Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырысти куыд кодта, афтӕ кӕнӕм

Йесо Чырысти куыд кодта, афтӕ кӕнӕм

Йесо Чырысти куыд кодта, афтӕ кӕнӕм

«Афтӕ чи зӕгъы: – Ӕз дӕн [Хуыцауимӕ] ӕмдзинады! – ахӕм хъуамӕ, [Йесо] куыд кодта, афтӕ кӕна» (1 ИОАННЫ 2:6, НФ).

1, 2. Йесомӕ лӕмбынӕг кӕсын куыд хъӕуы?

«НӔ РАЗМӔ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй, уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ [«лӕмбынӕг», НД] кӕсгӕйӕ»,– ныффыста апостол Павел (Дзуттытӕм 12:1, 2, НТ). О, кӕд нӕ иузӕрдиондзинады фӕндагыл цӕуын фӕнды, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг кӕсӕм Йесо Чырыстимӕ.

2 Чырыстон Грекъаг Фыстыты «лӕмбынӕг кӕсын»-ӕн цы дзырдӕй спайда кодтой, уый нысан кӕны «адӕймаджы хъусдард истӕмӕ скӕнын, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ ӕндӕрырдӕм ма дзӕгъӕл кӕной», «иу хъуыддаг феныны тыххӕй иннӕмӕй цӕстытӕ айсын», «хъуыдытӕ ӕгасӕй дӕр истӕмӕ саразын». Иу бӕрӕгуаты афтӕ загъд уыд: «Грецийы стадионы-иу дугъгӕнӕг иу уысмӕ йе згъорӕн фӕндаг ӕмӕ цӕй тыххӕй згъоры, уый куы айрох кодта, ӕмӕ-иу йӕ цӕст адӕмыл куы ахаста, уӕд-иу йӕ дугъ фӕсындӕгдӕр. Афтӕ у сӕ хабар чырыстӕттӕн дӕр». Алырдыгӕй нын нӕ цӕст сӕхимӕ цы сайӕнтӕ здахынц, уыдӕттӕ нӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ бахъыгдарой уырнындзинады рӕзынӕн. Мах хъуамӕ лӕмбынӕг кӕсӕм Йесо Чырыстимӕ. Цӕй тыххӕй хъуамӕ кӕсӕм нӕ Хицаумӕ? Грекъаг дзырд «хицау» нысан кӕны «сӕйраг разамонӕг, алы хъуыддаджы дӕр разамынд йӕхимӕ чи исы ӕмӕ афтӕмӕй иннӕтӕн дӕнцӕг чи ӕвдисы». Йесомӕ лӕмбынӕг кӕсын амоны, уый куыд кодта, афтӕ кӕнын.

3, 4. а) Цы хъӕуы, цӕмӕй Йесо Чырысти куыд кодта, афтӕ кӕнӕм? ӕ) Цавӕр фарстытӕм нӕ хъӕуы нӕ хъус ӕрдарын?

3 «Афтӕ чи зӕгъы: – Ӕз дӕн [Хуыцауимӕ] ӕмдзинады! – ахӕм хъуамӕ, [Йесо] куыд кодта, афтӕ кӕна»,– фыст ис Библийы (1 Иоанны 2:6, НФ). Хуыцауимӕ ӕмдзинады, ома иудзинады уыдзыстӕм, Йесо йӕ Фыды фӕдзӕхстытӕм куыд хъуыста, афтӕ мах та Йесойы фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм, уӕд (Иоанны 15:10).

4 Уӕдӕ Йесо куыд кодта, цӕмӕй афтӕ кӕнӕм, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ хъусӕм, куыд нӕ Хицау, нӕ Разамонӕгмӕ, ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуӕм. Ацы хъуыддаджы нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕркӕсын ахӕм фарстатӕм: Чырысти нын абон разамынд куыд дӕтты? Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзындзӕн? Йесо Чырысти цы дӕнцӕг ныууагъта, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын уый цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд куыд дӕтты

5. Уӕлӕрвтӕм ацӕуыны размӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта?

