Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Фыццаг паралипоменоны чиныгӕй

Ахсджиаг хъуыдытӕ Фыццаг паралипоменоны чиныгӕй

ИУДЕЙТӔ Вавилоны уацарӕй сӕ райгуырӕн зӕхмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕдӕй рацыд 77 азы бӕрц. Хицау Зоровавель кувӕндон ногӕй куы рацарӕзта, ууыл ныр цыди 55 азы. Иудейтӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты сӕйраджыдӕр раст кувынад ногӕй йӕ къахыл слӕууын кӕнынӕн. Фӕлӕ адӕм Иегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ нӕ лӕггад кодтой. Иудейты тынг ӕхсызгонӕй хъуыди бафидар кӕнын, ӕмӕ ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ис фыццаг Паралипоменоны чиныджы.

Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты уӕлдай ма, Фыццаг паралипоменоны чиныджы кой цӕуы 40 азы дӕргъы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон тыххӕй (паддзах Саулы мӕлӕтӕй паддзах Давиды мӕлӕты онг). Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, ацы чиныг сауджын Ездрӕ н. э. агъоммӕ 460 азы кӕй ныффысста. Ацы чиныгмӕ нӕ нӕ хъус уымӕн хъӕуы ӕрдарын, ӕмӕ нын ӕмбарын кӕны, кувӕндоны куыд лӕггад кодтой, уый. Афтӕ ма дзы лыстӕггай фыст ис, Мессиа кӕцӕй хъуамӕ ’рцыдаид, уыцы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд. Хуыцауы Ныхасы хай кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад ӕмӕ нын Библи хъуыздӕр ӕмбарынӕн ӕххуыс кӕны (Дзуттытӕм 4:12).

АХСДЖИАГ НӔМТТЫ НОМХЫГЪД

(1 Паралипоменон 1:1–9:44)

Ездрӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъд лыстӕггай кӕй ныффысста, уый фӕахъаз ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддагӕн: бӕлвырдӕй ӕвдыста, сауджынтӕй лӕггад кӕнын сӕ бон кӕй уыд ӕрмӕстдӕр нысангонд нӕлгоймӕгтӕн; ӕххуыс кодта Израилы мыггӕгты бынтӕ сбӕлвырд кӕнынӕн ӕмӕ ма Мессиамӕ кӕнӕг хӕдзарвӕндаджы номхыгъд бахъахъхъӕнынӕн. Ацы номхыгъды фӕрцы ма иудейтӕ базыдтой сӕ фыдӕлты, суанг фыццаг адӕймаджы онг. Адамӕй Ноймӕ уыди дӕс фӕлтӕры ӕмӕ ма ноджыдӕр дӕс фӕлтӕры та – Авраамы онг. Чиныджы Исмаилы фыртты, Авраамӕн йӕ номылус Хеттурӕйӕ цы фырттӕ райгуырд, стӕй Исавы фыртты тыххӕй фыст куы ’рцыд, уый фӕстӕ та, ӕргом здӕхт цӕуы Израилы 12 фырты байзӕддӕгты номхыгъдмӕ (1 Паралипоменон 2:1).

Ездрӕ Иудӕйы цоты номхыгъд бӕстонӕй ныффысста, уымӕн ӕмӕ уыцы мыггагӕй рацыд паддзах Давиды хӕдзарвӕндаг. Цыппӕрдӕс фӕлтӕры ис Авраамӕй Давидмӕ, ӕмӕ ма цыппӕрдӕс та – Вавилонмӕ уацары ацӕуыны онг (1 Паралипоменон 1:27, 34; 2:1–15; 3:1–17; Матфейы 1:17). Уый фӕстӕ Ездрӕ ранымадта, Иорданы скӕсӕнварс цы мыггӕгтӕ цард, уыдоны, стӕй та ныффысста Левийы фыртты номхыгъд (1 Паралипоменон 5:1–24; 6:1). Стӕй та ӕрдзырдта, Иорданы цӕугӕдоны ныгуылӕнварс цы мыггӕгтӕ ӕрбынат кодтой, уыдоны тыххӕй, дарддӕр та лыстӕггай ныффысста Вениамины хӕдзарвӕндаджы тыххӕй (1 Паралипоменон 8:1). Ездра ма номхыгъдмӕ бахаста, Вавилоны уацарӕй ӕрыздӕхгӕйӕ, Иерусалимы фыццаг чи ’рцард, уыдоны нӕмттӕ дӕр (1 Паралипоменон 9:1–16).

