Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уарзондзинады закъон ис зӕрдӕйы

Уарзондзинады закъон ис зӕрдӕйы

Уарзондзинады закъон ис зӕрдӕйы

«Ӕз сын мӕ закъон сӕ мидӕг нывӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕты сын ӕй ныффысдзынӕн» (ИЕРЕМИ 31:33).

1, 2. а) Цӕуыл ӕрныхас кӕндзыстӕм ацы статьяйы? ӕ) Синайы хохыл Иегъовӕ йӕхи диссаджы хуызы куыд равдыста?

РАЗЗАГ дыууӕ статьяйӕ базыдтам, Моисей Синайы хохӕй куы ’рхызт, уӕд йӕ цӕсгом Иегъовӕйы кад кӕй тӕмӕн кодта. Ӕрныхас ма кодтам, Моисей-иу йӕ уӕлӕ ӕмбӕрзӕн цӕмӕн ӕркодта, ууыл дӕр. Цӕй уӕдӕ ныр та ӕркӕсӕм, уыцы хабӕрттӕ абон чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг сты.

2 Моисей хохыл куы уыд, уӕд ын Иегъовӕ радта йӕ фӕдзӕхстытӕ. Синайы хохы раз израилӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Хуыцау сын йӕхи куыд равдыста, уый. «Арв нӕрын райдыдта ӕмӕ ӕрттывтытӕ кодта, ӕмӕ хохы цъуппыл фӕзынд уӕззау мигъ, райхъуыст сыкъайы тыхджын уасын, афтӕ ӕмӕ кӕм ӕрбынат кодтой, уым чидӕриддӕр уыди, уыдон фыртӕсӕй зыр-зыр кӕнын райдыдтой... Синайы хох алырдыгӕй фӕздӕг калдта, уымӕн ӕмӕ йӕм Иегъовӕ ӕрхызт арты мидӕг. Ӕмӕ дурсудзӕн пецау пиллон уагъта, ӕмӕ хох ӕнӕхъӕнӕй дӕр тынг ӕнкъуысыд» (Рацыд 19:16–18).

3. Иегъовӕ Израилӕн Дӕс фӕдзӕхсты цыхуызы ратта ӕмӕ цы хъуамӕ бамбӕрстаиккой?

3 Иегъовӕ йӕ адӕмимӕ ныхас кодта зӕды уылты ӕмӕ сын радта закъӕттӕ – Дӕс фӕдзӕхсты кӕй хонынц, уыдон (Рацыд 20:1–17). Дзырд дӕр ыл нӕй, уыцы закъӕттӕ уыдысты Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕй. Иегъовӕ сӕ ныффыста къӕйдуртыл. Уыцы къӕйдуртӕ Моисей ныппырх кодта, израилӕгты сыгъзӕрин родӕн куывгӕ куы ’рыййӕфта, уӕд. Ӕмӕ та сӕ Иегъовӕ ногӕй ӕндӕр къӕйдуртыл ныффыста. Ацы хатт Моисей къӕйдуртӕ куы ӕрцӕйхаста, уӕд йӕ цӕсгом рухс тӕмӕн калдта. Уый фӕрцы иууылдӕр хъуамӕ бамбӕрстаиккой, уыцы закъӕттӕн стыр нысаниуӕг кӕй ис (Рацыд 32:15–19; 34:1, 4, 29, 30).

4. Дӕс фӕдзӕхстӕн ахӕм стыр нысаниуӕг цӕмӕн уыд?

4 Дӕс фӕдзӕхсты цы дыууӕ къӕйдурыл фыст уыдысты, уыдон ӕвӕрд ӕрцыдысты бадзырды чырыны мидӕг. Уый-иу уыд хӕсгӕ кувӕндоны цатыры Сыгъдӕджыты сыгъдӕджы, фӕстӕдӕр та кувӕндоны. Ацы закъӕттӕ уыдысты, Моисейы Закъон цы уагӕвӕрдтыл лӕууыд, уыдонӕн сӕ апп – Хуыцау Израилы адӕмӕн разамынд уыдонмӕ гӕсгӕ лӕвӕрдта. Уыдон бӕлвырд кодтой, Иегъовӕ уыцы адӕммӕ йӕ хъус уӕлдай тынгдӕр кӕй дардта, йе ’взӕрст адӕм кӕй уыдысты.