5 Уӕлӕрвтӕм ацӕуыны размӕ, райгасуӕвӕг Йесо Чырысти фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сын бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг. Загъта сын: «Уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты». Сӕ Хицау ма сын ныфс бавӕрдта, ацы хъуыддаг куы ӕххӕст кӕной, уӕд семӕ кӕй уыдзӕн: «Мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ [«ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ», НД]» (Матфейы 28:19, 20). Ацы цардӕвӕрды кӕрон Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ куыд ис?

6, 7. Йесо нын разамынд сыгъдӕг уды руаджы куыд дӕтты?

6 «Рӕвдауӕг [«Ӕххуысгӕнӕг», НД] та, Сыгъдӕг Уд, Кӕцыйы рарвитдзӕн Фыд Мӕн номӕй, сахуыр кӕндзӕн сымах ӕппӕтыл ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Ӕз сымахӕн цы дзырдтон, уыдон иууылдӕр»,– загъта Йесо (Иоанны 14:26). Йесо Чырыстийы номӕй ӕрвыст сыгъдӕг уд нын абон разамынд дӕтты ӕмӕ нӕ фидар кӕны. Уый ӕххуысӕй фылдӕр кӕнынц нӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ бон у ӕмбарын суанг «Хуыцауы арфадтӕ дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 2:10). Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы миниуджытӕ – «уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын» сты «уды дыргъ» (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Сыгъдӕг уды ӕххуысӕй нӕ бон у ацы миниуджытыл кусын.

7 Фыстад куы фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ цы базыдтам, уый ӕвдисыныл куы фӕархайӕм, уӕд нын Иегъовӕйы сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕны зонд, ӕмбаргӕдзинад, ӕмбарынад, раст зонындзинӕдтӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинады фӕлтӕрынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–11). Сыгъдӕг уд ма нын ӕххуыс кӕны цыбӕлдзинӕдты ныхмӕ фӕлӕууынӕн ӕмӕ фӕлварӕнтӕ сфӕразынӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:13; 2 Коринфӕгтӕм 4:7; Филиппӕгтӕм 4:13). Чырыстӕттӕн дзырдӕуы, цӕмӕй «буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уымӕй... ссыгъдӕг кӕной сӕхи, алцӕмӕй дӕр Йӕ [Хуыцауы] адӕм куыд суой, афтӕ» (2 Коринфӕгтӕм 7:1, НТ). Цымӕ ӕнӕ сыгъдӕг уды ӕххуысӕй нӕ бон бауаид, Хуыцау нӕ куыд домы, афтӕ, буарӕй ӕмӕ удӕй сыгъдӕгдзинады цӕрын? Уӕдӕ Йесо абон мӕхӕн разамынд цӕй руаджы дӕтты, уыцы мадзӕлттӕй иу у сыгъдӕг уд – Иегъовӕ Хуыцау йӕ Фырты кӕмӕй схайджын кодта (Матфейы 28:18).

8, 9. Чырысти «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты разамынд куыд дӕтты?

8 Ӕркӕсӕм, Йесо ма абон ӕмбырдӕн разамынд куыд дӕтты, уымӕ. Адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй уыдзӕн ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй дзургӕйӕ, Йесо загъта: «Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, кӕцыйы йӕ ӕлдар сӕвӕрдта йӕ ӕххуырстыты сӕргъыл, цӕмӕй уыдонӕн афоныл хӕринаг дӕтта? Тӕхудиаг у уыцы цагъар, кӕцыйы йӕ ӕлдар ӕрбацӕугӕйӕ, афтӕ кӕнгӕ ӕрбаййафа; ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, йӕ ӕппӕт мулкы сӕргъыл ӕй сӕвӕрдзӕн» (Матфейы 24:3, 45–47).

