Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ, «чи йӕ агуры, уыдонӕн хорзӕх... дӕтты»

Иегъовӕ, «чи йӕ агуры, уыдонӕн хорзӕх... дӕтты»

Иегъовӕ, «чи йӕ агуры, уыдонӕн хорзӕх... дӕтты»

«Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ чи агуры, уыдонӕн хорзӕх кӕй дӕтты, ууыл» (ДЗУТТЫТӔМ 11:6, НТ).

1, 2. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ цӕмӕн фӕзыны?

«НЫР 30 азы бӕрц дӕн Иегъовӕйы Ӕвдисӕн, фӕлӕ мӕм ӕдзухдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы ном хӕссон, уый аккаг нӕ дӕн,– дзуры Барбарӕ *.– Лӕггад кӕнын пионерӕй, стӕй мын мӕ бӕрны бакӕнынц бирӕ ӕндӕр хӕстӕ дӕр, фӕлӕ мӕм уӕддӕр мӕ зӕрдӕ афтӕ дзуры, уый ницы у, зӕгъгӕ». Ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны Китмӕ дӕр. «Хатт мӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ӕз ницы дӕн, ницӕмӕн бӕззын,– зӕгъы уый.– Фӕхъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн бирӕ цӕуылдӕрты у сӕ бон цин кӕнын, мӕнӕн та мӕ зӕрдӕ ницӕмӕй рухс кӕны. Уый тыххӕй мӕхи ӕфхӕрынмӕ фӕвӕййын, ӕмӕ уымӕй та ноджы стырдӕр мидхъуырдухӕнты бахауын».

2 Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕн нӕ дӕттынц ӕнцой ахӕм хъуыдытӕ – уый афтӕ уыд ивгъуыд заманты дӕр, афтӕ у абон дӕр. Ӕрхӕндӕг хъуыдыты ахӕсты ды дӕр бахауыс? Чи зоны дӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ де ’муырнджытӕ сӕхицӕн ӕнӕмӕт ӕмӕ амондджынӕй цӕрынц, ды та зындзинӕдты, мӕстыты бын фӕдӕ. Ӕмӕ фӕхъуыды кӕныс, Иегъовӕ мӕ нӕ уарзы, ӕмӕ мӕ уынгӕ дӕр нӕ кӕны, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ахӕм хатдзӕгтӕ кӕныныл тагъд ма кӕн. Библи нын афтӕ зӕгъы: «[Иегъовӕ] ӕлгъ нӕ бакодта ӕмӕ ӕнӕввӕрсон нӕ уыд хъиамӕтгӕнӕджы ӕнкъарддзинӕдтыл, нӕ бамбӕхста уымӕй Йӕ цӕсгом, фӕлӕ йӕ фехъуыста уый куы сдзырдта Уымӕ» (Псалом 21:25). Ацы ныхӕстӕ рагагъоммӕ загъд уыдысты Мессиайы тыххӕй, ӕмӕ хорз ӕвдисынц, Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ӕрмӕст хъусгӕ кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ ма сын йӕ хорзӕхтӕй дӕр кӕй хай кӕны, кӕй сын ӕххуыс кӕны.

3. Ацы дунейы зындзинӕдтӕй хызт цӕуылнӕ стӕм?

3 Ацы дунейы зындзинӕдтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕй хызт ничи у. Хызт сӕ не сты Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм дӕр. Цы дунейы цӕрӕм, уый ис Иегъовӕйы цыфыддӕр знаг Сайтан Хӕйрӕджы къухы (2 Коринфӕгтӕм 4:4; 1 Иоанны 5:19). Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕныны охыл диссӕгтӕ нӕ аразы. Сайтан йӕ маст сӕйраджыдӕр уыдоныл калы (Иов 1:7–12; Раргомад 2:10). Уӕдӕ цалынмӕ Хуыцау ацы фыддунейӕн кӕрон не скӕна, уӕдмӕ хъуамӕ «зынты уӕм фӕразон», ома фидар лӕууӕм, ӕмӕ «кувӕм ӕнувыдӕй», уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Иегъовӕ ныл кӕй тыхсы (Ромӕгтӕм 12:12, НТ). Ӕмӕ нӕ нӕ Хуыцау Иегъовӕ нӕ уарзы, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды нӕхимӕ хъуамӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм!

Сӕ фидардзинад нын у фӕзминаг

4. Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй тыхст уавӕрты чи уыд?