5. Хуыцау израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдон ын йӕ уарзондзинад куыд ӕргом кодтой?

5 Ацы закъӕттӕ бирӕ цыдӕртӕ ӕргом кодтой Иегъовӕйы тыххӕй, уӕлдайдӕр та, йӕ адӕмы куыд уарзта, уый. Цӕй зынаргъ лӕвар уыдысты, йӕ коммӕ чи каст, уыдонӕн! Иу ахуыргонд афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уыцы дӕс фӕдзӕхсты адӕмы ӕвӕрд ӕгъдӕуттӕй бирӕ уӕлдӕр сты. Моисейы Закъоны тыххӕй Иегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Кӕд мӕм хъусат ӕмӕ мӕ бадзырды сӕрты нӕ ахизат, уӕд, ӕппӕт иннӕ адӕмтӕй хъауджыдӕр, сымах уыдзыстут мӕ исбон, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у. Ӕмӕ суыдзыстут сымах мӕнӕн сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рацыд 19:5, 6).

Зӕрдӕты фыст закъон

6. Цавӕр закъон уыд къӕйдуртыл фыст закъӕттӕй ахсджиагдӕр?

6 Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы закъӕттӕ тынг ахъаз сты. Фӕлӕ зоныс, сӕрст чырыстӕттӕм къӕйдуртыл фыст закъӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр цыдӕр кӕй ис, уый? Иегъовӕ загъта, ног бадзырд кӕй скӕндзӕн, ӕмӕ уый кӕй хицӕн кӕндзӕн, Израилы адӕмимӕ цы Закъоны бадзырд сарӕзта, уымӕй. «Ӕз сын мӕ закъон сӕ мидӕг нывӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕты сын ӕй ныффысдзынӕн» (Иереми 31:31–34). Ног бадзырды ӕхсӕнылӕг, Йесо Чырысти, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн фыст закъон нӕ радта. Йесо Иегъовӕйы закъон йӕ ахуыргӕнинӕгты зонды ӕмӕ зӕрдӕты бавӕрдта, цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый руаджы.

7. «Чырыстийы закъон» фыццаг кӕмӕн ӕрцыд лӕвӕрд ӕмӕ ма фӕстӕдӕр уыцы закъоны дӕлбар йӕхи чи бакодта?

7 Уыцы закъон хуынди «Чырыстийы закъон». Уый фыццаг зӕххон Израилӕн, ома Иаковы байзӕддӕгтӕн, не ’рцыд лӕвӕрд, фӕлӕ монон адӕмӕн, «Хуыцауы Израилӕн» (Галатӕгтӕм 6:2, 16; Ромӕгтӕм 2:28, 29). «Хуыцауы Израил» сты сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ. Фӕстӕдӕр сӕм ӕрбаиу, Иегъовӕйӕн кувын кӕй фӕндыд, уыцы «тынг бирӕ адӕм» алы адӕмыхӕттытӕй (Раргомад 7:9, 10; Захари 8:23). Сӕрстытӕ ӕмӕ тынг бирӕ адӕм «иу дзуг» кӕй сты ӕмӕ сын «иу Фыййау» кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ иууылдӕр сты «Чырыстийы закъоны» дӕлбар, ӕмӕ алцыдӕр аразынц уыцы закъонмӕ гӕсгӕ (Иоанны 10:16).

