Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ӕртыккаг паддзахӕдты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Ӕртыккаг паддзахӕдты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

«РӔСТГӔНДЖЫТӔ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд адӕм цин фӕкӕнынц; фӕлӕ хицау фыдгӕнӕг куы вӕййы, уӕд адӕмыл уынгӕджыбон вӕййы» (Ӕмбисӕндтӕ 29:2). Ацы ӕмбисонд раст кӕй у, уый Ӕртыккаг паддзахӕдты чиныг ирдӕй ӕвдисы. Уым бакӕсӕн ис Соломоны царды хабӕрттӕ. Паддзах куы уыд, уӕд рагон Израил сси хъӕздыг ӕмӕ сабыр бӕстӕ. Ӕртыккаг паддзахӕдты чиныджы ма дзырдӕуы, Соломоны мӕлӕты фӕстӕ паддзахад кӕй фӕдих, ӕмӕ ма йӕ фӕстӕ цы 14 паддзахы уыд, уыдоны тыххӕй дӕр. Иутӕ сӕ Израилы паддзахиуӕг кодтой, иннӕтӕ та Иудӕйы. Уыдонӕй ӕрмӕст дыууӕйӕ уыдысты Иегъовӕйыл иузӕрдион. Ныхас ма дзы цӕуы ӕхсӕз пехуымпарыл, уыимӕ Илиайыл дӕр.

Фыста йӕ пехуымпар Иереми Иерусалимы ӕмӕ Иудӕйы. Дзырд дзы цӕуы, иу-129 азы дӕргъы цы цаутӕ цыд, уыдоныл – н. э. агъоммӕ 1040–911 азтыл. Иереми ацы чиныг куы фыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, пайда кодта рагон хабӕртты къухфыстытӕй, зӕгъӕм, «Соломоны хъуыддӕгты чиныг»-ӕй. Уыцы къухфыстытӕ абон нал сты (3 Паддзахӕдты 11:41; 14:19; 15:7).

ЗОНДДЖЫН ПАДДЗАХ ӔРХАСТА ХЪӔЗДЫГ ӔМӔ САБЫР ЦАРД

(3 Паддзахӕдты 1:1–11:43)

Ӕртыккаг паддзахӕдты чиныг райдайы цымыдисаг хабарӕй – паддзах Давиды фырт Адони хъавы йӕ фыды бынат бацахсынмӕ. Фӕлӕ пехуымпар Нафан фӕцарӕхст ӕмӕ йын йӕ фӕндтӕ бакъуылымпы кодта, ӕмӕ паддзахӕй сӕвӕрдтой Давиды фырт Соломоны. Иегъовӕйӕн ӕхсызгон у ног паддзахы курдиат, ӕмӕ йын радта «зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ», афтӕ ма «хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад» дӕр (3 Паддзахӕдты 3:12, 13). Соломоны зондӕн ӕмбал нӕй, йӕ хъӕздыгдзинад та йын ницӕимӕ ис абарӕн. Израилӕгтӕ хъӕздыг ӕмӕ сабыр цардӕй ӕфсӕст сты.

Соломон цы сарӕзта, уыдонӕй иу уыд Иегъовӕйы кувӕндон ӕмӕ ма бирӕ галуантӕ дӕр. Иегъовӕ Соломонӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Израилы дын дӕ паддзахбадӕн мыггагмӕ сфидар кӕндзынӕн». Афтӕ уыдаид, цалынмӕ йӕ коммӕ кастаид, уӕдмӕ (3 Паддзахӕдты 9:4, 5). Ӕцӕг Хуыцау ма йӕ бафӕдзӕхста, йӕ амындтӕм ын куы нӕ хъуса, уӕд ӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр Соломон йӕхицӕн ӕндӕр адӕмтӕй бирӕ устытӕ ӕрхаста. Зӕрондӕй сӕ зондыл ацыд ӕмӕ мӕнг дины ’рдӕм аздӕхт. Иегъовӕ загъта, йӕ паддзахад кӕй фӕдих уыдзӕн. Соломон амард н. э. агъоммӕ 997 азы ӕмӕ кӕрон ӕрцыд йӕ 40-азон паддзахдзинадӕн. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ровоам.

