Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ма бафынӕй ут» – тӕрхоны сахат ӕрцыд!

«Ма бафынӕй ут» – тӕрхоны сахат ӕрцыд!

«Ма бафынӕй ут» – тӕрхоны сахат ӕрцыд!

Ацы статья бындуриуӕг кӕны брошюрӕ «Ма бафынӕй ут!»-ыл. Рацыд 2004–2005 азты облӕстон конгресмӕ.

«Хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, кӕцы сахат ӕрцӕудзӕн уӕ Хицау» (МАТФЕЙЫ 24:42).

1, 2. Йесо йе ’рцыд цӕимӕ абарста?

ДАВӔГ дӕ сыхӕгтӕм кӕй бабырыд ӕмӕ сын сӕ хӕдзар кӕй фӕкъахта, уый куы базонис, уӕд куыд кӕнис? Къӕрцхъус, цырддзаст уаис, цӕмӕй, дӕ бинонты ӕмӕ дӕм зынаргъӕй цы ис, уыдӕттӕ бахъахъхъӕнай. Цырдзаст ма уымӕн уыдзынӕ, ӕмӕ дӕм къӕрных фыстӕг не ’рбарвитдзӕн, мӕнӕ уӕм уӕд фӕцӕуын, зӕгъгӕ. Нӕ уый цӕуы сусӕгӕй ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы.

2 Давӕг куыд ӕрбацӕуы, уый Йесо цӕвиттонӕн цалдӕр хатты ӕрхаста (Лукайы 10:30; Иоанны 10:10). Кӕроны рӕстӕджы цытӕ цӕудзӕн ӕмӕ, тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уый размӕ цы уыдзӕн, уый тыххӕй Йесо загъта: «Хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, кӕцы сахат ӕрцӕудзӕн уӕ Хицау. Фӕлӕ уый зонут сымах, хӕдзары хицау куы зонид, кӕцы афон ӕрцӕудзӕн давӕг, уӕд хъӕлдзӕг уаид ӕмӕ нӕ бауадзид йӕ хӕдзар фӕкъахын» (Матфейы 24:42, 43). Уӕдӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ йе ’рцыд уыдзӕн къӕрныхы ӕрбацыды хуызӕн, ома ӕнӕнхъӕлӕджы.

3, 4. а) Адӕймаг Йесойы фӕдзӕхстмӕ кӕй хъусы, уый цӕмӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг? ӕ) Цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры?

3 Ацы цӕвиттон хорз ӕвдисы, Йесо кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кӕй ничи зондзӕн. Уыцы ныхӕсты размӕ ма Йесо загъта: «Уыцы боны ӕмӕ сахаты тыххӕй та ничи зоны, нӕдӕр уӕларвон Зӕдтӕ, фӕлӕ ӕрмӕст иунӕг Мӕ Фыд» (Матфейы 24:36). Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ хъусджыты бафӕдзӕхста: «Цӕттӕ ут» (Матфейы 24:44). Йесо Иегъовӕйы тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ кӕдфӕнды ма ’рцыдаид, уӕддӕр ын йӕ фӕдзӕхстмӕ чи хъуыста, уыдон хъуамӕ цӕттӕ уыдаиккой: сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау ӕмбӕлон уыдаид.

4 Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры ахсджиаг фарстытӕ: Йесо, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, ӕрмӕст ӕнӕуырнджыты фӕдзӕхста ӕви уый ӕцӕг чырыстӕттӕм дӕр хауы? Цӕмӕн нӕ фӕдзӕхстӕуы «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый тыххӕй цы кӕнын хъӕуы?

Фӕдзӕхст кӕмӕ хауы?

5. Кӕцӕй йӕ зонӕм, фӕдзӕхст «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕм кӕй хауы?