Фарстытӕн дзуапп:

1:18 – Чи уыд Салӕйы фыд – Каинан ӕви Арфаксад? (Лукайы 3:35, 36). Арфаксад уыди Салӕйы фыд (Уӕвынад 10:24; 11:12). Лукайы 3:36 дзырд «Каинан» гӕнӕн ис ӕмӕ хӕццӕ кӕна дзырд «халдейаг»-имӕ. Кӕд афтӕ у, уӕд фыццаг тексты бакӕсӕн уыдаид «халдейаг Арфаксады фырт». Кӕнӕ та гӕнӕн ис, ӕмӕ Каинан ӕмӕ Арфаксад уыдаиккой иу лӕджы нӕмттӕ. Банысан кӕнын ма хъӕуы, ӕмӕ дзырдтӕ «Каинаны фырт» иуӕй-иу къухфыстыты кӕй не ’мбӕлынц (Лукайы 3:36, «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ», англ.).

2:15 – Давид Иессейӕн ӕвдӕм фырт уыд? Нӕ. Иессейӕн уыд аст лӕппуйы, ӕмӕ Давид уыд сӕ кӕстӕр (1 Паддзахӕдты 16:10, 11; 17:12). Иессейы фырттӕй сӕ иу, ӕвӕццӕгӕн, амард ӕнӕзӕнӕгӕй. Уыцы лӕппуйӕн цот кӕй нӕ баззад, уымӕ гӕсгӕ хӕдзарвӕндаджы номхыгъдтыл нӕ бандӕвтаид ӕмӕ йын Ездрӕ дӕр йӕ ном уырдӕм нӕ бахаста.

3:17 – Иехонийы фырт Салафиил Лукайы 3:27 Нирийы фырт цӕмӕн хуындӕуы? Иехони уыди Салафиилы фыд. Фӕлӕ Нири, ӕвӕццӕгӕн, йӕ чызджы радта Салафиилӕн. Лука Нирийы сиахсы Нирийы фырт кӕй хоны, уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Иосифы дӕр схуыдта Мариайы фыд Илийы фырт (Лукайы 3:23).

3:17–19 – Зоровавель, Федаия ӕмӕ Салафиил кӕрӕдзийӕн цы бавӕййынц? Зоровавель уыди Федаияйы фырт, уый та уыд Салафиилы ӕфсымӕр. Фӕлӕ Библи ранӕй-рӕтты Зоровавелы хоны Салафиилы фырт (Матфейы 1:12; Лукайы 3:27). Ӕвӕццӕгӕн, Федаия амард ӕмӕ Зоровавелы хъомыл кодта Салафиил. Кӕнӕ та Салафиил ӕнӕзӕнӕгӕй амард ӕмӕ Федаия левираты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йӕ идӕдз чындзы ракуырдта ӕмӕ Зоровавель уыди уыцы ӕмкъайады фыццаг фырт (Дыккаг закъон 25:5–10).

5:1, 2 – Иосифӕн фыццаггуырды фырты бартӕ райсын цӕуыл дзурӕг уыд? Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Иосиф хъуамӕ райстаид бынтӕй дыууӕ хайы (Дыккаг закъон 21:17). Уымӕн райгуырд дыууӕ фырты ӕмӕ систы дыууӕ мыггаджы – Ефрем ӕмӕ Манасси. Израилы иннӕ фырттӕй та равзӕрд ӕрмӕстдӕр иугай мыггӕгтӕ.

Зондзонӕн махӕн:

1:1–9:44. Ӕцӕг чи цард, ахӕм адӕмы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕй зыны, раст дин кӕй бындуриуӕг кӕны цавӕрдӕр аргъӕуттӕ кӕнӕ таурӕгътыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕг хабӕрттыл.

4:9, 10. Иегъовӕ фехъуыста Иависы зӕрдиаг куывд йӕ «арӕнтӕ ауӕрӕхдӕр» кӕныны тыххӕй, цӕмӕй дзы Хуыцауӕй чи аргъуыц кӕны, фылдӕр ахӕм адӕм ӕрцардаид. Ахуыргӕнинӕгтӕ зынгзӕрдӕйӕ куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд мах дӕр хъуамӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй фылдӕр адӕм Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайа.

5:10, 18–22. Паддзах Саулы бонты, Иорданы скӕсӕнварс цӕрӕг мыггӕгтӕ ныддӕрӕн кодтой, дыууӕ хатт сӕ фылдӕр чи уыд, уыцы агариӕгты. Уыцы мыггӕгты хъӕбатыртӕ Иегъовӕйӕ ӕххуыс кӕй куырдтой, сӕ ныфс ыл кӕй ӕвӕрдтой, уӕлахиз дӕр уымӕн фесты. Цӕй, уӕдӕ, монон хӕсты бирӕ знӕгтимӕ хӕцгӕйӕ, мах дӕр нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйыл дарӕм (Ефесӕгтӕм 6:10–17).

