Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы фӕлдурӕджджын рӕстӕджы Хуыцауимӕ цӕут

Ацы фӕлдурӕджджын рӕстӕджы Хуыцауимӕ цӕут

Ацы фӕлдурӕджджын рӕстӕджы Хуыцауимӕ цӕут

«Енох ӕппынӕдзух цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ. Ӕмӕ нал уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау айста» (УӔВЫНАД 5:24).

1. Фӕлдурӕджджын рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

ФӔЛДУРӔДЖДЖЫН рӕстӕг! Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, 1914 азӕй адӕмыл цы фыдзаман, цы ӕнӕнцой бонтӕ скодта, уый. Уыцы аз райгуырд Мессиайы Паддзахад, ӕмӕ уӕдӕй ардӕм адӕм цӕрынц, «фӕстаг бонтӕ» кӕй хонынц, уыцы рӕстӕджы. Ӕмӕ сӕ ӕххормагдзинад, низтӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ хӕстытӕ абон сулӕфын куыд нӕ уадзынц, афтӕ никуы (2 Тимофеймӕ 3:1; Раргомад 6:1–8). Ӕппӕт уыдӕттӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр хызт не сты. Мах иууылдӕр ӕмбӕлӕм, рӕстӕг нын нӕ разы цы зындзинӕдтӕ ӕвӕры, уыдоныл ӕмӕ тыхсӕм, кӕмӕ нӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕй нӕ зонӕм, уымӕй. Нӕ цард ма ноджы уӕззаудӕр кӕны, ӕхца бакусыны фадӕттӕ кӕй фӕзын сты, змӕстытӕ кӕй цӕуы, фыддзинад ӕмӕ низтӕ кӕй сарӕх сты, уымӕй дӕр.

2. Цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ?

2 Уымӕй уӕлдай ма, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕбуалгъ ӕфхӕрдыл сӕмбӕлдысты, уымӕн ӕмӕ Сайтан карз тохы бацыд, «Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи лӕууы», уыдонимӕ (Раргомад 12:17, НТ). Ӕмӕ нӕ кӕд алчи карз ӕфхӕрд нӕ баййӕфта, уӕддӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр тох кӕнынц Сайтан Хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ сӕхи хизынц, адӕмы цы зондахастыл ардауы, уымӕй (Ефесӕгтӕм 2:2; 6:12). Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй уыцы зондахаст махыл дӕр ма бандава, уымӕн ӕмӕ куысты, скъолайы кӕнӕ ӕндӕр искуы ӕмбӕлӕм, Иегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕмимӕ.

Цӕут Хуыцауимӕ, адӕмтимӕ нӕ фӕлӕ

3, 4. Чырыстӕттӕ дунейӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

3 Фыццаг ӕнусы дӕр чырыстӕттӕ карз тох кодтой дунейы зондахастимӕ ӕмӕ уымӕй тынг хицӕн кодтой, чырыстон ӕмбырды чи нӕ уыд, уыцы адӕмӕй. Уый тыххӕй Павел фыста: «Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕгъын ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнын Хицауы номӕй, цӕмӕй сымах мауал кӕнат, иннӕ адӕмтӕ куыд кӕнынц сӕ тыхст зондмӕ гӕсгӕ, сӕ зонд баталынг уӕвгӕйӕ, Хуыцауы цардӕй аиртӕстысты, кӕй ницы зонынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ хъӕбӕр кӕй сты, уый аххосӕй; уыдон ӕнӕмбаргӕ хъуыддӕгтӕм бахӕццӕ уӕвгӕйӕ, ӕнӕуаг митыл бафтыдысты, афтӕ ӕмӕ кӕнынц алы ӕнӕсыгъдӕгдзинад ӕнӕфсисӕй» (Ефесӕгтӕм 4:17–19).

