Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мах цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй

Мах цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй

Мах цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй

«Мах... цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ,– ӕнустӕм» (МИХЕЙ 4:5).

1. Нойы рӕстӕджы адӕм цавӕр ӕгъдауыл хӕст уыдысты ӕмӕ сӕ Ной куыд хицӕн кодта?

БИБЛИ фыццаг кӕй тыххӕй зӕгъы, Хуыцауимӕ цыдис, зӕгъгӕ, уый уыд Енох. Дыккаг та уыд Ной. «Ной уыд рӕстгӕнӕг. Уый йе ’мдуггӕгты ’хсӕн цард ӕнаиппӕй. Ной цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ»,– фыст ис Библийы (Уӕвынад 6:9). Нойы рӕстӕг адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ аздӕхтысты раст динӕй. Уавӕр та ноджы фыддӕр кодтой, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы мӕнгард зӕдтӕ. Уыдон-иу сылгоймӕгтимӕ бацардысты ӕмӕ сын цы зӕнӕг рацыд, нефилимтӕ, зӕгъгӕ, уыдон уыдысты «тыхджын» кӕнӕ «кадджын адӕм» уӕды рӕстӕджы. Уӕдӕ диссаг нӕу, зӕхх тыхмийӕ кӕй байдзаг! (Уӕвынад 6:2, 4, 11). Фӕлӕ Ной цард ӕнаиппӕй ӕмӕ уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» (2 Петры 2:5). Хуыцау ын куы загъта нау саразын, цӕмӕй йӕ цард фервӕзын кӕна, уӕд Ной «ӕппӕтдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. О, растдӕр афтӕ бакодта» (Уӕвынад 6:22). Ӕцӕгдӕр, Ной цыд Хуыцаумӕ.

2, 3. Ной нын фӕзминаг цӕмӕй у?

2 Павел иузӕрдион ӕвдисӕнты тыххӕй дзургӕйӕ ракодта Нойы кой дӕр: «Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыд, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта» (Дзуттытӕм 11:7, НТ). Диссаджы цӕвиттон! Ной ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Иегъовӕйы ныхас кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ууыл ӕмӕ йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ исбон не ’вгъау кодта, Хуыцау ын цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнынӕн. Афтӕ абон дӕр бирӕтӕ сӕ къух систой, ацы дунейы сын цы бирӕ фадӕттӕ уыдис, уыдоныл ӕмӕ сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕм цы ис, уый дӕттынц Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Ахӕм адӕмӕн сӕ уырнындзинад фӕзминаг у – уый фӕрцы фервӕздзысты сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ ма иннӕтӕ дӕр (Лукайы 16:9; 1 Тимофеймӕ 4:16).

3 Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр Енохау, Нойы фыдыфыдау (ууыл дзырд цыд айразмӕ статьяйы), сӕ уырнындзинад хъахъхъӕнын ӕнцон нӕ уыдаид. Енохы бонтау Нойы бонты дӕр Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ бирӕ нӕ уыдысты – ӕрмӕстдӕр аст адӕймагмӕ разынд уырнындзинад ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕзтысты Доны хъаймӕты. Ной хъусын кодта рӕстдзинад тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй йедзаг дунейы. Уымӕй уӕлдай ма Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ арӕзтой стыр хъӕдын нау ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи цӕттӕ кодтой ӕппӕтдунеон доны хъаймӕтмӕ, ахӕм хабарӕн та уый размӕ йӕ кой дӕр никуы ничи фехъуыста. Чи сӕ уыдта, уыдонмӕ уый тынг ӕнахуыр кастаид.

4. Нойы ӕмдуггӕгты кой кӕнгӕйӕ, Йесо стыр рӕдыд цы схуыдта?

