Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы кад тӕмӕн кӕндзынӕ?

Хуыцауы кад тӕмӕн кӕндзынӕ?

Хуыцауы кад тӕмӕн кӕндзынӕ?

«Мах... айдӕнтау тӕмӕн кӕнӕм Иегъовӕйы кад» (2 КОРИНФӔГТӔМ 3:18, НД).

1. Моисей цы федта ӕмӕ уый фӕстӕ цы уыд?

УЫЦЫ БОН Моисей цы федта, уый уыд стыр диссаг! Хуыцау ын сӕххӕст кодта йӕ ӕнахуыр курдиат: Синайы хохы сӕр, иунӕгӕй, Моисей федта, иу адӕймаг дӕр цы никуы федта, уый – Иегъовӕйы кад. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Моисей Иегъовӕйӕн йӕхи нӕ федта. Хуыцауы хуыз ахӕм цӕхӕртӕкалгӕ у, ӕмӕ йӕ адӕймаг куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн. Цалынмӕ Иегъовӕ Моисейы рӕзты цыд, уӕдмӕ йӕ йӕ «армытъӕпӕнӕй» ӕмбӕрзӕнау ӕмбӕрзта,– ӕвӕццӕгӕн, зӕдты руаджы. Стӕй Иегъовӕ Моисейӕн йӕ кады рухс равдыста. Йемӕ ма зӕды уылты ныхас дӕр кодта. Уый фӕстӕ цы уыд, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Моисей Синайы хохӕй куы ӕрхызт, уӕд... йӕ цӕсгом рухсы тӕмӕнтӕ калдта, [Иегъовӕимӕ] кӕй ныхас кодта, уый тыххӕй» (Рацыд 33:18–34:7, 29).

2. Чырыстӕттӕ цы кад тӕмӕн кӕнынц, уый фӕдыл апостол Павел цы ныффыста?

2 Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, цыма ды дӕр уыцы хохыл Моисеимӕ дӕ. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Иегъовӕйы тӕмӕнтӕкалгӕ рухс уынын, йӕ ныхас ын хъусын диссаг куыннӕ уыдаид! Синайы хохӕй ӕрцӕуыс Моисеимӕ – Хуыцау Закъоны бадзырд кӕй уылты радта, уыимӕ. Цӕй стыр кад уыдаид уый! Фӕлӕ уый зоныс, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы кад, Моисей йӕ куыд тӕмӕн кодта, уымӕй тынгдӕр тӕмӕн кӕнынц? Уыцы арф хъуыды ис апостол Павелы фыстӕджытӕй иуы. Уый фыста, зӕгъгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ «айдӕнтау тӕмӕн кӕнынц Иегъовӕйы кад» (2 Коринфӕгтӕм 3:7, 8, 18, НД). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕй дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ тӕмӕн кӕнынц Хуыцауы кад.

Чырыстӕттӕ Хуыцауы кад куыд тӕмӕн кӕнынц

3. Иегъовӕйы Моисейӕ хуыздӕр цы хуызы зонӕм?

3 Уӕвгӕ, нӕ бон куыд у Хуыцауы кад тӕмӕн кӕнын? Моисейӕ хъауджыдӕр, Иегъовӕйы нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ фӕкодтам. Фӕлӕ мах Иегъовӕйы тыххӕй зонӕм, Моисейӕн йӕ бон зонын цы нӕ уыд, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти зӕххыл цард Моисейы мӕлӕтӕй 1 500 азы фӕстӕдӕр. Уымӕ гӕсгӕ Моисей нӕ зыдта, Йесо адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар кӕныны сӕраппонд йӕ цард кӕй ратдзӕн ӕмӕ уымӕй Закъон кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Ромӕгтӕм 5:20, 21; Галатӕгтӕм 3:19). Стӕй ма Моисей Иегъовӕйы рӕсугъд фӕндоны тыххӕй дӕр бирӕ нӕ зыдта,– уыцы фӕндон баст у Мессиайы Паддзахадимӕ ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕт скӕнынимӕ. Уӕдӕ мах Иегъовӕйы кад ӕнӕуи цӕстытӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинады цӕстӕй уынӕм. Уыимӕ мах Иегъовӕйы хъӕлӕс дӕр хъусӕм, ӕрмӕст зӕдты руаджы нӕ, фӕлӕ Библийы уылты, уӕлдайдӕр та Евангелиты. Уым тынг аив фыст у Йесойы лӕггад ӕмӕ йӕ ахуырӕдты тыххӕй.