9 «Ӕлдар» у Йесо Чырысти. «Цагъар» та – сӕрст чырыстӕтты къорд зӕххыл. Уыцы цагъары къорды хӕс у, цӕмӕй Йесойы зӕххон хъуыддӕгтыл тыхса ӕмӕ афоныл монон хӕринаг дӕтта. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» къорды ис фӕлтӕрд цӕстдарджытӕ. Уыдонӕй цалдӕр адӕймаджы хауы Разамонӕг Советмӕ ӕмӕ цагъары къорды номӕй архайынц. Уыдон ӕппӕт дунейы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд сӕхимӕ исынц ӕмӕ дӕттынц афоныл монон хӕринаг. Афтӕмӕй, Чырысти ӕмбырдӕн разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» ӕмӕ йӕ Разамонӕг Советы уылты.

10. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕн?

10 Чырысти разамынд кӕй дӕтты, уый ма зыны, «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» – чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты, кӕнӕ цӕстдарджыты кӕй радта, уымӕй дӕр. Уыдон лӕвӕрд уыдысты, «цӕмӕй цӕттӕ кӕной сыгъдӕджыты, кусой Хуыцауӕн, ӕмӕ рӕза Чырыстийы Буар» (Ефесӕгтӕм 4:8, 11, 12, НТ). Цӕстдарджыты тыххӕй Дзуттытӕм 13:7 (НТ) фыст ис: «Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды сӕхимӕ разамынд исынц. Йесо Чырыстийы кӕй фӕзмынц, уымӕ гӕсгӕ сӕхи уырнындзинад дӕр фӕзминаг свӕййы (1 Коринфӕгтӕм 11:1). Хистӕр нӕлгоймӕгты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон у ӕвдисын, уыцы «лӕвӕрттӕн адӕймӕгты хуызы» коммӕгӕс куы уӕм ӕмӕ сӕм куы хъусӕм (Дзуттытӕм 13:17).

11. Чырысти абон йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд куыд дӕтты ӕмӕ уый куыд кодта, цӕмӕй афтӕ кӕнӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

11 О, Йесо Чырысти абон йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд дӕтты сыгъдӕг уд, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Цӕмӕй Чырысти куыд кодта, афтӕ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, разамынд куыд дӕтты, уый, ӕмӕ уыцы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уый куыддӕриддӕр цард, афтӕ цӕрӕм. «Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд, ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл» (1 Петры 2:21, НТ). Йесойы ӕххӕст дӕнцӕг куы фӕзмӕм, уӕд ныл куыд фӕзындзӕн?

Ӕмбаргӕ у дӕ бартӕй пайда кӕнгӕйӕ

12. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Чырыстийы цӕвиттоны сӕ хъус фыццаджыдӕр цӕмӕ хъуамӕ дарой?

12 Йесойӕн йӕ Фыдӕй цы бартӕ лӕвӕрд ӕрцыд, ахӕм бартӕ ӕппындӕр никӕмӕн уыд. Ӕмӕ уыдонӕй пайда кӕнгӕйӕ уый уыд ӕмбаргӕ. Ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр – фыццаджыдӕр та цӕстдарджытӕн – хъуамӕ сӕ «ӕмбаргӕдзинад зындгонд уа ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Филиппӕгтӕм 4:5, НД; 1 Тимофеймӕ 3:2, 3). Кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмбырды цавӕрдӕр бартӕ ис, уӕд дӕр уыцы бартӕй уыдон хъуамӕ Чырыстийау пайда кӕной.

13, 14. Иннӕты Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнгӕйӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Чырыстийы фӕзмын?

13 Йесо йӕ хъуыдыйы дардта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон кӕй нӕу алцы. Сӕ бон цы уыд, уымӕй фылдӕр сӕ нӕ домдта (Иоанны 16:12). Йесо сӕ фӕлмӕнӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл сӕ тыхтыл ма ауӕрстаиккой (Лукайы 13:24). Уымӕ гӕсгӕ уый йӕхимӕ разамынд иста ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ бацагайыныл архайдта. Раст афтӕ абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтӕн уайдзӕф нӕ кӕнынц, зӕгъгӕ сӕм худинаг ӕркӕса, ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕной. Уыйбӕсты сӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕной, Йесойы, стӕй ма се ’мчырыстӕтты дӕр кӕй уарзынц, уый тыххӕй (Матфейы 22:37–39).

