Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ, уӕ зӕрдӕ уӕ сывӕллӕттӕн цавӕр фидӕн зӕгъы?

Ныййарджытӕ, уӕ зӕрдӕ уӕ сывӕллӕттӕн цавӕр фидӕн зӕгъы?

Ныййарджытӕ, уӕ зӕрдӕ уӕ сывӕллӕттӕн цавӕр фидӕн зӕгъы?

«Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ... уадз ӕппӕлӕнт Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] ном» (ПСАЛОМ 148:12, 13).

1. Ныййарджытӕ цӕуыл фӕмӕт кӕнынц?

КӔЦЫ ныййарӕг нӕ мӕт кӕны йӕ цоты фидӕныл? Сывӕллон куыддӕр райгуыры, (кӕнӕ цалынмӕ нӕ райгуыры, уӕдмӕ дӕр) афтӕ йыл йӕ ныййарджытӕ тыхсын райдайынц. Ӕнӕниз уыдзӕн? Куыд рӕздзӕн? Сывӕллон куыд стырдӕр кӕны, афтӕ фылдӕр кӕнынц сагъӕстӕ дӕр. Иу дзырдӕй, ныййарджыты зӕрдӕ сӕ хъӕбулӕн зӕгъы, хуыздӕрӕй цы ис, ӕрмӕстдӕр уый (1 Паддзахӕдты 1:11, 27, 28; Псалом 126:3–5).

2. Абон ныййарджыты цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ куы схъомыл уой, уӕд сӕ цард зӕрдӕзӕгъгӕ уа?

2 Фӕлӕ абоны царды ныййарджытӕн зын у сӕ сывӕллӕттӕн, хуыздӕрӕй цы ис, уый раттын. Бирӕтӕ сӕ стыр зындзинӕдтӕ баййӕфтой: хӕстытӕ, политикон змӕстытӕ, мӕгуыр рӕстӕджытӕ, буары ӕмӕ уды рыст ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕмӕ сӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фӕнды, цӕмӕй, сӕхӕдӕг цы бавзӕрстой, уый сӕ сывӕллӕттӕ дӕр бавзарой. Хъӕздыг бӕстӕты ныййарджытӕ фӕуынынц, сӕ зонгӕты ӕмӕ сӕ хӕстӕджыты цот сӕ куыстыты ӕнтыстджын кӕй сты ӕмӕ сӕ цардӕй та – райгонд. Афтӕмӕй уыдон сӕ тых сӕ бонӕй архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ дӕр куы схъомыл уой, уӕд ӕвӕлмон цард кӕной ӕмӕ мацы цух уой – сӕ цард зӕрдӕзӕгъгӕ уа (Екклесиаст 3:13).

Хорз цард равзарын

3. Чырыстӕттӕ цы равзарынц?

3 Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджытау абоны чырыстӕттӕ дӕр сӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кӕнынц. Уыдон сӕ зӕрдӕмӕ айсынц Йесойы ныхӕстӕ: «Кӕд искӕйы фӕнды цӕуын Мӕ фӕстӕ, райс дӕ дзуар [«хъизӕмӕртты цӕджындз», НД] ӕмӕ рацу Мӕ фӕстӕ» (Лукайы 9:23; 14:27). О, чырыстон хъуамӕ удуӕлдай цард кӕна. Фӕлӕ уый мӕгуыр ӕмӕ хъизӕмайраг цард нӕу. Уый у амондджын ӕмӕ зӕрдӕрайгӕ цард – зӕрдӕзӕгъгӕ цард. Афтӕ та уымӕн у, ӕмӕ чырыстон хъуамӕ рӕдау уа. Ӕмӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, «райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у радтын» (Куыстытӕ 20:35).

4. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста?