4 Куыд хорз ӕвдисынц ацы ныхӕстӕ, ацы дуне йӕ зондӕй ӕмӕ йе ’гъдауӕй саудалынджы кӕй ис! Афтӕ уыд Павелы рӕстӕджы дӕр ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау абоны чырыстӕттӕ дӕр «иннӕ адӕмтау» нӕ кӕнынц. Уыйхыгъд уыдон стыр аргъ кӕнынц, Хуыцауимӕ кӕй цӕуынц, уыцы диссаджы кадӕн. Ӕцӕг, иуӕй-иутӕн сӕ бон у бафӕрсын, зӕгъгӕ, хуымӕтӕг, ӕнӕххӕст адӕм Иегъовӕимӕ цӕуой, уый гӕнӕн ис? Фӕлӕ Библи куыд дзуры, афтӕмӕй ис. Уӕвгӕ сӕм Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Н. э. агъоммӕ VIII ӕнусы пехуымпар Михей Хуыцауы фӕндӕй ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Рӕстӕй архайай, хӕларзӕрдӕдзинад уарзай ӕмӕ дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуай – ӕндӕр дӕ Иегъовӕ исты домы?» (Михей 6:8).

Куыд ӕмӕ цӕмӕн хъӕуы цӕуын Хуыцауимӕ?

5. Ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон куыд у Хуыцауимӕ цӕуын?

5 Нӕ бон ӕппӕтхъомысджын ӕнӕуынгӕ Хуыцауимӕ цӕуын куыд у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауимӕ, адӕймагимӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм куыд цӕуай, афтӕ цӕуӕн нӕй. Библийы дзырд «цӕуын» амоны «цард бӕлвырд уагыл аразын» *. Афтӕмӕй мах ӕмбарӕм, Хуыцауимӕ цы адӕймаг цӕуы, уый йӕ цард кӕй аразы йӕ амынд уагыл ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕны. Ахӕм уагмӕ гӕсгӕ цӕрыныл кӕй архайӕм, уый нӕ хицӕн кӕны адӕмӕн сӕ фылдӕрӕй. Уӕвгӕ, чырыстӕттӕн уый у иунӕг раст фӕндаг. Цӕмӕн? Уымӕн бирӕ аххосӕгтӕ ис.

6, 7. Хуыцауимӕ цӕуын ӕппӕты хуыздӕр царды фӕндаг цӕмӕн у?

6 Фыццаг уый, ӕмӕ Иегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, нӕ Царддӕттӕг, ӕмӕ нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, ӕппӕт дӕр уымӕй цӕуы (Раргомад 4:11). Уымӕ гӕсгӕ нын ӕрмӕстдӕр уый хъуамӕ амона, царды фӕндагыл куыд цӕуын хъӕуы, уый. Стӕй, Хуыцауимӕ цӕуынӕй хуыздӕр, рӕсугъддӕр фӕндаг нӕй. Иегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй, йемӕ чи цӕуы, уыдонӕн бындур уа сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнынӕн ӕмӕ сын дӕтты фидар ныфс ӕнусон цардӕн. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд нын дӕтты зондджын уынаффӕтӕ ӕмӕ уыдоны руаджы, йемӕ чи цӕуы, уыдон абон дӕр ӕнтыстджын сты, кӕд ӕнӕххӕст сты ӕмӕ, Сайтаны уацары цы дуне ис, уым цӕрынц, уӕддӕр (Иоанны 3:16; 2 Тимофеймӕ 3:15, 16; 1 Иоанны 1:8; 2:25; 5:19). Хуыцауимӕ барвӕндонӕй кӕй цӕуӕм, уымӕй ахъаз кӕнӕм ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинадӕн – уый та у иннӕ аххосаг (Колоссӕгтӕм 3:15, 16).

7 Фӕстаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр аххосаг: Хуыцауимӕ цӕугӕйӕ мах ӕвдисӕм кӕй фарс стӕм дзырддаг фарсты – Дун-дунейы ӕххӕстбарджын хицау чи у, уый фӕдыл Едемы цӕхӕрадоны цы фарст сӕвзӕрд, уым (Уӕвынад 3:1–6). Нӕ царды уагӕй бӕлвырд кӕнӕм, Иегъовӕйы фарс фидар кӕй лӕууӕм, ӕмӕ уӕндонӕй хъусын кӕнӕм иунӕг Иегъовӕ кӕй у Дунедарӕг (Псалом 82:19, МГТ). Уӕдӕ, цӕмӕй Хуыцауы ном рухс кӕна ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕна, уый тыххӕй кувгӕ куыд кӕнӕм, архайгӕ дӕр афтӕ кӕнӕм (Матфейы 6:9, 10). Куыд зондджын ми бакӕнынц, Хуыцауимӕ цӕуын сӕхицӕн царды фӕндагӕн чи равзары, уыдон! Уыцы адӕм хъуамӕ гыццыл дӕр ма дызӕрдыг кӕной, раст фӕндагыл кӕй цӕуынц, ууыл, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст Иегъовӕ у «иунӕг уӕлзондджын». Уый ӕппындӕр никуы рӕдийы (Ромӕгтӕм 14:26).