14 Йесомӕ кӕд бартӕ уыди, уӕддӕр адӕмӕн тыхӕй ницы кӕнын кодта. Уый сын нӕдӕр зынӕххӕстгӕнӕн закъӕттӕ ӕвӕрдта, нӕдӕр ӕнӕнымӕц фӕткӕвӕрдтӕ. Уый архайдта адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын, Моисейы закъӕтты бындуры цы уагӕвӕрдтӕ уыд, уыдоны фӕрцы (Матфейы 5:27, 28). Йесо Чырыстийау хистӕр нӕлгоймӕгтӕ карз фӕткӕвӕрдтӕ не ’вӕрынц кӕнӕ сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, ууыл нӕ ныллӕуынц. Уӕлӕдарӕс ӕмӕ бакаст кӕнӕ улӕфт ӕмӕ хиирхӕфсӕнтыл дзургӕйӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, цӕмӕй зӕрдӕтӕм баххӕссой, уый тыххӕй пайда кӕнынц Хуыцауы уагӕвӕрдтӕй, зӕгъӕм: Михей 6:8; 1 Коринфӕгтӕм 10:31–33 ӕмӕ 1 Тимофеймӕ 2:9, 10.

Иннӕты рис ӕмбар ӕмӕ хатыргӕнаг у

15. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты рӕдыдтытӕм цы цӕстӕй каст?

15 Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты рӕдыдтытӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй нын у фӕзминаг. Ӕркӕсӕм, йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв цы ’рцыд, уыдонӕй дыууӕмӕ. Гефсиманы дыргъдонмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо «акодта Йемӕ Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны» ӕмӕ сын загъта: «Ма бафынӕй ут», (НД). Стӕй, «ацӕугӕйӕ иу чысыл, ӕрхауд зӕххыл ӕмӕ куывта». Куы ’рбаздӕхт, уӕд «ссардта уыдоны фынӕйӕ». Куыд бакодта Йесо? Уый загъта: «Уд цӕрдӕг у, буар та ӕнӕхъару» (Маркы 14:32–38). Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны нӕ бафхӕрдта, фӕлӕ сын фӕтӕригъӕд кодта! Уыцы ӕхсӕв ма Петр Йесойыл ӕртӕ хатты ӕвдисӕн дӕр бакодта (Маркы 14:66–72). Уый фӕстӕ Йесо Петрмӕ цы цӕстӕй ракаст? «Хицау ӕцӕг... райгас ӕмӕ фӕзынд Симонмӕ [Петрмӕ]» (Лукайы 24:34). Уый «фӕзынд Кифӕмӕ,– зӕгъы Библи,– уый фӕстӕ та дыууадӕсмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:5). Йесо нӕ фӕхӕрам, йӕ рӕдыдыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы апостолмӕ, фӕлӕ йын ныххатыр кодта ӕмӕ дзы ныфс бауагъта. Фӕстӕдӕр Йесо Петры бӕрны стыр хъуыддӕгтӕ бакодта (Куыстытӕ 2:14; 8:14–17; 10:44, 45).

16. Не ’мчырыстӕтты митӕй нӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ фӕцӕуа кӕнӕ нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕд, Йесо куыд кодта, афтӕ кӕнын нӕ бон куыд у?

16 Уӕдӕ не ’мчырыстӕттӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй махӕн дӕр сӕ митӕй нӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ фӕцӕуа кӕнӕ нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕд сын мах дӕр хъуамӕ Йесойау сӕ рис ма ӕмбарӕм ӕмӕ хатыргӕнаг ма уӕм? Петр йе ’мчырыстӕтты фӕдзӕхста: «Ут иууылдӕр ӕмвӕнд, тӕригъӕдгӕнаг, ӕфсымӕруарзӕг, хӕларзӕрдӕ, хӕларуарзӕг, сабырзонды; фыддзинад фыддзинадӕй ма фидут, кӕнӕ ӕлгъыст ӕлгъыстӕй; фӕлӕ арфӕ кӕнут» (1 Петры 3:8, 9). Ӕмӕ исчи Йесойау куы нӕ кӕна – нӕ рис нын куы нӕ ӕмбара кӕнӕ нын куы нӕ хатыр кӕна,– уӕд та? Уӕд дӕр нӕ хӕс у, Йесойы фӕзмын ӕмӕ уый иннӕтӕм цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсын (1 Иоанны 3:16).

Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ дын сӕйраг уӕнт

17. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесойӕн йӕ царды сӕйрагдӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыд?

17 Ноджы ма нӕ иу хъуыддаджы хъӕуы Йесо Чырыстийау архайын. Царды йын сӕйрагдӕр уыди Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын. Йесо самариаг сахар Сихармӕ ӕввахс самариаг сылгоймагимӕ куы аныхас кодта, уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ хӕринаг у Мӕн Рарвитӕджы фӕндон ӕмӕ Уый хъуыддаг сӕххӕст кӕнын» (Иоанны 4:34). Йесо йӕ Фыды фӕндон кӕй ӕххӕст кодта, уый йӕ фидар кодта; уыдис ын адджын, хӕрзгъӕд, уӕнгроггӕнӕн хӕринагау. Уӕдӕ, Йесойау нӕ хъуыдытӕ ӕгасӕй дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл куы уой, уӕд ӕцӕгдӕр мидисджын, зӕрдӕзӕгъгӕ цард нӕ кӕндзыстӕм?

18. Сывӕллӕтты ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын арфӕйаг хъуыддаг цӕмӕй у?

18 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ куы разӕнгард кӕной, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот дӕр бирӕ хорзӕхтӕй уыдзысты хайджын. Иу фыд йӕ дыууӕ фаззон фырты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыцы хъуыдыйыл ӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ нысан скӕной пионертӕй лӕггад кӕнын. Скъолайы фӕстӕ сӕ дыууӕ дӕр систы пионертӕ. Уыцы хъуыддаг ын куыд ӕхсызгон уыд, уый тыххӕй фыд фыссы: «Нӕ фырттӕ нӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодтой. Мах тынг бузныг стӕм Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ бон у зӕгъын: „Иегъовӕйӕ бын: сывӕллӕттӕ“» (Псалом 126:3, НД). Ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын сывӕллӕттӕн сӕхицӕн цы пайда у? Фондз сывӕллоны мад дзуры: «Мӕ сывӕллӕттӕ пионертӕ кӕй сты, уый фӕрцы феввахсдӕр сты Иегъовӕмӕ, сӕ Библи ахуыр кӕныны хъӕд фӕхуыздӕр, сахуыр сты сӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнын ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын. Се ’ппӕт дӕр бирӕ цыдӕртӕ фӕивтой сӕ царды, ӕмӕ сӕ иу дӕр ууыл нӕ фӕсмон кӕны».

19. Ӕрыгӕтты сӕ сомбоны тыххӕй хорз цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

19 Ӕрыгӕттӕ, цы фӕндтӕ уӕм ис? Бӕллут, цӕмӕй уын исты дӕсныйады ӕнтыстытӕ уа? Ӕви уӕ ных сарӕзтат ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ? «Кӕсут, архайут хъавгӕйӕ, ӕнӕмбаргӕты хуызӕн нӕ, фӕлӕ куыд зондджынтӕ,– фӕдзӕхста Павел,– рӕстӕгӕн аргъ кӕнгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ бонтӕ хинӕйдзаг сты». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уӕдӕ ӕнӕмбаргӕ ма ут, фӕлӕ ӕмбарут цы у Хуыцауы фӕндон» (Ефесӕгтӕм 5:15–17).

Иузӕрдион у

20, 21. Йесо цавӕр хъуыддӕгты уыд иузӕрдион ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын?