4. а) Сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауы кад куыд тӕмӕн кӕнынц? ӕ) Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон та куыд тӕмӕн кӕнынц Хуыцауы кад?

4 Чырыстӕтты цӕсгӕмттӕй Хуыцауы кады рухс нӕ тӕмӕн кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ цӕсгӕмттӕ уыцы хуызы тӕмӕн кӕнынц, адӕмӕн Иегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ ӕмӕ фӕндты тыххӕй кӕй дзурынц. Нӕ рӕстӕджы тыххӕй пехуымпар Исай фыста, зӕгъгӕ, Хуыцауы адӕм «дзурдзысты [Иегъовӕйы] кады тыххӕй адӕмты ’хсӕн» (Исай 66:19). Стӕй ма 2 Коринфӕгтӕм 4:1, 2 (НТ) дӕр кӕсӕм: «Ахӕм куыст нын... лӕвӕрд у. [...] Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, худинаджы тыххӕй кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ зыгъуыммӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр». Ацы ран Павел дзуры сӕрст чырыстӕтты тыххӕй – «ног бадзырды лӕггадгӕнджыты» тыххӕй (2 Коринфӕгтӕм 3:6, НД). Фӕлӕ сӕ лӕггад ахъаз у ноджы фылдӕр адӕмӕн – зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн. Дыууӕ къорды дӕр тӕмӕн кӕнынц Иегъовӕйы кад – цы амонынц, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ куыд цӕрынц, уымӕй дӕр. Уымӕй стырдӕр хӕс ӕмӕ кад нын цы хъуамӕ уа – Стыр Хуыцауы кад айдӕнау тӕмӕн кӕнын!

5. Хуыцауы фарн ӕмӕ хорзӕхтӕй хайджын кӕй стӕм, уый цӕуыл дзурӕг у?

5 Йесо куыд загъта, афтӕ абон Хуыцауы Паддзахады рӕсугъд хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр (Матфейы 24:14). Алы адӕмыхӕттытӕ, мыггӕгтӕ, адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй дӕр ис, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айста ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ цард чи фӕивта, ахӕмтӕ (Ромӕгтӕм 12:2; Раргомад 7:9). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау, уыдонӕн дӕр сӕ бон нӕу, ӕмӕ, цы федтой, цы фехъуыстой, уый тыххӕй ма дзурой (Куыстытӕ 4:20). Абон Хуыцауы кад куыд бирӕ адӕм тӕмӕн кӕнынц, афтӕ никуыма – ӕхсӕз милуанӕй фылдӕр. Ды дӕр уыдонӕй дӕ? Хуыцауы адӕм йӕ фарн ӕмӕ хорзӕхтӕй хайджын кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын Иегъовӕ арфӕ кӕны ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны. Иегъовӕйы сыгъдӕг уд нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый ноджы ирддӕрӕй зыны, нӕ ныхмӕ цы тыхджын знӕгтӕ архайынц, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы сыгъдӕг уд нын кӕй ахъаз кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у, уымӕ.

Хуыцауы адӕмы ничи банцайын кӕндзӕн

6. Иегъовӕйы фарс хӕцынӕн уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуы?