Фарстытӕн дзуапп:

1:5 – Давид ма ӕгас куы уыди, уӕд ын Адони йӕ бынат бацахсынмӕ цӕмӕн хъавыд? Библи уый тыххӕй ницы дзуры. Фӕлӕ уӕдмӕ Адонийы хистӕр ӕфсымӕртӕ Амнон ӕмӕ Авессалом ӕгас нал уыдысты, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, Давиды иннӕ фырт Далуиа дӕр. Ӕмӕ уӕд раст уаид зӕгъын, Адони кӕй хъуыды кодта, паддзах ӕз хъуамӕ уон, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ ма Давиды фырттӕй чи баззад, уыдонӕй ӕппӕты хистӕр уый уыд (2 Паддзахӕдты 3:2–4; 13:28, 29; 18:14–17). Адонийӕн ӕфсады хъомысджын сӕргълӕууӕг Иоав ӕмӕ дзырддзӕугӕ хистӕр сауджын Авиафар кӕй ӕххуыс кодтой, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныфс уыди, йӕ фӕндтӕ йӕ къухы кӕй бафтдзысты. Библи ницы дзуры, Давид паддзахбадӕн Соломонӕн раттынвӕнд кӕй кодта, уый тыххӕй Адони исты зыдта ӕви нӕ. Фӕлӕ Адони нывонд куы хаста, уӕд нӕдӕр Соломоны фӕхуыдта, нӕдӕр, Давидыл иузӕрдион чи уыд, уыдоны (3 Паддзахӕдты 1:9, 10). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тарсти, Соломон паддзах куы суа, уымӕй.

1:49–53; 2:13–25 – Кӕд Соломон Адонийӕн ныххатыр кодта, уӕд ма йӕ цӕмӕн амардта? Вирсави Соломонӕн куы дзырдта, цӕмӕй Ависагӕйы Адонийӕн радта, уӕд хъуыддаг кӕронмӕ нӕ бамбӕрста. Фӕлӕ Соломон фӕхатыд, Адонийы зӕрдӕйы цы уыди, уый. Кӕд Давид рӕсугъд Ависагӕимӕ лӕг ӕмӕ усы цард нӕ кодта, уӕддӕр ӕй нымадтой йӕ номылусыл. Рагон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, Ависагӕ ӕрхаудаид, Давиды фӕстӕ паддзах чи суыдаид, ӕрмӕст уымӕ. Чи зоны Адони хъуыды дӕр кодта, Ависагӕ йӕ ус куы суа, уӕд та бацархайдзӕн паддзахбадӕн байсыныл. Йӕ курдиатӕй йын Соломон бамбӕрста, паддзахы бынатмӕ кӕй хъавыд, ӕмӕ йӕ амарын кодта.

6:37–8:2 – Кувӕндон Иегъовӕйӕн кӕд снывонд кодтой? Кувӕндон арӕзт фӕци н. э. агъоммӕ 1027 азы ӕстӕм мӕйы, Соломоны паддзахдзинады 11-ӕм азы. Мидӕггаг куыстытӕ ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕн, ӕвӕццӕгӕн, бахъуыд 11 мӕйы. Кувӕндон гом ӕрцыд н. э. агъоммӕ 1026 азы ӕвдӕм мӕйы. Уым ма дзырдӕуы, кувӕндон арӕзт куы фесты ӕмӕ йӕ цалынмӕ Хуыцауӕн не снывонд кодтой, уӕдмӕ цы агъуыстытӕ арӕзтой, уыдоны тыххӕй дӕр. Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй хабӕрттӕ фӕуд кӕнынц, цы куыстытӕ ма кодтой, уыдоныл (2 Паралипоменон 5:1–3).