4 Йесойы бонты адӕм цардысты тынг зын уавӕрты. Сӕ уӕззау цардӕй уӕлдай ма уыдысты ромӕгты ӕфсондзы бын ӕмӕ хастой, уӕды рӕстӕджы цӕстмӕхъус дингӕнджытӕ сыл цы зынхӕссӕн уаргъ сӕвӕрдтой, уый дӕр (Матфейы 23:2–4). Фӕлӕ-иу уӕддӕр, Йесойы тыххӕй чи фехъуыста, уыдонӕй-иу бирӕтӕ сӕхи хъуыддӕгтӕ ӕнӕзивӕгӕй иуварс авӕрдтой – суанг сӕ куыстытӕ дӕр,– ӕмӕ-иу йӕ фӕдыл ацыдысты (Матфейы 4:18–22; 9:9; Колоссӕгтӕм 4:14). Цымӕ уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ уымӕй исты сӕфтой ӕмӕ сӕ сомбон тасы ӕппӕрстой? Дӕ хъус ма ӕрдар Йесойы ныхӕстӕм: «Алкӕцы, чи ныууадза йӕ хӕдзар, кӕнӕ ӕфсымӕрты, кӕнӕ хоты, кӕнӕ фыды, кӕнӕ мады, кӕнӕ усы, кӕнӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ зӕххыты, Мӕ номы тыххӕй, райсдзӕн сӕдӕ хатты фылдӕр ӕмӕ райсдзӕн мыггагмӕйы цард» (Матфейы 19:29). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, цӕуыл тыхсынц, уый сӕ уӕларвон Фыд зоны. Уымӕ гӕсгӕ сын бафӕдзӕхста: «Уӕдӕ агурут раздӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уыл уыдон ӕппӕт бафтдзысты» (Матфейы 6:31–33).

5. Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл тыхсдзӕн, уый тыххӕй иуӕй-иу ныййарджытӕ цы хъуыды кӕнынц?

5 Абон уавӕр тынг нӕ фӕивта. Иегъовӕ зоны, хъуаг цӕмӕй ӕййафӕм, уый. Ӕмӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕ царды сӕйрагдӕр кӕмӕн сты, уыдонӕн – уӕлдайдӕр та ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн – зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй сыл тыхсдзӕн, уымӕй (Малахи 3:6, 16; 1 Петры 5:7). Фӕлӕ ацы хъуыддаджы иуӕй-иу ныййарджытӕн сӕ зӕрдӕ дыууӕрдӕм дзурын райдайы. Иуӕрдыгӕй сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Иегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕной, чи зоны, ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг дӕр. Иннӕрдыгӕй та, цард уӕззау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уал сывӕллӕттӕ фыццаг хъуамӕ хорз ахуырад райсой ӕмӕ сын уа ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дӕсныйад, хорз куыст ссарынӕн сын чи баххуыс кӕна кӕнӕ сын бахъуаджы рӕстӕг чи фӕахъаз уа. Ахӕм ныййарджытӕ хорз ахуырад арӕхдӕр фӕхонынц уӕлдӕр ахуырад.

Фидӕныл хъуыды кӕнын

6. Ацы статьяйы «уӕлдӕр ахуырад», зӕгъгӕ, цӕмӕй дзурдзыстӕм?

6 Ахуырадон системӕ бӕстӕйӕ бӕстӕмӕ хицӕн кӕны. Зӕгъӕм, Иугонд Штатты скъолайы ахуыр кӕнынц 12 азы. Уый фӕстӕ ӕрыгӕттӕн сӕ бон у бацӕуын университет йе та колледжмӕ, цыран фӕахуыр кӕнынц цыппар азы кӕнӕ фылдӕр. Каст ӕй куы фӕвӕййынц, уӕд райсынц бакалавры къӕпхӕн. Кӕнӕ та сын фӕндаг байгом вӕййы аспирантурӕмӕ, цӕмӕй суой хуыздӕр дохтыртӕ, юристтӕ, инженертӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ацы статьяйы «уӕлдӕр ахуырады» кой кӕм кӕнӕм, уым кӕндзыстӕм ахӕм ахуырады кой. Уымӕй уӕлдай ма ис техникумтӕ ӕмӕ училищетӕ. Уым цыбыр рӕстӕгмӕ студентты сахуыр кӕнынц исты дӕсныйадыл ӕмӕ сын раттынц ӕвдисӕндар кӕнӕ диплом.

7. Скъоладзаутӕн тыхӕй цы хъарынц?