6 Зӕгъӕм, тӕрхондонмӕ дӕм фӕдзырдтой, цӕмӕй ӕгъатыр фыдгӕнӕджы ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууай. Зоныс ӕй, хуымӕтӕджы фыдгӕнӕг кӕй нӕу, йӕ дӕлбар бирӕ адӕм ис, ӕмӕ алы амалӕй дӕр кӕй архайдзӕн, цӕмӕй йын йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ хурмӕ ма ракалай. Ахӕм фыдгӕнӕджы ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууай, уый тыххӕй дӕ дзӕвгар хъӕбатырдзинад хъӕуы, стӕй ма хъуамӕ фидарӕй зонай, хицауад дӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн. Раст ахӕм уавӕры стӕм мах дӕр. Иегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕн лӕууӕм Сайтан Хӕйрӕджы ныхмӕ. Ӕргом кӕнӕм, лӕгмар ӕмӕ мӕнгдзурӕг кӕй у, ӕппӕт дунейы дӕр кӕй сайы (Иоанны 8:44; Раргомад 12:9). Цӕмӕй Иегъовӕйы фарс хӕцай ӕмӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ лӕууай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад.

7. Сайтанӕн йӕ бар кӕуыл цӕуы ӕмӕ цӕуыл архайы?

7 Дзырд дӕр ыл нӕй, Иегъовӕ у Дунедарӕг. Уымӕ, ай-гъайдӕр, Сайтанӕй фылдӕр тых ис. Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Иегъовӕйы бон кӕй у, ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хъахъхъӕнын (2 Паралипоменон 16:9). Фӕлӕ Сайтан у хӕйрӕджыты ӕмӕ ӕнӕхуыцау дунейы ӕлдар (Матфейы 12:24, 26; Иоанны 14:30). Ныр у зӕхмӕ ӕппӕрст ӕмӕ «знӕтӕй судзгӕйӕ» Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ цӕуы: йӕ къухы цы дуне ис, уый руаджы архайы, цӕмӕй, хорз хабар чи хӕссы, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныхъхъус кӕна (Раргомад 12:7–9, 12, 17, НФ). Куыд архайы ууыл? Ӕппынкъаддӕр, ӕртӕ амалӕй.

8, 9. Куыд архайы Сайтан мах ныкъкъуылымпы кӕныныл ӕмӕ, кӕимӕ лымӕн кӕнӕм, уымӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

8 Сайтан мах ныкъкъуылымпы кӕныныл цы амӕлттӕй архайы, уыдонӕй иу – царды мӕт. Ацы фӕстаг бонты адӕм сты хиуарзон, ӕхца ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ уарзаг. Хуыцауы та нӕ уарзынц (2 Тимофеймӕ 3:1–4). Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕрвылбоны хъуыддӕгты аныгъуылдысты, ӕмӕ сын цы хорз хабар хӕссӕм, ууыл «нӕ хъуыды кӕнынц». Библийы ӕцӕгад базонын сӕ ӕппындӕр нӕ фӕнды (Матфейы 24:37–39, НД). Ахӕм зондахаст, гӕнӕн ис, махыл дӕр фӕзына, ӕмӕ нӕ уӕд Хуыцауы хъуыддаджы ницыуал фӕнддзӕн аразын. Нӕ зӕрдӕ мулк ӕмӕ ирхӕфсӕнты ’рдӕм куы фӕуа, уӕд Хуыцауы раздӕрау нал уарздзыстӕм (Матфейы 24:12).

9 Уымӕ гӕсгӕ, чырыстӕттӕ хъуамӕ лӕмбынӕг кӕсой, кӕимӕ лымӕн кӕнынц, уымӕ. «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын,– ныффыста паддзах Соломон,– ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕна, уый та фӕсмойнаг фӕуыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Цӕй ӕмӕ, Хуыцауы кад чи тӕмӕн кӕны, уыдонимӕ «цӕуӕм». Уымӕй ӕхсызгондӕр ма цы хъуамӕ уа! Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ӕмбырды кӕнӕ ӕндӕр искуы куы фембӕлӕм, уӕд нын сӕ уарзондзинад, сӕ уырнындзинад, сӕ цин ӕмӕ се ’мбаргӕдзинад вӕййынц ныфсы хос. Ахӕм хорз хӕлӕрттӕ нын фидар кӕнынц нӕ фӕнд – дарддӕр дӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

10. Сайтан адӕмы куыд ардауы, цӕмӕй ныл худой ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы кад мауал тӕмӕн кӕнӕм?

