Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иузӕрдиондзинад – арфӕйаг хъуыддаг

Иузӕрдиондзинад – арфӕйаг хъуыддаг

Иузӕрдиондзинад – арфӕйаг хъуыддаг

ИУӔЙ-ИУ бӕстӕты сывӕллӕттӕн ӕндӕр мацы ратт, ӕрмӕст сӕ бауадз кӕрӕдзийы тӕбын дзаумӕтты ичъитӕ садзын. Уыцы ичъитӕ сывӕллоны дарӕсыл ныххӕцынц ӕмӕ цыфӕнды куы араза – цӕуа, лидза, йӕхи ратил-батил кӕна ӕви гӕппытӕ кӕна – ницӕй тыххӕй нӕ рахаудзысты. Уыдонӕй фервӕзынӕн иунӕг мадзал – иугай-дыгай сӕ фӕтонын. Сывӕллӕттӕм уый тынг худӕг кӕсы.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕ худӕг нӕ фӕкӕсы, ичъитӕ йӕ уӕлӕ куы фены, уӕд. Фӕлӕ алкӕмӕ дӕр диссаг кӕсы, ичъитӕ дзаумайыл куыд фидар ныххӕцынц, уый. Иузӕрдион адӕймаг дӕр хайджын вӕййы ахӕм миниуӕгӕй: хъӕрмудӕй кӕимӕ фӕцӕры, уыимӕ афтӕ ’ввахс вӕййы. Уый ӕнувыдӕй феххӕст кӕны, уыцы адӕймаджы раз ыл цы бӕрндзинад ӕмӕ хӕстӕ ис, уыдон, суанг ӕй йӕ уавӕртӕ куы нӕ фӕамонынц, уӕддӕр. Дзырд «иузӕрдион» нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны ахӕм миниуджытӕ, куыд ӕууӕнккаг, иузӕрдыг ӕмӕ раст. Фӕлӕ дыл адӕм иузӕрдион уой, уый дӕ зӕрдӕмӕ куы цӕуа, уӕд нӕ архайдзынӕ, цӕмӕй сыл ды дӕр иузӕрдион уай? Кӕд о, уӕд кӕуыл хъуамӕ уай иузӕрдион?

Ӕнувыддзинад ӕмкъайады – сӕйраг домӕн

Ӕмкъайады иузӕрдиондзинад тынг ахсджиаг у. Фӕлӕ, хъыгагӕн, ӕцӕг иузӕрдиондзинад арӕх нӕу. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, ома иумӕ уыдзысты ӕмӕ сӕ иу иннӕйы хӕрзӕбоныл тыхсдзӕн,– уый чи нӕ сайы, уыдон скодтой асджиаг къахдзӕф амонд ӕмӕ ӕдасдзинад ссарыны хъуыддаджы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ конд сты, цӕмӕй искӕуыл иузӕрдион уой ӕмӕ сын сӕхиуыл дӕр исчи иузӕрдион уа. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы Едемы цӕхӕрадоны куы баиу кодта, уӕд сын загъта: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баныхӕсдзӕн йӕ усыл». Афтӕ зӕгъӕн ис усӕй дӕр. Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ уыдаиккой кӕрӕдзийыл ӕнувыд ӕмӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайдтаиккой (Уӕвынад 2:24; Матфейы 19:3–9).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый уыд мин азты размӕ. Уӕдӕ дӕ къайыл иузӕрдион уай, уый цымӕ фыдӕлтыккон хабар у? Бирӕтӕ зӕгъдзысты «нӕ». Германы цы иртасӕнтӕ ауагътой, уыдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, йӕ цӕрджытӕн сӕ 80 проценты иузӕрдиондзинад ӕмкъайады нымайынц тынг хъӕугӕ миниуӕгыл. Дыккаг ӕрфарстӕй сӕ фӕндыд сбӕрӕг кӕнын, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ бӕллиццагдӕр миниуджытыл кӕцытӕ нымайынц. Нӕлгоймӕгтӕн загътой, цӕмӕй ранымайой, сылгоймӕгты сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фондз миниуӕджы цӕуы, уыдон. Сылгоймӕгтӕ та хъуамӕ загътаиккой, цавӕр фондз миниуӕгӕн тынгдӕр аргъ кӕнынц нӕлгоймӕгты. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй дыууӕ къорды дӕр ӕппӕты бӕллиццагдӕр миниуӕг схуыдтой ӕнувыддзинад.

