Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты»

Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты»

Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты»

«Уӕ Фыды ӕвастӕй иу [сырддонцъиу] дӕр не ’рхаудзӕни зӕхмӕ. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты» (МАТФЕЙЫ 10:29, 30, НТ).

1, 2. а) Иовмӕ афтӕ цӕмӕн каст, ӕмӕ йӕ Хуыцау ныууагъта? ӕ) Иовы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Иегъовӕмӕ сфыдӕх? Бамбарын ӕй кӕн.

«ӔХХУЫСМӔ дӕм сидын, фӕлӕ мын ницы дзурыс; лӕууын, кӕд мӕм ӕркӕсис. Тӕригъӕд мын нал зоныс, дӕ къухы тых мыл ӕвзарыс». Ацы ныхӕстӕ чи загъта, уый уыд мастӕфхӕрд, рыстзӕрдӕ адӕймаг. Ӕмӕ куыннӕ! Йӕ мулк, йӕ фӕллойӕ ӕнӕ ницӕмӕй баззад, йӕ хъӕбултӕ тыхдымгӕйӕ фӕмард сты, йӕхи та йын бадомдта удхайраг низ. Уыцы лӕджы ном хуынд Иов. Ӕмӕ йӕ сӕр цытӕ баййӕфта, уыдон Библийы фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй нын зын сахат ныфсы хос уой (Иов 30:20, 21).

2 Иовы ныхӕстӕ чи бакӕса, уый зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ сфыдӕх. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ уыд. Иовы йӕ фӕллад зӕрдӕ дзурын кодта (Иов 6:2, 3). Нӕ йӕ зыдта, уыцы бӕллӕхтӕ йыл Хӕйрӕг кӕй бафтыдта, ӕмӕ ӕнхъӕлдта, Хуыцау ӕй ныууагъта. Иегъовӕйӕн ма афтӕ дӕр загъта: «Цӕмӕн мӕ ӕмбӕхсыс дӕ цӕсгом ӕмӕ мӕм знаджы цӕстӕй цӕмӕн кӕсыс?» * (Иов 13:24).

3. Адӕймагыл алы бӕллӕхтӕ куы ныккӕлынц, уӕд хатт куыд фӕхъуыды кӕны?

3 Иегъовӕйӕн йӕ адӕмӕй абон бирӕтӕ ӕвзарынц алы тухитӕ – ӕнцой сын нӕ дӕттынц хӕстытӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕ, хицауады ӕмӕ ӕхсӕнады змӕстытӕ. Тыхсынц, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уымӕй, низтӕй, мӕгуыр цардӕй. Кӕмдӕрты сын хицауад сӕ хъуыддаг дӕр ӕрӕхгӕны. Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕмаст нӕ дӕ. Хатт, чи зоны, ды дӕр фӕхъуыды кӕныс, Иегъовӕ мӕ йӕ цӕсгом ӕмбӕхсы, зӕгъгӕ. Уӕдӕ йӕ куыннӕ зоныс, Иоанны 3:16 цы фыст ис, уый: «Афтӕ бауарзта Хуыцау дуне, ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты». Фӕлӕ дӕм уӕддӕр афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ дӕ зындзинӕдтӕн кӕрон нӕй, уӕд, чи зоны, фӕзӕгъыс: «Хуыцау мӕн уарзы? Мӕ хъизӕмӕрттӕ мын уӕвгӕ уыны? Куы мыл тыхсид, уӕд ахӕм уавӕры уаин?»

4. Павелы цавӕр зындзинадӕн хъуыди быхсын ӕмӕ ахӕм уавӕры бахаугӕйӕ махмӕ та нӕ зӕрдӕ цытӕ фӕдзуры?