10 Дыккаг та уый, ӕмӕ Сайтан адӕмы ардауы, цӕмӕй чырыстӕттыл худой ӕмӕ уый тыххӕй уыдон Хуыцауы кад мауал тӕмӕн кӕной. Фӕлӕ нӕм уый диссаг хъуамӕ ма кӕса. Йесо Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ууыл дӕр худтысты – хынджылӕг ӕмӕ йыл былысчъилтӕ кодтой, суанг ма йыл тутӕ дӕр кодтой (Маркы 5:40; Лукайы 16:14; 18:32). Уӕдӕ фыццаг чырыстӕттыл дӕр худтысты (Куыстытӕ 2:13; 17:32). Афтӕ у хабар Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытимӕ абон дӕр. Апостол Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ ма сӕ мӕнг пехуымпартӕ дӕр хонынц. «Рӕстӕджы кӕрон,– фыста Петр,– фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты: „Кӕм ис, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Йӕ уыцы дыккаг ӕрцыд? Уымӕн ӕмӕ... дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ ӕппӕт дӕр баззад, цы уыд, уымӕй“» (2 Петры 3:3, 4, НТ). Адӕм Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл худынц, зӕгъгӕ, цыдӕр сӕнттӕй сӕхи сайынц. Библи цы ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл ахуыр кӕны, уымӕй зӕгъынц, царды нал ахады, зӕгъгӕ. Цы хъусын кӕнӕм, уый бирӕтӕ нымайынц ӕнӕзонд ныхӕстыл (1 Коринфӕгтӕм 1:18, 19). Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй ныл, гӕнӕн ис, худой скъолайы, куысты, хатт та нӕ бинонты ’хсӕн дӕр. Фӕлӕ мах уӕддӕр Хуыцауы кад тӕмӕн кӕнӕм – хъусын кӕнӕм хорз хабар, уымӕн ӕмӕ, Йесойау, зонӕм, Хуыцауы Ныхас ӕцӕгад кӕй у (Иоанны 17:17).

11. Сайтан ӕфхӕрды руаджы чырыстӕтты ныхъхъус кӕныныл куыд архайы?

11 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куыд ныхъхъус уой, ууыл ма Хӕйрӕг архайы ноджы иу амалӕй – адӕмы сын сӕ ныхмӕ скӕны, цӕмӕй сӕ ӕфхӕрой. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ӕгъатырӕй [уӕ] ӕфхӕрдзысты ӕмӕ уӕ мардзысты, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн уыдзыстут ӕнӕуынон» (Матфейы 24:9, НТ). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, бирӕ бӕстӕты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг карз ӕфхӕрд ӕййафынц. Мах зонӕм, Иегъовӕ раджы кӕй загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Сайтан Хӕйрӕджы фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн уыдзӕн ӕнӕуынондзинад, кӕнӕ хӕрамдзинад (Уӕвынад 3:15). Стӕй ма уый дӕр зонӕм: фыдӕвзарӕнты Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ кӕй нӕ ивӕм, уымӕй ӕвдисӕн лӕууӕм, Иегъовӕ дун-дунейыл рӕстӕй кӕй хицауиуӕг кӕны, уымӕн. Уый зонгӕйӕ нӕ бон у цыфӕнды зынтӕ дӕр сфӕразын. Ницавӕр ӕфхӕрд нӕ ныхъхъус кӕндзӕн, кӕд ӕмӕ нӕхицӕн фидарӕй загътам, кӕддӕриддӕр Иегъовӕйы кад тӕмӕн кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ.

12. Сайтаны ӕфхӕрды ныхмӕ фидар кӕй лӕууӕм, ууыл цӕмӕн хъуамӕ цин кӕнӕм?