8. Енох ӕмӕ Нойы бонтӕ нӕ бонты хуызӕн цӕмӕй сты?

8 Уӕдӕ куыд ис чырыстон уагмӕ гӕсгӕ цӕрӕн, кӕд ӕмӕ ахӕм фӕлдурӕдджын рӕстӕг скодта ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныныл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц? Ацы фарстӕн дзуапп ссардзыстӕм, рагзаманты иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цардмӕ ӕркӕсгӕйӕ. Уыдон цыфӕнды уӕззау рӕстӕджыты дӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ никуы сивтой. Уыцы адӕймӕгтӕй дыууӕ уыдысты Енох ӕмӕ Ной. Сӕ дыууӕ дӕр цардысты нӕ рӕстӕджы хуызӕн рӕстӕджы. Фыддзинад уыд алы къахдзӕфыл дӕр. Нойы бонты зӕхх байдзаг тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй. Фӕлӕ Енох ӕмӕ Ной сӕ рӕстӕджы дунейы зондахасты ныхмӕ лӕууыдысты ӕмӕ Иегъовӕимӕ цыдысты. Куыд уыди сӕ бон афтӕ цӕрын? Уый тыххӕй ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм Енохы цардыл. Иннӕ статьяйы та – Нойы цардыл.

Енох цыд Хуыцауимӕ фӕлдурӕджджын рӕстӕджы

9. Енохы тыххӕй цы зонӕм?

9 Сыгъдӕг Фыстад фыццаг Енохӕй зӕгъы, Хуыцауимӕ цыди, зӕгъгӕ. Библийы кӕсӕм: «Мафусалы райгуырды фӕстӕ, Енох цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Уӕвынад 5:22). Стӕй дзы загъд ис, Енохы царды бонтӕ цас уыдысты, уый тыххӕй. Мах цас цӕрӕм, уыимӕ абаргӕйӕ бирӕ фӕцард, фӕлӕ уӕды рӕстӕгмӕ гӕсгӕ йӕ цард уыд цыбыр. Дарддӕр кӕсӕм: «Енох ӕппынӕдзух цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ. Ӕмӕ нал уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау айста» (Уӕвынад 5:24). Ӕвӕццӕгӕн, Иегъовӕ Енохы удӕгӕсты ’хсӕнӕй айста ӕмӕ йӕ мӕрдон фынӕй бакодта, цалынмӕ йын йе знӕгтӕ ницы фыд ракодтой, уӕдмӕ (Дзуттытӕм 11:5, 13). Ацы стихтӕй дарддӕр ма Библийы цалдӕр ран ис Енохы кой. Фӕлӕ цы базыдтам, уымӕй, ӕмӕ ма ноджы цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонӕй дӕр хатдзӕг скӕнӕн ис, Енохы бонтӕ фӕлдурӕдджын кӕй уыдысты.

10, 11. а) Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уый фӕстӕ фыддзинад куыд апарахат ис? ӕ) Цавӕр хабар хъусын кодта Енох ӕмӕ ӕнӕмӕнг цавӕр ахастимӕ сӕмбӕлдаид?

10 Дзырдӕн ма ӕркӕсӕм, Адамы тӕригъӕд раконды фӕстӕ адӕмы туджы фыддзинад куыд тагъд ахъардта, уымӕ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Адамы хистӕр фырт Каин йе ’фсымӕр Авелы куы амардта, уӕд сси фыццаг лӕгмар (Уӕвынад 4:8–10). Авелы мӕлӕты фӕстӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн ноджыдӕр райгуырд фырт ӕмӕ йӕ схуыдтой Сиф. Уый тыххӕй Библи фыссы: «Сифӕн дӕр райгуырд фырт ӕмӕ йӕ схуыдта Енос. Уӕд райдыдтой Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидын» (Уӕвынад 4:25, 26). Хъыгагӕн, «Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидын» ахӕм хуызы райдыдтой, ӕмӕ Хуыцауы ныууагътой *. Енохы райгуырдӕй бирӕ фӕстӕдӕр, Каины байзӕддаг Ламех йӕ дыууӕ усӕн скодта зарӕг ӕмӕ дзы йӕхицӕй ӕппӕлыд, зӕгъгӕ мӕ иу лӕппу ныццафта, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй амардтон. Уый ма ӕртхъирӕн кодта: «Кӕд Каины тыххӕй маст ист ӕрцӕудзӕн ӕвдай хатты, уӕд Ламехы тыххӕй та – ӕвдай авд хатты» (Уӕвынад 4:10, 19, 23, 24).