4 Рагзаманты Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ уыдысты тыхст уавӕрты. Райсӕм Аннӕйы. «Йӕ зӕрдӕ йын маст сыгъта», уымӕн ӕмӕ йын зӕнӕг нӕ цыди – афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ Хуыцау ферох кодта (1 Паддзахӕдты 1:9–11). Пехуымпар Илиа, ус-паддзах Иезавел ӕй марынмӕ куы хъавыд, уӕд тынг фӕтарст ӕмӕ Иегъовӕмӕ куывта: «Мӕ бон нал у! О, Иегъовӕ, айс мын мӕ уд, ницӕмӕй хуыздӕр дӕн ӕз мӕ фыдӕлтӕй» (3 Паддзахӕдты 19:4). Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис апостол Павелӕй та? Уый йӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕй банкъардта, ӕнӕххӕстдзинад адӕймаджы йӕ быны куыд цъист кӕны. Павел фыста: «Хорздзинад кӕнын мӕ куы фӕнды, мӕ разӕй фӕвӕййы фыддзинад». Ӕмӕ дарддӕр йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕгуыр адӕймаг дӕн ӕз!» (Ромӕгтӕм 7:21–24).

5. а) Аннӕ, Илиа ӕмӕ Павел Иегъовӕйӕ арфӕгонд куыд фесты? ӕ) Ӕрхӕндӕг хъуыдыты уацары куы бахауӕм, уӕд нын Хуыцауы Ныхас цавӕр ныфс уадздзӕн нӕ зӕрдӕты?

5 Мах ӕй зонӕм, Аннӕ дӕр, Илиа дӕр ӕмӕ Павел дӕр кӕй нӕ фӕцудыдтой ӕмӕ сын Иегъовӕ йӕ хорзӕхтӕй рӕдауӕй кӕй бахай кодта (1 Паддзахӕдты 1:20; 2:21; 3 Паддзахӕдты 19:5–18; 2 Тимофеймӕ 4:8). Фӕлӕ сӕ сӕр цынӕ баййӕфта – маст, хъыг, тас, сӕ ныфс-иу асаст. Уӕдӕ мах дӕр хатт ӕрхӕндӕг хъуыдыты ахӕсты кӕй бахауӕм, уым диссагӕй ницы ис. Дӕ фыртыхстӕй-иу дӕм афтӕ куы фӕкӕса, ӕмӕ дӕ Иегъовӕ нӕ уарзы, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Хуыцауы Ныхас дын уыдзӕн ныфсы хос. Мӕнӕ амӕйразмӕйы статьяйы ӕркастыстӕм Йесойы ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты» (Матфейы 10:30, НТ). Ацы ныфсы ныхӕстӕ нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Иегъовӕйӕн тынг зынаргъ у йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕцыдӕр. Ӕрхъуыды ма кӕн, Йесо сырддонцъиуты тыххӕй цы загъта, уый дӕр. Кӕд уыцы гыццыл цъиутӕй иу дӕр Иегъовӕйы ӕвастӕй не ’рхауы зӕхмӕ, уӕд дын дӕ зындзинӕдтӕ нӕ уыны?

6. Ӕнтъыснӕг хъуыдытӕ уӕгъд кӕй нӕ уадзынц, уыдонӕн Библи ныфсы хос куыд уыдзӕн?

6 Фӕлӕ ӕцӕгдӕр ис уый гӕнӕн, ӕмӕ мах, ӕнӕххӕст адӕм, Дунерафӕлдисӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕйӕн зынаргъ уӕм? О, уый афтӕ у! Библи нын сӕрӕй кӕронмӕ уый дзуры. Библи кӕсгӕйӕ-иу ахӕм ныхӕстыл арф куы ныхъхъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр нӕхиуыл банкъардзыстӕм, псаломзарӕггӕнӕг цы загъта, уый: «Мӕ зӕрдӕйы хъыгдзинӕдтӕ фылдӕр кӕныны рӕстӕджы, дӕ рӕвдауындзинӕдтӕ ирхӕфсынц мӕ уды [«Дӕ зӕрдӕвӕрд дӕтты циндзинад мӕ удӕн», МГТ]» (Псалом 93:19). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы Ныхасы цы зӕрдӕфидаргӕнӕн хъуыдытӕ ис, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Афтӕмӕй нӕм ноджы тынгдӕр бахъардзӕн, Хуыцауӕн куыд зынаргъ стӕм, уый. Ӕмӕ дызӕрдыг дӕр нӕ кӕндзыстӕм, цыфӕндыйӕ дӕр ын йӕ фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын йӕ хорзӕхтӕй хай кӕй уыдзӕн.

