Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Рагон Израилы паддзах Соломон зӕрондӕй кӕд Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивта, уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ райгас уыдзӕн? (3 Паддзахӕдты 11:3–9).

Библийы дзырдӕуы, чи райгас уыдзӕн, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Фӕлӕ уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ дзы кӕй кой цӕуы, уыдонӕй алкӕй райгасы ныфсы тыххӕй дӕр дзуры (Дзуттытӕм 11:1–40). Фӕлӕ ныхас Соломоныл куы рауайы, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы Хуыцауы тӕрхон – Соломон куы амард ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ куы амардысты, уыдӕтты фӕдыл Библи цы дзуры, уый куы абарӕм.

Сыгъдӕг Фыстады куыд кӕсӕм, афтӕмӕй мӕрдтӕй иутӕ райгас уыдзысты, иннӕтӕ та – нӕ. Хуыцауы тӕрхонмӕ гӕсгӕ чи нӕ райгас уыдзӕн, уыдон бахаудтой «геенамӕ» кӕнӕ «артын цадмӕ» (Матфейы 5:22, НФ; Маркы 9:47, 48; Раргомад 20:14). Уырдӕм бахаудтой фыццаг лӕг ӕмӕ ус – Адам ӕмӕ Евӕ, гадзрахатӕйцӕуӕг Иудӕ Искариот. Стӕй Хуыцау йӕхӕдӕг кӕмӕн стӕрхон кодта ӕмӕ кӕй ныццагъта, уыдон, дзырдӕн, Нойы дуджы чи фесӕфт ӕмӕ Содом ӕмӕ Гоморры чи цард, уыдон *. Чи райгас уыдзӕн, уыдон та бахауынц шеол кӕнӕ гадесмӕ, ома, адӕм иууылдӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ кӕдӕм ацӕуынц, уырдӕм – ингӕнмӕ. Цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Денджыз ратта йӕ мидӕг уӕвӕг мӕрдты, мӕлӕт дӕр, зындон [«гадес», НД] дӕр раттой уым уӕвӕг мӕрдты; ӕмӕ алчидӕр тӕрхонгонд уыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ» (Раргомад 20:13).

Дзуттытӕм 11-ӕм сӕр цы иузӕрдион адӕймӕгты кой кӕны, уыдон иууылдӕр сты шеолы кӕнӕ гадесы, ома ингӕны, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, кӕд райгас уыдзысты, уымӕ. Уым ма дзырдӕуы Хуыцаумӕ кувӕг лӕгтӕ Авраам, Моисей ӕмӕ Давиды тыххӕй дӕр. Ӕркӕсӕм ма, Библи сын сӕ мӕлӕты тыххӕй цы дзуры, уымӕ. «Ды та дӕ фыдӕлтӕм фарнимӕ ныццӕудзынӕ ӕмӕ дӕ баныгӕндзысты цардӕфсӕстӕй»,– загъта Иегъовӕ Авраамӕн (Уӕвынад 15:15). Моисейӕн та загъта: «Ды ӕрӕнцайдзынӕ дӕ фыдӕлтимӕ» (Дыккаг закъон 31:16). Соломоны фыд Давиды тыххӕй Библи дзуры: «Давид ӕрӕнцади йӕ фыдӕлтимӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Давиды сахары» (3 Паддзахӕдты 2:10). Уӕдӕ «ӕрӕнцайдзынӕ дӕ фыдӕлтимӕ» ӕмӕ ныццыд шеолмӕ сты иу.

Соломон куы амард, уӕд ын йӕ мард цы фӕкодтой? Библи нын дзуры: «Соломон Иерусалимы ӕгас Израилыл паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы. Ӕмӕ ӕрӕнцади йӕ фыдӕлтимӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары» (3 Паддзахӕдты 11:42, 43). Ацы стихтӕм гӕсгӕ Соломон ис шеолы кӕнӕ гадесы, ӕмӕ райгас уыдзӕн.

Уӕдӕ Фыстад афтӕ кӕмӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, «ӕрӕнцадысты сӕ фыдӕлтимӕ», уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр райгас уыдзысты. Ацы ран зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Соломоны фӕстӕ цы паддзӕхтӕ уыд, суанг сӕ иузӕрдион чи нӕ уыд, уыдоны тыххӕй дӕр, Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «ӕрӕнцадысты сӕ фыдӕлтимӕ». Уый дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ «уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «ингӕнты чи сты, уыдон се ’ппӕт дӕр» куы райгас уой, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕнис бӕлвырд базонӕн, райгасы аккаг сӕ чи уыд, уый (Иоанны 5:28, 29, НФ). Уӕдӕ, искӕцы адӕймаг райгас уыдзӕн ӕви нӕ, ууыл хъуыды кӕнынӕй хуыздӕр у банхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ уыцы хъуыддаг Иегъовӕйы бар бакӕнын.

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Кӕс 1988 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 22, 23 фф., уыр.