«Фӕлварут уӕхӕдӕг уӕхи»
«Фӕлварут уӕхӕдӕг уӕхи»
«Фӕлварут уӕхӕдӕг уӕхи, уырнындзинады стут сымах ӕви нӕ? уӕхӕдӕг уӕхи сгарут» (2 КОРИНФӔГТӔМ 13:5).
1, 2. а) Нӕ уырнындзинады тыххӕй истӕуыл куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзындзӕн? ӕ) Фыццаг ӕнусы Коринфы иуӕй-иутӕ цавӕр уавӕры аххосӕй нал зыдтой, цы фӕндагыл сӕ цӕуын хъӕуы, уый?
МӔНӔ иу лӕг хъӕугӕрӕтты фӕцӕуы. Уалынмӕ бахӕццӕ фӕндаджы саджилмӕ. Кӕдӕм ӕй хъӕуы, уырдӕм дзы кӕцы цӕуы, уый бӕлвырд нӕ зоны ӕмӕ йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуы, уыдоны афӕрсы. Фӕлӕ йын иутӕ иуӕрдӕм амонынц, иннӕтӕ – иннӕрдӕм. Лӕг бынтон схӕццӕ ис, ӕмӕ йӕ бон йӕ фӕндаг адарддӕр кӕнын нал у. Нӕ уырнындзинады тыххӕй истӕуыл куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд мах уавӕр дӕр уыдзӕн раст ахӕм. Уыцы дызӕрдыгдзинад фӕзындзӕн, уынаффӕтӕ куыд хӕссӕм, ууыл, цы фӕндагыл цӕугӕ нын у, уый нал зондзыстӕм.
2 Нӕ эрӕйы I ӕнусы Грецийы, Коринфы сахары чырыстон ӕмбырды цы уавӕр сӕвзӕрд, уый дӕр иуӕй-иу чырыстӕттыл раст афтӕ фӕзынд. «Уӕлдӕр апостолтӕ» сдызӕрдыггаг кодтой апостол Павелы бартӕ. Уыдон дзырдтой: «Йӕ фыстӕджыты домаг ӕмӕ тыхджын у, лӕгӕй-лӕгмӕ та – лӕмӕгъ, йӕ ныхас нӕ ахады» (2 Коринфӕгтӕм 10:7–12, НТ; 11:5, 6). Ахӕм ахасты аххосӕй Коринфы ӕмбырды иуӕй-иутӕ нал зыдтой, дарддӕр сын кӕцырдӕм цӕугӕ уыд, уый.
3, 4. Павел коринфӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ мах дӕр цӕмӕн хъӕуы ӕркӕсын?
3 Павел н. э. 50 азы Коринфы куы уыд, уӕд дзы сарӕзта ӕмбырд. Уым фӕцис «афӕдз ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы, ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта Хуыцауы ныхасыл». Ӕмӕ «коринфӕгтӕй Павелмӕ чи байхъуыста, уыдонӕй... бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой» (Куыстытӕ 18:5–11, НТ). Павел зӕрдӕйӕ тыхсти йӕ коринфаг ӕмчырыстӕтты уырнындзинадыл. Уыдон ӕм сӕхӕдӕг дӕр фыстой, исты фарст-иу сӕм куы фӕзынд, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 7:1). Ӕмӕ сын Павел тынг ахадгӕ уынаффӕтӕ лӕвӕрдта.
4 «Фӕлварут уӕхӕдӕг уӕхи, уырнындзинады стут сымах ӕви нӕ?»,– фыста сӕм Павел (2 Коринфӕгтӕм 13:5). Ацы уынаффӕмӕ хъусгӕйӕ уыцы коринфаг ӕфсымӕртӕ сӕхи бахъахъхъӕдтаиккой ӕмӕ сын кӕцы фӕндагыл цӕугӕ у, ууыл нӕ дызӕрдыг кодтаиккой. Абон махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ бахъахъхъӕнын нӕхи. Уӕдӕ нӕ Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ цы аразын хъӕуы? Куыд у нӕ бон фӕлварын, уырнындзинады стӕм ӕви нӕ? Ӕмӕ нӕхи, ома нӕ зӕрдӕтӕ, куыд хъуамӕ сгарӕм?