5 Раст у, ацы дунейы адӕмӕн – йӕхи афтӕ чи дары, цыма фӕдисхъӕр хъусгӕ дӕр нӕ кӕны, уыдонӕн – Йесо Чырыстийы ӕрцыд давӕджы ’рбацыдӕй хъауджыдӕр нӕ уыдзӕн (2 Петры 3:3–7). Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис ӕцӕг чырыстӕттӕй та? Апостол Павел йе ’муырнджытӕм ныффыста: «Уымӕн ӕмӕ сымах уӕхӕдӕг бӕлвырд зонут, Хицауы [Иегъовӕйы, НД] бон кӕй ӕрцӕудзӕн, куыд хуыснӕг ӕхсӕвыгон» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2). «Иегъовӕйы бон кӕй ӕрцӕудзӕн», ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм. Фӕлӕ ацы фӕдзӕхст «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, махӕн ахсджиаг нӕу? Ам нӕ нӕ хъус ӕрдарын хъӕуы, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Сымах... кӕцы сахат ӕнхъӕл не стут, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 24:44). Уый размӕ сӕ куы разӕнгард кодта, цӕмӕй тынгдӕр Хуыцауы Паддзахад агурой, уӕд фӕдзӕхста: «Цӕттӕ ут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кӕцы сахат ӕнхъӕл не стут, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Лукайы 12:31, 40). Уӕдӕ цымӕ бӕрӕг нӕу, Йесойы фӕдзӕхст, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм кӕй хаудта?

6. Фӕдзӕхст «ма бафынӕй ут»-мӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

6 «Ма бафынӕй ут» – цӕуылнӕ? «Цӕттӕ ут» – цӕмӕн? Йесо уый бамбарын кодта: «Уыдзысты дыууӕйӕ быдыры: иу ист уыдзӕн, иннӕ та баззайдзӕн; дыууӕ ӕрмгуырой ссӕгӕй: иу ист уыдзӕн, иннӕ та баззайдзӕн» (Матфейы 24:40, 41). Цӕттӕ чи уа, уыдон «ист уыдзысты», ома фервӕздзысты, Хуыцау ацы мӕнгард дуне куы сафа, уӕд. Ӕрмӕст йӕхи уды мӕт чи кӕны, уыдон та «баззайдзысты», ома сӕфт ӕрцӕудзысты, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау цӕмӕй фӕдзӕхсы, уый ницӕмӕ дарынц. Ахӕм кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, кӕддӕр ӕцӕгад чи базыдта, фӕлӕ чи бафынӕй, уыдонмӕ дӕр.

7. Кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон цы у аразын?

7 Ацы зӕронд дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ис фадат, цӕмӕй равдисӕм, Хуыцауӕн сыгъдӕг зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм. Ома куыд? Гӕнӕн ис, ӕмӕ афтӕ кӕса, кӕрон нырма тагъд нӕ уыдзӕн. Хъыгагӕн, афтӕ чи хъуыды кодта, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕруазал сты ӕмӕ Иегъовӕйӕн раздӕрау нал лӕггад кӕнынц. О, фӕлӕ Иегъовӕйӕн нывонддзырд куы радтам, уӕд ын нӕхи снывонд кодтам, загътам ын: дӕуӕн лӕггад кӕндзыстӕм. Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый чи зоны, уыдон хорз ӕмбарынц: адӕймаг фӕстаг уысм цыфӕнды ма кӕна, уӕддӕр Хуыцауы зӕрдӕ нӕ балхӕндзӕн. Хуыцау зӕрдӕ уыны (1 Паддзахӕдты 16:7).

8. Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ куыд разӕнгард кӕны, цӕмӕй цырддзаст уӕм?

8 Иегъовӕйы сыгъдӕг зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ не стырдӕр цин у, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын (Псалом 39:9; Матфейы 26:39). Мах фӕнды Иегъовӕйӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын. Ӕмӕ нӕ кӕд, цас ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй гыццыл фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы, уӕддӕр уыцы диссаджы ныфс йӕ аргъ нӕ сафы. Уымӕй уӕлдай ма, цырддзаст уымӕн стӕм, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ фӕндон йӕ тӕрхоны боны кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый фенынмӕ бӕллӕм. Не стырдӕр фӕндон Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды йӕ зондыл цӕуын ӕмӕ фыццаджыдӕр йӕ Паддзахад агурын (Матфейы 6:33; 1 Иоанны 5:3). Уӕдӕ, ӕркӕсӕм, ацы фӕдзӕхст «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, куыд хъуамӕ ӕндава, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдоныл, ӕмӕ нӕ цард бонӕй-бонмӕ куыд ӕрвитӕм, ууыл.