9:10–13 – Соломон Тиры паддзах Хирамӕн Галилейы зӕххы 20 сахары кӕй балӕвар кодта, уый Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ раст уыд? Левиты 25:23, 24 куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Закъон хаудта, израилӕгтӕ цы зӕххытыл цардысты, ӕрмӕст уыдонмӕ. Соломон Хирамӕн цы сахартӕ радта, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, Зӕрдӕвӕрд зӕххы цур уыдысты, фӕлӕ дзы израилӕгтӕ нӕ цардысты (Рацыд 23:31). Ацы хъуыддагӕй ма бӕрӕг у, Соломон, Закъон куыд ӕмбӕлд, афтӕ кӕй не ’ххӕст кодта. Уый йӕ бӕхты рӕгъӕуттӕ фӕфылдӕр кодта ӕмӕ бирӕ устытӕ ӕрхаста (Дыккаг закъон 17:16, 17). Куыдфӕнды ма уыдаид – Хирамӕн лӕвар йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, чи зоны, сахартӕ сӕ муртатт цӕрджытӕ хорз нӕ сарӕзтой, йе та сӕ бынат нӕ бӕззыд.

11:4 – Цымӕ Соломон тынг кӕй базӕронд, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ уымӕн сивта? Йӕ аххосаг уый нӕ уыд. Соломон хӕрз ӕрыгонӕй сси паддзах, ӕмӕ кӕд 40 азы паддзахиуӕг кодта, уӕддӕр тынг зӕронд нӕ уыд. Уымӕй уӕлдай Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ бынтон нӕ сивта. Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй уый иннӕ динты ӕгъдӕуттӕ хӕццӕ кодта раст динимӕ.

Зондзонӕн махӕн:

2:26, 27, 35. Иегъовӕ цы фӕзӕгъы, уый алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййы. Авиафары, Илийы байзӕддаджы, йӕ бынатӕй кӕй систа, уымӕй «сӕххӕст сты Иегъовӕйы ныхӕстӕ Илийы хӕдзары тыххӕй». Авиафары бӕсты, Финеесы мыггагӕй Садокы кӕй равзӕрста, уымӕй сӕххӕст сты Нымӕцты 25:10–13 стихтӕ (Рацыд 6:25; 1 Паддзахӕдты 2:31; 3:12; 1 Паралипоменон 24:3).

2:37, 41–46. Куыд тӕссаг у, адӕймаг афтӕ куы хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ куы фехалон, уӕддӕр мын ницы уыдзӕн! Цардмӕ кӕнӕг нарӕг фӕндагӕй зонгӕ-зонын чи ахизы, уыдон сӕ ӕнӕзонд митӕ сӕхиуыл бавзарынц (Матфейы 7:14).

3:9, 12–14. Иегъовӕйӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ зонд, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ разамынд куы фӕкурынц, уӕд сын сӕ куывдтытӕ фехъусы (Иаковы 1:5).

8:22–53. Цы зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта Соломон Иегъовӕйӕн – ӕнувыд уарзты Хуыцауӕн, зӕрдӕвӕрдтӕ Ӕххӕстгӕнӕгӕн ӕмӕ куывдтытӕ Хъусӕгӕн! Кувӕндон куы гом кодтой, уӕд Соломон йӕ куывды цы ныхӕстӕ загъта, уыдоныл хъуыды кӕнгӕйӕ, Хуыцауӕн йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм.

11:9–14, 23, 26. Соломон зӕрондӕй Иегъовӕйы зондыл куы нал цыд, уӕд ын йӕ ныхмӕ адӕмӕй кӕйдӕрты скодта. «Хуыцау хъалты ныхмӕ у, сабыртӕн та хорз лӕвар дӕтты»,– дзуры апостол Петр (1 Петры 5:5).

