Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстӕттӕ тӕмӕн кӕнынц Иегъовӕйы кад

Чырыстӕттӕ тӕмӕн кӕнынц Иегъовӕйы кад

Чырыстӕттӕ тӕмӕн кӕнынц Иегъовӕйы кад

«Тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ, кӕй уынынц, ӕмӕ уӕ хъустӕ, кӕй хъусынц» (МАТФЕЙЫ 13:16).

1. Цавӕр фарст ӕвзӕры, израилӕгтӕ Синайы хохы цур Моисейы фенгӕйӕ цы бакодтой, уый фӕдыл?

ИЗРАИЛӔГТӔ ӕрӕмбырд сты Синайы хохы цур. Уыцы адӕмӕн уыдис алцыдӕр, цӕмӕй Иегъовӕмӕ ӕввахс уыдаиккой. Уый сӕ йӕ тыхджын къухӕй Египетӕй ссӕрибар кодта. Ӕдзӕрӕг ран куы уыдысты, уӕд сӕ хӕринаг ӕмӕ дон цух нӕ уагъта. Стӕй ма уый руаджы фӕуӕлахиз сты амаликӕгты ӕфсадыл дӕр (Рацыд 14:26–31; 16:2–17:13). Фӕлӕ Синайы хохы раз израилӕгтӕ арвнӕрын ӕмӕ ӕрттывдӕй афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ ризын райдыдтой. Фӕстӕдӕр уыдон федтой Моисейы Синайы хохӕй ӕрцӕугӕ – йӕ цӕсгом Иегъовӕйы кад тӕмӕн кодта. Фӕлӕ Иегъовӕйы кадӕн саргъ кӕныны бӕсты израилӕгтӕ сӕхи дард айстой. Моисеймӕ «ӕввахс бацӕуын тарстысты» (Рацыд 19:10–19; 34:30). Иегъовӕ сын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыйбӕрц ничи, ӕмӕ йын уӕд йӕ кады тӕмӕнмӕ кӕсын цӕмӕн тарстысты?

2. Моисей Хуыцауы кад куыд тӕмӕн кодта, уымӕ кӕсын израилӕгтӕ цӕмӕн тарстысты?

2 Ӕвӕццӕгӕн, раздӕр цы хабар ӕрцыди, израилӕгтӕ тынгдӕр уый тыххӕй фӕтарстысты: Иегъовӕйы коммӕ куы нӕ бакастысты ӕмӕ сыгъзӕрин род куы сарӕзтой, уӕд сӕ бафхӕрдта (Рацыд 32:4, 35). Цымӕ Иегъовӕйы зондамынд бамбӕрстой ӕмӕ дзы фӕбузныг сты? Сӕ фылдӕр – нӕ. Моисей сын йӕ царды кӕрон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта сыгъзӕрин роды хабар ӕмӕ ма ӕгоммӕгӕс ноджы цы хъуыддӕгты разындысты, уыдон дӕр. Моисей сын загъта: «Уӕ Хуыцау Иегъовӕйы бардзырды ныхмӕ рацыдыстут, нӕ йыл баууӕндыдыстут ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕсмӕ нӕ байхъуыстат. Цы бон уӕ базыдтон, уӕдӕй абонмӕ ӕппынӕдзух Иегъовӕйы ныхмӕ цӕут» (Дыккаг закъон 9:15–24).

3. Моисей-иу йӕ цӕсгом ӕмбӕрзӕнӕй кӕд бамбӕрзта?