«Фӕлварут уӕхӕдӕг уӕхи, уырнындзинады стут сымах ӕви нӕ?»
5, 6. Цавӕр барӕн нын ис, уырнындзинады стӕм ӕви нӕ, уый фӕлварынӕн ӕмӕ уыцы барӕн ӕххӕст цӕмӕн у?
5 Фӕлварӕны фӕлвӕрд фӕцӕуы исчи кӕнӕ исты, ӕмӕ фӕлвӕрд та фӕцӕуы цавӕрдӕр барӕнтӕ кӕнӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Мах цы фӕлварын хъӕуы, уый нӕу уырнындзинад,– ома, цӕуыл ӕууӕндӕм, цы дин райстам, уый. Фӕлварын нӕ хъӕуы нӕхи. Ӕмӕ нын уый тыххӕй ис ӕххӕст барӕн. Псаломзарӕггӕнӕг Давиды зарӕджы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Хицауы закъон ӕххӕст у, фидар кӕны уды; Хицауы раргомдзинад раст у, зондджын кӕны хуымӕтӕгты. Хицауы фӕдзӕхстытӕ раст сты, хъӕлдзӕг кӕнынц зӕрдӕ; Хицауы фӕдзӕхст рухс у, срухс кӕны цӕстытӕ» (Псалом 18:8, 9). Библийы ис Иегъовӕйы ӕххӕст закъӕттӕ, йӕ раст ӕмӕ рухс фӕдзӕхстытӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтӕ. Уӕдӕ уым цы ис фыст, уымӕй хуыздӕр барӕн нӕй исты фӕлварынӕн.
Дзуттытӕм 4:12, НТ). О, Хуыцауы ныхасӕн ис уыцы тых, ӕмӕ нын фӕлвара нӕ зӕрдӕ – нӕ мидадӕймаджы. Цӕмӕй нын ацы цыргъ, зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ ахадгӕ Ныхас фӕахъаз уа, уый тыххӕй цы у нӕ бон аразын? Ацы фарстӕн бӕлвырд дзуапп дӕтты псаломзарӕггӕнӕг. Уый зарыд: «Тӕхудиаг [у] лӕг, кӕцыйӕн... Хицауы закъоны [ис] йӕ фӕндон, ӕмӕ Уый закъоныл хъуыды кӕны уый ӕхсӕвӕй-бонӕй» (Псалом 1:1, 2). «Хицауы закъон» ис Хуыцауы фыст Ныхасы, Библийы. Иегъовӕйы Ныхас кӕсын махӕн хъуамӕ зӕрдӕрухсы хос уа. Хъӕуы нӕ бӕлвырд рӕстӕг арын, цӕмӕй йӕ кӕсӕм ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнӕм. Ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕн хъуамӕ уый бар дӕттӕм, ӕмӕ нын нӕ мидадӕймаджы – фӕлварын кӕй хъӕуы, уый – ӕргом кӕна.
6 Хуыцауы комытӕфӕй фыст ныхасы тыххӕй апостол Павел дзуры: «Хуыцауы ныхас у цӕрдуд ӕмӕ хъомысджын, цавӕрфӕнды дыком цирхъӕй цыргъдӕр: уый ахъары афтӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны зӕрдӕ ӕмӕ уд, ӕрхӕджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн» (7. Уырнындзинады стӕм ӕви нӕ, уый фӕлварынӕн сӕйраг мадзал цы у?
7 Уӕдӕ, уырнындзинады стӕм ӕви нӕ, уый фӕлварынӕн сӕйраг мадзал – Хуыцауы Ныхас кӕсын, арф ыл хъуыды кӕнын ӕмӕ, нӕхи куыд дарӕм, уый барын, цы базонӕм, уыимӕ. Ӕхсызгон у уый, ӕмӕ нын Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн стыр ӕххуыс дӕр кӕй ис.