12 Дунейы цыбӕлты ныхмӕ фидар лӕууыс? Худынц дыл, ӕфхӕрынц дӕ, фӕлӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ нӕ ивыс? Ууыл цин кӕнын хъӕуы. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Тӕхудиаг уыдзыстут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной ӕмӕ уӕ куы ӕфхӕрой, алы ӕвзӕртӕ уыл куы мысой, уӕд, цин кӕнут ӕмӕ райут – уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх. Афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыди, уыдоны дӕр» (Матфейы 5:11, 12, НТ). Фидар кӕй лӕууыс, уымӕй бӕлвырд кӕны, Иегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг уд дын кӕй ӕххуыс кӕны, ӕмӕ уый руаджы Хуыцауы кад тӕмӕн кӕныс (2 Коринфӕгтӕм 12:9).

Хъарутӕ нын дӕтты Иегъовӕ

13. Сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

13 Мах сӕйраджыдӕр уымӕн хъусын кӕнӕм, ӕмӕ уарзӕм Иегъовӕйы ӕмӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнды йӕ кад тӕмӕн кӕнын. Адӕм афтӕ конд сты, ӕмӕ, кӕй уарзынц, кӕмӕн аргъ кӕнынц, уыдоны фӕзмынц. Ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцауӕй тынгдӕр та ничи у бафӕзмыны аккаг. Йе стыр уарзондзинадӕй уый йӕ Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууа ӕмӕ коммӕгӕс адӕмы тӕригъӕдӕй ссӕрибар кӕна (Иоанны 3:16; 18:37). Мах дӕр, Иегъовӕйау, фӕнды, цӕмӕй адӕм, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр, ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ аирвӕзой. Хорз хабар дӕр сын уый тыххӕй дзурӕм (2 Петры 3:9). Адӕмы хорз нӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ нӕ Хуыцауы фӕзмын дӕр кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр нӕ уацамынды Иегъовӕйы кад тӕмӕн кӕнӕм.

14. Куыд нын ӕххуыс кӕны Иегъовӕ, цӕмӕй дарддӕр хъусын кӕнӕм?

14 Фӕлӕ нын дарддӕр хъусын кӕнынӕн хъарутӕ фыццаджыдӕр Иегъовӕ дӕтты. Уый нӕ йӕ сыгъдӕг уд, йӕ организаци ӕмӕ йӕ Ныхас Библийы уылты ног хъарутӕ бауадзы. Иегъовӕ дӕтты фӕразондзинад, йӕ кад ын зӕрдиагӕй чи тӕмӕн кӕны, уыдонӕн. Нӕ куывдтытӕ нын хъусы ӕмӕ нын фӕлварӕнты сӕрты ахизынӕн зонд дӕтты (Ромӕгтӕм 15:5; Иаковы 1:5). Уымӕй уӕлдай ма нӕ Иегъовӕ, нӕ бон сфӕразын кӕй нӕу, ахӕм фӕлварӕны бахауын дӕр нӕ бауадздзӕн. Нӕ зӕрдӕ йыл куы дарӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр йӕ кад тӕмӕн кӕнын нӕ бон уа (1 Коринфӕгтӕм 10:13).

15. Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг цӕй фӕрцы нӕ уадзӕм?

15 Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг кӕй нӕ уадзӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын Иегъовӕйы сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕны. Зӕгъӕм, чидӕр дын загъта, адӕмыл ма хӕдзари-хӕдзар мӕнӕ ацы дзул лӕвар байуар, зӕгъгӕ. Загъта дын, уый аразын дӕ кӕй хъӕудзӕн дӕхи хардзӕй ӕмӕ дӕ уӕгъд рӕстӕджы. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ базыдтай, уыцы дзул ӕрмӕстдӕр стӕмты кӕй хъӕуы, чидӕртӕ та дӕ хъыгдаргӕ дӕр кӕй кӕндзысты. Куыд хъуыды кӕныс, уыцы куыст дарддӕр дӕр кӕнис,– мӕйӕ мӕймӕ, азӕй азмӕ? Чи зоны, нӕ. О, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, хорз хабар та зӕрдиагӕй хъусын кӕныс цалдӕр азы ӕмӕ дӕсазты дӕргъы дӕр, дӕ уӕгъд рӕстӕджы ӕмӕ дӕхи хардзӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы уарзыс ӕмӕ дын йӕ сыгъдӕг удӕй дӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕны!