3 Ӕркӕсӕм ма, израилӕгтӕ куы фӕтарстысты, уӕд Моисей куыд бакодта, уымӕ. Библийы кӕсӕм: «Моисей-иу семӕ ныхас куы фӕци, уӕд-иу йӕ цӕсгом ӕмбӕрзӕнӕй бамбӕрзта. Фӕлӕ-иу [хӕсгӕ кувӕндоны цатырмӕ] Иегъовӕимӕ ныхас кӕнынмӕ куы бацыди, уӕд та-иу ӕмбӕрзӕн систа, цалынмӕ-иу ногӕй нӕ рахызт, уӕдмӕ. Куы-иу рацыд, уӕд-иу Израилы фырттӕн радзырдта, цы йын бафӕдзӕхстӕуыд, уый. Ӕмӕ-иу израилӕгтӕ уыдтой, Моисейы цӕсгом рухсы тӕмӕнтӕ куыд калдта, уый. Ӕмӕ та-иу Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, цалынмӕ-иу [Иегъовӕимӕ] ныхас кӕнынмӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ» (Рацыд 34:33–35). Моисей-иу йӕ цӕсгом цӕмӕн бамбӕрзта? Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Ацы фарстытӕн дзуаппытӕ куы базонӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм, Иегъовӕмӕ цас ӕввахс стӕм, уый.

Фадӕттӕй не спайда кодтой

4. Моисей йӕ цӕсгом цӕмӕн ӕмбӕрзта, уый апостол Павел куыд бамбарын кодта?

4 Апостол Павел бамбарын кодта, Моисей йӕ цӕсгом цӕмӕн ӕмбӕрзта. Уый баст уыди израилӕгтӕн сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы уагыл. Павел загъта: «Тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой... сӕ зонд куырм [уыд]» (2 Коринфӕгтӕм 3:7, 14, НТ). Цӕй кӕуинаг уавӕры уыдысты! Израилӕгтӕ Иегъовӕйы ӕвзӕрст адӕм уыдысты ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кодтаиккой (Рацыд 19:4–6). Фӕлӕ уыдоны нӕ фӕндыд Хуыцауы кады тӕмӕнмӕ кӕсын. Сӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕ зонд уымӕ нӕ сарӕзтой, цӕмӕй Иегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй уарзой, фӕлӕ дзы аздӕхтысты.

5, 6. а) Н. э. I ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Моисейы ӕмдуггӕгты хуызӕн цӕмӕй уыдысты? ӕ) Йесомӕ чи хъуыста ӕмӕ йӕм чи нӕ хъуыста, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кодтой?

5 Ахӕм уавӕр уыди н. э. I ӕнусы дӕр. Павел чырыстон куы сси, уӕдмӕ Закъоны бадзырд ивд ӕрцыд ног бадзырдӕй. Уыцы ног бадзырды ӕхсӕнылӕг уыди Йесо Чырысти, Стырдӕр Моисей. Ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Йесо ӕххӕстӕй тӕмӕн кодта Иегъовӕйы кад. Райгасуӕвӕг Йесойы тыххӕй Павел ныффыста: «Уый [Хуыцауы] кад тӕмӕн кӕны ӕмӕ алцӕмӕйдӕр у уый хуызӕн» (Дзуттытӕм 1:3, НД). Цӕй диссаджы фадат уыди дзуттаг адӕмӕн! Сӕ бон уыди Хуыцауы Фыртӕн йӕхицӕй ӕнусон царды тыххӕй хъусын! Фӕлӕ, хъыгагӕн, Йесо кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕн сӕ фылдӕр йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой. Уыдоны тыххӕй Йесо загъта, Иегъовӕ йӕ пехуымпар Исайӕн кӕй ныффыссын кодта, уыцы ныхӕстӕ: «Ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ ныддур, хъусӕй зынтӕй хъусынц, сӕхгӕдтой сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, хъусӕй ма фехъусой, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон» (Матфейы 13:15, НТ; Исай 6:9, 10).

6 Уыцы дзуттӕгтӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ тынг хицӕн кодтой. Уыдоны тыххӕй Чырысти загъта: «Тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ, кӕй уынынц, ӕмӕ уӕ хъустӕ, кӕй хъусынц» (Матфейы 13:16). Ӕцӕг чырыстӕтты тынг фӕнды Иегъовӕйы тыххӕй фылдӕр зонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Библийы йӕ фӕндоны тыххӕй цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕнын сын ӕхсызгон у. Афтӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕ ног бадзырды лӕггады тӕмӕн кӕнынц Иегъовӕйы кад. Уый зӕгъӕн ис «ӕндӕр фыстӕй» дӕр (2 Коринфӕгтӕм 3:6, 18).