8. Ӕууӕнкджын ӕмӕ нын зондджын цагъары литературӕ куыд ӕххуыс кӕны фӕлварын, уырнындзинады стӕм ӕви нӕ?
8 Иегъовӕ нӕ ахуыр кӕны ӕмӕ нын амындтӕ дӕтты, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» Фыстад ӕмбарын кӕнынӕн цы литӕратурӕ уадзы, уый руаджы (Матфейы 24:45). Дзырдӕн райсӕм чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ»: алы сӕры кӕрон дӕр дзы ис фӕлгӕт, «Фарстытӕ ахъуыды кӕнынӕн», зӕгъгӕ *. Ацы чиныг афтӕ арӕзт кӕй у, уый хорз ӕххуыс куыннӕ у лӕмбынӕг хъуыды кӕнынӕн! Нӕ журналты, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы (уыр.), алыхуызон фарстыты фӕдыл цы статьятӕ вӕййы, уыдон дӕр нын ӕххуыс кӕнынц фӕлварын, уырнындзинады стӕм ӕви нӕ. Фӕстаг рӕстӕг «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (уырыссаг ӕвзагыл) Ӕмбисӕндты чиныджы фӕдыл цы статьятӕ уыд, уыдон тыххӕй иу хо загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы статьятӕ тынг ахадгӕ сты. Уыдон мын баххуыс кодтой мӕ дзыхыныхас, мӕ уагахаст ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ Иегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ сбарын ӕмӕ, ӕмбӕлон сты ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын».
9, 10. Цавӕр мадзӕлттӕ скодта Иегъовӕ, цӕмӕй фӕлварӕм, уырнындзинады стӕм ӕви нӕ?
9 Ӕмбырды фембӕлдты ӕмӕ конгрессты дӕр фехъусӕм амындтӕ тынг бирӕ алыхуызон фарстыты фӕдыл, нӕ зӕрдӕтӕ дӕр дзы фӕфидар вӕййынц. Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм мадзӕлттӕ Хуыцау радта, пехуымпар Исай кӕй тыххӕй дзырдта, уыцы адӕмӕн: «Фӕстаг бонты афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн иннӕ хӕхтӕй уӕлдӕр ӕмӕ къуылдымтӕй суыдзӕн бӕрзонддӕр; ӕмӕ йӕм адӕм цӕудзысты ӕмӕ цӕудзысты. Бирӕ адӕм ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Ӕрбацӕут, хорз адӕм, ӕмӕ ссӕуӕм Иегъовӕйы хохмӕ... ӕмӕ нын амондзӕн йӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ цӕудзыстӕм йӕ къахвӕндӕгтыл“» (Исай 2:2, 3). Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ нын кӕй амындӕуы, уый, бӕгуыдӕр, стыр арфӕдзинад у.
10 Стыр аргъ ма ис, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ, зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн дӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгты тыххӕй Библийы дзырдӕуы: «Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта [«адӕймаг ӕй ӕмбаргӕ дӕр куы нӕ бакӕна, афтӕмӕй исты рӕдыд къахдзӕф куы сараза», НД], уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, ӕвӕлмасӕй раздахут раст фӕндагмӕ; уыимӕ кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уын тӕригъӕд уӕхи дӕр ма сцыбӕл кӕна» (Галатӕгтӕм 6:1, НТ). Куыд бузныг стӕм, ахӕм ӕххуыс нын кӕй ис нӕ фӕндаг раст кӕнынӕн!
11. Уырнындзинады стӕм ӕви нӕ, уый фӕлварынӕн нӕ цы аразын хъӕуы?