8. Чырыстийы закъон Моисейы Закъонӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

8 Сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ Моисейы Закъоны дӕлбар чи уыд, уыцы израилӕгтӕй хъауджыдӕр, чырыстӕттӕ барвӕндонӕй сты Чырыстийы закъоны дӕлбар. Ӕмӕ уый, цы адӕмыхаттӕй сты ӕмӕ кӕм райгуырдысты, уымӕй аразгӕ нӕу. Уыдон базыдтой Иегъовӕйы, йӕ фӕндтӕ ӕмӕ бӕллынц йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ. Хуыцауы закъон «сӕ мидӕг ӕвӕрд», «сӕ зӕрдӕты» фыст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауы коммӕ ӕфхӕрды тасӕй нӕ кӕсынц, нӕдӕр ӕй канд сӕ хӕсыл кӕй нымайынц, уый тыххӕй. Коммӕ кӕсынмӕ сӕ разӕнгард кӕны уымӕй бирӕ ахадгӕдӕр ӕмӕ хъомысджындӕр цыдӕр. Ӕмӕ уыдонау, «ӕндӕр фыстӕ» дӕр коммӕгӕс уымӕн сты, ӕмӕ Хуыцауы закъон ис сӕ зӕрдӕты.

Закъӕттӕ ӕнцайынц уарзондзинадыл

9. Йесо куыд бамбарын кодта, Иегъовӕйы закъӕттӕ уарзондзинадыл кӕй ӕнцайынц, уый?

9 Иегъовӕйы ӕппӕт закъӕтты ӕмӕ уагӕвӕрдты мидис зӕгъӕн ис иу дзырдӕй – уарзондзинад. Афтӕ уыдис ӕмӕ уыдзӕн алкӕддӕр. Ӕнӕ уымӕй Хуыцауӕн раст кувӕн нӕй. Йесойы куы бафарстой, Закъоны сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй». Дыккаг та у: «Бауарз дӕ хӕстӕджы, дӕхи хуызӕн». Уый фӕстӕ загъта: «Ацы дыууӕ фӕдзӕхстыл фидаргонд сты ӕппӕт закъон ӕмӕ пехуымпартӕ» (Матфейы 22:35–40). Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, канд Моисейы Закъон ӕд Дӕс фӕдзӕхст нӕ, фӕлӕ Дзуттаг Фыстытӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй ӕнцайынц уарзондзинадыл.

10. Чырыстийы закъонӕн йӕ астӕуцӕджындз уарзондзинад кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?

10 Цымӕ чырыстӕтты зӕрдӕты цы закъон ис, уымӕн дӕр астӕуцӕджындз Хуыцауы ӕмӕ адӕмы уарзын у? Афтӕ у! Чырыстийы закъоны, Хуыцауы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй хъуамӕ уарзӕм, уымӕй дарддӕр ис ног фӕдзӕхст – чырыстӕттӕ кӕрӕдзи хъуамӕ уарзой удуӕлдай уарзтӕй. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд уарзта, уыдон дӕр афтӕ хъуамӕ уарзой кӕрӕдзи. Уый йӕ цард барвӕндонӕй радта йӕ хӕлӕртты сӕраппонд. Йесо сӕ ахуыр кодта Хуыцауы уарзын ӕмӕ кӕрӕдзи уарзын, раст сӕ йӕхӕдӕг куыд бауарзта, афтӕ. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕрӕдзийы бирӕ кӕй уарзынц, уымӕй базонынц адӕм, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты, уый (Иоанны 13:34, 35; 15:12, 13). Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн суанг се ’знӕгты уарзын дӕр амыдта (Матфейы 5:44).

11. Куыд равдыста Йесо, Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр кӕй уарзы?

11 Йесо хорз цӕвиттон у, уарзондзинад куыд ӕвдисын хъӕуы, уымӕн. Уӕлӕрвты хъомысджын зӕд уӕвгӕйӕ, уый ӕнӕзивӕгӕй сразы ис зӕххыл йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Йӕ цард адӕмы сӕраппонд радта, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. Фӕлӕ ма сын равдыста, куыд цӕрын сӕ хъӕуы, уый дӕр. Йесо уыд сӕрныллӕг, хӕларзӕрдӕ, уӕздан, ӕххуыс кодта фӕллад ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн. Стӕй ма сын дзырдта «мыггагмӕйы царды ныхӕстӕ», ӕвӕллайгӕйӕ сын ӕххуыс кодта Иегъовӕйы тыххӕй базонынӕн (Иоанны 6:68).

12. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзын ӕмӕ адӕмы уарзын тынг ӕнгом баст сты?

12 Хуыцауы уарзын ӕмӕ адӕмы уарзын – ацы дыууӕ хъуыддаджы тынг ӕнгом баст сты. Апостол Иоанн загъта: «Уарзондзинад Хуыцауӕй у. [...] Афтӕ чи зӕгъы: „Ӕз Хуыцауы уарзын“, афтӕмӕй та йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у фӕлитой. Уымӕн ӕмӕ цӕстӕй кӕй уыны, йӕ уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, цӕстӕй Кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын» (1 Иоанны 4:7, 20, НТ). Иегъовӕ у уарзондзинады суадон, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕгасӕй дӕр у уарзондзинад. Цыдӕриддӕр аразы, уый аразы йӕ уарзондзинадӕй. Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ конд кӕй стӕм, уый фӕрцы махӕн дӕр нӕ бон у уарзын (Уӕвынад 1:27). Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый.

Уарзондзинад – коммӕгӕсдзинад

13. Цӕмӕй Хуыцауы бауарзӕм, уый тыххӕй нӕ фыццаг цы саразын хъӕуы?

13 Куыд у нӕ бон Хуыцауы уарзын, кӕд ӕмӕ йӕ нӕ уынӕм? Уымӕн фыццаг ӕмӕ ахсджиаг мадзал – хорз ӕй базонын. Нӕ бон нӕу ӕнӕзонгӕ адӕймаджы уарзын ӕмӕ йыл ӕууӕндын. Уымӕн нын дзуры Хуыцауы Ныхас дӕр, цӕмӕй Хуыцауы хорз базонӕм. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы Библи кӕсын, кувын ӕмӕ, Хуыцауы чи зоны ӕмӕ уарзы, уыдонмӕ ӕнгом лӕууын (Псалом 1:1, 2; Филиппӕгтӕм 4:6; Дзуттытӕм 10:25). Хуыцауы базонынӕн уӕлдай ахъаз сты цыппар Евангелийы, уымӕн ӕмӕ уым, Йесо Чырыстийы цард ӕмӕ лӕггады тыххӕй цы фыст ис, уый ӕргом кӕны Иегъовӕйӕн йӕхи. Цас хуыздӕр зонӕм Хуыцауы ӕмӕ цас тынгдӕр аргъ кӕнӕм йӕ уарзондзинадӕн, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ фӕзмын. О, Хуыцауы уарзын нысан кӕны йӕ коммӕ кӕсын дӕр.

14. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Хуыцауы закъӕттӕ зынӕххӕстгӕнӕн кӕй не сты?

14 Кӕй фӕуарзӕм, уыдонӕн сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый фӕзонӕм ӕмӕ архайгӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ фӕкӕнӕм. Хъыг сын цы уа, уый нӕ фӕаразӕм. «Хуыцауы уарзын уый у,– ныффыста апостол Иоанн,– цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ; ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты» (1 Иоанны 5:3). Уыдон уӕззау, ома зынӕххӕстгӕнӕн не сты ӕмӕ бирӕ дӕр не сты. Фӕндагамонӕг у уарзондзинад. Нӕ алы къахдзӕф, нӕ алы хъуыддагӕн нӕ бӕлвырд закъон нӕ хъӕуы. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ аразӕм алцыдӕр. Кӕд ӕмӕ Хуыцауы уарзӕм, уӕд ын йӕ фӕндон дӕр ӕхсызгонӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уӕд Хуыцауы зӕрдӕ ссардзыстӕм, стӕй нӕхицӕн дӕр уыдзӕн хорз, уымӕн ӕмӕ йӕ амындтӕ кӕддӕриддӕр нӕ пайдайӕн сты (Исай 48:17).

15. Цӕмӕн нӕ фӕнды Иегъовӕйы фӕзмын? Бамбарын ӕй кӕн.