Кӕмӕндӕрты хорз хабар «ӕхгӕд» цӕмӕн у

7. Адӕм хорз хабармӕ кӕй нӕ хъусынц, ууыл цӕуылнӕ дис кӕнӕм?

7 Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо ӕмӕ Моисейы рӕстӕджы дӕр израилӕгтӕн сӕ фылдӕр ауагътой диссаджы фадат. Афтӕ у нӕ рӕстӕджы дӕр. Адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ хъусынц, цы хорз хабар сын дзурӕм, уымӕ. Ӕмӕ ууыл дис дӕр нӕ кӕнӕм. Павел ныффыста: «Кӕд ӕмӕ ӕхгӕд у нӕ хорз уацхъуыд, уӕд ӕхгӕд у сӕфгӕ чи кӕны, уыдонӕн, ӕнӕуырнджытӕн, кӕцытӕн ацы дуджы хуыцау бакуырм кодта сӕ зонд» (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4). Сайтан ууыл архайы, цӕмӕй адӕм хорз хабар ма базоной. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай, бирӕ адӕм сӕхӕдӕг дӕр «ӕмбӕрзынц сӕ цӕсгӕмттӕ», уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды ӕцӕгад уынын.

8. Бирӕтӕ цавӕр хъуыддаджы сты куырм ӕмӕ нӕ бон куыд у ахӕм хабарӕй нӕхи бахизын?

8 Бирӕтӕ «куырм» сты, уымӕн ӕмӕ нӕ зонынц Хуыцауы. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй ахӕм адӕмӕн «сӕ зонд баталынг... Хуыцауы цардӕй аиртӕстысты, кӕй ницы зонынц... уый аххосӕй» (Ефесӕгтӕм 4:18). Павел Закъон иттӕг хорз зыдта, фӕлӕ цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ ӕцӕгад нӕ зыдта, уыди куырм, ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ӕфхӕрдта (1 Коринфӕгтӕм 15:9). Фӕлӕ йын Иегъовӕ ӕцӕгад раргом кодта. Павел фыста: «Хатыргонд дӕр [мын] уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Йесо Чырысти фыццаг мӕныл равдиса, куыд бирӕбыхсаг у, уый, ӕмӕ мӕ хабар зондыхос уа, чи Йыл баууӕнда ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи райса, уыдонӕн» (1 Тимофеймӕ 1:16, НТ). Абон дӕр бирӕ ис ахӕмтӕ, кӕддӕр Павелау Хуыцауы ӕцӕгады ныхмӕ чи цыди, фӕлӕ йын ныр та лӕггад чи кӕны. Афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ хъусын кӕнӕм, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн дӕр. Уыимӕ ма хъуамӕ ӕдзух ахуыр кӕнӕм Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ бамбарыныл архайӕм. Уый нӕ бахиздзӕн, цӕмӕй ӕнӕбары ахӕмӕй мацы саразӕм, Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ фӕцӕудзӕн.

