Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Цыппӕрӕм паддзахӕдты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Цыппӕрӕм паддзахӕдты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ЦЫППӔРӔМ паддзахӕдты чиныджы кӕсӕм, Ӕртыккаг паддзахӕдты чиныджы цы хабӕрттӕ ис, уыдон дарддӕр куыд цыдысты, уый. Ацы чиныгмӕ бахастӕуыд 29 паддзахы царды хабӕрттӕ: 12 уыдысты цӕгат паддзахад Израилӕй, 17 та – хуссар паддзахад Иудӕйӕ. Уым ма бакӕсӕн ис пехуымпартӕ Илиа, Елисей ӕмӕ Исайы хъуыддӕгты тыххӕй. Уӕды заманы цаутӕ дзы фӕд-фӕдыл фыст не сты, чиныг фӕуд кӕны Самари ӕмӕ Иерусалимы сӕфтыл. Дзырд дзы цӕуы, 340 азы дӕргъы цы хабӕрттӕ цыд, уыдоныл – н. э. агъоммӕ 920–580 азтыл. Пехуымпар Иереми ацы чиныг фыст фӕци н. э. агъоммӕ 580 азы.

Цыппӕрӕм паддзахӕдты чиныг нӕ царды куыд ахады? Иегъовӕ ӕмӕ нын йӕ хъуыддӕгты тыххӕй цы дзуры? Цавӕр паддзӕхтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмы кой кӕны, уыдоны царды хабӕрттӕй зондӕн райсӕн цы ис? Цӕй уӕдӕ сӕм ӕркӕсӕм.

ИЛИАЙЫ ФӔСТӔ ПЕХУЫМПАР ССИ ЕЛИСЕЙ

(4 Паддзахӕдты 1:18:29)

Израилы паддзах Охози йӕ хӕдзары ахауд ӕмӕ йӕхи ныппырх кодта. Паддзах ӕруатон, ӕмӕ арвыста пехуымпар Илиамӕ бафӕрсынмӕ, ӕмӕ йын уый загъта, нал фервӕздзынӕ, зӕгъгӕ. Охози амард, ӕмӕ паддзах сси йе ’фсымӕр Иорам. Уыцы рӕстӕг та Иудӕйы паддзах уыд Иосафат. Илиайы тыхдымгӕйы ахастӕуыд, ӕмӕ йе ’ххуысгӕнӕг Елисей сси пехуымпар. Елисей пехуымпар уыд 60 азы бӕрц, ӕмӕ сарӕзта бирӕ диссӕгтӕ. (Кӕс фӕлгӕты «Елисей цы диссӕгтӕ сарӕзта».)

Моавы паддзах Израилимӕ схӕцынвӕнд куы скодта, уӕд Иорам, Иосафат ӕмӕ Едомы паддзах йӕ ныхмӕ рацыдысты. Ӕмӕ фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ Иосафат Хуыцауыл иузӕрдион уыд. Фӕстӕдӕр Сирийы паддзах хъавыд ӕнӕнхъӕлӕджы йӕхи израилӕгтыл ныццӕвын. Фӕлӕ йын Елисей йӕ фыдвӕнд фехӕлдта. Ууыл сириаг паддзах сызнӕт ӕмӕ Елисейы ӕрцахсынмӕ арвыста «бӕхтӕ, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ стыр гӕрзифтонг ӕфсад» (4 Паддзахӕдты 6:14). Елисей сарӕзта дыууӕ диссаджы ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй аздӕхта. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сириаг паддзах Венадад Самарийыл ӕрхъула кодта. Ӕмӕ уыцы бӕстӕйыл скодта ӕххормаг рӕстӕг, фӕлӕ Елисей загъта, зӕгъгӕ, уый бирӕ нӕ ахӕсдзӕн.