9:26, 27. Дуаргӕс левитты бӕрны уыд стыр хъуыддаг. Баууӕндыдысты сыл кувӕндоны сыгъдӕг бынӕттӕм бацӕуӕны дӕгъӕл. Сӕ хӕс уыд алы райсом дӕр кувӕндоны дуӕрттӕ гом кӕнын. Махыл дӕр баууӕндыдысты, кӕм цӕрӕм, уым адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Мах дӕр дуаргӕс левиттау ӕууӕнкджын хъуамӕ ма уӕм?

ДАВИДЫ ПАДДЗАХДЗИНАД

(1 Паралипоменон 10:1–29:30)

Хабӕрттӕ райдыдтой, паддзах Саул йе ’ртӕ фыртимӕ Гелвуйы хохыл филистимӕгтимӕ тохы куыд фӕмард ис, уымӕй. Иессейы фырт Давид сси паддзах Иудӕйы мыггагыл. Ӕппӕт мыггӕгтӕй дӕр адӕм ӕрӕмбырдысты Хевронмӕ ӕмӕ Давиды сӕвӕрдтой паддзахӕй ӕгас Израилыл (1 Паралипоменон 11:1–3). Уый фӕстӕ уый бацахста Иерусалим. Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ уадындзты уасгӕйӕ... хъисфӕндыртыл ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртыл хъӕрӕй цӕгъдгӕйӕ» ӕрбахастой Иерусалиммӕ бадзырды чырын (1 Паралипоменон 15:28).

Давиды фӕнды ӕцӕг Хуыцауӕн хӕдзар саразын. Иегъовӕ уыцы кады аккаг скодта Соломоны, ӕмӕ Давидимӕ скодта Паддзахады фӕдыл бадзырд. Давид Израилы знӕгтимӕ тох кодта, ӕмӕ йын Иегъовӕ иу уӕлахиз иннӕ уӕлахизы фӕдыл лӕвӕрдта. Хуыцау ын бар нӕ радта, афтӕмӕй Давид адӕмы кӕй сфыста, уый тыххӕй 70 мин адӕймаджы фӕмард. Зӕд Давидӕн куы загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн нывондхӕссӕн сараз, уӕд Давид иевусейаг Орнайӕ балхӕдта зӕхх. Иегъовӕйӕн «диссаджы кадджын» хӕдзар саразынӕн Давид райдыдта цӕттӕ кӕнын «тынг бирӕ» ӕрмӕг (1 Паралипоменон 22:5). Давид левиттӕн кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн скодта рад, ӕмӕ уый иууыл бӕстондӕр фыст ӕрцыд ацы чиныджы. Паддзах ӕмӕ адӕм стыр лӕвӕрттӕ скодтой кувӕндон аразынӕн. Давид паддзахиуӕг кодта 40 азы ӕмӕ амард «цард, хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад ӕфсӕстӕй ӕмӕ йӕ фырт Соломон сси паддзах йӕ фӕстӕ» (1 Паралипоменон 29:28).

Фарстытӕн дзуапп:

11:11 – Ацы стихы цӕмӕн ис фыст, зӕгъгӕ 300 адӕймаджы амардта, кӕд ӕмӕ 2 Паддзахӕдты 23:8, уый кой ма кӕм ис, уым та фыст у 800 кӕй уыдысты? Давиды ӕртӕ ӕппӕты хъӕбатырдӕр лӕгӕн сӕ хистӕр уыд Иесваал кӕнӕ Исбосеф. Иннӕ дыууӕ та хуындысты Елеазар ӕмӕ Шамма (2 Паддзахӕдты 23:8–11). Нымӕцтӕ уымӕн хицӕн кӕнынц, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ацы дыууӕ цауы дзырд цӕуы, уыцы адӕймаг кӕй сарӕзта, дыууӕ ахӕм хицӕн хъуыддагыл.

11:20, 21 – Авессӕйы Давиды ӕртӕ ӕппӕты тыхджындӕр хӕстоны кадджыныл куыд нымадтой? Авессӕ нӕ уыд Давиды ӕртӕ ӕппӕты тыхджындӕр хӕстоны нымӕцы. Фӕлӕ 2 Паддзахӕдты 23:18, 19 (НД) куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй уый уыд 30 хъайтарӕй номдзыддӕр. Авессӕйы кад, уыцы ӕртӕ ӕппӕты тыхджындӕр хӕстоны кадӕй дӕлдӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уый дӕр Иесваалау фесгуыхт.