15 Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй нӕ йӕ фӕзмын дӕр фӕнды. Адӕймаджы куы фӕуарзӕм, уӕд йӕ миниуджытӕ нӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуынц ӕмӕ нӕ фӕфӕнды, уый хуызӕн куы уаиккам. Ӕркӕсӕм Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы цӕвиттонмӕ. Уыдон уӕлӕрвты иумӕ уыдысты, ӕвӕццӕгӕн, миллиардгай азты дӕргъы. Кӕрӕдзи ӕгӕрон уарзтӕй уарзтой. Йесо йӕ уӕларвон Фыды хуызӕн кӕй уыд, растдӕр уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды» (Иоанны 14:9, НТ). Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты хуыздӕр базоныныл куы архайӕм ӕмӕ сӕ бузныг куы уӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм. Иегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг уд кӕй ӕххуыс кӕны, уый руаджы «фервӕздзыстӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймагӕй йӕ хъуыддӕгтимӕ, ӕмӕ суыдзыстӕм ног адӕймӕгтӕ» (Колоссӕгтӕм 3:9, 10, НТ; Галатӕгтӕм 5:22, 23).

Уарзондзинад хъуыддагӕй

16. Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

16 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, Хуыцау ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ. Афтӕмӕй мах Иегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уый «фӕнды... цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад» (1 Тимофеймӕ 2:3, 4, НТ). Махӕн стыр цины хос у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Чырыстийы закъон фыст ӕрцӕуа сӕ зӕрдӕты. Стӕй нын ӕхсызгон вӕййы, адӕймагӕн йӕ удыхъӕды Иегъовӕйы миниуджытӕ кӕй фӕзынынц (2 Коринфӕгтӕм 3:18). Ӕцӕгдӕр, адӕмӕн иууыл зынаргъдӕр нӕ бон цы у балӕвар кӕнын, уый – баххуыс сын кӕнын Хуыцауы базонын. Иегъовӕйы хӕлар чи суа, уый никуы фӕфӕсмон кӕндзӕн, ӕнустӕм уыдзӕн райгонд.

17. Мулкмӕ тырныны бӕсты, хуыздӕр цӕмӕн у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы фылдӕр уарзыныл архайын?

17 А дунейы адӕм мулкӕн уарзондзинадӕй тынгдӕр аргъ кӕнынц. Фӕлӕ мулк, дзаумӕттӕ ӕнусон не сты. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ адавой кӕнӕ та фесӕфой (Матфейы 6:19). Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ аивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг та мыггагмӕ цӕрдзӕни» (1 Иоанны 2:16, 17, НТ). О, Иегъовӕ у ӕнусон, ӕмӕ йӕ чи уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр уыдзысты ӕнустӕм. Уӕдӕ хуыздӕр нӕ уаид, ацы дунейы, рӕстӕгмӕ чи у, уыцы дзаумӕттӕ ӕмбырд кӕныны бӕсты, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы фылдӕр уарзыныл куы архаиккам?

18. Иу миссионер удуӕйдай уарзт куыд равдыста?