Цасдӕры фӕстӕ Елисей ацыд Дамаскмӕ. Паддзах Венадад фӕрынчын ӕмӕ Елисеймӕ арвыста Азаилы, цӕмӕй базона, сдзӕбӕх уыдзӕн, ӕви нӕ. Пехуымпар ын загъта, зӕгъгӕ, амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах суыдзӕн Азаил. Дыккаг бон Азаил хуылыдз «хъӕццулӕй» Венадады фӕхуыдуг кодта ӕмӕ йын йӕ бынат бацахста (4 Паддзахӕдты 8:15). Иудӕйы та Иосафаты фырт Иорам сси паддзах, стӕй йӕ раивта йӕ фырт Охози. (Кӕс фӕлгӕты «Иудӕ ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕ».)

Фарстытӕн дзуапп:

2:9 – Елисей цӕмӕн бахатыд, цӕмӕй Илиайыл Хуыцауӕй цы тых уыд, уый ууыл дыууӕ хатты фылдӕр уа? Цӕмӕй Елисей Израилы пехуымпариуӕг кодтаид, уый тыххӕй хъуамӕ Илиайау уыдаид ныфсджын ӕмӕ уӕндон. Уыцы хъуыддаг Елисей хорз ӕмбӕрста, ӕмӕ бахатыд Илиамӕ, зӕгъгӕ, дӕуыл цы тых ис, уый мӕныл уӕд дыууӕ хатты фылдӕр. Илиа Елисейы йӕхицӕн равзӕрста ӕххуысгӕнӕгӕй ӕмӕ йын ӕхсӕз азы кӕстӕры лӕггад кодта. Афтӕмӕй Илиа Елисейӕн уыд фыды хуызӕн, Елисей та Илиайӕн – хистӕр фырты хуызӕн (3 Паддзахӕдты 19:19–21; 4 Паддзахӕдты 2:12). Хистӕр фыртмӕ-иу йӕ фыды бынтӕй дыууӕ хай ӕмбӕлд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Елисей дӕр Илиамӕ бахатыд ӕмӕ райста, ууыл цы тых уыд, уый дыууӕ хатты фылдӕр.

2:11 – «Илиайы тыхдымгӕйы» цавӕр уӕларвмӕ ахастӕуыд? Уый нӕдӕр цыдӕр дард галактикӕ уыд, нӕдӕр, Хуыцау ӕмӕ йӕ зӕдтӕ кӕм сты, уыцы бынат (Дыккаг закъон 4:19; Псалом 10:4; Матфейы 6:9; 18:10). Илиа цы «уӕларвмӕ» ацыд, уый уыд мигътӕ кӕм ленк кӕнынц, мӕргътӕ кӕм тӕхынц, уыцы арв (Псалом 77:26; Матфейы 6:26). Илиайы арвыл артын уӕрдоныл ахастӕуыд зӕххы ӕндӕр ранмӕ, ӕмӕ уым дарддӕр йӕ царды хабӕрттӕ кодта. Куыд зонӕм, афтӕмӕй цасдӕры фӕстӕ Илиа ныффыста фыстӕг Иудӕйы паддзах Иораммӕ (2 Паралипоменон 21:1, 12–15).

5:15, 16 – Елисей Нееманы лӕвӕрттӕ цӕуылнӕ райста? Елисей уыцы лӕвӕрттӕ уымӕн нӕ бакуымдта, ӕмӕ зыдта, Нееманы йӕхи хъомысӕй нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйы хъомысӕй кӕй сдзӕбӕх кодта. Уый Хуыцауӕн исты ӕфтиаг райсыны тыххӕй нӕ лӕггад кодта. Афтӕ абон дӕр, Иегъовӕйы адӕм сӕ лӕггадӕй ӕфтиаг райсыныл нӕ архайынц. Иууылдӕр сӕ зӕрдӕмӕ айстой Йесойы ныхӕстӕ: «Лӕвар райстат, лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8).