12:8 – Гады ӕфсӕддонтӕн сӕ цӕсгӕмттӕ «домбайы цӕсгӕмтты» хуызӕн куыд уыдысты? Ацы хъӕбатыртӕ хӕцыдысты Давиды фарс ӕдзӕрӕг быдыры. Сӕ сӕрыхъуынтӕ домбайы барцау уыдысты даргъ. Сӕ хуыз уыд домбайӕнгӕс, тӕссаг.

13:5 – Цы у «Египетаг Шихор», (Синодалон тӕлмац)? Рагон дзуттаг дзырд «Шихор»-ы сӕйраг нысаниуӕг «цӕугӕдон» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ уый у Нилы фӕрсагдӕттӕй иу. Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй Нымӕцты 34:5 дзырд цӕуы уыцы цӕугӕдоныл, уым хуыйны «Египетаг цӕугӕдон». Фӕлӕ Рацыды 34:5 спайда кодтой ӕндӕр рагон дзуттаг дзырд, йӕ растдӕр тӕлмац та у «цӕугӕдоны тӕрф». Уӕдӕ «Египетаг Шихор» куы фӕдзурынц, уӕд уый фӕамоны, Зӕрдӕвӕрд зӕххы хуссар-ныгуылӕн арӕны цур цы ком ис, уымӕ. (Нымӕцтӕ 34:2, 5; Уӕвынад 15:18).

16:30 – Цы нысан кӕны Иегъовӕйы раз «ризын»? Ацы ныхасӕн ис ахӕсгӕ нысаниуӕг, ӕмӕ ацы стихы амоны Иегъовӕйӕ аргъуыц кӕнын ӕмӕ йын кад кӕнын.

16:1, 37–40; 21:29, 30; 22:19 – Бадзырды чырын Иерусалиммӕ куы бахастой, уӕдӕй, ӕмӕ цалынмӕ кувӕндон нӕ сарӕзтой, уӕдмӕ Иегъовӕйӕн нывӕндтӕ кӕм хастой? Бадзырды чырын Иерусалиммӕ куы бахастой, уӕд бирӕ азты дӕргъы йӕхи цатыры нӕ уыд, фӕлӕ йын Давид цы цатыр сарӕзта, уым. Хӕсгӕ кувӕндоны цатыр та уыд Гаваоны ӕмӕ дзы хистӕр сауджын Садок йе ’фсымӕртимӕ хастой, Закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ ӕмбӕлд, уыдон. Афтӕ уыд, цалынмӕ Иерусалимы кувӕндон нӕ сарӕзтой, уӕдмӕ. Кувӕндон куы сырӕзт, уӕд хӕсгӕ кувӕндоны цатыр Гаваонӕй ахастой Иерусалиммӕ ӕмӕ бадзырды чырын сывӕрдтой кувӕндоны Сыгъдӕджыты Сыгъдӕгы (3 Паддзахӕдты 8:4, 6).

Зондзонӕн махӕн:

13:11. Исты куы фӕрӕдийӕм, уӕд, Иегъовӕмӕ мӕсты кӕнын ӕмӕ уый зылын кӕныны бӕсты, хъуамӕ нӕ уавӕрыл ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ бамбарӕм, ахӕм рӕдыд ныл цӕмӕн ӕрцыд. Ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъӕн ис, Давид раст афтӕ кӕй бакодта. Йӕ рӕдыд ын зондзонӕн уыд, ӕмӕ фӕстӕдӕр Хуыцауы куыд фӕндыд, афтӕ бахаста бадзырды чырын Иерусалиммӕ *.

14:10, 13–16; 22:17–19. Нӕ уырнындзинадыл нын чи фӕзына, ахӕм исты саразын нӕ куы фӕнда, уӕд уал хъуамӕ Иегъовӕмӕ скувӕм ӕмӕ дзы разамынд ракурӕм.

16:23–29. Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ царды хъуамӕ уа фыццаг бынаты.

18:3. Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕны. Давиды уылты уый сӕххӕст кодта йӕ зӕрдӕвӕрд – Авраамы мыггагӕн ратта Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, «Египеты цӕугӕдонӕй, стыр цӕугӕдон Ефраты цӕугӕдоны онг» (Уӕвынад 15:18; 1 Паралипоменон 13:5).

21:13–15. Иегъовӕ зӕдӕн загъта, цӕмӕй адӕмыл цы рын сыстад, уый ӕрлӕууын кӕна, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн фӕтӕригъӕд кодта. Ӕцӕгдӕр, «стыр у йӕ хӕларзӕрдӕдзинад» *.