11 Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Сайтан Едемы цӕхӕрадоны фыццаг адӕмы зонды хӕлд хъуыдытӕ кӕй байтыдта, уый аххосӕй Адамы байзӕддӕгты ’хсӕн фыддзинад цыбыр рӕстӕгмӕ тынг апарахат. Ахӕм дунейы Енох уыд Иегъовӕйы пехуымпар. Хуыцауы фӕндӕй цы хъусын кодта, уый абон дӕр ахады. Иудӕ дзуры, Енох кӕй пехуымпариуӕг кодта: «Мӕнӕ фӕцӕуы Хицау Йӕ ӕнӕнымӕц сыгъдӕг зӕдтимӕ алкӕмӕн дӕр тӕрхон рахӕссынмӕ. Уый багӕды кӕндзӕн ӕппӕт ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынты се ’ппӕт ӕнӕхуыцау миты ӕмӕ, Йӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой, ӕппӕт уыцы къӕйных ныхӕсты тыххӕй» (Иудӕйы 14, 15, НТ). Ацы ныхӕстӕ кӕронмӕ сӕххӕст уыдзысты Армагеддоны (Раргомад 16:14, 16). Уӕдӕ, бӕлвырдӕй зонӕм, Енохы бонты кӕй уыд бирӕ «ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ», Енох цы дзырдта, уымӕ мӕстӕй чи фыхти, ахӕмтӕ. Куыд хорз у, Иегъовӕ йӕ пехуымпары кӕй айста ӕмӕ йыл йе знӕгты къухӕй кӕй ницы ’рцыд!

Енохӕн Хуыцауимӕ цӕуынӕн тых цы лӕвӕрдта?

12. Енох йе ’мдуггӕгтӕй цӕмӕй хицӕн кодта?

12 Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ Сайтанмӕ байхъуыстой ӕмӕ Адам Иегъовӕйы ныхмӕ рацыд (Уӕвынад 3:1–6). Сӕ фырт Авел ацыд ӕндӕр фӕндагыл ӕмӕ дзы Иегъовӕйы зӕрдӕ рад (Уӕвынад 4:3, 4). Хъыгагӕн, Адамы байзӕддӕгтӕн сӕ фылдӕр Авелы хуызӕн нӕ уыдысты. Фӕлӕ Енох, сӕдӕ азтӕ фӕстӕдӕр чи райгуырд, уый та уыдис. Цӕмӕй хицӕн кодта Енох Адамы иннӕ байзӕддӕгтӕй? Апостол Павел уымӕн дзуапп радта: «Уырнындзинадӕй Енох ист уыд афтӕ, ӕмӕ мӕлӕт нӕ федта; ӕмӕ нал уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау систа. Уымӕн ӕмӕ йӕ акӕныны размӕ уый райста ӕвдисӕнад, Хуыцауы зӕрдӕ кӕй балхӕдта» (Дзуттытӕм 11:5). Енох уыди рагзаманты ӕвдисӕнты стыр ӕврагъӕй, сӕ уырнындзинад фӕзминаг кӕмӕн уыд, уыдонӕй (Дзуттытӕм 12:1, НФ). Уырнындзинад лӕвӕрдта Енохӕн хъару, цӕмӕй хӕрзуаг цард кодтаид 300 азӕй фылдӕр – уый абон бирӕтӕн ӕртӕ цардӕй фылдӕр у!

13. Цавӕр уырнындзинады хицау уыд Енох?