11:30–40. Паддзах Соломон Иеровоамы марынмӕ уымӕн хъавыд, ӕмӕ Ахи Иеровоамы тыххӕй пехуымпарад загъта. Ацы ныхӕстӕ куыд тынг хицӕн кодтой, 40 азы размӕ Соломон Адони ӕмӕ иннӕ змӕнтджытӕй йӕ маст райсыныл куы не сразы, уӕд цы загъта, уымӕй (3 Паддзахӕдты 1:50–53). Иегъовӕйӕ кӕй адард, йӕ зондахаст дӕр уымӕн фӕивта.

ПАДДЗАХАД ФӔДИХ

(3 Паддзахӕдты 12:1–22:53)

Иеровоам ӕмӕ адӕм паддзах Ровоаммӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ дзы курынц, йӕ фыд Соломон сыл цы уаргъ сӕвӕрдта, уый фӕрогдӕр кӕнын. Сӕ курдиат сӕххӕст кӕныны бӕсты сӕм Ровоам ӕртхъирӕн кӕны сӕ уаргъ ноджы фӕуӕззаудӕр кӕнынӕй. Дӕс мыггаджы сызмӕстой ӕмӕ сӕхицӕн Иеровоамы паддзахӕй сӕвӕрдтой. Паддзахад фӕдих. Ровоам паддзахиуӕг кӕны хуссар паддзахадыл, Иудӕ ӕмӕ Вениамины мыггӕгтыл. Иеровоам та – цӕгат дӕсмыггагон Израилы паддзахадыл.

Цӕмӕй адӕм Иерусалиммӕ кувынмӕ ма цӕуой, уый тыххӕй Иеровоам аразы дыууӕ сыгъзӕрин роды – иу Даны, иннӕ та – Вефилы. Иеровоамы фӕстӕ Израилы паддзахиуӕг кодтой Нават, Ваасӕ, Илӕ, Замври, Фамни, Амври, Ахав ӕмӕ Охози. Иудӕйы та Ровоамы фӕстӕ уыдысты Ави, Асӕ, Иосафат ӕмӕ Иоарам. Уыцы паддзӕхты рӕстӕджы пехуымпартӕ уыдысты Ахи, Самей, ӕмӕ йӕ ном бӕрӕг кӕмӕн нӕ уыд, уыцы пехуымпар. Стӕй ма Ииуй, Илий ӕмӕ Михей.

Фарстытӕн дзуапп:

18:21 – Илий куы загъта, цӕмӕй адӕм йе Иегъовӕйӕн кувой, йе та Ваалӕн, уӕд хъусӕй цӕмӕн лӕууыдысты? Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй нӕ уыдысты, уый, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, ӕмӕ сӕхи азымджын кодтой. Кӕнӕ, чи зоны, рӕстӕг куыд цыд, афтӕ сӕ сӕрмӕ бирӕ цыдӕртӕ хӕссын райдыдтой, ӕмӕ сӕм ӕвзӕр нӕ каст, Ваалӕн дӕр ӕмӕ Иегъовӕйӕн дӕр кувын. Иегъовӕ йӕ тых куы равдыста, ӕрмӕст уый фӕстӕ загътой: «Иегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау! Иегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау!» (3 Паддзахӕдты 18:39).

20:34 – Ахав Иегъовӕйы фӕрцы сирийӕгтыл куы фӕуӕлахиз, уӕд сын сӕ паддзах Венадады удӕгасӕй цӕмӕн ныууагъта? Ахав Венадады нӕ амардта, фӕлӕ йемӕ бадзырд скодта, цӕмӕй Сирийы сӕйраг сахары, Дамаскы уынгтӕ уый бауыдаиккой. Ӕвӕццӕгӕн дзы хъавыд базартӕ саразын. Уымӕй бирӕ раздӕр, Венадады фыд дӕр Самарийы уынгтӕ йӕхи бакодта сӕудӕджеры куыстытӕн. Уӕдӕ Ахав Венадады кӕй нӕ амардта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди Дамаскы базары куыст кӕнын.