О, амондджын бинонты царды фидар бындуры хӕйттӕй иу у иузӕрдиондзинад. Фӕлӕ фыццаг статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй иузӕрдиондзинадӕн аргъ куыд кӕнынц, ӕвдисгӕ йӕ афтӕ нӕ кӕнынц. Зӕгъӕм, бирӕ бӕстӕты, чи ахицӕн вӕййы, ахӕм бинонты нымӕц бӕрзонд кӕй у, уымӕй зыны, дыууӕ уды кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй арӕх кӕй рацӕуынц. Лӕг ӕмӕ усӕн уымӕй сӕхи бахизын ӕмӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдионӕй баззайын сӕ бон куыд у?

Иузӕрдиондзинад фидар кӕны ӕмкъайад

Иузӕрдиондзинад бӕрӕг вӕййы уымӕй, лӕг ӕмӕ ус алы уавӕры дӕр сӕ ӕнувыддзинад равдисыныл куы фӕархайынц. Зӕгъӕм, «мӕн» дзурыны бӕсты хуыздӕр вӕййы зӕгъын «мах»,– «не ’мбӕлттӕ», «нӕ сывӕллӕттӕ», «нӕ хӕдзар», «нӕ цард» ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Лӕг ӕмӕ ус исты куы фӕнд кӕной кӕнӕ исты уынаффӕ куы хӕссой – хӕдзары хъуыддӕгтӕм хауа, куыстмӕ, сывӕллӕтты хъомыл кӕнынмӕ, хи ирхӕфсынмӕ, улӕфты рӕстӕг ӕрвитынмӕ ӕви дины хабӕрттӕм,– уӕд хорз уаид, иу иннӕйы ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыдыйӕн куы аргъ кӕнид (Ӕмбисӕндтӕ 11:14; 15:22).

Иузӕрдиондзинад зыны, лӕг ӕмӕ ус сӕ кӕрӕдзийы цы хъӕуы ӕмӕ цы фӕнды, уый куы фӕкӕнынц. Лӕг ӕндӕр сылгоймӕгтимӕ йӕхи ӕгӕр уӕгъдибар куы дара, уӕд йӕ бинойнагӕн йӕ ныфс асӕтдзӕн. Библи нӕлгоймагӕн дзуры, цӕмӕй баныхӕса «йе ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыста, уыцы усыл». Уый хъуамӕ йӕ зӕрдӕйы йӕхицӕн ӕндӕр сылгоймаджы ма садджын кӕна. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ йӕхи хиза йӕ усӕй дарддӕр искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуынӕй. Библи фӕдзӕхсы: «Сылгоймагимӕ чи хӕты, уый ӕнӕзонд у. Ахӕм ми чи кӕны, уый йӕ уд сафы». Ус дӕр хъуамӕ афтӕ ӕнувыд уа йӕ лӕгыл (Ӕмбисӕндтӕ 5:18; 6:32).

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой, уый йӕ фыдӕбоны аргъ у? Ууыл дзырд дӕр нӕй. Уый фӕрцы бинонты цард кӕны хуыздӕр ӕмӕ фидардӕр, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр вӕййынц райгонд. Зӕгъӕм, лӕг ӕнувыдӕй йӕ бинойнаджы хӕрзӕбоныл куы фӕтыхсы, уӕд усӕн йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ фӕрайы, ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр хорз миниуджытӕ ис, уыдон ын рабӕрӕг вӕййынц. Раст афтӕ у нӕлгоймаджы хабар дӕр – уымӕн дӕр йӕ хорз миниуджытӕ ӕмбӕхстӕй нӕ баззайынц. Мой йӕ бинойнагыл иузӕрдион куы уа, уӕд йӕхицӕн хӕсыл нымайдзӕн царды алы хъуыддаджы дӕр рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын.

Лӕг ӕмӕ ус зын уавӕрты куы бахауой, уӕд сӕ иузӕрдиондзинады фӕрцы фидар уыдзысты. Фӕлӕ дыууӕ уды кӕрӕдзийыл иузӕрдион куы нӕ вӕййынц, уӕд арӕх сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзынӕн ахицӕн кӕныны къахыл ныллӕууынц кӕнӕ та иу иннӕмӕй тӕргай алидзы. Ахӕм къахдзӕф сын сӕ уавӕр нӕ фӕхуыздӕр кӕны, фӕлӕ ма сӕ арӕх ӕндӕр бӕллӕхты дӕр баппары. 1980-йӕм азты иу зындгонд модельер йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты ныууагъта. Цымӕ иунӕгӕй йӕ цард фӕамондджындӕр? Ссӕдз азы фӕстӕ уый басаст, зӕгъгӕ, куы рахицӕн дӕн, уӕд «мӕхи бынтон иунӕг хатыдтӕн, ӕппындӕр удӕнцой нӕ ардтон, стӕй-иу мӕ мӕ сывӕллӕттӕн хӕрзӕхсӕв зӕгъын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ мыл-иу хуыссӕг дӕр нал хӕцыд».