Нӕ цард нӕ кӕдӕм кӕны?

9. Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ацы дунейы адӕмы ӕнӕмӕнгдӕр бамбарын цӕмӕн хъӕуы?

9 Абон бирӕтӕ хъусынц алыхуызон ӕвзӕр хабӕрттӕ ӕмӕ, адӕмы раз цы зынлыггӕнӕн фарстатӕ лӕууы, уыдон тыххӕй ӕмӕ, чи зоны, сӕ зӕрдӕ сӕ цардӕй нӕ райы. Фӕлӕ дунейы цытӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, уый зонынц? «Ацы цардӕвӕрды кӕрон» кӕй цӕрӕм, уый ӕмбарынц? (Матфейы 24:3, НД). Адӕм хиуарзон кӕй сты, Хуыцауы ӕфсарм сӕм кӕй нал ис, тыхми кӕй сарӕх, уыдӕттӕ «фӕстаг бонтӕм» кӕй амонынц, уый зонынц? (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Уыдон хъуамӕ бамбарой, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый, ӕмӕ ӕркӕсой, сӕ цард сӕ кӕдӕм кӕны, уымӕ.

10. Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй цырддзаст стӕм ӕви нӕ, уый зонӕм?

10 Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Ӕрвылбон дӕр нӕ фӕхъӕуы алыхуызон фарстытӕ скъуыддзаг кӕнын. Зӕгъӕм, нӕ куыстмӕ чи хауы, йе та нӕ бинонтӕм, не ’нӕниздзинадмӕ, Хуыцауӕн кувынмӕ. Библи цы дзуры, уый мах зонӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Хорз уаид ахъуыды кӕнын: «Мыййаг, афтӕ нӕ рауайы, ӕмӕ мӕ мӕ царды сагъӕстӕ сӕ фӕдыл акӕнынц? Кӕм куыд бакӕнон, уый лыггӕнгӕйӕ мыл дунейы зонд нӕ бандавы?» (Лукайы 21:34–36; Колоссӕгтӕм 2:8). Хъуамӕ нӕ цардӕй ӕвдисӕм, нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйыл кӕй дарӕм ӕмӕ нӕ зондӕй ныфсджын кӕй не стӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:5). Уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ «фидар хӕцӕм ӕцӕг цардыл» – ӕнусон цардыл Хуыцауы ног дунейы (1 Тимофеймӕ 6:12, НД, 19).

11–13. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм а) Нойы бонты цы ’рцыд, уымӕй? ӕ) Лоты бонты хабӕрттӕй?

11 Цӕмӕй ма бафынӕй уӕм, уый тыххӕй Библийы ис бирӕ зондзонӕн цӕвиттонтӕ. Ӕркӕсӕм, Нойы бонты цы ’рцыд, уымӕ. Хуыцау ӕппӕт дӕр сарӕзта адӕмы афойнадыл бафӕдзӕхсынӕн. Фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕй фӕстӕмӕ ничи ницӕмӕ ӕрдардта (2 Петры 2:5). Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Куыд уыд Нойы бонты, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды дӕр: уымӕн ӕмӕ хъаймӕты размӕ бонты куыд хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ бацыд, уыцы боны онг, ӕмӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, хъаймӕт цалынмӕ ӕрцыд ӕмӕ фесӕфта ӕппӕты уӕдмӕ,– афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр» (Матфейы 24:37–39). Уымӕй нӕхицӕн зондӕн цы исӕм? Кӕд махӕй дӕр искӕй йӕ царды мӕтӕй – ӕвзӕрӕй кӕм ницы ис, ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕр – Хуыцау сӕйрагыл цы хъуыддӕгтӕ нымайы, уыдонмӕ нал ӕвдӕлы, уӕд нӕ нӕ цардыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын хъӕуы (Ромӕгтӕм 14:17).