18 Йӕ уарзондзинадӕй адӕмы чи тавы, уыдон Иегъовӕйӕн кад хӕссынц. Ӕркӕсӕм, Сенегалы миссионерӕй чи лӕггад кӕны, уыцы Соняйыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Соня Библи ахуыр кодта иу сылгоймагимӕ, Хайди, зӕгъгӕ. Ууыл йе ’нӕуырнӕг лӕгӕй бахӕцыд ВИЧ. Уый фӕстӕ йӕ лӕг амард, Хайди донаргъуыд райста, фӕлӕ тагъд рӕстӕджы йе ’нӕниздзинад февзӕрдӕр ӕмӕ рынчындонмӕ бахаудта СПИД-имӕ. Соня дзуры: «Рынчындоны кусджытӕн сӕ бон цы уыди, уый арӕзтой, фӕлӕ бирӕ нӕ уыдысты. Ӕмӕ ӕмбырды куы фехъусын кодтой, Хайдимӕ рынчындоны фӕкӕсын кӕй хъӕуы, уӕд фӕстӕ нӕ фӕкодтон. Дыккаг ӕхсӕв йӕ фарсмӕ баззадтӕн ӕмӕ йӕм йӕ мӕлӕты онг зылдтӕн. Йӕ дохтыр загъта: „Не стырдӕр бӕллӕх уый мидӕг ис, ӕмӕ арӕх суанг хиуӕттӕ дӕр сӕ къух сисынц, сӕ бинонтӕй СПИД-ӕй рынчын чи у, ууыл. Фӕлӕ ды нӕдӕр йӕ хӕстӕг дӕ, нӕдӕр йе ’мбӕстаг, уӕдӕ иу адӕмыхаттӕй дӕр не стут, афтӕмӕй дӕхи фыдбылызы цӕмӕн ӕппарыс?“ Ӕз ын бамбарын кодтон, Хайди мын ӕцӕг хойы хуызӕн кӕй у, раст цыма иу мадызӕнӕг стӕм, афтӕ. Хайдиимӕ хӕрзхотау кӕй уыдыстӕм, уымӕ гӕсгӕ мын зын нӕ уыди бахъуаджы сахат йӕ фарсмӕ балӕууын». Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Соня Хайдимӕ куы зылди, уӕд ыл ӕппындӕр ницы низ бахӕцыд.

19. Хуыцауы закъон нӕ зӕрдӕты кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

19 Иннӕты удуӕлдай уарзтӕй чи уарзы, ахӕмтӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн бирӕ ис. Абон Хуыцауы адӕмы цавӕрдӕр фыст закъонмӕ гӕсгӕ нӕ базонынц. Уый нӕ, фӕлӕ мах уынӕм, куыд ӕххӕст кӕнынц Дзуттытӕм 8:10 ныхӕстӕ: «Мӕнӕ фӕдзӕхст, кӕцы фӕдзӕхсын уыцы бонты фӕстӕ Израилы хӕдзарӕн, зӕгъы Хицау: сӕвӕрдзынӕн Мӕ закъонтӕ сӕ хъуыдыты ӕмӕ сӕ ныффысдзынӕн уыдоны зӕрдӕты, ӕмӕ уыдзынӕн уыдоны Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм». Цӕй уӕдӕ кӕддӕриддӕр аргъ кӕнӕм, Иегъовӕ нын нӕ зӕрдӕты кӕй ныффыста, уыцы закъонӕн – уарзондзинады закъонӕн, ӕмӕ кӕддӕриддӕр адӕмы нӕ уарзондзинадӕй тавӕм.

20. Чырыстийы закъон стыр хорзӕх цӕмӕн у?

20 Куыд ӕхсызгон у, ахӕм уарзондзинад кӕмӕ ис, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын! Чырыстийы закъон сӕ зӕрдӕты кӕмӕн ис, уыдон ацы уазал дунейы хайджын сты стыр хорзӕхӕй. Уыдон ӕрмӕст Иегъовӕйы уарзтыл нӕ цин кӕнынц, фӕлӕ ма ӕфсымӕртимӕ дӕр уарзондзинады фидар тӕгтӕй баст кӕй сты, ууыл дӕр. «Куыд хорз ӕмӕ куыд ӕхсызгон у ӕфсымӕртӕн иумӕ цӕрын!» Кӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы адӕмыхӕттытӕй сты, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурынц, ӕмӕ се ’гъдӕуттӕ хицӕн кӕнынц, уӕддӕр, се ’хсӕн цы иудзинад ис, ахӕм никуы. Ӕмӕ уыцы иудзинадӕн Иегъовӕ арфӕ кӕны. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Бафӕдзӕхста Хицау [уарзондзинады иугонд адӕмӕн] арфӕдзинад ӕмӕ цард ӕнустӕм» (Псалом 132:1–3).

Дӕ бон у дзуапп раттын?

• Цас ахсджиаг уыдысты Дӕс фӕдзӕхсты?

• Цавӕр закъон у зӕрдӕты фыст?

• «Чырыстийы закъоны» уарзондзинад цы бынат ахсы?

• Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20 фарсыл]

Соня сенегайлаг чызгимӕ 2004 азы конгрессы.