Иегъовӕйы «бынтӕ»

7. Израилы сӕфт адӕмӕн Иегъовӕ йӕ пехуымпар Малахийы дзыхӕй цавӕр ныфсы ныхӕстӕ загъта?

7 Н. э. агъоммӕ фӕндзӕм ӕнусы дзуттӕгтӕ уыдысты кӕуинаг уавӕры. Адӕм кувӕндонмӕ кодтой сахъат фос, фӕлӕ сын сӕ сауджынтӕ фӕстӕмӕ не здӕхтой – Иегъовӕйы нывондхӕссӕныл сӕ нывондӕн хастой. Тӕрхоны лӕгтӕ кодтой хӕрам тӕрхон. Бӕстӕ байдзаг дӕснытӕ, сайджытӕ ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕй. Лӕгтӕ сӕ устытыл гадзрахатӕй цыдысты (Малахи 1:8; 2:9; 3:5). Фӕлӕ уыцы сӕфт адӕмӕн пехуымпар Малахи загъта, баууӕндӕн дӕр кӕуыл нӕ уыд, ахӕм ныхӕстӕ. Ома, фӕстӕмӕ та Иегъовӕйы хорзӕхӕй рӕвдыд уыдзысты. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «„Мӕхицӕн бынтӕ цы бон скӕнон,– дзуры ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ,– уыцы бон уыдон уыдзысты мӕн. Ӕз сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн, фыд, чи йын лӕггад кӕны, уыцы фыртӕн куыд фӕтӕригъӕд кӕны, раст афтӕ“» (Малахи 3:17).

8. Малахийы 3:17 ныхӕстӕ тынг бирӕ адӕммӕ дӕр цӕмӕн ис ахӕссӕн?

8 Малахийы ныхӕстӕ абон ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы сыгъдӕг удӕй райгуыргӕ адӕмыл – 144 мин сӕрст чырыстоныл. Уыдон сты Иегъовӕйы стыр «бынтӕ», ома сӕ «Йӕхи бакодта» (1 Петры 2:9, НТ). Фӕлӕ Малахийы ныхӕстӕ ныфс ӕфтауынц «тынг бирӕ адӕмыл» дӕр – уыдон «лӕууынц паддзахы бадӕны раз ӕмӕ Уӕрыччы раз, урс дарӕсты» (Раргомад 7:4, 9). Тынг бирӕ адӕм ӕмӕ сӕрстытӕ систы иу дзуг ӕмӕ сын ис иу Фыййау – Йесо Чырысти (Иоанны 10:16).

9. Иегъовӕйӕн йӕ адӕм йӕ «бынтӕ» куыд сты?

9 Иегъовӕ, чи йын лӕггад кӕны, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дары? Малахийы 3:17 куыд зӕгъы, афтӕмӕй уарзӕг фыд йӕ хъӕбултӕм цы зӕрдӕ дары, раст ахӕм. Стӕй ма ахъуыды кӕн, куыд хоны йӕ адӕмы – «мӕ бынтӕ». Ацы дзырдтӕ ӕндӕр тӕлмацты та сты афтӕ: «мӕхи сты», «ме стырдӕр хӕзна». Фӕлӕ Иегъовӕ, чи йын лӕггад кӕны, уыдоны йӕ хӕзна цӕмӕн хоны? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ сын сӕ хорздзинад нӕ рох кӕны (Дзуттытӕм 6:10). Зӕрдӕбынӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ у ӕввахс, йӕ зӕрдӕйӕн сты адджын.

10. Иегъовӕ йӕ адӕмы цы хуызы хъахъхъӕны?

10 Царды дын ахӕмӕй исты ис, афтӕ цӕмӕй фӕзӕгъыс, адон сты мӕ бынтӕ, ме стырдӕр хӕзна, зӕгъгӕ? Ӕмӕ уӕд уыцы хӕзна цӕстыгагуыйау нӕ хъахъхъӕныс? Уӕдӕ афтӕ Иегъовӕ дӕр. Раст у, йӕ «бынтӕ», йӕ адӕмы, ӕппӕт зынтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕй нӕ хизы (Екклесиаст 9:11). Фӕлӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн хъахъхъӕны сӕ уырнындзинад – дӕтты сын хъару, цыфӕнды фыдӕвзарӕны дӕр куыд нӕ фӕцудой (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Кӕддӕр Моисей Хуыцауы адӕмӕн уымӕн загъта: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут... Уӕ Хуыцау Иегъовӕ уыдзӕн уемӕ. Йӕхи уыл никуы атигъ кӕндзӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныууадздзӕн» (Дыккаг закъон 31:6). Иегъовӕ йӕ адӕмы нӕ рох кӕны. Уыдон сты йӕ «бынтӕ» – йӕ хӕзна.