9, 10. а) Фыццаг ӕнусы дзуттӕгты ахуыр кӕнын кӕй нӕ фӕндыд ӕмӕ сӕхи хъуыдыйыл фидар кӕй хӕцыдысты, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди? ӕ) Абон чырыстон дунейӕ уый зӕгъӕн ис? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Бирӕтӕн ӕцӕгад бамбарын зын у, уымӕн ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын нӕ фӕнды ӕмӕ фидар хӕцынц сӕхи хъуыдыйыл. Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Йесойы ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, уымӕн ӕмӕ уыдысты хивӕнд, Моисейы Закъон ныууадзын сӕ ницӕй тыххӕй фӕндыд. Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, се ’ппӕт ахӕм нӕ уыдысты. Зӕгъӕм, Йесойы райгасы фӕстӕ «сауджынтӕй тынг бирӕтӕ басастысты уырнындзинадӕн» (Куыстытӕ 6:7). Фӕлӕ уӕддӕр дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕры тыххӕй Павел фыста: «Нырмӕ дӕр ма, уыдон Моисейы [Закъон] куы кӕсынц, уӕд ӕмбӕрзӕн вӕййы сӕ зӕрдӕтыл ӕмбӕрзт» (2 Коринфӕгтӕм 3:15). Ӕвӕццӕгӕн, Павел зыдта, Йесо уый размӕ дины разамонджытӕн цы загъта, уый: «Иртасут фыстытӕ, уымӕн ӕмӕ сымах ӕнхъӕл стут, цӕмӕй уын уа уыдоны фӕрцы мыггагмӕйы цард; уыдон та ӕвдисӕнад кӕнынц Мӕн тыххӕй» (Иоанны 5:39). Афтӕ лӕмбынӕг цы Фыстытӕ иртӕстой, уыдоны фӕрцы хъуамӕ бамбӕрстаиккой, Йесо Мессиа кӕй у. Фӕлӕ уыцы дзуттӕгтӕ Фыстытӕ сӕхирдыгонау ӕмбӕрстой ӕмӕ, Хуыцауы Фырт цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон дӕр сын сӕ хъуыды нӕ аивын кодтой.

10 Раст афтӕ зӕгъӕн ис абон чырыстон дунейы бирӕтӕй дӕр. Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтау, уыдонмӕ «ис ӕнувыддзинад Хуыцаумӕ, фӕлӕ ӕнӕмбаргӕйӕ» (Ромӕгтӕм 10:2). Чидӕртӕ сӕ ахуыр кӕнынц Библи, фӕлӕ дзы цы фыст ис, ууыл ӕууӕндын сӕ нӕ фӕнды. Стӕй ма нӕ разы кӕнынц ууыл дӕр, Иегъовӕ йӕ адӕмы кӕй ахуыр кӕны «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», сӕрст чырыстӕтты, уылты (Матфейы 24:45). Фӕлӕ мах зонӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмы кӕй ахуыр кӕны ӕмӕ ӕцӕгад бонӕй-бонмӕ хуыздӕр кӕй ӕмбарӕм (Ӕмбисӕндтӕ 4:18). Мах Иегъовӕйӕн уый бар дӕттӕм, ӕмӕ нӕ ахуыр кӕна, ӕмӕ нӕ ахӕм хорзӕх ис, ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕмбарӕм.

11. Адӕм, сӕхи цӕуыл фӕнды, ӕрмӕст ууыл кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ ӕцӕгад кӕй нӕ зонынц, уыцы дыууӕ хабары куыд баст сты?

11 Иннӕтӕ та куырм уымӕн сты, ӕмӕ, сӕхи цӕуыл фӕнды, ӕрмӕст ууыл ӕууӕндынц. Раджы дӕр ма загъд уыд, иуӕй-иутӕ Хуыцауы адӕмыл кӕй худдзысты. Худдзысты ма, ацы фӕстаг бонты цы хабар хъусын кӕнынц, ууыл дӕр,– Йесо Чырысти уӕларвон Паддзахады паддзах кӕй у, ууыл. Апостол Петр фыста, зӕгъгӕ, «сӕхи куыд фӕнды, афтӕ хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ хъус нӕ дарынц», Хуыцау Нойы бонты дуне доны хъаймӕты кӕй фесӕфта, уымӕ (2 Петры 3:3–6, НД). Раст афтӕ абон дӕр, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдон ӕууӕндынц, Иегъовӕ Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг кӕй у, ууыл. Фӕлӕ ууыл нӕ хъуыды кӕнынц, кӕнӕ нӕ разы кӕнынц, ӕнӕфхӕрдӕй дӕр кӕй нӕ ныууадзы (Рацыд 34:6, 7). Ӕцӕг чырыстӕттӕ та тырнынц, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый бамбарынмӕ.