12 Ахъуыды ма кӕн Лоты бонтыл дӕр. Лот йӕ бинонтимӕ цард хъӕздыг сахар Содомы. Фӕлӕ йӕ адӕм уыдысты тынг хӕлд. Иегъовӕ йӕ зӕдты арвыста уыцы сахар фесафынмӕ. Зӕдтӕ Лот ӕмӕ йӕ бинонтӕн ныффӕдзӕхстой, цӕмӕй фӕстӕмӕ нӕфӕкӕсгӕйӕ Содомӕй лидзой. Зӕдтӕ сӕ фӕтагъд кодтой, ӕмӕ сахарӕй раирвӕзтысты. Фӕлӕ Лоты усӕн, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ дзырдта, Содомы цы хӕдзар ныууагъта, уыимӕ. Зӕдты фӕдзӕхстмӕ нӕ байхъуыста – фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ йӕхи бабын кодта (Уӕвынад 19:15–26). Йесо мах дӕр фӕдзӕхсы: «Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы». Ацы фӕдзӕхст нӕ зӕрдыл дарӕм? (Лукайы 17:32).

13 Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ чи байхъуыста, уыдон аирвӕзтысты. Аирвӕзтысты Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ (2 Петры 2:9). Уыцы зондзонӕн цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ма нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтаудзӕн, рӕстдзинад уарзджытӕн дзы цы ирвӕзындзинады хабар ис, уый дӕр. Уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрд, рӕстдзинад кӕм цӕрдзӕн, уыцы «ног арв ӕмӕ ног зӕххы» тыххӕй, ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл (2 Петры 3:13).

Тӕрхоны сахат ӕрцыд!

14, 15. а) Тӕрхоны «сахатмӕ» цы хауы? ӕ) «Фӕтӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

14 Цырддзаст куы уӕм, уӕд нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Раргомады чиныг нын ӕвдисы, цаутӕ кӕрӕдзийы фӕдыл ивгӕ куыд цӕуынц ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уый. Цӕттӕ куы уӕм, уӕд архайдзыстӕм, уыцы чиныг ахсджиаг цы хоны, уымӕ гӕсгӕ. Пехуымпарад кӕсгӕйӕ, нӕ цӕстыты раз ирдӕй сыстынц «Хицауы бон» ӕрцӕуинаг цаутӕ – уыцы бон та райдыдта, Чырысти 1914 азы уӕлӕрвтыл Паддзах куы сси, уӕд (Раргомады 1:10, НД). Раргомады чиныг нын не ’ргом здахы зӕдмӕ – уымӕн бахӕсчындӕуыд «мыггагмӕйы Евангели, цӕмӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕна». Уый хъӕрӕй дзуры: «Фӕтӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад, уымӕн ӕмӕ райдыдта [«ӕрцыд», НФ] Йӕ тӕрхоны сахат» (Раргомад 14:6, 7). Уыцы тӕрхоны «сахат» у, пехуымпарад цы тӕрхӕтты кой кӕны, уыдон хъуыстгонд дӕр ӕмӕ ӕххӕстгонд дӕр цы цыбыр рӕстӕджы хъуамӕ ӕрцӕуой, уый. Абон мах уыцы рӕстӕг цӕрӕм.