Иегъовӕ «дӕтты хорзӕх»

11, 12. Иегъовӕ Хорзӕхгӕнӕг Хуыцау кӕй у, уый нӕ рох куы нӕ уа, уӕд нын дызӕрдыг хъуыдытӕ нӕхицӕй сурын ӕнцондӕр цӕмӕн уыдзӕн?

11 Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ зынаргъ кӕй сты, уый ма бӕрӕг у уымӕй дӕр, ӕмӕ сын йӕ хорзӕхтӕй хай кӕны. Израилӕгтӕн афтӕ загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, ацы хъуыддаджы мӕ бафӕлварут,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ,– кӕддӕра уын ӕз уӕларвон къӕбицы дуӕрттӕ нӕ бакӕнин ӕмӕ уыл мӕ хорзӕхтӕ кӕлгӕуӕлдайӕ нӕ рауадзин» (Малахи 3:10). Иегъовӕйы стырдӕр хорзӕх у ӕнусон цард (Иоанны 5:24; Раргомад 21:4). Уымӕй уынӕм, куыд рӕдау Хуыцау у ӕмӕ йӕ уарзт куыд ӕгӕрон у. Стӕй йын йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕцӕгдӕр зынаргъ кӕй сты, уый дӕр куыннӕ ис бамбарӕн. Иегъовӕ рӕдау уды хицау кӕй у, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕхицӕй дызӕрдыг хъуыдытӕ сурын. Иегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры, цӕмӕй йӕ нӕ Хорзӕхгӕнӕгыл нымайӕм! «Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ чи агуры, уыдонӕн хорзӕх кӕй дӕтты, ууыл»,– фыста Павел (Дзуттытӕм 11:6, НТ).

12 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах Иегъовӕйӕн исты ӕнхъӕлӕй нӕ лӕггад кӕнӕм – мах ӕй уарзгӕ кӕнӕм. Фӕлӕ нын ныфс цы цардӕй бавӕрдта, уымӕ кӕй бӕллӕм, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, уый хиуарзондзинад нӕу (Колоссӕгтӕм 3:23, 24). Иегъовӕйӕн йӕхи фӕнды, чи йӕ агуры, уыдонӕн хорзы цӕуын, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзы, адджын ын сты.

13. Иегъовӕ Йесойы нӕ сӕрвӕлтау нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый йӕ уарзтӕн ахъаззагдӕр бӕлвырдгӕнӕн цӕмӕн у?

13 Иегъовӕ адӕмӕй алкӕмӕндӕр кӕй аргъ кӕны, уымӕн ахъаззагдӕр бӕлвырдгӕнӕн та уый у, ӕмӕ йӕ Фырты нывондӕн радта. Апостол Иоанн фыста: «Афтӕ бауарзта Хуыцау дуне, ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард» (Иоанны 3:16). Йесо Чырысти йӕ цард мах сӕрвӕлтау кӕм радта, уым ма уый фӕстӕ афтӕ куыд хъуамӕ зӕгъӕм, ӕмӕ Иегъовӕйы цӕсты ницы стӕм, нӕ нӕ уарзы?! Куы нӕ нӕ уарзтаид, уӕд нӕ фервӕзын кӕнынӕн ахӕм стыр аргъ нӕ бафыстаид – мах тыххӕй йӕ иунӕггуырд Фырты нӕ рауӕлдай кодтаид.

14. Павел Чырыстийы нывондмӕ цы цӕстӕй каст?

14 Уӕдӕ-иу ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ дӕ сӕры куы абухой, уӕд-иу ахъуыды кӕн Чырыстийы нывондыл. Нымай йӕ, Иегъовӕ сӕрмагондӕй дӕуӕн кӕй ракодта, ахӕм лӕварыл. Раст афтӕ хъуыды кодта апостол Павел. Ӕркӕс ма, цы загъта: «Ӕз дӕн мӕгуыр адӕймаг!» Фӕлӕ дарддӕр йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕз арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй» – «мӕн чи бауарзта, ӕмӕ Йӕхи мӕ сӕрвӕлтау чи радта» (Ромӕгтӕм 7:24, 25, НФ; Галатӕгтӕм 2:20, НФ). Павел хиуарзон адӕймаг нӕ уыди. Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ йӕ фидарӕй уырныдта, Иегъовӕйӕн зынаргъ кӕй уыд. Ды дӕр хъуамӕ сахуыр уай Чырыстийы нывондмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсын – уыцы стыр лӕвар Хуыцау дӕуӕн ракодта. Иегъовӕ канд хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг нӕу, фӕлӕ у рӕдау Хорзӕхгӕнӕг дӕр.