7 Абон астӕуккаг скъолаты архайынц, цӕмӕй сӕ ахуыргӕнинӕгты бацӕттӕ кӕной уӕлдӕр ахуырад райсынмӕ. Уый тыххӕй скъолатӕн сӕ фылдӕры сӕйраг хъусдард здӕхт цӕуы, ахуыргӕнинӕгтӕн университетмӕ экзаментӕ раттынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм предметтӕм. Фӕлӕ сын фӕстӕдӕр куыст ссарынӕн чи фӕахъаз уа, ахӕм дӕсныйадыл сӕ сахуыр кӕной, ууыл нӕ архайынц. Абон скъоладзаутӕн сӕ ахуыргӕнджытӕ, се ’мбӕлттӕ ӕмӕ уынаффӕгӕнджытӕ тыхӕй хъарынц, цӕмӕй бацӕуой хуыздӕр университеттӕм. Уымӕн ӕмӕ, дам, уым цы ахуырад райсой, уый фӕрцы сын фадат уыдзӕн, фылдӕр авналӕнтӕ ӕмӕ хорз мызд кӕм уа, ахӕм куыст ссарынӕн.

8. Чырыстон ныййарджыты цы бахъӕуы аскъуыддзаг кӕнын?

8 Уӕдӕ чырыстон ныййарджыты цы кӕнын хъӕуы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдоны фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ скъолайы хорз ахуыр кӕной ӕмӕ сын сомбон сӕхи дарынӕн ахъаз чи уа, исты ахӕм дӕсныйад райсой (Ӕмбисӕндтӕ 22:29). Фӕлӕ цымӕ ныййарджытӕ хъуамӕ уый бауадзой, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттыл фӕзына ерыс кӕныны зондахаст – фылдӕр ӕхца кусын ӕмӕ стыр бынат бацахсын? Цӕмӕ сӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной сӕ ныхасӕй кӕнӕ сӕ хъуыддӕгтӕй? Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕхиуыл куыстӕй нӕ ауӕрдынц ӕмӕ ӕхца ӕмбырд кӕнынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ куы бахъомыл уой, уӕд уӕлдӕр ахуырад райсой. Иннӕтӕ та уый тыххӕй разы сты хӕстӕ скӕныныл дӕр. Фӕлӕ сывӕллоны уӕлдӕр ахуыргӕнӕндонмӕ барвитын цӕй аргъ у, уый ӕрмӕст ӕхцайӕ баргӕ нӕу. Цымӕ абон уӕлдӕр ахуырад цӕй аргъ у? (Лукайы 14:28–33).

Уӕлдӕр ахуырады аргъ

9. Абон уӕлдӕр ахуырад райсынӕн цас фидын хъӕуы, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

9 Аргъ, зӕгъгӕ, куы фехъусӕм, уӕд арӕхдӕр ахъуыды кӕнӕм ӕхцайыл. Иуӕй-иу бӕстӕты уӕлдӕр ахуырад у хицауады хардзӕй, ӕмӕ хорз чи ахуыр кӕны, уыдоны ӕхца фидын нӕ фӕхъӕуы. Фӕлӕ бирӕ рӕтты уӕлдӕр ахуырад райсын тынг зынаргъ у ӕмӕ ноджы зынаргъдӕр кӕны. Газет «Нью-Йорк таймс» фыссы: «Уӕлдӕр ахуырад нымайынц, адӕймагӕн бирӕ фадӕттӕ чи дӕтты, ахӕм фӕрӕзыл. Абон уымӕй зыны, хъӕздыг чи у ӕмӕ чи нӕу, уыдон кӕрӕдзимӕ куыд дард лӕууынц, уый». Ӕндӕр ныхасӕй, уӕлдӕр ахуырад абон арӕхдӕр бафты амалхъом ӕмӕ кадджын адӕмы къухы. Сӕ сывӕллӕттӕн раттынц уӕлдӕр ахуырад, цӕмӕй уыдон дӕр ацы дунейы хъӕздыг уой ӕмӕ стыр бынӕттӕ бацахсой. Чырыстон ныййарджыты дӕр сӕ сывӕллӕттӕн уый хъуамӕ фӕнда? (Филиппӕгтӕм 3:7, 8; Иаковы 4:4).