4 Нойы бонтыл дзургӕйӕ Йесо тыхми, мӕнг дин кӕнӕ ӕнӕгъдаудзинады кой нӕ ракодта, кӕд уыдӕттӕ уӕды дунейы тынг парахат уыдысты, уӕддӕр. Йесо стыр рӕдыд схуыдта, адӕмы кӕй фӕдзӕхстой, фӕлӕ уыдон уыцы фӕдзӕхстмӕ сӕ хъус кӕй не ’рдардтой. Уый загъта, зӕгъгӕ, уыдон «хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ бацыд, уыцы боны онг». Хӕрын, нуазын, устытӕ курын ӕмӕ чындзы цӕуыны ӕвзӕрӕй цы уыди? Уыдон цардысты «куыд ӕмбӕлы, афтӕ»! Фӕлӕ доны хъаймӕт ӕрцӕйхӕццӕ кодта, Ной та хъусын кодта рӕстдзинад. Йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ цард хъуамӕ адӕмӕн уыдаиккой фӕдисхъӕрау. Фӕлӕ уыдон «ӕнхъӕл нӕ уыдысты [«нӕ хъуыды кодтой», НД], хъаймӕт цалынмӕ ӕрцыд ӕмӕ фесӕфта ӕппӕты, уӕдмӕ» (Матфейы 24:38, 39).

5. Цавӕр миниуӕг хъуыд Ной ӕмӕ йӕ бинонты?

5 Уыцы рӕстӕгмӕ фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ мах уынӕм, Ной куыд цард, уый раст кӕй уыд. Фӕлӕ Доны хъаймӕты размӕ адӕймаджы хъуыд хъӕбатырдзинад, цӕмӕй иннӕты хуызӕн ма уыдаид. Егъау нау саразынӕн ӕмӕ йӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕй байдзаг кӕнынӕн Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ хъуамӕ Хуыцауы ныхӕстыл фидарӕй ӕууӕндыдаиккой. Цымӕ уыцы иузӕрдион адӕмӕй никуы никӕй бафӕндыд, цӕмӕй уый дӕр иннӕты хуызӕн уа ӕмӕ «куыд ӕмбӕлы, афтӕ» цӕра? Чи зоны-иу сӕм ахӕм хъуыдытӕ дӕр фӕзынд, фӕлӕ уӕддӕр сӕ иузӕрдиондзинады нӕ фӕцудыдтой. Тынг бирӕ азты фӕстӕ (ацы цардӕвӕрды махӕй кӕйфӕнды дӕр быхсын цас хъӕудзӕн, уымӕй бирӕ фылдӕр) Нойы йӕ уырнындзинад Доны хъаймӕты фервӕзын кодта. Фӕлӕ Иегъовӕйы фыдӕх баййӕфта, «куыд ӕмбӕлы, афтӕ» чи цард, ӕмӕ цы рӕстӕджы цардысты, ууыл чи нӕ хъуыды кодта, ӕппӕт уыдоны.

Фыддзинад та адӕмы йӕ уацары бакодта

6. Доны хъаймӕты фӕстӕ та уавӕр цы хуызӕн уыд?

6 Доны хъаймӕты фӕстӕ зӕхх куы басур, уӕд та адӕм ногӕй бирӕ кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ уӕддӕр уыдысты ӕнӕххӕст ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ – «се ’взонгӕй фӕстӕмӕ фыддзинадмӕ здӕхт» (Уӕвынад 8:21). Стӕй кӕд хӕйрӕджытӕн сӕ бон адӕмы хуызы цӕуын нал уыд, уӕддӕр сӕ кӕнон кодтой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ та ӕнӕхуыцау адӕм сӕ митӕй равдыстой, «ӕппӕт дуне кӕй ис Фыдбылызы къухы», ӕмӕ куыд абон , афтӕ уӕд дӕр ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ тох кодтой «хӕйрӕджы хин миты ныхмӕ» (1 Иоанны 5:19; Ефесӕгтӕм 6:11, 12).

7. Доны хъаймӕты фӕстӕ фыддзинад ӕбуалгъдӕр куыд кодта?