Хӕйрӕг уӕ йӕ «хин митӕй» ма асайӕд

15–17. а) Хӕйрӕг нын не ’рхӕндӕг хъуыдытӕ нӕхирдӕм куыд фӕкӕны? ӕ) Иовы хабар нӕ ныфс куыд уадзы?

15 Фӕлӕ дӕм уӕддӕр, чи зоны, дӕ зӕрдӕ дзуры, Хуыцауы Ныхасы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон мӕнмӕ нӕ хауынц, зӕгъгӕ. Чи зоны, афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕныс: иннӕтӕ цӕрдзысты ӕнустӕм Хуыцауы ног дунейы, фӕлӕ ӕз та нӕ – ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Ӕмӕ дын уӕд цы кӕнгӕ у?

16 Куыннӕ зондзынӕ, Павел Ефесы чырыстӕттӕн цы ныффӕдзӕхста, уый: «Сфӕлындут Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзты, цӕмӕй уӕ бон уа слӕууын хӕйрӕджы хин миты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:11). Сайтаны хин митыл дзырд куы ӕрхауы, уӕд адӕймаг уайтагъд ӕхца, мулк ӕмӕ хӕлд митыл ахъуыды кӕны. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у – раджы заманты дӕр ӕмӕ абон дӕр уыцы къӕппӕджыты Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ бахаудтой. Фӕлӕ ма Хӕйрӕг хинӕй архайы ӕндӕр хуызы дӕр – адӕмы ахӕм хъуыдытыл дӕр уый ӕфтауы, ома уӕ Хуыцау нӕ уарзы.

17 Хӕйрӕг дӕсны у фӕливынмӕ. Адӕймаг ахӕм хъуыдытыл куы свӕййы, уӕд ын сӕ йӕхирдӕм фӕкӕны, цӕмӕй йӕ Хуыцауӕй фӕиппӕрд кӕна. Ӕрхъуыды ма кӕн, Вилдад Иовӕн цы загъта: «Зӕххон адӕймаг Хуыцауы цӕсты раст куыд хъуамӕ уа, ӕмӕ сылгоймагӕй чи райгуырд, уый сыгъдӕг куыд хъуамӕ уа? Уӕлӕ мӕй, ӕмӕ уый дӕр рухс куы нӕ кӕны, ӕмӕ стъалытӕ дӕр сыгъдӕг куы не сты йӕ цӕсты. Уӕд цы хъуамӕ уа зӕххон адӕймаг та – зулкъӕй хъауджыдӕр чи нӕу, ӕмӕ зӕххон лӕджы фырт – уаллонӕй хъауджыдӕр чи нӕу!» (Иов 25:4–6; Иоанны 8:44). Уыцы ныхӕстӕй Иовӕн йӕ зӕрдӕ куыннӕ амардаид? Уӕдӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ лӕуу – дӕ ныфс дын асӕтта, уый йӕ ма бауадз. У къӕрцхъус: Хӕйрӕджы хин митӕ-иу сӕ цӕфыл куы базонай, уӕд, раст цы у, уый сӕрыл тохгӕнгӕйӕ никуы фӕцуддзынӕ (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Кӕд Иов ӕнӕрӕдигӕ дӕр нӕ фӕци, уӕддӕр ын Иегъовӕ йӕ фидардзинады тыххӕй раарфӕ кодта – афтидӕй цӕмӕй аззад, уый йын фӕстӕмӕ дыууӕ ахӕмӕй радта (Иов 42:10).

Иегъовӕ «нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у»

18, 19. Хуыцау «нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр» куыд у ӕмӕ цы хуызы зоны уый «ӕппӕт дӕр»?