10. Уӕлдӕр ахуырад ацы цардӕвӕрды хъуыддӕгтимӕ ӕнгом баст куыд у?

10 Уӕлдӕр ахуырад суанг лӕвар кӕм у, уым дӕр адӕймагӕй цыдӕртӕ домдӕуы. Зӕгъӕм, иу журнал фыссы, зӕгъгӕ, Хуссар-хурыскӕсӕн Азийы бӕстӕтӕй иуы хицауад «скъолаты ахуыры уаг скодта пирамидӕйы хуызӕн – хуыздӕр ахуырдзауты бар-ӕнӕбары цъупмӕ хизын кӕнын» («The Wall Street Journal»). «Цъупп» та нысан кӕны бацӕуын дунейы ӕппӕты кадджындӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм – Оксфорд ӕмӕ Кембриджмӕ Англисы, «Хилӕггӕрдӕджы Лигӕйы» университеттӕм Иугонд Штатты ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уыцы хицауады ахӕм дӕргъвӕтин ахуырадон программӕ цӕмӕн хъӕуы? «Цӕмӕй бӕстӕйы экономикӕ размӕ цӕуа»,– дзырд дзы цӕуы дарддӕр. Ахуырад, гӕнӕн ис, ӕмӕ бынтон лӕвар уа, фӕлӕ йын студенттӕ фидынц стыр аргъ – сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр ацӕуы ацы цардӕвӕрды хъуыддӕгтыл. Ахӕм цард ацы дуне бӕллиццагыл нымайы, фӕлӕ чырыстон ныййарджыты зӕрдӕ сӕ сывӕллӕттӕн уый зӕгъы? (Иоанны 15:19; 1 Иоанны 2:15–17).

11. Университеты студенттӕ куыд нуазынц ӕмӕ куыд хӕлд сты, уый тыххӕй иртасджытӕ цы дзурынц?

11 Ахъуыды кӕнын ма хъӕуы, сывӕллон кӕимӕ ахуыр кӕндзӕн, ууыл дӕр. Университеттӕ ӕмӕ колледжтӕн се ’взӕры ном хъуыстгонд у – студенттӕ нуазынц, наркотиктӕ кӕнынц, хӕтынц, сайынц, ногӕй ахуырмӕ чи бацӕуы, уыдонӕй хынджылӕг кӕнынц ӕмӕ ма ноджы бирӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразынц. Райсӕм нозты хъуыддаг. Ӕрмӕстдӕр ныррасыг уой, уый номыл цы нозтцӕлтӕ саразынц, уыдон тыххӕй иу журнал фыссы: «[Иугонд Штатты университетты студенттӕй] иу-44 проценты нозтцӕл фӕкӕнынц ӕппынкъаддӕр дыууӕ къуыри иу хатт» («New Scientist»). Ӕрыгӕтты ’хсӕн ма уавӕр афтӕ у Австрали, Британи, Уӕрӕсейы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Ӕгъдауыл куы дзурӕм, уӕд та студенттӕй абон арӕх фехъусӕн ис, «кӕйдӕр рацахста», зӕгъгӕ. Уый цы нысан кӕны, уый тыххӕй журнал «Ньюсуик» зӕгъы: «Афтӕ фӕдзурынц, фӕстӕдӕр кӕрӕдзийӕн салам дӕр чи нӕ ратдзӕн, ахӕм зонгӕты ’хсӕн цы рауайы, уымӕй – пъатӕ кӕнынӕй ӕмуат ӕрцӕуыны онг». Куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнынц студенттӕн сӕ 60–80 проценты. «Кӕд ӕцӕг студент дӕ,– зӕгъы иу иртасӕг,– уӕд ды дӕр афтӕ кӕндзынӕ» (1 Коринфӕгтӕм 5:11; 6:9, 10).

12. Студенттӕн зын цӕмӕй у?