Ӕнустӕм чи нӕ ферох уыдзӕн, уыцы куыст

16. Дарддӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый нӕхицӕн ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдонӕн цы ’рхӕсдзӕн?

16 Ног бадзырдимӕ цы куыст баст у, уый у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хӕзна (2 Коринфӕгтӕм 4:7). «Ӕндӕр фыстӕ» ӕппӕт зӕххы къорийыл цы уацамынды куыст кӕнынц, уый дӕр у хӕзна. Дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнай, уӕд, Павел Тимофеймӕ куыд ныффыста, афтӕ «дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:16, НТ). Ахъуыды ма кӕн, уый цӕуыл дзурӕг у. Цы хорз хабар хъусын кӕныс, уый иннӕтӕн гом кӕны фӕндаг ӕнусон цардмӕ. Кӕмӕн баххуыс кӕнай, уыдон дын суыдзысты зӕрдиаг хӕлӕрттӕ. Ӕрмӕст ма йӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цӕй хорз уыдзӕн, Хуыцауы тыххӕй базонын кӕмӕн баххуыс кодтай, уыдонимӕ ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрын! Ай-гъайдӕр, дӕ фыдӕбон дын никуы ферох кӕндзысты. Цӕй стыр цины хос у уый!

17. Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый иннӕ рӕстӕджытӕй цӕмӕн хицӕн кӕны?

17 Цы рӕстӕджы цӕрыс, ахӕм никуыма уыд ӕмӕ налдӕр уыдзӕн. Ӕндӕр никӕдуал хъуыстгонд цӕудзӕн хорз хабар ӕнӕхуыцау дунейы. Ной дӕр ахӕм дунейы цард, ӕмӕ федта, уыцы дуне куыд фесӕфт. Куыд цин кодтаид Ной, Хуыцауы фӕндон иузӕрдионӕй кӕй сӕххӕст кодта, ууыл – нау сарӕзта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр фервӕзтысты! (Дзуттытӕм 11:7). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ ахӕм цинӕй хайджын уай. Ахъуыды ма кӕн, дӕхи куыд ӕнкъардзынӕ ног дунейы, куы-иу ӕрхъуыды кӕнай, ацы фӕстаг бонты цы куыст кодтай, уый – Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн, дӕ бон цы уыди, уымӕй кӕй ахъаз кодтай!

18. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ сӕ куыд фидар кӕны?

18 Цӕй уӕдӕ тӕмӕн кӕнӕм Хуыцауы кад. Уый ахӕм хъуыддаг у, ӕмӕ нӕ никуы ферох уыдзӕн. Иегъовӕ дӕр нын нӕ рох кӕны нӕ хъуыддӕгтӕ. Библи нӕ фидар кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзӕн, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уымӕй Йӕ кадӕн цы фӕллой ӕмӕ уарзондзинад равдыстат, уый. Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый. Ма сут зивӕггӕнаг, фӕлӕ фӕзмут, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый уырнындзинады ӕмӕ фӕразоны фӕрцы чи райсы, уыдоны» (Дзуттытӕм 6:10–12, НТ).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Чырыстӕттӕ Хуыцауы кад куыд тӕмӕн кӕнынц?

• Сайтан цы амӕлттӕй архайы, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ныхъхъус кӕна?

• Хуыцауы сыгъдӕг уд нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Моисейы цӕсгом тӕмӕн кодта Хуыцауы кад.

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Хъусынгӕнгӕйӕ мах тӕмӕн кӕнӕм Хуыцауы кад.