4 Цӕвиттонӕн райсӕм апостол Павелы. «Мӕ буары фӕцавдӕуыд фат [«сындз», НФ] – хӕйрӕджы зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй,– фыста Павел, ӕмӕ дарддӕр загъта.– Уымӕй фервӕзыны тыххӕй ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон Хицауӕн». Иегъовӕ йын бӕгуыдӕр фехъуыста йӕ лӕгъстӕ. Фӕлӕ йын бамбарын кодта, йӕ уавӕры диссаг кӕй нӕ сараздзӕн, ӕмӕ йӕ «сындз» кӕй нӕ фӕцыдӕр уыдзӕн. Павелы хъуыди йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл сӕвӕрын ӕмӕ «йӕ буары сындзӕн» быхсын * (2 Коринфӕгтӕм 12:7–9, НТ). Чи зоны, Павелау дӕу дӕр цавӕрдӕр зындзинад уӕгъд нӕ уадзы. Ӕмӕ хъуыды кӕныс: ацы фӕлварӕнӕй фервӕзон, уый тыххӕй Иегъовӕ ницы аразы, ӕвӕццӕгӕн мын мӕ уавӕр уынгӕ дӕр нӕ кӕны, нӕ мыл тыхсы. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу! Иегъовӕ тыхсы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕуылдӕр. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йесо йӕ апостолты куы равзӕрста, уый фӕстӕ сын цы загъта, уымӕй. Уӕдӕ ӕркӕсӕм уыцы ныхӕстӕм.

«Ма тӕрсут»

5, 6. а) Йесо йӕ апостолтӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй сӕм разӕй цы ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй ма тарстаиккой? ӕ) Павел Иегъовӕйӕ ныфсджын кӕй уыд, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

5 Йесо йӕ апостолты схайджын кодта ӕрдхӕрӕны тыхӕй – «сӕ бар цыди ӕнӕзӕгъинӕгтыл ӕмӕ сӕ сырдтой, дзӕбӕх кодтой ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты». Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ фӕлварӕнтӕ, зындзинӕдтӕй сӕрибар уыдзысты. Йесо сын йӕхӕдӕг радзырдта, цы фыдӕвзарӕнтӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын уыимӕ фидарӕй загъта: «Ма тӕрсут, буар чи мары, уды амарын та кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Фӕлӕ тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй» (Матфейы 10:1, 16–22, 28, НТ).

6 Йӕ апостолты тӕрсын цӕуылнӕ хъуыди, уый бамбарынӕн сын Йесо ӕрхаста дыууӕ цӕстуынгӕ цӕвиттоны. Загъта сын: «Дыууӕ сырддонцъиуы ассарийыл нӕ уӕй кӕнынц, ӕви? Ӕмӕ дзы уӕ Фыды ӕвастӕй иу дӕр не ’рхаудзӕни зӕхмӕ. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матфейы 10:29–31, НТ). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, зындзинӕдтӕй уӕд кӕй нӕ тӕрсдзыстӕм, ӕмӕ Иегъовӕйӕ ныфсджын куы уӕм, фидарӕй йӕ куы зонӕм, кӕй ныл тыхсы. Хуыцауыл афтӕ фидарӕй ӕууӕндыд апостол Павел. Уый фыста: «Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нын кӕй бон цы у? Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ неппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?» (Ромӕгтӕм 8:31, 32, НТ). Ды дӕр цыфӕнды фыдӕвзарӕны ма бахауай, уӕддӕр ӕй зон: цалынмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион уай, уӕдмӕ дыл уый тыхсдзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ацы хъуыды ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йесо йӕ апостолтӕн цы ныффӕдзӕхста, уымӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм.

Сырддонцъиуы аргъ

7, 8. а) Йесойы заман сырддонцъиуӕн цы кад уыд? ӕ) Матфейы 10:29 грекъаг ӕвзагыл цӕмӕн ис фыст «гыццыл сырддонцъиутӕ»?

7 Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хорз ӕвдисынц, Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕцыдӕр куыд зынаргъ у, уый. Фыццаг уал ахъуыды кӕнӕм сырддонцъиутыл. Уӕды заман сын сӕ дзидза хӕргӕ кодтой. Фӕлӕ хуымтӕ кӕй сӕфтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ нымадтой зианхӕссӕг мӕргътыл. Сырддонцъиутӕ афтӕ бирӕ, стӕй афтӕ аслам уыдысты, ӕмӕ йӕ абоны ӕхцатӕй куы банымайӕм, уӕд дзы дыууӕ балхӕнӕн уыди сом ӕмӕ ӕрдӕгӕй. Ӕртӕ сомӕй та цыди цыппар цъиуы нӕ, фӕлӕ фондз – иу дзы-иу радтой лӕвар, цыма капеччы аргъ дӕр нӕ уыд, афтӕ! (Лукайы 12:6).