22:5, 9; 29:3–5, 14–16. Давидӕн кӕд Иегъовӕйӕн кувӕндон аразыны бар лӕвӕрд не ’рцыд, уӕддӕр йӕхи равдыста цӕстуарзонӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уыдон ӕм Иегъовӕйы фӕрцы кӕй уыдысты. Мах дӕр нӕ бузныгдзинад хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй цӕстуарзон уӕм.

24:7–18. Сауджынтӕ цӕмӕй кувӕндоны сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтаиккой, уый тыххӕй Давид снысан кодта 24 рады. Уыцы хъуыддаг ма йӕ тыхы уыд, Иегъовӕйы зӕд Аргъауӕг Иоанны фыд Захаримӕ куы фӕзынд ӕмӕ йын куы загъта, Иоанн кӕй райгуырдзӕн, уӕд. Захари уыди «Авийы радӕй» ӕмӕ уыцы рӕстӕджы уыди йӕ рад кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн (Лукайы 1:5, 8, 9). Ӕцӕг дин баст у ӕрымысгӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгӕй чи цард, ахӕм адӕмимӕ. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» Иегъовӕйӕн кувыны хъуыддаджы цы фӕтк скодта, уый куы феххӕст кӕнӕм, уӕд стыр арфӕдзинӕдтӕ райсӕм (Матфейы 24:45).

Иегъовӕйӕн «зӕрдӕрайгӕйӕ» лӕггад кӕнӕм

Фыццаг паралипоменоны чиныджы ӕрмӕст хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ нӕй. Уым ма кой цӕуы Давид Иерусалиммӕ бадзырды чырын куыд бахаста, кувӕндон аразынӕн алцыдӕр куыд цӕттӕ кодта, сауджынтӕн радтӕ куыд снысан кодта ӕмӕ йе стыр уӕлахизты тыххӕй. Ездра Фыццаг паралипоменоны цытӕ ныффыста, уыдон израилӕгтӕн ахъаз фесты ӕмӕ сын баххуыс кодтой ногӕй зынгзӕрдӕйӕ Иегъовӕйӕн йӕ кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн.

Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагъта Давид! Иегъовӕйӕн кувынӕй ахсджиагдӕр ын царды ницы уыд! Давид йӕхи пайдайыл никуы хъуыды кодта, фӕлӕ архайдта Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Уӕдӕ Давиды уынаффӕмӕ хъусӕм ӕмӕ Иегъовӕйӕн «ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ» лӕггад кӕнӕм (1 Паралипоменон 28:9).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Давид бадзырды чырын Иерусалиммӕ куыд хаста, уыцы хабарӕй ма зондӕн цы ис райсӕн, ууыл дзырд цӕуы 2005 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 29–32 фф.

^ 6 абз. Давид Хуыцауы кӕй нӕ бафарста, афтӕмӕй адӕмӕн сфыст кӕй скодта, уымӕй ма цавӕр зонд ис райсӕн, уый тыххӕй кӕс 2005 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 29–32 фф.

[Таблицӕ/Нывтӕ 8 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Фӕлтӕртӕ Адамӕй Ноймӕ (1 056 азы)

н. э. агъ. 4026 аз Адам

130 азы ⇩

Сиф

105 ⇩

Енос

90 ⇩

Каинан

70 ⇩

Малелеил

65 ⇩

Иаред

162 ⇩

Енох

65 ⇩

Мафусал

187 ⇩

Ламех

182 ⇩

н. э. агъ. 2970 азы райгуырд НОЙ

Фӕлтӕртӕ Нойӕ Аврааммӕ (952 азы)

н. э. агъ. 2970 аз Ной

502 азы ⇩

Сим

100 ⇩

ДОНЫ ХЪАЙМӔТ н. э. агъ. 2370 аз

Арфаксад

35 ⇩

Салӕ

30 ⇩

Евер

34 ⇩

Фалек

30 ⇩

Рагав

32 ⇩

Серух

30 ⇩

Нахор

29 ⇩

Фарӕ

130 ⇩

н. э. агъ. 2018 азы райгуырд АВРААМ

Авраамӕй Давидмӕ 14 фӕлтӕры (911 азы)

н. э. агъ. 2018 аз Авраам

100 азы ⇩

Исахъ

60 ⇩

Иаков

88 ӕв. ⇩

Иудӕ

Фарес

Есром

Арам

Аминадав

Наассон

Салмон

Вооз

Овид

Иессей

н. э. агъ. 1107 азы райгуырд ДАВИД