12. Ӕгъдӕуттӕ адӕмы куыд куырм кӕнынц?

12 Аргъуанмӕ цӕуджытӕй бирӕтӕ куырм сты ӕгъдӕутты аххосӕй. Йесо йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дины разамонджыты тыххӕй загъта: «Хуыцауы ныхас баивтат уӕхи ӕгъдауӕй» (Матфейы 15:6, НТ). Вавилоны уацарӕй чи ’рыздӕхт, уыцы иудейтӕ зынгзӕрдӕйӕ бавнӕлдтой раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнынмӕ, фӕлӕ сӕ сауджынтӕ ссӕрбӕрзонд сты ӕмӕ сӕхицӕй растдӕр никӕйуал нымадтой. Дины бӕрӕгбӕттӕ кодтой ӕрмӕст ӕгъдау раттыны тыххӕй; Хуыцауӕн дзы ӕцӕг кад нал уыд (Малахи 1:6–8). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕдмӕ чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Моисейы Закъонмӕ бафтыдтой тынг бирӕ ӕгъдӕуттӕ. Йесо сын сӕ цӕстмӕмитӕ хурмӕ калдта, уымӕн ӕмӕ нал уыдтой, Закъоны бындуры цы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ уыд, уыдон (Матфейы 23:23, 24). Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй сӕ, адӕймаг кӕй ӕрхъуыды кодта, уыцы ӕгъдӕуттӕ сыгъдӕг динӕй ма фӕиппӕрд кӕной.

«Фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта»

13. Моисей Иегъовӕйы кад куыд уыдта?

13 Моисей Синайы хохыл куы уыд, уӕд Иегъовӕмӕ бахатыд, цӕмӕй йын йӕ кад равдыстаид. Ӕмӕ Хуыцауы кады тӕмӕн федта. Хӕсгӕ цатыры кувӕндонмӕ-иу куы бацыд, уӕд-иу йӕ цӕсгом ӕмбӕрзӕнӕй нӕ бамбӕрзта. Моисей уыд стыр уырнындзинады хицау, зӕрдиагӕй йӕ фӕндыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Кӕд Иегъовӕйы кад цӕстылуайӕны федта, уӕддӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ уӕдмӕ дӕр уырнындзинады цӕстӕй уыдта. Библийы Моисейы тыххӕй загъдӕуы: «Фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд» (Дзуттытӕм 11:27, НТ; Рацыд 34:5–7). Моисейӕн йӕ цӕсгом кӕй рухс кодта, Хуыцауы кад ӕрмӕст уымӕй нӕ тӕмӕн кодта, фӕлӕ, израилӕгтӕн Иегъовӕйы хуыздӕр базонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кодта, уымӕй дӕр.

14. Йесо Хуыцауы кад куыд уыдта ӕмӕ йын ӕхсызгон цы уыди?

14 Дун-дунейы сфӕлдисыны размӕ дӕр, уӕлӕрвты, Йесо мин-миназты дӕргъы ӕргом уыдта Хуыцауы кад (Ӕмбисӕндтӕ 8:22, 30). Уыцы рӕстӕджы дӕргъы сӕ уарзондзинад тыхджындӕр кодта ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ӕввахсдӕр кодтой. Иегъовӕ Хуыцау йӕ фыццаггуырды куыд фӕлмӕн уарзтӕй уарзта, афтӕ никӕй. Ӕмӕ Йесо дӕр афтӕ зӕрдӕбынӕй ӕмӕ ӕнувыдӕй уарзта йӕ Царддӕттӕджы (Иоанны 14:31; 17:24). Фыд ӕмӕ Фырты уарзондзинадӕн ӕмбал нӕ уыд. Йесойӕн дӕр, Моисейау, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы уыди, ӕмӕ, адӕмӕн цы амыдта, уымӕй Иегъовӕйы кад тӕмӕн кӕна.