7 Доны хъаймӕты фӕстӕ, уӕлдайдӕр та Нимроды бонтӕй фӕстӕмӕ, зӕхх ногӕй тыхмийӕ байдзаг. Адӕм куыд фылдӕр кодтой ӕмӕ зонад размӕ куыд цыди, афтӕ фыддзинад ӕбуалгъдӕр кодта. Кӕддӕр адӕймагӕн йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ уыдысты ӕхсаргард, арц, фат ӕмӕ ӕрдын, дыдзалхыг уӕрдон. Куыдфӕстӕмӕ фӕзындысты хъримаг ӕмӕ сармадзан, стӕй топп, ӕмӕ XX ӕнусы райдайӕны та – уыдонӕй диссагдӕр зынгӕхсгӕ сармадзантӕ. Фыццаг дунеон хӕсты та уыд ноджы ӕвирхъаудӕр хӕцӕнгӕрзтӕ: хӕдтӕхӕг, танк, доныбынтыцӕуӕг нау, хъӕстӕгӕнӕг газ. Уыцы хӕсты ацы хӕцӕнгӕрзтӕй царӕфтыд фесты милуантӕ. Ахӕм хабӕрттӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыдысты? Нӕ.

8. Раргомад 6:1–6 куыд ӕххӕст кӕнынц?

8 1914 азы Йесо сси Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах ӕмӕ уӕд райдыдта «Хицауы бон» (Раргомад 1:10, НД). Раргомады чиныджы цы цӕстылуайӕн ис, уым Йесо ӕвдыст цӕуы, урс бӕхыл размӕ уӕлахизгӕнгӕ чи бырсы, ахӕм Паддзахы хуызы. Йӕ фӕстӕ цы барджытӕ ис, уыдонӕй алчи дӕр хицӕн бӕллӕх хӕссы адӕмӕн. Иу дзы уайы бурбын бӕхыл. Уымӕн лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй «фарн зӕххӕй сиса, ӕмӕ цӕмӕй кӕрӕдзийы марой; ӕмӕ йӕм лӕвӕрд уыд стыр кард» (Раргомад 6:1–4). Уыцы бӕх ӕмӕ йӕ барӕг ӕвдисынц хӕст, стыр кард та – абоны ӕвирхъау хӕстытӕ сӕ тыхджын, мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгӕрзтимӕ. Уыдонмӕ хауынц ядерон хӕцӕнгӕрзтӕ (алкӕмӕн дӕр дзы йӕ бон у мӕлӕт ӕрхӕссын дӕсгай мин адӕймӕгтӕн), ракетӕтӕ (сӕ бон у ядерон хӕцӕнгӕрзтӕ мин-мин километрмӕ дӕр сӕ нысаныл сӕмбӕлын кӕнын), стӕй ма химион ӕмӕ рынхӕссӕг хӕцӕнгӕрзтӕ дӕр.

Нӕ хъус дарӕм, Иегъовӕ нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ

9. Абоны дуне ӕмӕ Доны хъаймӕты размӕ цы дуне уыд, уыдон ӕмхуызон цӕмӕй сты?

9 Нойы заман фыдадӕм ӕмӕ нефилимтӕ зӕхх тыхмийӕ кӕй байдзаг кодтой, уый тыххӕй сӕ Иегъовӕ фесӕфта. Абон та? Цымӕ абон зӕххыл къаддӕр фыддзинад ис? Кӕцӕй! Уымӕй уӕлдай ма, раст Нойы бонты куыд уыд, афтӕ абон дӕр адӕм сӕхи царды кӕйттӕ кӕнынц, «куыд ӕмбӕлы, афтӕ» цӕрын архайынц, ӕмӕ сӕ Хуыцау цӕмӕй фӕдзӕхсы, уый ницӕмӕ дарынц (Лукайы 17:26, 27). Уӕдӕ дызӕрдыггаг у, Иегъовӕ та дуне ногӕй кӕй фесафдзӕн? Нӕ.

10. а) Библийы пехуымпарӕдты арӕх цавӕр фӕдзӕхст ӕмбӕлы? ӕ) Абон ӕппӕты растдӕр царды фӕндаг цавӕр у?