12 Ӕвзӕр ӕмгӕрттӕй уӕлдай ма сын сӕ цард уӕззау кӕнынц ахуыр ӕмӕ экзаментӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, студентты хъӕуы ахуыр кӕнын ӕмӕ хӕдзармӕ куыстытӕ цӕттӕ кӕнын, цӕмӕй стӕй фӕлварӕнтӕ раттой. Иуӕй-иуты та ма фӕсахуыр кусын дӕр фӕхъӕуы. Афтӕмӕй сын нал рӕстӕг фӕфаг кӕны, нал тыхтӕ. Уӕдӕ ма уӕд Хуыцауы хъуыддӕгтӕн та цы баззайдзӕн? Уавӕр куы фӕфыддӕр уа, уӕд цы равзардзысты? Паддзахады хъуыддӕгтӕ ма уӕддӕр фыццаг бынаты уыдзысты ӕви фӕстӕдӕр алӕудзысты? (Матфейы 6:33). Библи чырыстӕттӕн дзуры: «Кӕсут, архайут хъавгӕйӕ, ӕнӕмбаргӕты хуызӕн нӕ, фӕлӕ куыд зондджынтӕ, рӕстӕгӕн аргъ кӕнгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ бонтӕ хинӕйдзаг сты» (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). Куыд зын у, чидӕртӕ ӕцӕгады фӕндаг кӕй ныууагътой, рӕстӕг ӕмӕ сын тых кӕй нал фаг кодта кӕнӕ сыл се ’мгӕртты ӕнӕхуыцау уагахаст кӕй бандӕвта, уый тыххӕй!

13. Цавӕр фарстытыл хъуамӕ ахъуыды кӕной ныййарджытӕ?

13 Раст у, ӕнӕгъдаудзинад, ӕвзӕр уагахаст ӕмӕ уӕззау уавӕртӕ ӕрмӕст колледжы ӕмӕ университеты нӕй. Фӕлӕ, ӕнӕуырнӕг ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты ӕвзӕрӕй ницы уынынц, афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ ӕнӕ уыдонӕй уӕлдӕр ахуырад нӕ вӕййы. Чырыстон ныййарджытӕ зонгӕ-зонын сразы уыдзысты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ ахӕм фӕсивӕды ’хсӕн цыппар азы кӕнӕ фылдӕр уой? (Ӕмбисӕндтӕ 22:3; 2 Тимофеймӕ 2:22). Ахӕм ахуырӕн йӕ зиан фылдӕр уыдзӕн ӕви йӕ пайда? Ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та: царды фыццаг бынаты цы хъуыддӕгтӕ хъуамӕ уой, уыдон тыххӕй сын цы бацамондзысты? * (Филиппӕгтӕм 1:10; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:21). Ныййарджытӕ хъуамӕ скувой ӕмӕ ацы фарстытыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, стӕй ма, сывӕллоны ахуыр кӕнынмӕ ӕндӕр горӕтмӕ кӕнӕ бӕстӕмӕ арвитын тӕссаг цӕмӕй у, ууыл дӕр.

Уый бӕсты цы ис равзарӕн?

14, 15. а) Абон Библийӕ цавӕр уынаффӕ ахады, кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕны, уӕддӕр? ӕ) Ӕрыгӕттӕн сӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?

14 Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, цӕмӕй ӕрыгӕттӕн царды исты бантыса, уый тыххӕй хъуамӕ уӕлдӕр ахуырад райсой. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ хъуыды кӕныны бӕсты чырыстӕттӕ хъусынц Библиийы уынаффӕмӕ: «Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын – хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый» (Ромӕгтӕм 12:2, НТ). Цы у Хуыцауы фӕндон йӕ адӕмӕн – ӕрыгӕттӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн – кӕроны рӕстӕджы фӕстаг хайы? Павел Тимофейы фӕдзӕхста: «Дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс фарны уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст». Ацы ныхӕстӕ, бӕлвырд, махӕй алкӕмӕ дӕр хауынц (2 Тимофеймӕ 4:5, НТ).