Иузӕрдиондзинад ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты ’хсӕн

Ныййарджытӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдион куы уой, уӕд уыцы миниуӕг сӕ цоты удыхъӕды дӕр ныффидар уыдзӕн. Сывӕллӕттӕ иузӕрдион, уарзаг бинонты ’хсӕн куы схъомыл уой, уӕд сын фӕстӕдӕр ӕнцондӕр уыдзӕн, сӕ цардӕмбӕлтты ӕмӕ сыл сӕ ацӕргӕ фӕкӕсынхъуаг ныййарджыты раз цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын (1 Тимофеймӕ 5:4, 8).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕм кӕсын ӕдзух сывӕллӕттӕм не ’рхауы. Иуӕй-иу хатт ӕххуысхъуаг сывӕллон дӕр вӕййы. Ахӕм уавӕры 40 азӕй фылдӕр уыдысты Герберт ӕмӕ Гертрудӕ – Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Сӕ фырт Дитмар йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хъизӕмар кодта уӕззау низӕй – йе ’уӕнгты тых нӕ уыд. Уый амард 2002 азы ноябры. Фӕстаг авд азы Дитмармӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй хъуыд кӕсын ӕмӕ зилын. Йӕ ныййарджытӕ йӕ ӕппындӕр ницы цух уагътой. Суанг ма сӕ хӕдзар медицинон кусӕнгӕрзтӕй дӕр сифтонг кодтой, ӕмӕ ахӕм рынчынмӕ зилын куыд хъӕуы, ууыл сахуыр кодтой. Цӕй диссаджы цӕвиттон у, бинонтӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдион куыд хъуамӕ уой, уымӕн!

Ӕнӕ иузӕрдиондзинадӕй хӕлардзинад нӕ вӕййы

«Адӕймаг ӕнӕ цардӕмбалӕй дӕр вӕййы амондджын, фӕлӕ ӕнӕ хӕларӕй амондджын уа, уый зын зӕгъӕн у»,– дзуры Биргит. Ӕвӕццӕгӕн, ууыл ды дӕр сразы уыдзынӕ. Бинонджын дӕ ӕви нӕ, хорз хӕлары иузӕрдиондзинад дын цины хос уыдзӕн ӕмӕ дын дӕ цард хъӕздыгдӕр кӕндзӕн. Фӕлӕ дын кӕд бинонтӕ ис, уӕд де ’ппӕты ӕввахсдӕр хӕлар хъуамӕ уа дӕ цардӕмбал.

Хӕлар хуымӕтӕг зонгӕ адӕймаг нӕу. Зонгӕтӕ нын, гӕнӕн ис, бирӕ дӕр уа – нӕ сыхӕгтӕ, не ’мкусджытӕ, стӕй арӕх кӕуыл амбӕлӕм, уыдон. Ӕцӕг хӕлардзинадӕн та хъӕуы рӕстӕг, тыхтӕ ӕмӕ уды хъарм. Искӕимӕ хӕлариуӕг кӕнын кадджын хъуыддаг у. Хӕлардзинад адӕймаджы ӕрмӕст хорзӕхджын нӕ кӕны, фӕлӕ ма йыл хӕстӕ дӕр ӕвӕры.

Нӕ хӕлӕрттимӕ нӕ зӕрдӕбын ныхас кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Уый нӕ арӕх фӕндгӕ дӕр тынг фӕкӕны. «Исчи нӕ истӕуыл куы фӕтыхсы, уӕд ме ’мбалимӕ кӕрӕдзимӕ телефонӕй фӕдзурӕм къуыри иу кӕнӕ дыууӕ хатты. Ӕмбал дын кӕй ис ӕмӕ дӕм кӕй байхъусдзӕн, уый гыццыл хъуыддаг нӕу»,– зӕгъы Биргит. Адӕм кӕрӕдзийӕ цыфӕнды дард ма уой, уӕддӕр уый хӕлардзинадӕн цӕлхдур нӕу. Гердӕ ӕмӕ Хельгӕ кӕрӕдзийӕ цалдӕр мин километры дарддӕр цӕрынц, фӕлӕ 35 азӕй фылдӕр сты хорз хӕлӕрттӕ. «Ӕдзух кӕрӕдзимӕ ӕрвитӕм фыстӕджытӕ,– зӕгъы Гердӕ.– Фӕфыссӕм нӕ хабӕрттӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнты тыххӕй – хъӕлдзӕг уой ӕви ӕнкъард. Хельгӕ мӕм кӕй фыссы, уый фӕрцы афтӕ амондджын дӕн, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Нӕ дыууӕ дӕр иухуызон хъуыды кӕнӕм».