8 Зӕгъын хъӕуы, уыцы цъиутӕ цӕйас сты, уый тыххӕй дӕр. Иннӕ мӕргътимӕ абаргӕйӕ сырддонцъиутӕн сӕ хъомылтӕ дӕр сты тынг гыццыл. Фӕлӕ Матфейы 10:29 грекъаг дзырд куыд амоны, афтӕмӕй Йесо ӕнӕуи «сырддонцъиутӕ» дӕр нӕ загъта, фӕлӕ «гыццыл сырддонцъиутӕ». Ӕвӕццӕгӕн, Йесойы уый фӕндыд, ӕмӕ йӕ апостолты цӕстыты раз сыстадаид хӕрзгыццыл, адӕмы цӕсты ӕппындӕр кад кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм цъиу.

9. Йесо сырддонцъиуты тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уым цавӕр диссаджы хъуыды ис?

9 Ацы абарсты ис диссаджы хъуыды: адӕмы цӕсты ӕппындӕр кад цӕмӕн нӕй, уымӕн Иегъовӕ Хуыцау кӕны стыр аргъ. Ацы хъуыды Йесо ноджы ирддӕрӕй равдыста, йӕ ныхӕстӕм ма куы бафтыдта, зӕгъгӕ, уыцы гыццыл сырддонцъиутӕй иу дӕр Иегъовӕйы ӕвастӕй «не ’рхаудзӕни зӕхмӕ» *. Йесо цы зӕгъинаг уыд, уый бӕлвырд у: кӕд Иегъовӕмӕ уыцы гыццыл цъиутӕ дӕр нымады сты, уӕд йӕ лӕггадгӕнӕг адӕмыл та цас тынгдӕр хъуамӕ тыхса!

10. Цы у сӕ хъуыды ацы ныхӕстӕн, «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты», зӕгъгӕ?

10 Сырддонцъиуты тыххӕй цӕвиттон ӕрхӕсгӕйӕ ма Йесо ноджыдӕр загъта: «Сымахӕн... уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты» (Матфейы 10:30, НТ). Ацы цыбыр, фӕлӕ арфхъуыдыджын ныхасӕй ноджы хуыздӕр ӕмбарӕм сырддонцъиуты цӕвиттон. Ахъуыды ма кӕн: адӕймаджы сӕрыл ис 100 мин хъуыны бӕрц. Куы сӕм ӕркӕсай, уӕд дзы иу иннӕмӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны, иууылдӕр сты иухуызон. Фӕлӕ нӕ сӕрыхъуынтӕй алкӕцыдӕр бӕрӕг ӕмӕ нымад у Хуыцауӕн. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд цымӕ цы зӕгъӕн ис нӕхицӕй та – нӕ царды ахӕм исты ис, ӕмӕ йӕ Иегъовӕ ма зона? Иегъовӕ зоны йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕйдӕр, алчидӕр сӕ цы удыхъӕды хицау у, уый ӕмбары. Уый «кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Паддзахӕдты 16:7).

11. Кӕцӕй бӕрӕг у, ӕмӕ Давид, Иегъовӕ йӕ кӕй уыны, кӕй йыл тыхсы, ууыл нӕ дызӕрдыг кодта?

11 Кӕд паддзах Давид царды бирӕ маст, бирӕ зындзинӕдтӕ федта, уӕддӕр никуы фӕдызӕрдыг, Иегъовӕ йӕ кӕй уыны, ууыл. Уый фыста: «Хицау! Ды бафӕлвӕрдтай мӕн ӕмӕ зоныс. Ды зоныс, ӕз кӕд ӕрбадын ӕмӕ кӕд сыстын; Ды ӕмбарыс мӕ хъуыдытӕ дардӕй» (Псалом 138:1, 2). Иегъовӕ зоны дӕу дӕр, чи дӕ, куыд цӕрыс (Иереми 17:10). Уӕдӕ ахӕм хъуыдытӕ, Иегъовӕ мӕн нӕ уыны, ӕз ницы дӕн, зӕгъгӕ, дӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадз! Иегъовӕ алцыуынӕг у!