15 Цӕмӕй ныл ацы дунейы мулкуарзаг зондахаст ма бандава, уый тыххӕй не ’ппӕтӕн дӕр хъуамӕ «кӕддӕриддӕр уа уӕззау зонд» – нӕ чырыстон уагахаст хъахъхъӕнӕм. Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд ахъуыды кӕн: «Цӕмӕй Хуыцауы Ныхасы фӕлтӕрд хъусынгӕнӕг уон, уый тыххӕй мӕ тых мӕ бонӕй „мӕ куыст кӕныныл“ архайын? Цы фӕндтӕ мӕм ис мӕ лӕггад „кӕронмӕ“ ӕххӕст кӕнынӕн? Искуы хъуыды кодтон мӕ цард ӕххӕстрӕстӕг лӕггадӕн раттыныл?» Ацы фарстытӕ афтӕ ӕнцон не ’сты, уӕлдайдӕр та куы уынай, де ’мгӕрттӕ ӕрмӕст сӕхи мӕт кӕй кӕнынц, уый. Уыдон «бирӕ цыдӕртӕ домынц», уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, зӕгъгӕ, сомбон удӕнцой цард кӕндзысты (Иереми 45:5). Фӕлӕ чырыстон ныййарджытӕ зондджынӕй архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы Ныхасыл ахуыр кӕной ӕмӕ сын уа, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сӕйрагдӕр кӕмӕн сты, ахӕм хӕлӕрттӕ (Ӕмбисӕндтӕ 22:6; Екклесиаст 12:1; 2 Тимофеймӕ 3:14, 15).

16. Чырыстон ныййарджытӕ зондджынӕй куыд архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн уа, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сӕйрагдӕр кӕмӕн сты, ахӕм хӕлӕрттӕ?

16 «Нӕ мад йӕ хъус тынг дардта не ’мбӕлттӕм»,– дзуры, дыууӕ кӕстӕр ӕфсымӕры ма кӕмӕн ис ӕмӕ йӕ мад бирӕ азты дӕргъы пионерӕй кӕмӕн лӕггад кодта, иу ахӕм лӕппу. «Мах скъолайы никӕимӕ лымӕн кодтам. Фӕлӕ ӕмбырды нӕхицӕн хӕлӕрттӕ равзӕрстам, сӕ чырыстон хъуыддӕгтӕй фӕзминаг чи уыд, уыдоны. Нӕ мад ма ӕппынӕдзух нӕхимӕ хуыдта ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты – миссионерты, цӕугӕ цӕстдарджыты, вефилӕгты ӕмӕ пионерты. Сӕ царды хабӕрттӕм сын кӕй хъуыстам ӕмӕ куыд хъӕлдзӕг уыдысты, уый кӕй уыдтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдӕты сӕвзӕрд ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны фӕндон». Куыд ӕхсызгон у, абон ӕртӕйӕ дӕр Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнынц – иу Вефилы, иннӕ каст фӕци Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола, ӕртыккаг та у пионер!

17. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, предметтӕ кӕнӕ дӕсныйад ӕвзаргӕйӕ? (Кӕс фӕлгӕты 29 фарсыл.)

17 Хорз у сывӕллӕттӕ, фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, ахӕм адӕмы ’хсӕн куы хъомыл кӕной. Уыимӕ ма ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттимӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ раздӕр, равзарой скъолайы предметтӕ ӕмӕ дӕсныйад. Ныр Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕрыгон ӕфсымӕр дзуры: «Мӕ ныййарджытӕ сӕ цард баиу кӕныны размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр уыдысты пионертӕ ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдтой, цӕмӕй уыцы зӕрдӕйы уаг ӕнӕхъӕн бинонтӕн дӕр уыдаид. Иумӕ-иу лыг кодтам скъолайы цы предметтӕ ахуыр кӕндзыстӕм, йе та нын нӕ фидӕныл чи бандава, ахӕм фарстытӕ. Уыдон нӕ алы хатт дӕр разӕнгард кодтой, цӕмӕй-иу цы аскъуыддзаг кодтаиккам, уый-иу нын радтаид фадат, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъӕуа, ахӕм куыст ссарынӕн ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнынӕн». Уӕлдӕр ахуырад райсынӕн цы сӕйраг предметтӕ хъӕуы, уыдоны ӕвзарыны бӕсты хуыздӕр уаид, ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ куы равзариккой ахӕм предметтӕ, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнгӕйӕ сын куыст ссарынӕн чи баххуыс кӕна *.

18. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон цавӕр куыстытыл у ахъуыды кӕнын?