Ӕнӕ иузӕрдиондзинадӕй хӕлардзинад нӕ вӕййы. Гадзрахат ми суанг рагон хӕлӕртты дӕр фӕхицӕн кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕлӕрттӕ кӕрӕдзийӕ ницы ӕмбӕхсынц. Уыдон кӕрӕдзиимӕ фӕныхас кӕнынц зӕрдӕбынӕй, ӕмӕ нӕ фӕтӕрсынц, иу иннӕйы кӕй дӕлджинӕг кӕндзӕн йе та йын йе ’ууӕнк кӕй фӕсайдзӕн, уымӕй. Библийы фыст ис: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы, ӕмӕ у, зын сахат цӕмӕй адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууа, уый тыххӕй чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

Не ’мбӕлттӕ нын нӕ хъуыдытыл, ӕнкъарӕнтыл ӕмӕ хъуыддӕгтыл кӕй ӕндавынц, уымӕ гӕсгӕ лӕмбынӕг кӕсын хъӕуы, цӕмӕй нӕхицӕн ахӕм хӕлӕрттӕ ӕвзарӕм, нӕ цардвӕндаг ӕмхуызон кӕимӕ у. Зӕгъӕм, бӕлвырд базон, кӕимӕ хӕлариуӕг кӕнынмӕ хъавыс, уый дӕр, ды цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл кӕй ӕууӕнды, ӕгъдаумӕ ды цы цӕстӕй кӕсыс, уый дӕр ӕм уыцы цӕстӕй кӕй кӕсы, хорз ӕмӕ ӕвзӕр ды цы бӕрцбарӕнтӕй барыс, уый дӕр сӕ уыцы бӕрцбарӕнтӕй кӕй бары. Ахӕм ӕмбӕлттӕ дын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы бафтой. Стӕй йӕ цардыуаг ӕмӕ йе ’гъдау дӕ зӕрдӕмӕ кӕмӕн нӕ цӕуынц, ахӕм адӕймагимӕ цӕмӕн хъуамӕ хӕлариуӕг кӕнай? Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзарын цас ахсджиаг у, уый зыны, Библи цы дзуры, уымӕй: «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕна, уый та фӕсмойнаг фӕуыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).

Иузӕрдиондзинадыл сахуыр кӕнӕн ис

Сывӕллон искӕй дзаумайыл ичъитӕ садзын куы ахуыр кӕна, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъазтӕй дарддӕр дӕр фӕнддзӕн хъазын. Афтӕ зӕгъӕн ис иузӕрдион адӕймагӕй дӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ цас фылдӕр архайӕм иузӕрдиондзинад ӕвдисыныл, уыйас нын хуыздӕр уайдзӕн. Адӕймаг йӕ бинонты ’хсӕн иузӕрдиондзинад ӕвдисыныл гыццылӕй куы ахуыр кӕна, уӕд ын фӕстӕдӕр ӕнцондӕр уыдзӕн иузӕрдион хӕлӕрттӕ скӕнын. Хӕлардзинады фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ куы уа, уӕд ын уый йӕ рӕстӕджы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмкъайады дӕр иузӕрдион уа. Уый фӕрцы ма иузӕрдион уыдзӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр хӕларады.

Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕты стырдӕр фӕдзӕхст у, Иегъовӕ Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, удӕй, зондӕй ӕмӕ хъаруйӕ уарзын (Маркы 12:30). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауыл хъуамӕ кӕронмӕ иузӕрдион уӕм. Иегъовӕ Хуыцауыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд бирӕ хорзӕхтӕй уыдзыстӕм хайджын. Уый нӕ никуы ныууадздзӕн ӕмӕ нӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз дӕн иузӕрдион» (Иереми 3:12). Ӕнӕдызӕрдыгӕй, Хуыцауыл иузӕрдион, кӕнӕ ӕнувыд куы уӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй (1 Иоанны 2:17).

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Хорз хӕлары иузӕрдиондзинад дын цины хос уыдзӕн.

[Ныв 5 фарсыл]

Иузӕрдион бинонтӕ тыхсынц кӕрӕдзийыл.