Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕрдӕсӕттӕн хъуыдытӕй тыхсыс?

Зӕрдӕсӕттӕн хъуыдытӕй тыхсыс?

Зӕрдӕсӕттӕн хъуыдытӕй тыхсыс?

ЛЕНӔ ныр бирӕ азты дӕргъы тох кӕны, удхарӕй йӕ чи мары, ахӕм хъуыдытимӕ. «Сывӕллонӕй мын тыхми кӕй кодтой, уый тыххӕй мӕхи бынтон ницӕйагыл нымадтон,– зӕгъы Ленӕ.– Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ ӕнӕхъуаджы цӕрын». Симонӕ дӕр ӕвзонгӕй цы бавзӕрста, уый тыххӕй дзуры: «Мӕ цард мын бынтондӕр ад нал кодта, сафтид. Ӕмӕ мӕм афтӕ каст, цыма зӕххӕй сисынмӕ дӕр нал бӕззын». Ахӕм тар хъуыдытӕ абон бирӕты хурх кӕнынц. Ӕрыгӕттӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм службӕйы кусджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ нӕ телефонӕй ӕххуыс чи бацагуры, уыдонӕн се ’мбис сӕхимӕ ницӕйаг кӕсынц.

Психиатртӕй иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕхимӕ ахӕм цӕстӕй иннӕты тыххӕй фӕкӕсы. Адӕймагыл ӕдзух куы хъӕр кӕной, карзӕй йӕ куы ӕфхӕрой, стӕй йын тыхӕй исты куы аразын кӕной, уӕд, ай-гъайдӕр, йӕхимӕ ӕгуыдзӕг ӕркӕсдзӕн. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр уый адӕймаджы онг мары ӕмӕ йыл ӕвзӕрырдӕм зыны. Ӕрӕджы дохтыртӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй, зӕрдӕсӕттӕн хъуыдыты бын чи фӕци, уыцы адӕмӕйгтӕ канд сӕхиуыл нӕ, фӕлӕ ма иннӕтыл дӕр нал феууӕндынц. Ӕмӕ уый фыдӕй ӕввахсдӕр никӕмӕуал фӕцӕуынц, ничиуал сӕ фӕхъӕуы. «Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕхи уыйонг скӕнынц, ӕмӕ алцӕмӕйдӕр тӕрсын райдайынц»,– зӕгъынц уыцы дохтыртӕ.

Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ сӕм фылдӕр хатт сӕвзӕрынц, Библи «зӕрдӕйы хъыгдзинӕдтӕ» кӕнӕ зӕрдӕсӕттӕн хъуыдытӕ кӕй хоны, уый фыдӕй (Псалом 93:19). Афтӕ сӕм фӕкӕсы, ӕмӕ адӕмы рӕгъмӕ никуы рацӕудзысты. Исты сын куы нӕ фӕуайы, уӕд уайтагъд сӕхи ӕфхӕрынмӕ фӕвӕййынц. Исчи сӕ истӕмӕй куы раппӕлы, уӕд та фенхъӕлынц, зӕгъгӕ мын барӕй дзуры, ницӕйаг кӕй дӕн, уый уӕддӕр рабӕрӕг уыдзӕн. Амондджын уой, сӕхи уый аккаг нӕ нымайынц, ӕмӕ сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, искуы хуыздӕрырдӕм фӕивдзысты, уый. Уӕлдӕр цы Ленӕйы кой кодтам, уый йӕхимӕ ахӕм ницӕйаг каст, ӕмӕ фырмӕтӕй суанг йӕ ахсӕн дӕр фехӕлд. Афтӕ зӕгъы: «Исты фӕивтаин, уый фаг хъарутӕ мӕм нӕ уыд».

Зӕрдӕсӕттӕн хъуыдытимӕ чи тох кӕны, уыдон цӕрӕнбонты афтӕ хъуырдухӕн кӕндзысты? Цымӕ уыцы хъуыдытӕ фӕсурӕн ис? Библийы цы уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕ ис, уыдон бирӕтӕн баххуыс кодтой, ӕмӕ сӕ зӕрдӕсӕттӕн хъуыдытыл фӕуӕлахиз сты. Цавӕр уынаффӕтӕ сты, ӕмӕ уыцы адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ царды рухс куыд бауагътой? Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.