5:18, 19 – Нееман ӕндӕр хуыцауӕн кӕй табу кодта, хатыр уый тыххӕй куырдта? Сирийы паддзах, ӕвӕццӕгӕн, уыд зӕронд, лӕмӕгъ ӕмӕ йӕ Нееманы ӕххуыс хъуыд. Паддзах-иу Риммонӕн куы ӕрзоныгуыл кодта, уӕд-иу Нееман дӕр йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд. Фӕлӕ Нееман афтӕ уымӕн нӕ кодта, ӕмӕ Риммонӕн бакува,– уыцы рӕстӕг-иу хӕцыд паддзахыл. Нееман Иегъовӕйӕ хатыр куырдта, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыди паддзахы раз йӕ хӕс ӕххӕст кӕнын. Елисей Нееманыл баууӕндыд ӕмӕ йын загъта: «Фарнимӕ цу».

Зондзонӕн махӕн:

1:13, 14. Адӕймагӕн искӕй рӕдыдтытӕ зондзонӕн куы уой, стӕй сӕрныллӕг куы уа, уӕд йӕ уд фервӕзын кӕндзӕн.

2:2, 4, 6. Елисей кӕд ӕхсӕз азы бӕрц Илиаимӕ уыди, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ нӕ куымдта ӕмӕ йӕ ныууагътаид. Куыд ӕнувыд уыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи куыд бирӕ уарзтой! (Ӕмбисӕндтӕ 18:24).

2:23, 24. Елисейыл сывӕллӕттӕ уымӕн худтысты, ӕмӕ йӕ сӕр уыд лӕгуын, стӕй йӕ уӕлӕ уыдис пехуымпар Илиайы дарӕс. Сывӕллӕттӕ базыдтой, Елисей Иегъовӕйы минӕвар кӕй уыд ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕм бацыдаид. Ӕмӕ хъӕр систой, «ацу ардыгӕй», зӕгъгӕ, ома, Вефилмӕ дӕ фӕндаг дар, кӕнӕ та дыл Илиайы бон акӕнӕд. Уыцы сывӕллӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой, сӕ ныййарджытӕй цы хъуыстой, уый. О, ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной, Хуыцау уӕлдай бартӕ кӕмӕн дӕтты, уыдонӕн аргъ кӕнын!

3:14, 18, 24. Иегъовӕйы ныхас никуы фӕмӕнг вӕййы.

3:22. Дон райсомӕй раджы хурмӕ кӕй ӕрттывта, уый тыххӕй адӕммӕ афтӕ фӕкасти, цыма туг фестад. Хъуыддаг та, ӕвӕццӕгӕн, уый мидӕг уыдис, ӕмӕ уыцы бынат ӕрӕджы скъахтой, ӕмӕ дзы уыд сырх ӕлыг. Иегъовӕйӕн йӕ бон у ӕрдзы фӕзындтӕй спайда кӕнын йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн.

4:811. Елисей «Хуыцауы адӕймаг» кӕй у, уый Сонамы иу сылгоймаг куы базыдта, уӕд ӕй суазӕг кодта. Мах дӕр Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм хъуамӕ ахӕм зӕрдӕ дарӕм.

5:3. Хуыцауы бон диссӕгтӕ аразын кӕй у, ууыл тынг ӕууӕндыд иу гыццыл израилаг чызг. Стӕй йӕ уырнындзинады тыххӕй дзырдта уӕндонӕй. Сывӕллӕттӕ, сымах дӕр Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндут ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн, скъоладзаутӕн ныфсджынӕй дзурут ӕцӕгады тыххӕй?

5:919. Сӕрбӕрзонд адӕймагӕн йӕ бон сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кӕнын кӕй у, уымӕн Нееманы хабар ӕвдисӕн нӕу? (1 Петры 5:5).

5:2027. Сайӕгойыл ахӕм бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы! Сусӕгӕй ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдон сӕхи цы маст ӕмӕ фыдбылызты баппарынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ахӕм митӕ нӕ кӕндзыстӕм.