11 Нӕ литературӕ, чырыстон ӕмбырдтӕ, бӕрнон ӕфсымӕртӕ – ӕппӕт адӕттӕ сты Иегъовӕйы диссаджы лӕвӕрттӕ. Фӕлӕ, уырнындзинады стӕм ӕви нӕ, уый фӕлварынӕн хъӕуы зӕрдӕмӕ ныккӕсын. Уымӕ гӕсгӕ-иу нӕ литературӕ куы кӕсӕм кӕнӕ Фыстады бындурыл фӕдзӕхстытӕ куы хъусӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕнӕм: «Мӕнӕй дӕр ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕз аразын уый? Чырыстон дины ахуырӕдтыл фидар хӕцын?». Цы бакӕсӕм ӕмӕ цы фехъусӕм, уый цы зӕрдӕйӕ айсӕм, уый фӕзыны нӕ уырнындзинадыл дӕр. «Буарон адӕймаг нӕ исы, Хуыцауы Удӕй цы у, уый, уымӕн ӕмӕ уый уыдон нымайы ӕнӕзонддзинадыл,– дзуры Библи.– Фӕлӕ удон [«Хуыцауы удӕй хайджын чи у, уый», НТ] тӕрхон кӕны ӕппӕтыл, уый тыххӕй та ничи тӕрхон кӕнын фӕразы» (1 Коринфӕгтӕм 2:14, 15). Уӕдӕ нӕ литературӕйы цы бакӕсӕм, нӕ фембӕлдты цы фехъусӕм, стӕй нын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы фӕдзурынц, уый хъуамӕ бузныгзӕрдӕйӕ ма исӕм? Афтӕ не ’мбӕлы, Хуыцауы удӕй хайджын чи у, уыдонӕн?
«Уӕхӕдӕг уӕхи сгарут»
12. Нӕ зӕрдӕтӕ сгарӕм, уымӕ цы хауы?
12 Нӕхи, ома нӕ зӕрдӕтӕ басгарӕм, уый тыххӕй мах хъӕуы нӕхиуыл ахъуыды кӕнын, нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын. О, ӕцӕгады стӕм, фӕлӕ цас зӕрдӕбынӕй архайӕм нӕ цард уыцы ӕцӕгадыл аразыныл? Нӕ зӕрдӕтӕ сгарӕм, уымӕ ма хауы, фӕлтӕрд кӕй стӕм ӕмӕ Иегъовӕйы лӕвӕрттӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый бӕлвырд кӕнын дӕр.
13. Дзуттытӕм 5:14 гӕсгӕ, фӕлтӕрд кӕй стӕм, уый куыд бӕлвырд кӕндзыстӕм?
13 Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ стӕм, уый куыд бӕлвырд кӕндзыстӕм? Апостол Павел ныффыста: «Хъӕбӕр хӕринаг та фидауы хъомылтӕн, сӕ зӕрдӕ ахуыр кӕмӕн у хорздзинады ӕмӕ ӕвзӕрдзинады раиртасын» (Дзуттытӕм 5:14, НФ). Фӕлтӕрд кӕй стӕм, уый бӕлвырд кӕндзыстӕм, нӕ зӕрдӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр иртасыныл ахуыр кӕнгӕйӕ. Спортсмены кӕцыдӕр хӕцъӕфтӕй кусын куыд фӕхъӕуы, цӕмӕй йын сфидар уой ӕмӕ йын спорты фылдӕр бантыса, афтӕ мах дӕр хъӕуы нӕ зӕрдӕйыл, ома не ’мбарындзинадыл кусын, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайгӕйӕ.
14, 15. Хуыцауы Ныхасы арф хъуыдытӕ ахуыр кӕныныл зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?
14 Фӕлӕ нӕ нӕ зӕрдӕйы ӕмбарындзинадыл кусынӕн фыццаджыдӕр хъӕуы зонындзинӕдтӕ. Уый тыххӕй та хъуамӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм. Хуыцауы Ныхас иудадзыг куы ахуыр кӕнӕм, уӕлдайдӕр та дзы цы арф хъуыдытӕ ис, уыдон, уӕд нӕ зӕрдӕ кӕндзӕн ӕмбаргӕдӕр. Бирӕ азты дӕргъы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ӕвзӕрстӕуы алыхуызон вазыгджын фарстытӕ. Ахӕм фарстыты фӕдыл фыст статьятыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд куыд бакӕнӕм? Афӕлдахӕм сӕ, «цыдӕр зынӕмбарӕн» дзы кӕй ис, уый тыххӕй? (2 Петры 3:16). Нӕ, зӕрдиагӕй-иу бацархайӕм, цы фыст дзы ис, уый бамбарыныл (Ефесӕгтӕм 3:18).