13 Павел фыста Енох ӕмӕ иннӕ ӕвдисӕнты уырнындзинады тыххӕй: «Уырниад та у, ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кастӕуы, уый сӕххӕстыл ныфс дарын, ӕмӕ цытӕ дзы нӕ уындӕуы, уыдӕттыл дызӕрдыг ма кӕнын» (Дзуттытӕм 11:1, НФ). О, уырнындзинад у, ӕрцӕуын ӕнхъӕл цӕмӕн стӕм, уыдон кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл фидарӕй ӕууӕндын. Уый хъуамӕ афтӕ тыхджын уа, ӕмӕ нын царды сӕйрагдӕр цы у, ууыл ӕндава. Ахӕм уырнындзинады фӕрцы Енох Хуыцауимӕ цыд, кӕд йӕ алыварс чи цард, уыдон афтӕ нӕ кодтой, уӕддӕр.

14. Цавӕр бӕлвырд зонындзинӕдтыл ӕнцади Енохы уырнындзинад?

14 Ӕцӕг уырнындзинад ӕнцайы бӕлвырд зонындзинӕдтыл. Цы зыдта Енох? (Ромӕгтӕм 10:14, 17; 1 Тимофеймӕ 2:4). Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зыдта, Едемы цы ’рцыд, уыцы хабӕрттӕ. Ӕвӕццӕгӕн ма фехъуыста, Едемы цӕхӕрадоны цард цы хуызӕн уыд, уый тыххӕй дӕр. Уыцы цӕхӕрадон ма, чи зоны, уӕдмӕ дӕр уыдис, фӕлӕ йӕм адӕмӕн бацӕуыны бар нӕ уыд (Уӕвынад 3:23, 24). Зыдта ма, Хуыцауӕн йӕ фӕнд кӕй у, цӕмӕй Адамы байзӕддӕгтӕ зӕхх байдзаг кӕной ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыцы Дзӕнӕты хуызӕн скӕной (Уӕвынад 1:28). Уымӕй уӕлдай ма Енох ӕхъӕлмӕ каст, Иегъовӕ цы зӕрдӕвӕрд радта, уый сӕххӕстмӕ: ӕрцӕудзӕн, Сайтанӕн ӕмӕ йӕ зианхӕссӕг ӕндӕвдад цӕмӕ ӕркодта, ӕппӕт уыцы маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы Мыггаг (Уӕвынад 3:15). Ӕцӕгӕйдӕр, Иудӕйы чиныджы фыст Енохы пехуымпарадӕй зыны, Сайтаны мыггаг сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Енох уыди фидар уырнындзинады хицау. Уымӕ гӕсгӕ уый уыд, Иегъовӕйы зӕрдиагӕй чи агуры ӕмӕ йын йӕ хорзӕх чи ссары, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй (Дзуттытӕм 11:6). Уӕдӕ кӕд Енох, мах цас зонӕм, уыйбӕрц нӕ зыдта, уӕддӕр ын уыцы зонындзинӕдтӕ фаг уыдысты, цӕмӕй йӕ уырнындзинадӕн фидар бындур сӕвӕрдтаид. Ахӕм уырнындзинады фӕрцы уый фӕлдурӕджджын рӕстӕджы дӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ не сивта.

Енохы фӕзмут

15, 16. Куыд у нӕ бон Енохы царды уаг фӕзмын?

15 Кӕд нӕ ацы фӕлдурӕдджын рӕстӕджы Иегъовӕйы зӕрдӕ Енохау рухс кӕнын фӕнды, уӕд мах дӕр хъӕуы уый фӕзмын. Хъӕуы нӕ, Иегъовӕ чи у ӕмӕ йӕм цы фӕндттӕ ис, уый бӕлвырд базонын, ӕмӕ цы базыдтам, уый нӕ зӕрдӕмӕ арф айсын. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Нӕ цард нӕ хъӕуы аразын уыцы бӕлвырд зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ (Псалом 118:101; 2 Петры 1:19). Алцӕмӕдӕр нӕ хъӕуы Хуыцауы цӕстӕй кӕсын ӕмӕ нӕ уд хъарын, нӕ алы хъуыды, нӕ алы фӕзылд дӕр ын ӕхсызгон куыд уа, ууыл.