18 Иртасӕнтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй бирӕ бӕстӕты тынг хъӕуынц, университеттӕ каст чи фӕци, уыдон нӕ, фӕлӕ базарады ӕмӕ алыхуызон лӕггӕдты чи куса, ахӕм кусджытӕ. Журнал «Ю-Эс-Эй тудей» фыссы, зӕгъгӕ, «хӕстӕгдӕр дӕс азты кусджытӕн сӕ 70 проценты нӕ хъӕудзӕн, цыппар азмӕ цы диплом райсынц, уый, фӕлӕ техникумты ӕмӕ училищеты диплом кӕнӕ та ӕндӕр исты техникон ӕвдисӕндар». Бирӕ ахӕм ахуыргӕнӕндӕтты ис алыхуызон курсытӕ дӕр ӕмӕ дзы цыбыр рӕстӕгмӕ сахуыр кӕнӕн ис секретарыл, машинӕтӕ цалцӕггӕнӕгыл, компьютертӕ ӕмбырдгӕнӕгыл, коммуналон куыстгӕнджытыл, сӕрӕлвынӕгыл ӕмӕ бирӕ ӕндӕр дӕсныйӕдтыл. Уыдон хорз куыстытӕ не сты? Куыннӕ ма! Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ уадиссагыл ма нымайой, фӕлӕ хорз сты хи фӕдарынӕн, стӕй ма адӕймагӕн фадат дӕттынц, йӕ рӕстӕгӕй йӕхи куыд фӕнды, афтӕ пайда кӕнынӕн дӕр. Уый та тынг хъӕуы, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сӕйрагдӕр кӕмӕн у, уыдоны (2 Фессалоникӕгтӕм 3:8).

19. Цы у ӕппӕты растдӕр фӕндаг цинӕфстӕст ӕмӕ зӕрдӕрайгӕ цардмӕ?

19 «Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ,– дзуры Библи,– уадз ӕппӕлӕнт Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] ном; уымӕн ӕмӕ иунӕг Уый ном у бӕрзондгонд, Йӕ кад – зӕххыл ӕмӕ ӕрвтыл» (Псалом 148:12, 13). Дуне цы гӕнӕнтӕ ӕмӕ цы хорзӕхтӕ дӕтты, уыдонимӕ абаргӕйӕ Иегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, ӕнӕдызӕрдыгӕй, у ӕппӕты растдӕр фӕндаг цинӕфстӕст ӕмӕ зӕрдӕрайгӕ цардмӕ. Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, Библи нын фидарӕй цы зӕгъы, уый: «Иегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы хъӕздыг кӕны ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 13 абз. Хуыцауы ахуырадӕн университеты ахуырадӕй тынгдӕр чи саргъ кодта, ахӕм адӕмы тыххӕй бакӕсӕн ис «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 1984 азы 1 октябры 8–10 фф., уыр.; 1981 азы 1 июлы 21–23 фф., уыр.; «Райхъл ут!»-ы 1978 азы 8 июны 15 ф., англ.; 1974 азы 8 августы 3–7 фф., англ.

^ 17 абз. Кӕс «Райхъал ут!» 1998 аз, 8 октябрь, статья «Ӕдас фидӕн агургӕйӕ», 4–6 фф., уыр., ӕмӕ 1989 аз, 8 май, статья «Цавӕр куыст равзарон?», 12–14 фф., англ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Ӕдас фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ чырыстӕттӕ сӕ ныфс цӕуыл дарынц?

• Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фидӕныл тыхсгӕйӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?

• Уӕлдӕр ахуырад райсын цӕй аргъ слӕудзӕн, уый нымайгӕйӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

• Ныййарджытӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Иегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 29 фарсыл]

Уӕлдӕр ахуырад исты пайда у?

Университетмӕ чи бацӕуы, уыдонӕй бирӕты ныфс ис, цы ахуырад райсой, уый фӕрцы кӕй ссардзысты, хорз мызд кӕм фидой ӕмӕ фесафынӕй тас кӕмӕн нӕу, ахӕм куыст. Фӕлӕ Паддзахадон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, колледжы ӕхсӕз азы чи фӕахуыр кӕны, уыдонӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм хай райсы ахӕм ахуырад – ацы бӕрӕггӕнӕнтӕй зӕрдӕ тынг нӕ рухс кӕны. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр цымӕ уыцы ахуырад чи райсы, уыдон иууылдӕр хорз куыст ссарынц? Дӕ хъус ма ӕрдар, нырыккон бӕрӕггӕнтӕ ӕмӕ иртасӕнтӕм гӕсгӕ цы хатдзӕгтӕ скодтой, уыдонмӕ.