15 Уӕдӕ абон, цалынмӕ тӕрхоны сахат нӕ фӕци, уӕдмӕ нӕм Библи сиды: «Фӕтӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад». Куыд? Хуыцауы тас нӕм ӕцӕгдӕр куы уа, уӕд нӕ уый ӕвзӕрдзинадмӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ уадздзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 8:13). Кӕд Хуыцауы нымайӕм, уӕд ӕм хъусдзыстӕм, йӕ алы ныхасӕн дӕр ын аргъ кӕндзыстӕм. Афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы уыдзыстӕм, цӕмӕй йын алы бон дӕр йӕ Ныхас, Библи, ма кӕсӕм. Йӕ фӕдзӕхстмӕ, фембӕлдтӕм ӕнӕсцухӕй цӕут, зӕгъгӕ, куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм (Дзуттытӕм 10:24, 25). Иегъовӕйы Паддзахады тыххӕй адӕмӕн дзурын нӕхицӕн стыр кадыл нымайдзыстӕм, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы нӕ удӕй арт цӕгъддзыстӕм. Алкӕддӕр, алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардзыстӕм Иегъовӕйыл (Псалом 61:9). Иегъовӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау кӕй у, уый кӕй ӕмбарӕм, уымӕ гӕсгӕ йын аргъ кӕнӕм, нӕ цард ын йӕ бар кӕй кӕнӕм, уымӕй. Хуыцауы тас дӕм ӕцӕгдӕр ис ӕмӕ йын ӕппӕт ацы хъуыддӕгты кад кӕныс?

16. Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, ӕмӕ Раргомады 14:8 Стыр Вавилоны тыххӕй цы тӕрхон ис, уый кӕй сӕххӕст?

16 Раргомады 14-ӕм сӕр дарддӕр дзуры, тӕрхоны сахат ма ноджы цы цаутӕ цӕуы, уыдон тыххӕй. Фыццаджыдӕр дзы цӕуы Стыр Вавилоны, мӕнг дины дунеон империйы, кой: «Йӕ фӕдыл цыди ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: „Бабын, бабын стыр сахар Вавилон!“» (Раргомад 14:8, НФ). О, Хуыцауы цӕсты Стыр Вавилон бабын. 1919 азы Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ суӕгъд сты, Стыр Вавилон мин азты дӕргъы адӕмты ӕмӕ нациты йӕ къухы кӕй фӕрцы дардта, уыцы ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты уацарӕй (Раргомад 17:1, 15). Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ бон уыд сӕхи снывонд кӕнын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууыдаид. Уӕдӕй ардӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕппӕт дунейыл (Матфейы 24:14).

17. Стыр Вавилонӕй рацӕуынмӕ цы хауы?

17 Фӕлӕ Хуыцауы тӕрхон Стыр Вавилоны ныхмӕ ууыл нӕ ахицӕн. Тагъд рӕстӕджы уымӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Раргомад 18:21). Уӕдӕ Библи адӕммӕ алкуыдӕр дзӕгъӕлы нӕ сиды: «Рацӕут амӕй [Стыр Вавилонӕй], цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтӕй хайджын ма фӕуат» (Раргомад 18:4, 5, НФ). Стыр Вавилонӕй нӕ бон рацӕуын куыд у? Уый ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ мӕнг динӕй дӕхи ссӕрибар кӕнай. Стыр Вавилоны комытӕф хӕццӕ кӕны бирӕ ӕгъдӕуттӕм ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕм. Адӕмы ӕгъдау афтӕ фӕцудыдта, ӕмӕ хӕтын худинаг нал у. Сӕ ирхӕфсӕнтӕ баст сты дӕснытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытимӕ. Стӕй ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕм дӕр хӕццӕ кӕны йӕ комытӕф. Цӕмӕй цырддзаст уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕй дӕр бӕрӕг уа, Стыр Вавилонимӕ нын иумӕйагӕй кӕй ницы ис.

18. Раргомады 14:9, 10 гӕсгӕ цырддзаст чырыстӕттӕ сӕхи цӕмӕй хизынц?