16 Енохы рӕстӕджы ма исчи Иегъовӕйӕн лӕггад кодта, уый тыххӕй ницы зонӕм. Фӕлӕ бӕрӕг у, Енох кӕнӕ иунӕг уыд, кӕнӕ та ма кӕд исчи уыд, уӕд та уыдысты тынг гыццыл. Мах дӕр дунеимӕ абаргӕйӕ бирӕ не стӕм. Фӕлӕ нын уый хъуамӕ нӕ ныфс ма сӕтта. Нӕ ныхмӕ чифӕнды ма уа, уӕддӕр нын Иегъовӕ алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 8:31). Енох уӕндонӕй хъусын кодта, ӕнӕхуыцау адӕмӕн сӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны. Кӕд махыл дӕр худынц, нӕ ныхмӕ цӕуынц ӕмӕ нӕ фӕдыл зилынц, уӕддӕр уӕндонӕй дзурӕм «ацы Паддзахады Евангели» (Матфейы 24:14). Енох, йе ’мдуггӕгтӕй бирӕтӕ цас фӕцардысты, уыйас нӕ фӕцард. Фӕлӕ уый йӕ ныфс уыцы дунейыл никуы дардта,– йӕ каст уыд стырдӕр хъуыддагмӕ (Дзуттытӕм 11:10, 35). Мах дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Иегъовӕ йӕ фӕндон кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Уӕдӕ нын ацы дуне цы хъары, уымӕй ӕххӕстӕй ма пайда кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 7:31). Уый бӕсты, нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, уый сӕйраджыдӕр дӕттӕм Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн.

17. Енохӕй уӕлдай мах цы зонӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

17 Енохы уырныдта, Иегъовӕ Хуыцау ныфс цы Мыггагӕй бавӕрдта, уый йӕ афоныл, ома йӕхӕдӕг кӕд сӕмгъуыд кодта, уӕд кӕй фӕзындзӕн. Уыцы Мыггаг – Йесо Чырысти – куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ рацыд 2 мин азы бӕрц. Чырысти ахӕстаргъ бафыста ӕмӕ махӕн, стӕй ма рагон, Енохы хуызӕн иузӕрдион ӕвдисӕнтӕн дӕр, фӕндаг байгом кодта ӕнусон цардмӕ. Уыцы Мыггаг – ныр Хуыцауы Паддзахады Паддзах – Сайтаны уӕларвӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста, ӕмӕ уый цы зындзинӕдтӕ ӕрхаста, уый не ’ппӕт дӕр уынӕм (Раргомад 12:12). О, Енох цы зыдта, уымӕй мах бирӕ фылдӕр зонӕм. Уӕдӕ махӕн дӕр Енохау нӕ уырнындзинад фидар уӕд. Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл хъуамӕ афтӕ тынг ӕууӕндӕм, нӕ алы хъуыддагыл дӕр куыд ӕндава. Кӕд уӕззау рӕстӕджы цӕрӕм, уӕддӕр Енохау Хуыцауимӕ цӕуӕм.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Кӕс «Фыстады ӕмбарынад» 1 т., 220 ф., 6 абз. (англ.); рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 10 абз. Енохы райгуырдӕй бирӕ раздӕр Иегъовӕ ныхас кодта Адамимӕ. Авел Иегъовӕйӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ нывонд ӕрхаста. Хуыцау ма Каинимӕ дӕр ныхас кодта, цалынмӕ уый фырхӕлӕг ӕмӕ фырмӕстӕй лӕгмар не сси, уӕдмӕ. Уӕдӕ, «Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидын» райдыдтой ӕндӕрхуызон, раст динимӕ йын иумӕйагӕй ницы уыд.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы нысан кӕны Хуыцауимӕ цӕуын?

• Хуыцауимӕ цӕуын ӕппӕты хуыздӕр царды фӕндаг цӕмӕн у?

• Кӕд Енох Хуыцауимӕ фӕлдурӕдджын рӕстӕджы цыди, уӕддӕр ын цы ’ххуыс кодта?

• Куыд у нӕ бон Енохы фӕзмын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Уырнындзинадӕй «Енох ӕппынӕдзух цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ».

[Ныв 27 фарсыл]

Мах фидарӕй уырны, Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты.

[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 23 фарсыл]

Сылгоймаг, фӕстейӕ рахизырдыгӕй: FAO photo/B. Imevbore; collapsing building: San Hong R-C Picture Company