«Иугӕр Гарварды кӕнӕ Дюкы университетмӕ бацыдтӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дын амӕй-ай хуыздӕр куыст ӕмӕ стыр мызд цӕттӕ сты [...] Куыстуӕттӕ ӕрыгон куыстагурӕджы тыххӕй ницы фӕзонынц. Иттӕг хорз дипломыл («Хилӕггӕрдӕджы Лигӕйы» университет каст кӕй фӕцис, уый тыххӕй), гӕнӕн ис, ӕмӕ бацин кӕной. Фӕлӕ фӕстӕдӕр хицауӕн сӕйрагдӕр вӕййы, адӕймаг цӕмӕ арӕхсы кӕнӕ цӕмӕ нӕ арӕхсы, уый» («Ньюсуик» 1999 азы 1 ноябрь).

«Раздӕр куыстмӕ бацӕуынӕн цы зонындзинӕдтӕ хъуыди, уымӕй абон фылдӕр зонындзинӕдтӕ хъӕуы... ахӕм куыстытӕм бацӕуынӕн хъӕуы, астӕуккаг скъолайы цы амонынц, уый хорз зонын – нымайын, кӕсын, фыссын зонын колледжы ӕмвӕзадыл нӕ, фӕлӕ фарастӕм къласы ӕмвӕзадыл [...] Хорз куыст ссарынӕн ӕрыгӕтты колледжмӕ цӕуын нӕ хъӕуы, фӕлӕ скъолайы хорз ахуыр кӕнын» («Американ эдьюкейтор» 2004 азы уалдзӕг).

«Бирӕ колледжтӕ абоны цардӕй фӕстейӕ зайынц ӕмӕ сӕ студенттӕн ахуыры фӕстӕ сӕ бон сӕхицӕн куыст ссарын нӕ вӕййы. Училищетӕм... ӕнӕнхъӕлӕджы фӕсивӕд ныггуылф кодтой. Сӕ студенттӕ 1996 азӕй 2000 азмӕ 48 проценты фӕфылдӕр сты [...] Кӕд ӕмӕ, зынаргъ чи слӕууы ӕмӕ йӕ райсыныл бирӕ рӕстӕг кӕмӕн ацӕуы, уыцы колледжы дипломтӕн та раздӕрау нал аргъ кӕнынц» («Тайм» 2005 азы 24 январь).

«Иугонд Штатты Фӕллойы министрады куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй 2005 азы хорзӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын ницӕмӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ цыппаразон колледжты рауагъдонтӕн ӕппын къаддӕр сӕ иу ӕртыккӕгӕм хай сӕ дипломмӕ гӕсгӕ куыст не ссардзысты» («Футурист» 2000 азы июль-август).

Ӕппӕт адӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ, фылдӕрӕй-фылдӕр ахуыргӕнджытӕ ӕцӕг райдыдтой дызӕрдыг кӕнын, абон уӕлдӕр ахуырад исты пайда у ӕви нӕ, ууыл. «Мах адӕмы ахуыр кӕнӕм, цы нӕ сӕ бахъӕуа, ахӕм цӕуылдӕртыл»,– дзуры «Футурист». Фӕлӕ ма нӕ хъус ӕрдарӕм, Библи Хуыцауы тыххӕй цы дзуры, уымӕ: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндӕгтыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны. Ехх, ӕмӕ мын мӕ амындтӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн уаид цӕугӕдонау, дӕ рӕстад та – денджызы уылӕнтау» (Исай 48:17, 18).

[Ныв 31 фарсыл]

Ныййарджытӕ архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн уа, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сӕйрагдӕр кӕмӕн сты, ахӕм хӕлӕрттӕ.

[Ныв 32 фарсыл]

Уыдон сӕ хъуыддӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ Йесойы фӕстӕ ацыдысты.