10 Доны хъаймӕтӕй сӕдӕ азтӕ раздӕр, Енох пехуымпариуӕг кодта, нӕ рӕстӕджы адӕм бындзагъд кӕй ӕрцӕудзысты, уый тыххӕй (Иудӕйы 14, 15). Йесо дӕр дзырдта кӕй ӕрцӕудзӕн «стыр бӕллӕх» (Матфейы 24:21, НТ). Иннӕ пехуымпартӕ дӕр кодтой уыцы рӕстӕджы кой (Иезекил 38:18–23; Данелы 12:1; Иоил 2:31, 32). Раргомады чиныджы та тынг ирдӕй уынӕм, фыддзинад бынтондӕр сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн (Раргомад 19:11–21). Алчидӕр нӕ Нойы фӕзмы ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕны рӕстдзинад. Мах хъуыды кӕнӕм Иегъовӕйы фӕдзӕхстытыл ӕмӕ ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕнӕм иннӕтӕн, цӕмӕй уыдон дӕр афтӕ кӕной. Уӕдӕ Нойау мах дӕр Хуыцауимӕ цӕуӕм. Ӕцӕгдӕр, цӕрын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ цӕуой Хуыцауимӕ. Уый гӕнӕн куыд ис, кӕд ӕмӕ алы бон дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм? Уый тыххӕй хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, Хуыцау йӕ фӕндтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл (Дзуттытӕм 11:6).

Хуыцауимӕ цӕут фӕлдурӕджджын рӕстӕджы

11. Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты цы хъуыддаджы фӕзмӕм?

11 Фыццаг ӕнусы сӕрст чырыстӕтты тыххӕй дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, цӕуынц «Фӕндагыл» (Куыстытӕ 9:2, НД). Сӕ царды фӕндаг уыди Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийыл ӕууӕндын. Уыдон цыдысты сӕ Хицауы къахвӕдтыл. Абоны иузӕрдион чырыстӕттӕ дӕр афтӕ кӕнынц.

12. Йесо адӕмы куы бафсӕста, уӕд цы ’рцыд?

12 Фидар уырнындзинад куыд тынг хъӕуы, уый хорз зыны, Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй иуӕй. Иухатт Йесо иу-5 мин адӕймаджы бафсӕста. Адӕмӕн сӕ дисӕн кӕрон нал уыди. Фӕлӕ ма ӕркӕс, дарддӕр цы ’рцыд, уымӕ: «Йесо цы диссаг скодта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: „Дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, ай ӕцӕг уыцы Пехуымпар у“. Адӕм ӕрбацӕуынмӕ ӕмӕ Йӕ тыххӕй паддзахӕй сӕвӕрынмӕ кӕй хъавынц, Йесо уый куы базыдта, уӕд та иунӕгӕй ацыд хохмӕ» (Иоанны 6:10–15, НТ). Уыцы ӕхсӕв уый араст ӕндӕр ранмӕ. Йесо, паддзахӕй йӕ сӕвӕрой, ууыл кӕй не сразы, уымӕй бирӕты фӕфыдӕнхъӕл кодта. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу – уыдтой йӕ, паддзахӕн кӕй бӕззыд, стыр зонды хицау кӕй уыд, стӕй адӕмы цы хъӕуы, цӕмӕй тыхсынц, уый сын йӕ бон раттын дӕр кӕй уыд. О, фӕлӕ Иегъовӕйы ӕмгъуыдмӕ гӕсгӕ, Паддзах суыдаид, уый рӕстӕг нӕма уыд. Стӕй Йесойы Паддзахад хъуамӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвты уыдаид.

13, 14. Бирӕтӕ цардмӕ цавӕр цӕстӕй кастысты ӕмӕ сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд?