«Сӕвӕр мӕ цӕссыгтӕ мигӕнӕны Дӕхимӕ»

12. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ адӕмы зындзинӕдтӕ уыны?

12 Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕйдӕр канд зонгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ сӕ алчидӕр цы зынтӕ, цы мӕстытӕ ӕвзары, уый дӕр уыны. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст куы ’ййӕфтой, уӕд Иегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз федтон мӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ Египеты ӕмӕ мӕм фехъуыст, тыхкуыст кӕнын сын чи кӕны, уыдоны къухӕй куыд дзыназынц. Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц» (Рацыд 3:7). Иегъовӕ нын нӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыны ӕмӕ нын нӕ лӕгъстӕтӕ кӕй хъусы, уый зонгӕйӕ нын цас ӕнцондӕр у! Царды цытӕ ’взарӕм, уымӕ Иегъовӕ ӕнцад нӕ кӕсы.

13. Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытыл йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

13 Йӕ цард Иегъовӕимӕ чи сбӕтты, уыдоныл куыд тыхсы, уый ма бӕрӕг у, израилӕгтӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй дӕр. Кӕд-иу арӕхдӕр сӕ бӕллӕхтӕ сӕхи аххос уыдысты, уӕддӕр пехуымпар Исай Иегъовӕйӕ афтӕ загъта: «Се ’ппӕт утӕхсӕнты уый дӕр утӕхсӕн кодта» (Исай 63:9). Уӕдӕ Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггадгӕнгӕйӕ ӕппындӕр дызӕрдыг ма кӕн: дӕ зын у Иегъовӕйы зын дӕр. Уый зонгӕйӕ дӕм дӕ зӕрдӕ афтӕ нӕ дзуры, зӕгъгӕ, цыфӕнды зындзинадӕй дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн, фӕлӕ дарддӕр лӕггад кӕндзынӕн Иегъовӕйӕн – мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзынӕн? (1 Петры 5:6, 7).

14. Давид 55-ӕм псалом кӕд ныффыста?

14 Паддзах Давид никуы фӕдызӕрдыг, Иегъовӕ йыл кӕй тыхсти ӕмӕ йӕм йӕ рис кӕй хъардта, ууыл. Ӕмӕ уый бӕрӕг у 55-ӕм псаломӕй – ныффыста йӕ, паддзах Саул йӕ фӕдыл куы зылд, уӕд. Давид алыгъд Гефмӕ, фӕлӕ йӕ филистимӕгтӕ куы базыдтой, уӕд фӕтарст, куы йӕ ӕрцахсой, уымӕй. Давид фыста: «Ме знӕгтӕ алыбон агурынц мӕн аныхъуырынмӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ сты мӕ ныхмӕ лӕуджытӕ». Уыцы уынгӕджы уавӕры Давидӕн йе скаст уыди Иегъовӕмӕ. «Алыбон мӕ дзырдтӕ зыгъуыммӕ кӕнынц,– дзырдта Давид,– сӕ хъуыдытӕ иуылдӕр мӕн тыххӕй – фыддзинадӕн» (Псалом 55:3, 6).

15. а) Давид Иегъовӕмӕ афтӕ куы куывта, мӕ цӕссыгтӕ мын лалымы сӕвӕр кӕнӕ сӕ чиныджы ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Уӕззау уавӕрты куы бахауӕм, уӕд нӕ цавӕр ныфс хъуамӕ уа?

15 Дарддӕр, Псаломы 55:9 Давид загъта мӕнӕ ацы диссаджы ныхӕстӕ: «Дӕумӕ нымад сты мӕ рахау-бахаутӕ; сӕвӕр мӕ цӕссыгтӕ мигӕнӕны [«лалымы», НД] Дӕхимӕ,– Дӕ чиныджы не сты мыййаг уыдон?» Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд ауды, уый цы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй равдыстӕуыд! Уынгӕджы сахат Иегъовӕмӕ цӕссыгкалгӕ цал ӕмӕ цал хатты дзынӕзтам. Йесо ӕххӕст адӕймаг уыд, ӕмӕ ма уый дӕр куывта Хуыцаумӕ цӕссыгкалгӕйӕ (Дзуттытӕм 5:7). Давид фидарӕй зыдта, Иегъовӕ йӕ кӕй уыны ӕмӕ дзы йӕ тухитӕ кӕй никуы ферох уыдзысты, раст цыма йын йӕ цӕссыгтӕ лалымы дардта кӕнӕ сӕ чиныджы фыста *. Чи зоны ды зӕгъыс, зӕгъгӕ, мӕ цӕссыгтӕй уыцы лалым йӕ тӕккӕ дзаг бауид кӕнӕ ахӕм чиныджы бирӕ фӕрстыл дӕр нӕ бацӕуиккой. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Библи нын дзуры: «Хӕстӕг у Хицау саст зӕрдӕтӕм ӕмӕ удӕй сабырты ирвӕзын кӕндзӕн» (Псалом 33:19).