18 Раргомады 14:9, 10 кӕсӕм, «тӕрхоны сахаты» ма ноджы цы цӕуы, уый тыххӕй. Ӕндӕр зӕд дзуры: «Чи кувы сырдӕн ӕмӕ йӕ фӕлгонцӕн, ӕмӕ ӕвӕры йӕ ныв йӕ тӕрныхыл, кӕнӕ йӕ къухыл, уый нуаздзӕн Хуыцауы карз сӕнӕй [«Хуыцауы фыдӕхы сӕн», НФ]». Цӕмӕн? «Сырд ӕмӕ йӕ фӕлгонцы» хуызы ӕвдыст у зӕххон хицаудзинад, Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау Иегъовӕ кӕй у, уый чи ницӕмӕ дары. Цырддзаст чырыстӕттӕ сӕхи хизынц, цӕмӕй сыл ацы дуне ма бандава кӕнӕ йын йӕ ныв, ома йӕ бӕрджытӕ ма райсой – ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицауыл чи нӕ нымайы, уыдоны зондыл ма ацӕуой: цардмӕ сӕ цӕстӕй ма кӕсой кӕнӕ сын сӕ митӕ ма кӕной. Уыдон зонынц, Иегъовӕ уӕлӕрвты йӕ Паддзахад кӕй ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ уыцы Паддзахад кӕй ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт кӕй фӕкӕндзӕн, зӕххыл хицаудзинады номыл цыдӕриддӕр ис, уый, йӕхӕдӕг та ӕнустӕм кӕй лӕудзӕн (Данелы 2:44).

Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ма рох кӕнӕм!

19, 20. а) Кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас Сайтан тынгдӕр цӕуыл архайдзӕн? ӕ) Фӕндфидарӕй цы хъуамӕ аразӕм?

19 Кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас фылдӕр кӕндзысты нӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ фӕлварӕнтӕ. Ацы зӕронд дунейы кӕй цӕрӕм ӕмӕ не ’нӕххӕстдзинад йӕ кӕнон кӕй кӕны, уый тыххӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты тыхсӕм: кӕмӕн йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта, кӕуыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, кӕмӕн йӕхиуӕттӕй чидӕр амард, кӕмӕндӕр та чидӕр йӕ зӕрдӕ скъахта, йе та нӕм уацамынды стӕмтӕ йеддӕмӕ ничи хъусы, ӕмӕ ма бирӕ цыдӕртӕ. Ма рох кӕн, Сайтан йӕ уд ууыл кӕй скъуыны, цӕмӕй цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон нын нӕ ныфс асӕттой, ӕмӕ хорз хабар мауал хъусын кӕнӕм кӕнӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ мауал цӕрӕм (Ефесӕгтӕм 6:11–13). Ныр уый афон нӕу, ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ферох кӕнӕм!

20 Йесо зыдта, тынг зын уавӕры нӕ бон кӕй у нӕ къухтӕ ауадзын, ӕмӕ нӕ фӕдзӕхста: «Хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, кӕцы сахат ӕрцӕудзӕн уӕ Хицау» (Матфейы 24:42). Уӕдӕ, цӕй ӕмӕ, нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, рӕстӕджы гуылфӕны кӕцы ран стӕм, уымӕ. Цӕй ӕмӕ, къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй Сайтаны къӕппӕджыты ма бахауӕм, ӕмӕ нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа, кӕнӕ бынтондӕр ма бамынӕг уа. Цӕй ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хорз хабар ноджы зынгзӕрдӕйӕдӕр ӕмӕ фӕндфидарӕйдӕр хъусын кӕнӕм. Ӕцӕгдӕр, ма рох кӕнӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый, ӕмӕ хъусӕм Йесойы фӕдзӕхстмӕ: «Ма бафынӕй ут». Афтӕмӕй, Иегъовӕйӕн кад кӕндзыстӕм ӕмӕ, йӕ ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй хайджын чи уыдзӕн, уыдонимӕ мах дӕр уыдзыстӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесойы фӕдзӕхст «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕм дӕр кӕй хауы?

• Цӕмӕй фӕдзӕхст «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй Библийы цавӕр зондзонӕн цӕвиттонтӕ ис?

• Цы у тӕрхоны сахат ӕмӕ цалынмӕ нӕ фӕци, уӕдмӕ цы хъуамӕ аразӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Йесо йе ’рцыд абарста давӕджы ӕрцыдимӕ.

[Ныв 24 фарсыл]

Стыр Вавилонӕн тагъд йӕ кой дӕр нал уыдзӕн.

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Цӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕдӕрӕй ӕмӕ фӕндфидардӕрӕй хъусын кӕнӕм.