ИЗРАИЛ ӔМӔ ИУДӔЙЫ УАЦАРЫ АКОДТОЙ

(4 Паддзахӕдты 9:1–25:30)

Ииуйы байсӕрстой, ӕмӕ сси Израилы паддзах. Уый фӕстиат нал фӕкодта, ӕмӕ Ахавы мыггагскъуыд скодта. Ваалы дин бындзарӕй стыдта Израилы зӕххӕй (4 Паддзахӕдты 10:28). Охозийы мад Гофоли куы базыдта, Ииуй йын йӕ фырты кӕй амардта, уӕд бавдӕлд ӕмӕ Иудӕйы паддзахы бинонты фӕцагъта ӕмӕ паддзахы бынат бацахста (4 Паддзахӕдты 11:1). Аирвӕзт ӕрмӕстдӕр Охозийы гыццыл лӕппу Иоас. Ӕхсӕз азы йӕ фӕрамбӕхс-бамбӕхс кодтой, ӕмӕ уый фӕстӕ сси Иудӕйы паддзах. Иоас сауджын Иодайы зондамынды фӕрцы, Иегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый кодта.

Ииуйы фӕстӕ Израилы цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй иу дӕр Иегъовӕйы зӕрдӕ нӕ рухс кодта. Елисей амард зӕрондӕй Ииуйы фыртыфырты заман. Иоафамы фӕстӕ Иудӕйы цыппӕрӕм паддзах сси Ахаз. «Ахаз, Иегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый нӕ кодта» (4 Паддзахӕдты 16:1, 2). Фӕлӕ йӕ фырт Езеки йӕ фыды хуызӕн паддзах нӕ уыд – «уый баныхӕст Иегъовӕйыл» (4 Паддзахӕдты 17:20; 18:6). Н. э. агъоммӕ 740 азы Иудӕйы паддзах Езеки куы уыд, Израилы паддзах та – Оси, уӕд ассириаг паддзах Салманассар «бацахста Самари ӕмӕ Израилы Ассиримӕ уацары акодта» (4 Паддзахӕдты 17:6). Фӕстагмӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ Израилы ӕрбынӕттон сты ӕмӕ фӕзынд самариаг дин.

Езекийы фӕстӕ Иудӕйы цы авд паддзахы уыд, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Иоси сыгъдӕг кодта бӕстӕ мӕнг динӕй. Н. э. агъоммӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ бацахстой Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы йӕ зӕххӕй фӕтардтой (4 Паддзахӕдты 25:21).

Фарстытӕн дзуапп:

13:20, 21 – Ацы диссаг ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дингӕнджыты стджытӕн табу кӕнын хъӕуы? Нӕ. Елисейы стджытӕн табу кӕй кодтой, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Елисей йӕ удӕгасӕй цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон Хуыцауӕй куыд уыдысты, афтӕ ацы диссаг дӕр.

15:16. Иегъовӕ Азарийыл (кӕнӕ Озийыл) хъотыр цӕмӕн бафтыдта? «[Ози] йӕ тыхы куы бацыд, уӕд стырзӕрдӕ сси... ӕмӕ йӕ Хуыцау Иегъовӕйы ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ бацыд Иегъовӕйы кувӕндонмӕ буд ссудзынмӕ». Сауджынтӕ «йӕ размӕ ӕрлӕууыдысты» ӕмӕ йын загътой: «Кувӕндонӕй ацу». Уӕд сӕм уый тынг рамӕсты ӕмӕ йыл фӕзынд хъотыр (2 Паралипоменон 26:16–20).

18:1921, 25. Езеки Египетимӕ фидыды бадзырд скодта? Нӕ. Рабсакы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ уыдысты мӕнг. Стӕй ма куы загъта, зӕгъгӕ, ӕз «Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ рацыдтӕн», уӕд дӕр сайгӕ кодта. Иузӕрдион паддзах Езеки йӕ ныфс ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйыл дардта.

Зондзонӕн махӕн:

9:7, 26. Ахавы бинонты цы карз тӕрхон баййӕфта, уымӕй бӕрӕг у, мӕнг дин ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы туг ныккалын – Иегъовӕйӕн ӕнӕуынон сты.