13 Фӕлӕ уӕддӕр адӕм Йесойы фӕдыл ацыдысты ӕмӕ, Иоанн куыд фыссы, афтӕмӕй йӕ ссардтой «денджызы иннӕ фарс». Йӕхи сын паддзахӕй сӕвӕрын куы нӕ бауагъта, уӕд ма йӕ фӕдыл цӕмӕн ацыдысты? Уымӕн ӕмӕ сӕ бирӕтӕ цардмӕ адӕймаджы цӕстӕй кастысты: дзырдтой, зӕгъгӕ, Моисейы бонты Иегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕдзӕрӕг быдыры хӕринаг лӕвӕрдта. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй сын Йесо дарддӕр дӕр хӕринаг лӕвӕрдтаид. Йесо сын зыдта се ’нӕраст хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ райдыдта ахуыр кӕнын, сӕ зондахаст сраст кӕнынӕн сын чи баххуыс кодтаид, ахӕм ӕцӕгдзинӕдтыл (Иоанны 6:17, 24, 25, 30, 31, 35–40). Йӕ ныхӕстыл ын чидӕртӕ бахъуыр-хъуыр кодта, уӕлдайдӕр та сын мӕнӕ ахӕм цӕстуынгӕ цӕвиттон куы ’рхаста, уӕд: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, куы нӕ хӕрат Адӕймаджы Фырты Буар ӕмӕ нуазат Йӕ Тугӕй, уӕд нӕ уыдзӕн уӕ мидӕг цард; Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уымӕн ис мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз райгас кӕндзынӕн фӕстаг бон» (Иоанны 6:53, 54).

14 Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ-иу адӕмы зӕрдӕтӕм афтӕ бахъардтой, ӕмӕ-иу арӕх рабӕрӕг, ӕцӕг сӕ фӕндыд Хуыцауимӕ цӕуын ӕви нӕ. Ахӕм уыди ацы цӕвиттон дӕр – сӕ зӕрдӕты уаг сын раргом кодта. Мах кӕсӕм: «Бирӕтӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, уыдон хъусгӕйӕ, дзырдтой: цы ӕнахуыр ныхӕстӕ сты! кӕй бон у уыдонмӕ хъусын?» Йесо сын бамбарын кодта, йӕ ныхӕсты цы арф хъуыды ис, уый. Уый сын загъта: «Уд ӕгас кӕны, фӕлӕ буар чысыл ахъаз дӕр нӕ кӕны. Ӕз уын цы дзырдтӕ зӕгъын, уыдон сты уд ӕмӕ цард» (НФ). Фӕлӕ йӕм бирӕтӕ нал хъуыстой. Дарддӕр кӕсӕм: «Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ацыдысты Уымӕй ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты» (Иоанны 6:60, 63, 66).

15. Цавӕр зондыл хӕст уыдысты Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй иуӕй-иутӕ?

15 Ӕцӕг, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ се ’ппӕт афтӕ нӕ бакодтой. Раст у, цы загъта, уый йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр кӕронмӕ нӕ бамбӕрстой. Фӕлӕ йыл уӕддӕр раздӕрау ӕууӕндыдысты. Сӕ зӕрдӕты цы уыди, уый зыны Петры ныхӕстӕй: «Хицау! кӕмӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ ис мыггагмӕйы царды ныхӕстӕ» (Иоанны 6:68). Цӕй диссаджы фӕзминаг зонадахаст сын уыд!

16. Нӕ уырнындзинад, гӕнӕн ис, фӕлвӕрд куыд цӕуа ӕмӕ нын цавӕр зондахаст хъуамӕ уа?

16 Фыццаг ахуыргӕнинӕгтау, махӕн дӕр нӕ уырнындзинад, гӕнӕн ис, фӕлвӕрд цӕуа. Чи зоны, Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ, куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ тагъд нӕ сӕххӕст сты ӕмӕ кӕмдӕр фӕфыдӕнхъӕл стӕм. Йе та Библи нӕ литературӕйы куыд хӕлд цӕуы, уый нӕм зынӕмбарӕн кӕсы, кӕнӕ та смӕсты вӕййӕм не ’мчырыстӕтты митӕм. Цымӕ раст уыдзӕн, уыдӕттӕ кӕнӕ ӕндӕр истӕй тыххӕй Хуыцауимӕ куы нал цӕуӕм? Нӕ, нӕ уыдзӕн! Йесойы чи ныууагъта, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ цардмӕ адӕймаджы цӕстӕй кастысты. Мах уымӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм.

«Мах та не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ»

17. Цавӕр ӕххуыс нын ис Хуыцауимӕ цӕуынӕн?