15. Чырыстӕттӕ Хуыцауы кадмӕ куыд кӕсынц?

15 Абон дӕр Хуыцауы Ӕвдисӕнты, Моисей ӕмӕ Йесойау, фӕнды Иегъовӕйы кадмӕ кӕсын. Уыдон сӕхи нӕ тигъ кӕнынц Хуыцауы кадджын хорз хабарыл. Апостол Павел фыста: «Куы аздӕхынц Хицаумӕ [йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ], уӕд... ӕмбӕрзӕн ист ӕрцӕуы» (2 Коринфӕгтӕм 3:16). Мах ахуыр кӕнӕм Фыстад, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Паддзах Йесо Чырыстийы цӕсгом цы кад тӕмӕн кӕны, уымӕ кӕсын махӕн тынг ӕхсызгон у, ӕмӕ нӕ фӕнды Чырыстийы фӕзмын. Моисейау ӕмӕ Йесойау, махӕн дӕр нӕ бӕрны ис диссаджы лӕггад – адӕмы ахуыр кӕнӕм нӕ кадджын Хуыцауы уагӕвӕрдтыл.

16. Ӕцӕгад кӕй зонӕм, уый нын цы ахъаз у?

16 Йесо куывта: «Кадджын кӕнын Дӕу, Мӕ Фыд... Ды уый кӕй басусӕг кодтай зондджынтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй ӕмӕ йӕ раргом кодтай сывӕллӕттӕн» (Матфейы 11:25). Иегъовӕ йӕ фӕндтӕ ӕмӕ, цавӕр Хуыцау у, уый ӕргом кӕны сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмӕн (1 Коринфӕгтӕм 1:26–28). Мах нӕхи Иегъовӕйы ӕвджид кӕнӕм. Уый нӕ ахуыр кӕны нӕхи пайдайӕн, цӕмӕй царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл цӕуӕм. Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы ноджы хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм, ӕмӕ нын уымӕн цы бирӕ мадзӕлттӕ аразы, уыдонӕн аргъ кӕнӕм.

17. Нӕ бон куыд у Иегъовӕйы миниуджытӕ ноджы хуыздӕр зонын?

17 Павел сӕрст чырыстӕттӕн ныффыста: «Мах та иуылдӕр гом цӕсгомӕй, куыд кӕсӕны, кӕсгӕйӕ Хицауы кадмӕ, ивӕм уыцы фӕлгонцмӕ кадӕй кадмӕ» (2 Коринфӕгтӕм 3:18). Фӕнды нын уӕларвыл цӕрыны ныфс уа, фӕнды зӕххыл, Иегъовӕйы цас хуыздӕр базонӕм – Библи нын ӕй куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй – уыйас тынгдӕр свӕййӕм уый хуызӕн. Йесо Чырыстийы цардыл, йӕ лӕггадыл ӕмӕ йӕ ахуырӕдтыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ноджы ирддӕр тӕмӕн кӕндзыстӕм Иегъовӕйы миниуджытӕ. Цӕй стыр цины хос нын у Хуыцауы кад тӕмӕн кӕнын, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ ном бӕрзонд кӕнын!

Бахъуыды кодтай?

• Израилӕгтӕ Иегъовӕйы кадмӕ,– Моисей кӕй тӕмӕн кодта, уымӕ – кӕсын цӕмӕн тарстысты?

• I ӕнусы ӕмӕ нӕ рӕстӕджы хорз хабар адӕмӕн «ӕхгӕд» цы хуызы у?

• Нӕ бон куыд у Хуыцауы кад тӕмӕн кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Израилӕгтӕ тарстысты Моисейы цӕсгоммӕ кӕсын.

[Нывтӕ 17 фарсыл]

Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕхсызгонӕй тӕмӕн кӕнынц йӕ кад.