9:20. Ииуй бӕхуӕрдон куыд скъӕрдта, уый ӕвдисы, йӕ хӕслӕвӕрдтӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кодта. Ды дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕныс? (2 Тимофеймӕ 4:2).

9:36, 37; 10:17; 13:18, 19, 25; 14:25; 19:20, 3236; 20:16, 17; 24:13. Иегъовӕйы дзыхӕй цы дзырд рацӕуы, уый йӕм фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй кӕй не ’рбаздӕхы, ууыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы (Исай 55:10, 11).

10:15. Ииуй Ионадавӕн куы загъта, схиз мӕ уӕрдонмӕ, зӕгъгӕ, уӕд куыд ӕнӕзивӕгӕй сгӕпп кодта, афтӕ «тынг бирӕ адӕм» дӕр ӕнӕзивӕгӕй ӕххуыс кӕнынц Йесо Чырыстийӕн ӕмӕ нырыккон Ииуйӕн, ома, йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн (Раргомад 7:9).

10:30, 31. Кӕд Ииуй бынтон ӕнаипп нӕ уыди, уӕддӕр дзы Иегъовӕ райгондӕй баззад. Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй нын ферох кӕна нӕ хъуыддӕгтӕ (Дзуттытӕм 6:10).

13:1419. Ииуйы фыртыфырт Иоас ӕппӕт хъарутӕй нӕ архайдта – фатӕй зӕхх ӕрмӕст ӕртӕ хатты ӕрцавта, ӕмӕ уый тыххӕй сириӕгты кӕронмӕ нӕ басаста. Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм.

20:26. Иегъовӕ хъусы куывдтытӕ (Псалом 64:3).

24:3, 4. Манасси адӕмы туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй Иегъовӕ Иудӕйӕн «нӕ ныххатыр кодта». Хуыцауӕн ӕнаххос адӕмы туг зынаргъ у. Ӕнаххос адӕмы туг чи калы, уыдоны Иегъовӕйы фыдӕх баййафдзӕн (Псалом 36:9–11; 144:20).

Махӕн у тынг ахсджиаг

Цыппӕрӕм паддзахӕдты чиныгӕй бӕрӕг у – Иегъовӕйы дзырд никуы фӕмӕнг вӕййы. Фыццаг уал Израилы паддзахады, стӕй та Иудӕйы паддзахады цӕрджыты уацары кӕй акодтой, уымӕй сӕххӕст, Дыккаг закъоны 28:15–29:28 цы тӕрхон-пехуымпарад ис, уый. Ацы чиныджы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй пехуымпар Елисей Иегъовӕйы ном ӕмӕ раст диныл уыд тынг ӕнувыд. Езеки ӕмӕ Иоси та уыдысты сӕрныллӕг паддзӕхтӕ ӕмӕ Хуыцауы Закъонӕн стыр аргъ кодтой.

Цыппӕрӕм паддзахӕдты чиныг цы паддзӕхтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмы кой кӕны, уыдонӕн сӕ зондахаст, сӕ хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд куыннӕ бамбардзыстӕм, нӕ хъарутӕ цӕмӕ хъуамӕ аразӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уый (Ромӕгтӕм 15:4; 1 Коринфӕгтӕм 10:11). Ӕцӕг, «Хуыцауы дзырд ӕгас ӕмӕ архайӕг» у (Дзуттытӕм 4:12).

[Рамкӕ/Ныв 10 фарсыл]

ЕЛИСЕЙ ЦЫ ДИССӔГТӔ САРӔЗТА

1. Иорданы дӕттӕ дыууӕ дихы фесты (4 Паддзахӕдты 2:14).

2. Иерихоны ӕвзӕр дон ссыгъдӕг (4 Паддзахӕдты 2:19–22).

3. Ӕнӕгъдау сывӕллӕттӕ ӕрсыты амӕттаг фесты (4 Паддзахӕдты 2:23, 24).