20 Цӕмӕй Йесо куыд кодта, афтӕ кӕнӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ уыйау иузӕрдион уӕм. Йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй Библийы фыстӕуы: «Уый, Хуыцауы хуыз уӕвгӕйӕ нӕ банымадта давдыл Хуыцауы ӕмхуызон уӕвын; фӕлӕ ӕрныллӕг кодта Йӕхӕдӕг Йӕхи, райста цагъары фӕлгонц, сси адӕймӕгты хуызӕн ӕмӕ уындӕй дӕр сси куыд адӕймаг; ӕрсабыр кодта Йӕхи, коммӕгӕс уӕвгӕйӕ суанг мӕлӕты онг, ӕмӕ дзуарыл [«хъизӕмӕртты цӕджындзыл», НД] мӕлӕты онг». Йесо Иегъовӕйы хицаудзинады фарс иузӕрдионӕй лӕууыд ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодта. Уый уыд коммӕгӕс суанг хъизӕмӕртты цӕджындзыл мӕлӕты онг. Махмӕ дӕр хъуамӕ уа, уымӕ «цы ӕнкъарӕнтӕ ис, ахӕмтӕ», ӕмӕ иузӕрдионӕй ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕндон (Филиппӕгтӕм 2:5–8).

21 Йесо иузӕрдион уыд йӕ ӕнувыд апостолтыл дӕр. Ӕмӕ сӕм кӕд хъӕндзинӕдтӕ уыд ӕмӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сӕ Йесо уарзта «кӕронмӕ» (Иоанны 13:1). Афтӕ махӕн дӕр, не ’фсымӕртӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, уый хъуамӕ цӕлхдур ма суа ӕмӕ сыл фаутӕ ӕвӕрын ма райдайӕм.

Йесойы дӕнцӕг алкӕддӕр фӕзмӕм

22, 23. Йесойы дӕнцӕг куы фӕзмӕм, уӕд нын уый цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

22 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу нӕ ӕххӕст Дӕнцӕджы фӕдыл ӕнӕкъуыхцыйӕ цӕуын. Фӕлӕ архайӕм, куыд хуыздӕр ӕй фӕзмӕм, ууыл. Уый тыххӕй та хъуамӕ ӕмбарӕм ӕмӕ разы уӕм, Чырысти нын цы разамынд дӕтты, ууыл, ӕмӕ йын йӕ дӕнцӕгмӕ гӕсгӕ цӕрӕм.

23 Чырыстийау куы архайӕм, уӕд нын уый бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн. Нӕ цард уыдзӕн мидисджын дӕр ӕмӕ зӕрдӕзӕгъгӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕхи хъуыддӕгты разӕй дӕр хъуыды кӕндзыстӕм Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл (Иоанны 5:30; 6:38). Нӕ цӕсгом йӕ разы уыдзӕн сыгъдӕг. Нӕ хъуыддӕгтӕ уыдзысты фӕзминаг. Йесо хоны ӕппӕт фыдӕбонгӕнджыты ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджыты, цӕмӕй йӕм ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕ удтӕн ӕнцой ссарой (Матфейы 11:28–30). Мах дӕр Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд иннӕтӕн ӕнцой хӕсдзыстӕм. Цӕй, уӕдӕ, Йесо куыд кодта, афтӕ кӕнӕм дарддӕр дӕр.

Бахъуыды кодтай?

• Чырысти абон йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд куыд дӕтты?

• Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Хуыцау сын цы бартӕ ратта, уыдонӕй пайда кӕнгӕйӕ, Чырыстийы куыд фӕзмынц?

• Йесойы дӕнцӕг нын куыд ӕххуыс кӕны иннӕты хъӕндзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсынӕн?

• Ӕрыгӕттӕн Паддзахады хъуыддӕгтӕ сӕйраг кӕд уыдзысты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын ӕххуыс кӕнынц Чырыстийы разамындмӕ хъусынӕн.

[Нывтӕ 20 фарсыл]

Ӕрыгӕттӕ, цӕмӕй хорз чырыстӕттӕ уат, уый тыххӕй цы фӕнд кӕнут?