15 Мыййаг нын ахуыр кӕнын зын у, уӕд та? Хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй архайӕм ууыл, * (1 Петры 2:2). Кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм, уӕд хъуамӕ сахуыр уӕм хъӕбӕр хӕринаг хӕрын, ома Хуыцауы Ныхасы арф хъуыдытӕ ӕмбарын. Ӕнӕ уымӕй нӕ зӕрдӕ бирӕ ницы иртасынхъом уыдзӕн. Фӕлӕ фӕлтӕрддзинад ӕрмӕст уымӕй кӕнгӕ нӕу, ӕмӕ ӕмбарындзинадыл кусӕм. Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнгӕйӕ цы базонӕм, уымӕй хъуамӕ ӕрвылбоны царды пайда кӕнӕм.
цӕмӕй уыцы хъуыддаг бауарзӕм16, 17. Цӕмӕй «дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ» уӕм, уый фӕдыл ахуыргӕнинаг Иаков цавӕр уынаффӕ радта?
16 Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕгады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, ууыл дзурӕг хъуыддӕгтӕй – нӕ уырнындзинадӕй райгуыргӕ хъуыддӕгтӕй. Ацы фадыджы нӕ нӕ зӕрдӕ сгарын куыд хъӕуы, уый ахуыргӕнинаг Иаков равдыста ирд цӕвиттонӕй: «Ут дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ, фӕлӕ ӕрмӕст хъусджытӕ нӕ, уӕхӕдӕг уӕхи сайджытӕ. Уымӕн ӕмӕ дзырд чи хъусы, фӕлӕ йӕ ӕххӕст чи нӕ кӕны, уый у йӕ ӕрдзон цӕсгоммӕ кӕсӕнмӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн: уый бакаст йӕхимӕ, иуварс ацыд – ӕмӕ уыцы сахат ферох кодта, цы хуызӕн у, уый. Фӕлӕ чи бамбара ӕххӕст закъон, сӕрибары закъон, ӕмӕ уый мидӕг уа, уый рохгӕнаг хъусӕг нӕу, фӕлӕ у хъуыддӕгтӕй ӕххӕстгӕнӕг, ахӕм тӕхудиаг у йӕ хъуыддӕгты» (Иаковы 1:22–25).
17 Ӕндӕр дзырдӕй, Иаков дзуры: «Хуыцауы ныхасы кӕсӕнмӕ лӕмбынӕг кӕсут, ӕмӕ цавӕр адӕймӕгтӕ стут, уый бӕрӕг кӕнут. Ӕдзухдӕр афтӕ кӕнут. Хуыцауы Ныхасы цы ссарут, уый рухсмӕ-иу уӕхимӕ лӕмбынӕг ныккӕсут. Стӕй, цы фенут, уый уӕ-иу уайтагъд ма ферох уӕд. Цы хъӕуы, уый-иу сраст кӕнут». Ацы уынаффӕмӕ хъусын хатт гӕнӕн ис, ӕмӕ зын уа.
18. Иаковы уынаффӕмӕ хъусын зын цӕмӕн вӕййы?
18 Зӕгъӕм, мах хъӕуы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын. «Зӕрдӕйӕ ӕууӕндын адӕймаджы раст кӕны,– фыста Павел,– уырныны тыххӕй ӕргомӕй дзурын та ирвӕзындзинад дӕтты» (Ромӕгтӕм 10:10, НТ). Ирвӕзындзинады хабар ӕргом дзурӕм, уый тыххӕй хъӕуы цыдӕртӕ фӕивын. Нӕ фылдӕрӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын афтӕ ӕнцон нӕу. Уыцы куыст зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йӕ нӕ царды ӕмбӕлон бынаты ӕвӕрӕм, уый тыххӕй та нӕ фӕхъӕуы ноджы фылдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын ӕмӕ нӕхи ноджы фылдӕр цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын (Матфейы 6:33). Фӕлӕ нын ацы куыст у Хуыцауӕй лӕвӕрд ӕмӕ йӕ куы феххӕст кӕнӕм, уӕд банкъарӕм стыр цин, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы. Уӕдӕ цы зӕгъдзыстӕм нӕхицӕй, Хуыцауы Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ стӕм?
19. Нӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?
19 Нӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг, уыдонмӕ цы хауы? Павел загъта: «Цӕуыл сахуыр стут сымах, цы райстат ӕмӕ фехъуыстат ӕмӕ федтат мӕн мидӕг, уый ӕххӕст кӕнут,– ӕмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн сымахимӕ» (Филиппӕгтӕм 4:9). Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бӕрӕг у, цӕуыл сахуыр стӕм, цы райстам, цы фехъуыстам ӕмӕ цы федтам, уымӕ гӕсгӕ куыд архайӕм, ома Хуыцауӕн хи снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл цӕуынмӕ цыдӕриддӕр хауы, уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй. «Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл»,– амоны Иегъовӕ пехуымпар Исайы дзыхӕй (Исай 30:21).
20. Ӕмбырдӕн стыр арфӕдзинад цавӕр адӕймӕгтӕ сты?
20 Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг чи ахуыр кӕны, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ чи хъусын кӕны, йӕ алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион чи у ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады фарс ӕнувыдӕй чи хӕцы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн стыр арфӕдзинад сты. Цы ӕмбырды сты, уый уыдоны фӕрцы фидардӕр у. Се ’ххуыс стыр ахъаз у, уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ӕмбырдты ис тынг бирӕ ногтӕ, аудын кӕуыл хъӕуы. Павелы уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, ома нӕхи куы фӕлварӕм, уырнындзинады стӕм ӕви нӕ, ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕм куы кӕсӕм, уӕд мах дӕр хорз ӕххуыс уыдзыстӕм иннӕтӕн.
Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын дын зӕрдӕрухсы хос уӕд
21, 22. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын нын зӕрдӕрухсы хос кӕд уыдзӕн?
21 «Мӕн фӕнды сӕххӕст кӕнын Дӕу фӕндон, мӕ Хуыцау, ӕмӕ Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы»,– зарыд рагон Израилы паддзах Давид (Псалом 39:9). Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын Давидӕн стыр цин хаста. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы закъон уыдис Давиды зӕрдӕйы. Давид ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, цы фӕндагыл цӕугӕ йын уыд, ууыл.
22 Хуыцауы закъон нӕ зӕрдӕйы арфы куы уа, уӕд мах дӕр, цы фӕндагыл цӕуӕм, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын нын уыдзӕн зӕрдӕрухсы хос. Цӕй уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй дӕр архайӕм Иегъовӕйӕн зӕрдӕйӕ лӕггад кӕныныл! (Лукайы 13:24).
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 8 абз. Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
^ 15 абз. Ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уый тыххӕй хорз уынаффӕтӕ ис чиныджы «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – стыр ӕххуыс дӕуӕн», 27–32 фӕрстыл. Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
Бахъуыды кодтай?
• Куыд у нӕ бон фӕлварын, уырнындзинады стӕм ӕви нӕ?
• Нӕхи, ома нӕ зӕрдӕтӕ, куыд хъуамӕ сгарӕм?
• Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ стӕм, уый цӕмӕй бӕлвырд кӕндзыстӕм?
• Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый басгарынӕн нын нӕ уырнындзинадӕй райгуыргӕ хъуыддӕгтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 15 фарсыл]
Уырнындзинады дӕ ӕви нӕ, уый фӕлварынӕн сӕйраг мадзал цы у, уый зоныс?
[Ныв 16 фарсыл]
Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый бӕлвырд кӕндзыстӕм, ӕмбарындзинадыл куы кусӕм.
[Нывтӕ 17 фарсыл]
Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый сгардзыстӕм, «рохгӕнаг хъусджытӕ нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтӕй ӕххӕстгӕнджытӕ» куы суӕм, уӕд.