Хуыцаумӕ ӕнгом балӕуут

16, 17. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ адӕмы зындзинӕдтӕм ӕнцад кӕй нӕ кӕсы? ӕ) Цӕмӕй адӕм Иегъовӕимӕ ӕнгом уой, уый тыххӕй цы аразы?

16 Иегъовӕйӕн «нӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад [кӕй] сты», уый зонгӕйӕ йӕ хуыздӕр ӕмбарӕм, нӕ Хуыцау ныл куыд тыхсы ӕмӕ ныл куыд ауды. Кӕд нӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон ӕрмӕст ног дунейы ӕрцӕудзӕн, уӕддӕр Иегъовӕ йӕ адӕмӕн ныртӕккӕ дӕр цы дӕтты, уый диссаг у. «Хицауы сусӕггад – Уымӕй тӕрсджытӕм [«Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ ис, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн», НД], ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхст Уый уыдонӕн ӕргом кӕны»,– фыста Давид (Псалом 24:14).

17 «Ӕнгом ахастытӕ Иегъовӕимӕ». Уымӕн куыд гӕнӕн ис, ӕнӕххӕст адӕймаджы зонд ӕй ахсгӕ дӕр нӕ кӕны! Фӕлӕ афтӕ у – Иегъовӕ, чи дзы тӕрсы, аргъуыц дзы чи кӕны, уыдоны хоны йӕ «цӕрӕнуатмӕ», ут мӕ уазджытӕ, зӕгъгӕ (Псалом 14:1–5). Цыхуызӕн фысым у Иегъовӕ йӕ уазджытӕн? Давид куыд загъта, афтӕмӕй сын зонын кӕны йӕ фӕдзӕхст, ома йӕ бадзырд. Иегъовӕ сыл ӕууӕнды: йӕ пехуымпартӕн ӕргом кӕны йӕ «сусӕг хъуыддаг», цӕмӕй йӕ адӕм зоной, цы фӕндтӕ йӕм ис ӕмӕ сӕ цард уыцы фӕндтӕм гӕсгӕ аразой (Амос 3:7).

18. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахс уӕм?

18 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Стыр Хуыцау Иегъовӕмӕ ӕввахс уай, уымӕй ӕхсызгондӕр цы хъуамӕ уа. Ахъуыды ма кӕн, йӕхӕдӕг нын дзуры уый тыххӕй. «Ӕрбаввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ»,– кӕсӕм Библийы (Иаковы 4:8, НФ). Иегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахс уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй аразгӕ дӕр бирӕ скодта. Йӕ Фырты, Йесойы, мах сӕрвӕлтау кӕй радта, уый фӕрцы нын ис фадат, ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм. Библийы фыст ис: «Мах уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг раздӕр бауарзта» (1 Иоанны 4:19, НТ).

19. Фӕразондзинады фӕрцы Иегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинады тӕгтӕ ноджы фидардӕр куыд свӕййынц?