Зондзонӕн махӕн:

12:13, 14. Царды ахсджиаг хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кӕнгӕйӕ, хъуамӕ зондӕй фӕрсӕм, Фыстад хорз чи зоны ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕн тынг чи аргъ кӕны, ахӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстӕтты.

13:11–24. Не ’муырнджытӕй ныл тынгдӕр чи тыхсы, уый нын уынаффӕ куы радта, фӕлӕ дызӕрдыггаг куы уа, уӕд, гӕнӕн ис, Хуыцауы Ныхасы ныхмӕ дӕр разына (1 Иоанны 4:1).

14:13. Иегъовӕ уыны, хорзӕй нӕм цы ис, уый. Уыцы хорз цыфӕнды гыццыл ма уа, Иегъовӕ йӕ сырӕзын кӕндзӕн, кӕд ын лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, уӕд.

15:10–13. Раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхмӕ хъуамӕ фидар лӕууӕм, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддагӕн ахъаз кӕнӕм.

17:10–16. Сарептӕйы иу идӕдз ус базыдта, Илий пехуымпар кӕй уыд, ӕмӕ йӕ хорз суазӕг кодта. Ахӕм уырнындзинады хицау кӕй разынд, уый тыххӕй йын Иегъовӕ раарфӕ кодта. Абон дӕр нын Иегъовӕ нӕ хъуыддӕгтӕ уыны ӕмӕ арфӕ кӕны, йӕ Паддзахады куыстӕн ын чи ӕххуыс кӕны, уыдонӕн (Матфейы 6:33; 10:41, 42; Дзуттытӕм 6:10).

19:1–8. Нӕ ныхмӕ карзӕй куы цӕуой, уӕд нӕ ныфс ис, Иегъовӕ нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:7–9).

19:10, 14, 18. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иунӕг никуы вӕййынц. Иегъовӕ ӕдзух семӕ ис, стӕй ма ӕппӕт дунейыл дӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ.

19:11–13. Иегъовӕ ӕрдзы тых нӕу.

20:11. Венадад йӕхицӕй куы ӕппӕлыд, ӕз, дам, Самари зӕххӕмвӕз скӕндзынӕн, уӕд ын Израилы паддзах загъта, зӕгъгӕ, тохы размӕ йӕ хотыхтӕ йӕ уӕлӕ чи бӕтты, уый йӕхицӕй ма ӕппӕлӕд, тохӕй уӕлахизимӕ чи ӕрыздӕхт ӕмӕ йӕ хотыхтӕ чи ласы, уыйау. Ног хъуыддаг нын куы бахӕс кӕной, уӕд хъуамӕ нӕхи хизӕм ныфсхаст, ӕппӕлӕн ныхӕстӕй (Ӕмбисӕндтӕ 27:1; Иаковы 4:13–16).

Махӕн у тынг ахсджиаг

Синайы хохыл Закъон лӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд Моисей Израилы фырттӕн загъта: «Мӕнӕ, абон уӕ разы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст: арфӕ, абон уын аз кӕй фӕдзӕхсын ӕххӕст кӕнын, уӕ Хуыцау Иегъовӕйы уыцы фӕдзӕхстытӕм куы хъусат, уӕд; ӕмӕ ӕлгъыст, уӕ Хуыцау Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм куы нӕ хъусат, ӕмӕ уын абон цы фӕндаг амонын, уымӕй куы аздӕхат, уӕд» (Дыккаг закъон 11:26–28).

Ӕртыккаг паддзахӕдты чиныджы нын куыд хорз ӕмбӕрстгонд цӕуы ацы ахсджиаг хъуыддаг! Ацы чиныг нӕ бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтыл ахуыр кӕны. Йӕ хабар ӕцӕгдӕр у ӕгас ӕмӕ архайӕг (Дзуттытӕм 4:12).