӕмӕ ӕппӕрстыты иууылдӕр» (Псалом 144:14). Хорз хабар зӕрдӕсаст адӕмӕн не ’мбырдты ӕмӕ кӕм хъусын кӕнӕм, уым цы удӕнцой хӕссы, уый руаджы ӕмбарӕм, абон махмӕ иууыл хуыздӕр хабар кӕй ис! (Псалом 50:19).

«Мӕ куывд Хуыцаумӕ арӕзт» у

18. Дзуттӕгтӕ хорз хабармӕ кӕй нӕ хъуыстой, уый Павелыл куыд ӕндӕвта ӕмӕ цӕмӕн?

18 Кӕд мах адӕммӕ иууыл хуыздӕр хабар хӕссӕм, уӕддӕр ӕм бирӕтӕ нӕ хъусынц. Уый ныл куыд ӕндавы? Апостол Павелыл куыд ӕндӕвта, раст афтӕ. Уый арӕх хъусын кодта дзуттӕгтӕн, фӕлӕ сӕ фылдӕр ирвӕзындзинады хабармӕ нӕ байхъуыстой. Кӕй нӕ разы кодтой, уый Павелы мӕты ӕфтыдта. Уый загъта: «Мӕнӕн тынг хъыг у ӕмӕ ӕдзух риссы мӕ зӕрдӕ» (Ромӕгтӕм 9:2, НТ). Павел кӕмӕн хъусын кодта, уыцы дзуттӕгтӕн тӕригъӕд кодта. Хорз хабармӕ кӕй нӕ хъуыстой, ууыл йӕ зӕрдӕ тынг рысти.

19. а) Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ ныфс цӕмӕн асӕтты? ӕ) Павелӕн дарддӕр лӕггад кӕнынӕн цы ’ххуыс кодта?

19 Мах дӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм, адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ нын зын вӕййы, бирӕтӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ куы нӕ байхъусынц, уӕд. Нӕхи афтӕ кӕй фӕхатӕм, уымӕй бӕрӕг у, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоныл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй тыхсӕм. Фӕлӕ мах хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Павелы цӕвиттон. Цы йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр лӕггад кодтаид? Дзуттӕгтӕ хорз хабармӕ кӕй нӕ хъуыстой, уый кӕд Павелӕн зын уыди ӕмӕ ууыл йӕ зӕрдӕ рысти, уӕддӕр се ’ппӕтыл йӕ къух нӕ систа, зӕгъгӕ сын ницыуал баххуыс кӕндзӕн. Ныфс ӕй уыди, исчи сӕ уӕддӕр Чырыстийыл кӕй баууӕнддзӕн. Павел ныффыста: «Мӕ зӕрдӕйы бӕллиц ӕмӕ мӕ куывд Хуыцаумӕ арӕзт сты Израилы фервӕзын кӕнынмӕ» (Ромӕгтӕм 10:1, НФ).

20, 21. а) Нӕ бон цӕмӕй у Павелы бафӕзмын? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл ӕрдзурдзыстӕм?

20 Ӕркӕсӕм, Павел йӕ хъус цы дыууӕ хъуыддагмӕ ӕрдардта, уыдонмӕ. Зӕрдӕбынӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй исчи фервӕза, ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцаумӕ куывта. Абон мах дӕр Павелау архайӕм ӕмӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй ссарӕм, хорз хабармӕ раст ахаст кӕмӕн ис, ахӕм адӕмы. Мах Иегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй ахӕм адӕмы ссарӕм ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕм ирвӕзындзинадмӕ кӕнӕг фӕндагыл слӕууынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 11:30; Иезекил 33:11; Иоанны 6:44).

21 Фӕлӕ цӕмӕй Паддзахады тыххӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъус канд уымӕ ма дарӕм, цӕмӕн ӕмӕ цы хъусын кӕнӕм, фӕлӕ ма куыд хъусын кӕнӕм, уымӕ дӕр. Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Ацы статьяйы ӕрдзурдзыстӕм фыццаг дыууӕ фарстыл. Иннӕ статьяйы та – ӕртыккагыл.

^ 15 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цы базыдтай?

• Цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

• Сӕйрагдӕр цавӕр хабар хъусын кӕнӕм?

• Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдон цавӕр хорзӕхтӕй сты хайджын?

• Лӕггад кӕнынӕн нын цы ’ххуыс кӕндзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 24 фарсыл]

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зӕрдӕсаст адӕмӕн дӕтты хъару.