19 Нӕ хӕлардзинады тӕгтӕ фидардӕр свӕййынц, зын уавӕрты фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд. Чырыстийы ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Фӕразондзинад та сымах хъуамӕ ӕркӕна [«хъуыддаг сӕххӕст кӕна», НФ], алцӕмӕй дӕр бынтон нывыл куыд уат, ӕппындӕр уӕм аипп куыд нӕ уа, уымӕ» (Иаковы 1:4, НТ). Зындзинадӕн куы бафӕразӕм, фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд цавӕр «хъуыддаг» сырӕзы? Ахъуыды та кӕнӕм Павелыл – уый тох кодта «буары сындзимӕ». Йӕ фӕразондзинадӕй цы рауад? Павел йӕхӕдӕг загъта йӕхи тыххӕй: «Ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы сӕраппонд ӕз райгонд дӕн мӕ лӕмӕгъдзинадӕй, ме ’фхӕрдӕй, мӕ хъуӕгтӕй, мӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй, мӕ тыхст уавӕртӕй. Уымӕн ӕмӕ тыхджын вӕййын лӕмӕгъӕй» (2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10, НТ). Павел йӕхиуыл бавзӕрста, фыдӕвзарӕны фидар фӕлӕууынӕн Иегъовӕ адӕймагӕн кӕй дӕтты тых – куы бахъӕуа, уӕд «ӕгӕрон тых» дӕр. Ӕмӕ йӕ уый та ноджы ӕввахсдӕр фӕкодта Чырыстимӕ ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцаумӕ (2 Коринфӕгтӕм 4:7, НТ; Филиппӕгтӕм 4:11–13).

20. Цӕмӕн у нӕ бон фидарӕй зӕгъын, нӕ тыхсты нын Иегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтаудзӕн?

20 О, вӕййы афтӕ, ӕмӕ нын Иегъовӕ нӕ фӕлварӕн нӕ разӕй нӕ айсы. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дӕ зӕрдыл дар мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ аппардзынӕн» (Дзуттытӕм 13:5, НТ). Иегъовӕ дӕуӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, дӕ ныфсыл дын ныфс ӕфтаудзӕн. Иегъовӕйӕн «дӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг» нымад сты. Уый дын уыны дӕ фӕразондзинад. Дӕ рисыл риссы йӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ дыл тыхсы уарзӕгой фыдау. Иегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн «уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл» (Дзуттытӕм 6:10).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Афтӕ ма дзырдтой рӕстгӕнӕг Давид ӕмӕ Корейы фырттӕ дӕр – Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ (Псалом 9:22; 43:25)

^ 4 абз. Павелӕн «йӕ буары сындз» цы уыд, уый Библи бӕлвырдӕй нӕ дзуры. Чи зоны, кодта йӕ низы кой – цӕстӕй хорз кӕй нӕ уыдта, уый кой. Йе та – йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыцы мӕнгапостолтӕ ӕмӕ иннӕ адӕймӕгты кой (2 Коринфӕгтӕм 11:6, 13–15; Галатӕгтӕм 4:15; 6:11).

^ 9 абз. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сырддонцъиу зӕхмӕ ӕрхауы, уый ӕнӕмӕнг афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ мӕлгӕ акӕны. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй грекъаг ӕвзаджы уыцы ныхӕстӕ бамбарӕн ис афтӕ дӕр, ӕмӕ маргъ зӕххыл хӕринагагур кӕй ӕрбады. Кӕд уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд уыцы мӕргътӕн Хуыцау канд сӕ мӕлӕт нӕ уыны, фӕлӕ сӕ цард, сӕ алы фезмӕлд дӕр, ома сыл тыхсы, ӕфсады сӕ (Матфейы 6:26).

^ 15 абз. Рагзаманты лалымтӕ кодтой фысы, сӕгъы ӕмӕ стуры ӕууӕрст цӕрмттӕй. Лалымты дардтой ӕхсыр, царв, цыхт кӕнӕ дон. Хӕрзӕууӕрстдӕр цӕрмттӕй конд лалымтӕ та уыдысты сӕн ӕмӕ зетийӕн.

Бахъуыды кодтай?

• Адӕймагмӕ афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ Хуыцау ныууагъта?

• Йесо сырддонцъиутӕ ӕмӕ нӕ сӕрыхъуынты тыххӕй цы загъта, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

• Иегъовӕ нын нӕ цӕссыгтӕ «лалымы» кӕнӕ йӕ «чиныджы» дары, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

• Иегъовӕимӕ ӕнгом кӕд уыдзыстӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Йесо сырддонцъиуты тыххӕй цы загъта, уымӕй цы ис зондӕн райсӕн?

[Барлӕвӕрдӕй]

© J. Heidecker/VIREO