4. Ӕфсӕдтӕн радта дон (4 Паддзахӕдты 3:16–26).

5. Идӕдз усӕн радта зети (4 Паддзахӕдты 4:1–7).

6. Сонамы иу ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг банхъӕлцау (4 Паддзахӕдты 4:8–17).

7. Мард лӕппу райгас (4 Паддзахӕдты 4:18–37).

8. Хъӕстӕ хӕринаг хӕрынӕн сбӕззыд (4 Паддзахӕдты 4:38–41).

9. Сӕдӕ лӕджы 20 дзулӕй бафсӕстысты (4 Паддзахӕдты 4:42–44).

10. Нееман сдзӕбӕх хъотырӕй (4 Паддзахӕдты 5:1–14).

11. Нееманы хъотыр Гиезийыл бафтыд (4 Паддзахӕдты 5:24–27).

12. Фӕрӕт донӕй сленк кодта (4 Паддзахӕдты 6:5–7).

13. Лӕггадгӕнӕг федта зӕдты бӕхуӕрдӕттыл (4 Паддзахӕдты 6:15–17).

14. Сириаг ӕфсӕддонтӕ бакуырм сты (4 Паддзахӕдты 6:18).

15. Сириаг ӕфсӕддонтӕ фӕстӕмӕ цӕстӕй ракастысты (4 Паддзахӕдты 6:19–23).

16. Мард райгас (4 Паддзахӕдты 13:20, 21).

[Таблицӕ/Нывтӕ 12 фарсыл]

ИУДӔ ӔМӔ ИЗРАИЛЫ ПАДДЗӔХТӔ

Саул/Давид/Соломон: 1117/1077/1037 н. э. агъ *.

ИУДӔЙЫ ПАДДЗАХАД РӔСТӔГ (Н. Э. АГЪ.) ИЗРАИЛЫ ПАДДЗАХАД

Ровоам ․․․․․․ 997 ․․․․․․ Иеровоам

Ави/Асӕ ․․․․ 980/978 ․․․․

․․ 976/975/952 ․․ Нават/Ваасӕ/Илӕ

․․ 951/951/951 ․․ Замври/Амври/Фамни

․․․․․․ 940 ․․․․․․ Ахав

Иосафат ․․․․․․ 937 ․․․․․․

․․․․ 920/917 ․․․․ Охози/Иорам

Иорам ․․․․․․ 913 ․․․․․․

Охози ․․․․․․ 906 ․․․․․․

(Гофоли) ․․․․․․ 905 ․․․․․․ Ииуй

Иоас ․․․․․․ 898 ․․․․․․

․․․․ 876/859 ․․․․ Иоахаз/Иоас

Амаси ․․․․․․ 858 ․․․․․․

․․․․․․ 844 ․․․․․․ Иеровоам II

Азари (Ози) ․․․․․․ 829 ․․․․․․

․․ 803/791/791 ․․ Захари/Селлум/Менаим

․․․․ 780/778 ․․․․ Факи/Факей

Иофам/Ахаз ․․․․ 777/762 ․․․․

․․․․․․ 758 ․․․․․․ Оси

Езеки ․․․․․․ 746 ․․․․․․

․․․․․․ 740 ․․․․․․ Самари бацахстой

Манасси/Амон/Иоси ․․ 716/661/659 ․․

Иоахаз/Иоаким ․․․․ 628/628 ․․․․

Иехони/Седеки ․․․․ 618/617 ․․․․

Иерусалим ныппырх кодтой ․․․․․․ 607 ․․․․․․

[Фиппаинаг]

^ 66 абз. Иуӕй-иутӕ паддзахиуӕг кӕнын кӕд райдыдтой, уый бӕлвырд нӕу.

[Ныв 8, 9 фарсыл]

Нееман йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ йӕ Иегъовӕ сдзӕбӕх кодта.

[Ныв 8, 9 фарсыл]

Илиайы тыхдымгӕйы куы ахастӕуыд, уӕд цы фӕци?