18 Ӕнтъыснӕг хъуыдытӕ зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ куы ауадзынц, уӕд се стонын, ай-гъай дӕр, ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйы ӕххуысӕй цадӕггай ды басӕтдзынӕ «фидӕрттӕ» дӕр – «Хуыцауы базоныны фӕндагыл цы систӕ самадӕуыд, уыдоны» (2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5, НТ). Ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ дӕ сӕ быны куы скӕнынц, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн апостол Иоанны ныхӕстӕ: «Уымӕй базондзыстӕм, мах ӕцӕгады хъӕбултӕ кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ Хуыцауы раз ӕнцой ссардзыстӕм нӕ зӕрдӕйӕн, истӕй тыххӕй нын тӕрхон куы кӕна, уӕд дӕр; уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ зоны ӕппӕт дӕр» (1 Иоанны 3:19, 20, НТ).

19 «Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у», зӕгъгӕ, уый куыд ис бамбарӕн? Нӕ хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи куы фӕхӕрӕм, уӕд нын нӕ зӕрдӕ дӕр хатыр нал фӕзоны. Йе та, чи зоны, царды цы бавзӕрстам, уый нӕ афтӕ сахуыр кодта, ӕмӕ ӕдзух нӕхицӕй хъуыды кӕнӕм ӕвзӕр, нӕхицӕн фӕдзурӕм, цӕй тыххӕй мӕ хъуамӕ уарза Иегъовӕ, цы аразын ӕз ахӕмӕй, зӕгъгӕ. Уӕдӕ нын апостол Иоанны ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Иегъовӕ уыдӕттӕй стырдӕр у! Иегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕм нӕ ныккомкоммӕ вӕййы – уый уыны, нӕ мидӕг хорзӕй ӕмбӕхст цы ис. Иегъовӕ зоны уый дӕр, цы нӕ фӕнды, царды цӕмӕ бӕллӕм. «Уый зоны не сконд, хъуыды кӕны, кӕй стӕм мах сыджыт»,– фыста Давид (Псалом 102:14). О, нӕхӕдӕг дӕр нӕхи афтӕ нӕ зонӕм, Иегъовӕ нӕ куыд зоны!

«Фидыцы кадыхуд» ӕмӕ «паддзахы сарыхъ»

20. Исайы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы?

20 Йӕ пехуымпар Исайы дзыхӕй Иегъовӕ йӕ адӕмӕн, израилӕгтӕн, загъта, фӕстӕмӕ та сӕ сӕ къахыл кӕй слӕууын кӕндзӕн. Вавилоны уацары уыцы фӕлмӕст адӕмӕн ацы ныхӕстӕ стыр ныфс куыннӕ уыдаиккой! Фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕм кӕй ӕрыздӕхдзысты, уый кой кӕнгӕйӕ Иегъовӕ загъта: «Сымах уыдзыстут фидыцы кадыхуд Иегъовӕйы къухы ӕмӕ паддзахы сарыхъ уӕ Хуыцауы къухы» (Исай 62:3). Ацы ныхӕстӕй Иегъовӕ йӕ адӕмы кад ӕмӕ фидыцы дарӕсау сфӕлыста. Раст афтӕ бакодта Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй райгуыргӕ Израилӕн дӕр. Сӕ кад сын бӕрзонд систа, дзыллӕтӕ йӕ иууылдӕр куыд уыной.

21. Кӕцӕй йӕ зоныс, ӕмӕ дын Иегъовӕ дӕ фӕразондзинады тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн?

21 Кӕд ацы пехуымпарад сӕйраджыдӕр сӕрстытыл ӕххӕст кӕны, уӕддӕр хорз ӕвдисы, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕндӕр цы кад саккаг кодта, уый. Уӕдӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ дӕ сӕры куы зилдух кӕной, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, кӕд ӕнӕххӕст дӕ, уӕддӕр Иегъовӕйы цӕсты кӕй дӕ «фидыцы кадыхуд» ӕмӕ «паддзахы сарыхъ». Цӕй уӕдӕ йын зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕн йӕ фӕндон, ӕмӕ йын уымӕй рухс кӕн йӕ зӕрдӕ (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Иегъовӕ дын дӕ фӕразондзинад ӕмӕ дӕ фыдӕбӕттӕ никуы ферох кӕндзӕн!

[Фиппаинаг]

^ 1 абз. Нӕмттӕй иутӕ ивд сты.

Бахъуыды кодтай?

• Иегъовӕйӕн йӕ «бынтӕ» стӕм, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

• Иегъовӕ Хорзӕхгӕнӕг Хуыцау кӕй у, уый нӕ цӕуылнӕ хъӕуы рох кӕнын?

• Цавӕр сты Хӕйрӕджы «хин митӕ»?

• Хуыцау «нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр» куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28 фарсыл]

Хуыцауы Ныхасы ис бирӕ ныфсдӕттӕг хъуыдытӕ.