17 Апостол Павел ныффыста: «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16). Библийы кӕрӕй-кӕронмӕ уынӕм, Иегъовӕ нын бӕлвырд куыд дзуры: «Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл» (Исай 30:21). Хуыцауы Ныхасмӕ куы хъусӕм, уӕд нын ӕнцон уыдзӕн нӕхимӕ кӕсын, цӕмӕй «хъавгӕйӕ архайӕм», ома цӕуӕм (Ефесӕгтӕм 5:15). Библи кӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ дзы цы базонӕм, ууыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый фӕрцы у нӕ бон «ӕцӕгады цӕуын» (3 Иоанны 3). Ӕцӕгдӕр, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ «Уд ӕгас кӕны, буар чысыл ахъаз дӕр нӕ кӕны». Раст фӕндагыл цӕуынӕн нӕ цы зонд хъӕуы, уый нын Иегъовӕ дӕтты йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ организацийы уылты.

18. а) Иуӕй-иутӕ куыд рӕдийынц? ӕ) Цавӕр уырнындзинад нын хъуамӕ уа?

18 Цардмӕ адӕймаджы цӕстӕй чи кӕсы кӕнӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй чи бафӕллад, уыдон арӕх аздӕхынц, ацы дуне цы хъары, уыдӕттӕм. Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый сӕ кӕй айрох вӕййы, уымӕ гӕсгӕ сӕм, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, уыцы сидт ахсджиаг нал фӕкӕсы. Ӕмӕ сӕ сӕйрагдӕр мӕт Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг нӕ, фӕлӕ сӕ удӕн куыд хуыздӕр уа, уый свӕййы (Матфейы 24:42, НД). Уымӕй ӕнӕзонддӕр ми ма цы уа?! Ӕркӕсӕм ма апостол Павелы ныхӕстӕм: «Мах та не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ, фӕлӕ лӕууӕм уырнындзинады, уды ирвӕзындзинадӕн» (Дзуттытӕм 10:39). Енох ӕмӕ Нойау мах дӕр зын рӕстӕджы цӕрӕм, фӕлӕ нын уыдонау ис стыр кад – царды фӕндагыл Хуыцауимӕ цӕуӕм. Афтӕмӕй фидарӕй нӕ ныфс дарӕм, Иегъовӕйы фӕндтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, фыддзинад кӕй фесӕфдзӕн ӕмӕ йӕ рӕстаг ног дуне кӕй ралӕудзӕн, уый нӕхи цӕстӕй кӕй фендзыстӕм. Уый диссаджы фидӕн куыннӕ у!

19. Ӕцӕг лӕггадгӕнджыты цардвӕндаджы тыххӕй Михей цы загъта?

19 Пехуымпар Михей Хуыцауы фӕндӕй загъта, зӕгъгӕ, дунейы адӕмтӕй «алчи цӕудзӕн йӕ хуыцауы номӕй». Йӕхи ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй та йӕ ныхас уыд: «Мах... цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ,– ӕнустӕм» (Михей 4:5). Кӕд уый мах фӕндон дӕр у, уӕд цыфӕнды зын рӕстӕг ма скӕна,– Иегъовӕмӕ хӕстӕг уӕм (Иаковы 4:8). Ӕмӕ нӕ алкӕйдӕр зӕрдӕбынӕй фӕндӕд цӕуын нӕ Хуыцау Иегъовӕимӕ ныр дӕр ӕмӕ мыггагӕй-мыггагмӕ,– ӕнустӕм дӕр!

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Нойы бонтӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕг ӕмхуызон цӕмӕй сты?

• Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цавӕр цард кодтой ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фӕзмын нӕ бон куыд у?

• Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй иуӕй-иутӕ цавӕр рӕдыд зондыл хӕст уыдысты?

• Цы у ӕцӕг чырыстӕтты фӕндон?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 31 фарсыл]

Мах, Паддзахады хъусынгӕнджытӕ, «не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй».

[Нывтӕ 32 фарсыл]

Нойы бонты куыд уыд, афтӕ абон дӕр адӕм сӕ ӕрвылбоны куыстыты аныгъуылдысты.